Журнал «Ногдзау», 6/2004
Хуры тых
Фæсарæнты бирæ куыстуæттæ, фермерон хæдзарæдтæ, транспорт æмæ суанг цæрæнуæтты секторы дæр хуры тыхæй куыд пайда кæнынц, уый тыххæй бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис. Уыцы хъуыддаг, æвæццæгæн, баст у, хъармдæттæг æрдзон фæрæзтæ, ома нефть, газ, дурæвзалы кæй нæ фаг кæны, уыимæ. Сусæггаг нæу, зæххы къорийыл уыцы æрдзон фæрæзтæ къаддæрæй-къаддæр кæй кæнынц, уый. Ноджы ма уыцы фæрæзтæй пайда кæнын æвзæрырдæм зыны экологон уавæрыл. Уæдæ уый дæр бæлвырд у, абон уыцы хъармгæнæг æрдзон фæрæзтæ зынаргъæй-зынаргъдæр кæй кæнынц. Уыцы æууæлтæ нымайгæйæ адæм се ’ргом аздæхтой хуры тыхмæ. Æмæ фыццаг фæлварæнтæй куыд сбæрæг, афтæмæй зæрдæ дарæн ис, хуры тых фидæны нæ царды ахсджиаг бынат кæй æрцахсдзæн, ууыл.
Ныртæккæ дунейы дæс æмæ æртиссæдз бæстæйæ фылдæры æвæрд ис, хуры хъаруйæ чи кусы, ахæм фæрæзтæ æмæ сын арæзт æрцыди бæлвырд программæтæ абонæн дæр æмæ фидæнæн дæр. Дзырдæн зæгъæм, дурæвзалы æмæ нефть фаг кæм нæй, уыцы скандинаваг бæстæты транспорт, наутæ, куыстуæтты æнтыстджынæй пайда кæнынц хуры батарейтæй.
Зондамонæны хуызæн сты, зæгъæм, Швейцарийы хуры хъаруйæ куыд пайда кæнынц, уыцы цæвиттонтæ. Швейцари та уымæн зæгъын, æмæ уыцы бæстæ йæ физикон-географион уавæртæм гæсгæ тынг æввахс у нæхи Ирыстонмæ.
Цæгат Ирыстон ныронг дæр фаг нæма спайда кодта йæ æрдзон энергетикон фæрæзтæй, æмæ нæм электрон хъару, электрон тых цæуы канд Цæгат Кавказæй нæ, фæлæ æгас Уæрæсейæ дæр. Афтæмæй та алчидæр зоны, абоны базарадон экономикæйы уавæрты «кæйдæр» энергетикон фæрæзтæй пайда кæнын республикæйы экономикæйæн цы зиан хæссы, уый.
Раст ахæм уавæры уыди Швейцарийы экономикæ дæр. Æрæджы дæр ма æстай проценты бæрц энерги иста æндæр бæстæтæй. Ныр æй уыцы бæстæты æххуыс æппындæр нал хъæуы. Фæстаг заманты алы аз дæр Швейцарийы сæвæрынц, хуры тыхæй чи кусы, ахæм фæрæзтæ. Æмæ уыдон азæй аз фылдæр кæнынц. 2005 азы ма сæм бафтдзæни ноджыдæр 3500 ахæм фæрæзы. Диссаг ма уый у, æмæ Швейцарийы аразын байдыдтой гелиостанцæтæ дæр, æмæ уыдоны фæрцы кусдзысты стыр промышленнон куыстуæттæ, фермерон хæдзарæдтæ, ахуыргæнæн æмæ культурон кусæндæттæ.
Хуры энергетикон тыхæй уæлдай фылдæр пайда кæнынц Альпы хæхты. Уымæн æмæ паддзахадон закъонмæ гæсгæ хæхбæсты экологи хъуамæ хъахъхъæд цæуа. Хæхбæсты бæркаддæттæг зæххытæ сæм афтæ кадавар сты, æмæ сæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц, гелион системæтæ та арæзт цæуынц хæдзæртты сæртыл, фæндаггæрæтты, машинæты уынæрæй хъахъхъæнынмæ цы систæ саразынц, уыдоныл.
Швейцарийы хуры тыхæй куыд пайда кæнынц, уыцы фæлтæрддзинадыл хуымæтæджы нæ дзурын. Иу хатт ма йæ зæгъон: Швейцари æмæ Ирыстоны физикон-географион уавæртæ сты иухуызон æмæ нæ республикæ дæр куы бафæзмид Швейцарийы фæлтæрддзинад æмæ хуры тыхæй пайда кæнын куы райдаиккам, уæд уый цыбыр рæстæгмæ хорзырдæм фæзынид нæ экономикæйыл.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы нефты гуырæнтæ сты хæрзчысыл, уæдæ нæ доны электростанцæтæ дæр цы электрон тых дæттынц, уый у хæрзчысыл: нæ республикæйы цас электрон тых хъæуы, уымæн афмæстдæр йæ æртындæс-æстдæс проценты (2003-æм азы уавæрмæ гæсгæ).
Уæдæ Ирыстоны географион уавæр зæрдыл даргæйæ фидарæй зæгъæн ис: мах дæр æвæстиатæй ахъуыды кæнын хъæуы хуры тыхæй пайда кæныны фарстыл. Уæвгæ, ацы нроблемæйыл цалдæр азы хъуыды кæнынц аграрон унинерситеты ахуыргæндтæ, фæлæ сын зæрдæзæгъгæ ницыма бантыст. Хорз уаид, æмæ хуры тыхæй пайда кæныны фарстамæ се ’ргом тынгдæр куы аздахиккой паддзахадон университеты, хæххон-металлургон институты ахуыргæндтæ, наукон-иртасæг организациты кусджытæ. Алчидæр æй зоны: хур махæн у царддæттæг æмæ хъуамæ абоны æмæ фидæны фæлтæртæ арæхстджынæй пайда кæной хуры тыхæй, хуры рухсæй.
БЕРУАТЫ Барис, профессор