Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Историко-этимологический словарь осетинского языка (ИЭСОЯ) теперь полностью доступен в формате DjVu: I том (1958 г.; буквы A-K'), II том (1973 г.; L-R), III том (1979 г.; S-T'), IV том (1989 г.; U-Z), указатель (1995 г.). В словаре несколько примеров употребления на каждое осетинское слово и замечательные комментарии составителя, легендарного Васо Абаева.

ХАТИАГ ÆВЗАГ ТАУДЖЫТÆ

Ходы Дзаххот. Мыхуыргонд æрцыд газет «Рæстдзинад»-ы 1952-æм азы

Æрæджы, зæронд аз йæ æнусон балцы куы цыд, уæд араст дæн арфæтæ кæнынмæ мæ хæлæрттæм, мæ хæстæджытæм. Мемæ кусы Голубев, æмæ мын куыд бацамыдта, афтæмæй цæры Черноглазы уынджы 27-æм агъуысты. Бахæццæ дæн уыцы уынгмæ. Кæсын, æмæ сау зестыл урс дамгъæтæй фыст: Черноглаза — уынг №12. Цæуын та дарддæр. Мæнæ фæрсæй-фæрстæм дыууæ хæдзары. Сæ иуыл фыст: Черноглазовы уынг, иннæуыл — Черноглазы уынг. Уыцы номыры бакомкоммæ кæсын æмæ уынын №27.

Ссардтон Голубевы, зæгъгæ, бацин кодтон. Фæлæ дуарыл Сауцæстоны уынг №27, зæгъгæ, куы бакастæн, уæд хорзау нал фæдæн. Мæ цæстытæ атартæ сты,асæрфтон сæ. Нал сыл æууæндын. Кæд мæ сайгæ кæнынц мыййаг. Сауцæстон уынг никуы фехъуыстон, уæд ныр мæ размæ цы ныццæхгæрмæ ис?

Фæстæмæ нал аздæхдзынæн ардыгæй, — загътон мæхицæн. Бацыдтæн кæртмæ æмæ фæрсын: — Бæлонов ам цæры?

Цавæр Бæлонов? — афарста кæрты цæрджытæй иу.

Уæд та Голубев, — загътон æз.

Голубев цæры, фæлæ Бæлоновы нæ зонæм.

Ау, æмæ сымах уæ уынг Черноглазы бæсты Сауцæстон уынг куы схуыдтат, уæд мæнæн мæ бон нæу Голубевы Бæлонов схонын?

Бахудтысты цæрджытæ. Уалынмæ Голубев дæр рацыди.

Ног азы арфæты фæстæ араст дæн Терчы фаллаг фарсмæ. Кæсын æмæ фыццаг агъуыстыл уырыссагау фыст: Надтеречная. Иронау та — Надтеречнæйы уынг. Иннæ ран бакастæн Терчыбылы уынг, чысыл дарддæр æндæр хæдзарыл — Терчы фарсы уынг, иннæуыл — Терчы уынг.

Оуу, мæнæ диссæгтæ! Иу уынджы мидæг алы агъуыстыл дæр хицæн уынджы ном æвæргæ никуы фехъуыстон...

Цæуын дарддæр æмæ схæццæ дæн Сапернæйы уынгмæ. Иу хæдзарыл фыст ис: Саперы уынг, иннæуыл — Саперны уынг, æртыккагыл — Сапернæйы уынг. Адон фенгæйæ мæ бынтондæр бауырныдта, Терчыфалейы районы хæдзæртты управленийы кусджытæ хатиаг æвзаг тауынмæ бар кæй нæ дæттынц Ленины районы хæдзæртты управленийы кусджытæн.

Коммуналон банчы æмæ æфснайæн кассæты разамонджытæ дæр фæсте нæ баззадысты. Адон хатиаг æвзаг рацарæзтой «поэзийы» бындурыл. Кæсут ма: Зоделавæйы уынджы 18 номыры ис коммуналон банчы хайад. Йæ уæлæ фыст ис: «Приходная касса Сев.Осет. республиканского коммунального банка». Ацы ныхæстæ тынг рæсугъдæй æмæ æнцонæй зæгъæн ис иронау. Фæлæ... Банчы разамындæн, æвæццæгæн, тъаран дæр дзидза у. Уыдон æрфыстой сæ кассæйы сæрмæ цавæрдæр æмдзæвгæгонд:

«Æфтиæг кассæ

Цæгат Ирыстон

Республикон

Коммуналон банк»

«Рифмæтæ» дзы æрæвæрдтой, фæлæ дзы хъуыды нæй. Хæццæ-мæццæ ныхæстæ. Зæххы къорийы иу адæмыхатт дæр ахæм æвзагыл нæ дзурынц.

Ацы кассæйы æмкъул ис æфснайæн кассæ æмæ, уыдон дæр сæ сыхæгты фæзмгæйæ, æрфыстой æмæ сауыгътой сæ къулыл стыр дамгъæтæй фыст «æмдзæвгæ»:

«Паддзахадон

Фæллойадон

Æфснайтон

Кассæ»

Ацы куплет дæр поэзийæн цыдæр бавæййы. Рифмæ рифмæйы ивы. Фæлæ... «Æфснайтон» цымæ чердыгон дзырд у?

Мæ цæстытæ бафæлладысты ацы æмтъеры фыстытæ кæсынæй æмæ изæрырдæм рараст дæн нæхимæ. Фæлæ, дам, калм битъынайæ тарст æмæ йæ хуынчъы был æрзад. Мæ фæндагыл абанайы тæккæ бакомкоммæ иу хæдзары къулыл ауыдтон иронау фыст «Хлебы уынг», йæ хæдбынмæ та: «Дзулы уынг». Æз тæрсын, Ленины районы хæдзæртты управленийы кусджытæ сæ къанторы дуарыл «Дзулы уынджы» бæсты «Хæбизджыны» уынг куы ныффыссой, уымæй.

Дур æхсын чи нæ зоны, уый дзы йæ къæбут цæвы. Фæлæ уæддæр кæй кой кæнæм, уыдон цымæ æвзæр дурæхсæджы цæмæн фæзмынц? Цæмæн тауынц уыдон Дзæуджыхъæуы уынгты хатиаг æвзаг?

«КОНДЫЛ ÆЙ НЫМАЙ»,
КÆНÆ «ÆНÆБОНДЗИНАДЫ
(ФÆКЪУЫВВИТТ УÆВЫНЫ) ТЫХХÆЙ...»

Хъодзаты Æхсар. Журнал «Мах дуг», 2006, №5

Æнусы æмбисæй фылдæр цæуы Ходы Дзаххоты уацхъуыдыл. Фæлæ цымæ уавæр аивта? Бæгуыдæр, аивта. Æрмæст хорзырдæм нæ — фыдырдæм!

...

Нæ горæтты æмæ хъæуты ма ирон фыстытæй цы мæнг муртæ аззад, уыдонæй дæр хæрз стæмтæй фæстæмæ ахæм нæй, рæдыдтæ кæм нæ разындзæни. «Рæдыдтæ», зæгъгæ, хуымæтæджы нæ зæгъын, уымæн æмæ хъуыддаг фылдæр хатт иу рæдыдæй нæ ахицæн вæййы. Фенут уæхæдæг .

Дзæуджыхъæуы Томайы-фырты уынджы 48-æм хæдзары къулыл кæсæм:

РЦИ—Аланийы тæрхон ахæстганæг управлени.

Хъуыдыйад арæзт у фондз дзырдæй, рæдыдтытæ та дзы ис æртæ. Хъуамæ мæнæ афтæ уаид:

РЦИ—Аланийы тæрхон æххæстгæнæг управлени.

Чкаловы уынджы æфсæнвæндаджы кусджытæн ис рынчындон. Йæ бахизæны иронау дæр фыст, уынут æй къамы [кæс 2-æм къам]. Ирон æвзаджы æгъдæуттæм гæсгæ та ныффыссын æмбæлди:

Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы станцæйы кусджыты рынчындон.

Чи зоны, транспорты, индустрийы, хъæууон хæдзарады хабæрттимæ баст организациты разамонджытæ сæхи сраст кæнынæн исты æфсæнттæ ссарой (уæвгæ та сын æфсон иунæг ис — сæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ сты, ницæмæ йæ дарынц). Фæлæ бæллæх уый у, æмæ ахуырады кæнæ культурæйы кусæндæттæ дæр уыцы низæй кæй сæйынц. Æркæсут-ма мæнæ ацы къаммæ [кæс 3-æм къам]. Фыццаг хъуыдыйады ис æртæ дзырды, рæдыдтæ та — дыууæ. «Культурайы» бæсты фыссын хъуыди «культурæйы». РЦИ та хъуамæ æппæту уæле уа. Дарддæр та хъуамæ уа:

Сывæллæтты 1-æм музыкалон скъола.

Ахæм хæццæ-мæццæ дзырдтæ уынæм, раздæр Пионерты галуан кæй хуыдтой, уый къулыл дæр [кæс 4-æм къам]:

РСО-АЛАНИ

ИУМÆЙАГ ÆМÆ

ПРОФЕССИОНАЛОН

АХУЫРАДЫ МИНИСТРАД

ПУУА

РЕСПУБЛИКОН

СЫВÆЛЛÆТТЫ

СФÆЛДЫСТАДЫ ГАЛУАН

г. Дзæуджыкъæу

ПУУА цы амоны — хæйрæг йæ зонæг. Фыццаг рæнхъы цы аббревиатурæ ис (РСО), уымæн йæ ирон вариант у РЦИ æмæ йæ фыссын дæр афтæ хъуыди, стæй ацы дзырд æмæ «Алани»-йы ’хсæн тире хъуамæ уа. Уæдæ сæйраг хъуыдыйад та мæнæ афтæ фысгæ уыди:

Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуан.

Рæдыд ис фæстаг дзырды дæр: Дзæуджыкъæу нæ, фæлæ Дзæуджыхъæу.

Диссæгтыл дис ничиуал кæны, уыййеддæмæ уырыссаг театры бæстыхайы рæзты цы бирæ адæм цæуы, уыдон-иу сæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцæгъдиккой. Æркæсут-ма, йæ къулыл цы æмбисонды хъусынгæнинаг ис, уымæ [кæс 5-æм къам]. Æфсæн дамгъæтæ æфсæныл фидаргондæй æфсæн хъæлæсæй дзурынц, ацы театры, дам, нывгæнæгæй куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Къоста. Æвæццæгæн, Къоста йæ раздæры царды (кæддæр, скифты-сæрмæтты заманты) хуыцау уыд æмæ нæ нæрæмон фыдæлтæн æвзаг балæвар кодта, уыййеддæмæ абоны ирæттæн цæй æвзаг уаид, кæрæдзийæн гобитау къухæй амониккой, йе та гугын фысты уаст кæниккой.

Уæвгæ ныры ирæттæ цы хуызы дзурынц æмæ фыссынц, уымæй æнæвзаг — хуыздæр. Уæ разы уын цы æвдисæнтæ æрæвæрдтам, уыдон ууыл дзурæг не сты? Ноджы ма сæм бафтауæнтæ ис — чысыл нæ, фæлæ дзæвгар. Цæй, нал уæ фæлмæцын кæнæм. Æрмæст ма дзы дыууæйы кой скæндзыстæм, сты Бутырины уынджы [кæс 6-æм къам]. Мæнæ куыд ратæлмацчынди «Управление вневедомственной охраны». Уæле лыстæгдæр дамгъæтæй цы фыст ис, уый раиртасыны тыххæй дæр та, æвæццæгæн, дзинкъуыртæм баулæфын хъæуы УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИ МИДХЪУДÆГТЫ РЦИ-АЛАНИ. Ацы тæлмацы автор поэт ма уа, уый нæ нæ уырны. Кæуылты неологизм у «ÆНÆВЕДОМСТВÆНЫ»!

Иннæ «шедевр» та ссардтам, нæ редакци цы хæдзары ис, уымæн йæ хуссайраг къулыл (Бутырины уынг, 29). Уынут æй къамы [кæс 7-æм къам].

Уæдæ, хорз адæм, нæ ныхас ацы фыстæй фæуæм: «Цæгат Ирыстоны æнæбондзинады (фæкъуыввитт уæвыны) тыххæй...» Æмæ а. д.

«Фæкъуыввитт уæвыны агентад», æнхъæлдæн, нал ис. Уыйхыгъд фылдæрæй-фылдæр кæнынц, не ’взаг нын чи къуыввитт кæны, уыдон, сты алы куыстуаты дæр, алы кусæндоны дæр, алы хæдзары дæр, нымайæг сæ нымайын нал фæразы...

Мæ иубæстон адæм! Уæхи æрæмбарут, цалынмæ бынтон нæ байрæджы, уæдмæ...


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.