Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

«Хæлуарæджы тын йæхи афтæ фæдары, цыма æртæхтæ ахсы, æцæгæй та бындзытæ ахсы». // Тагоры хъуыдытæй

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 29 июнь

Темырханты Сослан

Ос-Бæгъатыр

Уыдис кæддæр ирæн дæр сæхи паддзахад, йæ арæнтæ дæрдтыл кæмæн цыдысты, Карталины быдыртæй суанг стыр Донмæ. Бирæ уыдысты уæд ир сæхуыдтæг дæр æмæ сæ исбон дæр, бархийæ æдæрсгæ цардысты парахатæй.

Ирмæ уæд уыд æфсæндзых æфсад, йе ’хсар стыр кæмæн уыдис, йæ бæгъатырдзинады кой дунетыл кæмæн хъуысти. Уый стыр æхсартæй тæрсгæйæ, знæгтæ Ирыстоны æмгæрон ацæуын дæр нæ уæндыдысты, ирæн та сæхи æвзæртæ — фезмæлын дæр. Æмæ ир сæ куыст æдæрсгæ кодтой, сæ фæллой знæгты къухы не ’фтыди, æмæ сæ исбон фылдæргæнгæ цыди.

Иу дзырдæй, ирон паддзахад уæд радта ирæн фадат, бархийæ æдæрсгæ цæрын, æдасæй фæллой кæнын, æнæкъуылымпы рæстмæ цæуын, æмæ уый фæрцы ирæн æнтысти бирæ, сæ хъару тынг стыр уыди. Æмæ ир уæд цытджын уыдысты адæмты цæсты, кадæй-радæй сæ се ’ппæт дæр уыдтой, сæ лымæндзинад сын агуырдтой тыхджындæр дзыллæтæ.

1189 азы Гуырдзыйы ус-паддзах Тамарæ моймæ æрцыди Дауыт-Сосланмæ, ирон паддзахы фырт чи уыд æмæ стæй ирон паддзах чи ссис.

Æгас Гуырдзыстоны йæхицæй ахуыргонддæр æмæ хъæбатырдæр лæг нæ уыди, æмæ йæ гуырдзы кадæй-радæй уыдтой.

Уыцы заман Гуырдзыстоны алырдыгæй æфсæрстой йе знæгтæ, æмæ Дауыт-Сослан, йæ усы зæрдæ æлхæнгæйæ, Гуырдзыстоны тыххæй нал ауæрста йæхиуыл дæр æмæ ирыл дæр, гуырдзыйы æфсæдты разæйдзог ныллæууыд æмæ Гуырдзыстоны знæгты басаста, Гуырдзыстоныл ног зæххытæ бафтыдта, йæ арæнтæ йын бирæ æддæдæр ахаста, стыхджын æй кодта.

Æдзухæй Гуырдзыйы паддзахы хъуыддæгтæ кæнгæйæ, Дауыт-Сослан ирон паддзахады кой нал кодта æмæ, йæ усы фæндоныл цæугæйæ, Хуссар Иры бæстæ Гуырдзыстоныл бафтыдта. Хуссар Иры гуырдзиаг æлдæртты бар бакодта.

Æмæ ирон паддзахад Хуссар Иры бæстæй афтидæй куы баззади, уæд йæ хардз, йæ уаргъ æгасæй дæр æрæнцади Цæгат Ирыл, æмæ Цæгат Иры бахъуыди фыццагæй дыууæ хатты уæз хæссын, уыйбæрц та сын зын уыди тынг, æмæ ирон паддзахад хæлдмæ цæуын байдыдта, уымæн æмæ уый хæдзары фаг мулк æмæ уый æфсады фаг фæсивæд радтын Цæгат Иры бон нæ уыди.

Ноджы ма Гуырдзыйы паддзахад архайдта ирон паддзахады æхсар асæттыныл, цæмæй уый Гуырдзыстонæй ма ратона фæстæмæ Хуссар Иры бæстæ. Уыцы фæнд æххæст кæнгæйæ, Гуырдзыйы паддзахад ардыдта Цæгат Иры кæрæдзийыл, æмæ йын æцæгдæр бантысти Цæгат Иры æддæг-мидæг скæнын, ирон паддзахады сызмæнтын… Æмæ гуырдзиаг æлдæрттæ ирæн уæд сæхи фæрцы æрбафтыдысты Цæгат Иры бæстæм дæр, ранæй-ран фидар галуантæ æрцарæзтой, æмæ уыдоны мидæг, æдасæй бадгæйæ, Цæгат Ирыл дæр хицауад кæнын байдыдтой, се ’хсар сын асастой.

Афтæмæй Хуссар Ир æмæ Цæгат Иры иу хай бафтыдысты гуырдзиаг æлдæртты къухы, æмæ ирон паддзахады тых æгасæй асасти.

Уыцы хуызæнæй иры æрбаййæфтой тæтæр XIII сæдæазы, адæмты пырхгæнгæйæ, Азийæ Европæмæ чи æрбабырста.

Тæтæр уый агъоммæ басастой Азийы стырдæр, тыхджындæр дзыллæты æмæ айстой Китайы, Тураны, Ираны æмæ Фæскавказы, стæй се ’фсæдтæ Цæгат Кавказмæ дæр æрбабырстой æмæ быдираг иры ныппырх кодтой алырдæм. Уый фæстæ стыр Доны иннæ фарсмæ ахызтысты æмæ, сæ ныхмæ чи ныллæууыд, уыцы уырыссаг æфсæдты ныццавтой, стæй Хурыскæсæнæрдæм фæзылдысты æмæ Туранмæ аздæхтысты. Фæлæ æртындæс азы фæстæ тæтæр ногæй æрбабырстой Европæмæ, Уæрæсейы басастой, хъалон ыл сæвæрдтой æмæ Идылы (Волгæйы) быдыртæ бацахстой, стæй уыцы ранæй ирмæ та ногæй æрбабырстой, быдираг иры басастой, хъалон ыл сæвæрдтой, фæлæ хæххон иры басæттын нæ бафæрæзтой.

Æртиссæдз азы нæ бауагътой хæххон ир сæ хæхбæстæм тæтæры: уырдæм сæм-иу тæтæр куы бырстой, уæд сæ-иу хохы нарджытæм басайдтой, фæцагътой. Хаттæй-хатт-иу сæхуыдтæг дæр райгæрстой быдырмæ, балæбурдтой-иу тæтæрмæ, сæ фос сын-иу ратардтой.

1277 азы Тæтæры хан Менгълы-Темир æрæмбырд кодта стыр æфсад иры басæттынмæ, йе ’мварс ма ралæууыдысты ирыл Гуырдзыйы паддзах æмæ уырысы кънйæзтæй 300 æд æфсæдтæ. Тæтæр, уырыс æмæ гуырдзы æмдыхæй схæцыдысты иримæ, басастой сæ, сæ паддзахы сахар сын байстой, фехæлдтой йæ, йе стыр хæзнатæ йын æгасæй дæр ахастой.

Уый фæстæ хæххон ир дæр басастысты æмæ Тæтæры ханæн хъалон фидын байдыдтой. Уыцы хъалон чи нæ фыста æххæстæй афойнадыл, уыдоны æфхæрынмæ хан æрвыста йе ’фсæдты.

Фæлæ бырст адæмты цардыуаг нæ хæлдта. Уымæ гæсгæ Иры гуырдзиаг æлдæрттæ, сæ бынæтты бадгæйæ, Ирыстоны баззадысты æмæ уыдон дæр иры фæллой æввонгæй хордтой.

Афтæмæй XIII сæдæазы бабын ирон паддзахад, ир се знæгты къахы бын бафтыдысты, сæ бирæ исбон фесæфти, æмæ кæм хæстæй, кæм æххормагæй сцыбыр сты, сæ хъару асасти. Ноджы ма гуырдзиаг æмæ тæтæйраг æлдариуæггæнджытæ иры кæрæдзийыл ардыдтой, цæмæй, æддæгмидæг кæнгæйæ, знаджы цæстæй кæрæдзимæ кæсой æмæ сæ бон ма уа æмдыхæй ралæууын уæгъдибары тыхæй.

Гъе уæд йæ ныфсæй иннæты дæр ма ныфсджындæр чи кодта, йæ ныхасæй иннæты дæр ма рæстæрдæм чи арæзта, уыдоны ахстой æмæ мардтой æлдариуæггæнджытæ, цæмæй, уый уынгæйæ, алчидæр йæхицæн тæрса æмæ урома æфхæрд.

Æмæ æцæг дæр ахæм уæд систы ир: сæ цард сын чи хæлдта, æгадмæ сæ чи тардта, уыдонмæ сдзурын дæр нал уæндыдысты, кæрæдзиуыл та сæ маст калдтой, сæхуыдтæг сæхи къухæй сæ тых састой æмæ æдзæллаг ныйисты.

Уыцы фыд-заманы Уæлладжыры сæвзæрди Ос-Бæгъатыр, иры се знæгтыл чи сыстын кодта, æмæ ногæй ирон паддзахад чи сарæзта.

Ос-Бæгъатыр йе ’фсымæртимæ Гуырдзыстоны сырæзыди æмæ фæхайджын Гуырдзыйы ахуырдзинадæй.

Æвæццæгæн, сæ фыд, тæтæрæй йæ сæр хæсгæйæ, алыгъди Уæлладжырæй Гуырдзыстонмæ æд бинонтæ.

Гуырдзиаг æмæ тæтæйраг æлдариуæггæнджытæ Иры сæфтмæ куыд тардтой, уый уынгæйæ, Ос-Бæгъатыры бацыди Иры сагъæс æмæ сфæнд кодта ирон адæмы се знæгтыл сыстын кæнын, цæмæй уыдон къухæй фервæзын кæной сæхи æмæ æдæрсгæ бархийæ цæрой.

Уый тыххæй та иры æмзæрдион скæнын хъуыди, цæмæй сæ кæрæдзийæ бацæуа ныфс æмæ æдæрсгæ ралæууой йемæ хъазуаты тохмæ. Фæлæ знаджы цæстæй кæрæдзимæ кæсгæйæ, ир кæрæдзи сæфтой, нал æмбæрстой, цæй фæрцы æмæ куыд сæттынц знæгтæ иры тых, æмæ сын уый бамбарын кæнын хъуыди, уый та æргомæй амонынмæ амал нæ уыди, уымæн æмæ уый амонджыты æлдариуæггæнджытæ ахсгæ æмæ маргæ кодтой. Æмæ, йæ фæндæн мадзæлттæ агургæйæ, Ос-Бæгъатыр бамбæрста, сауджынтæн æмæ моладзантæн кæй ис фæрæз. Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, иры æмзæрдион скæнын, уымæн æмæ динамонджыты æлдариуæггæнджытæ нæ дардтой хъыг, динамоныны бар сын лæвæрдтой.

Ос-Бæгъатыр уый бамбарын кодта йе ’фсымæртæй æртæйæн — Исахъæн, Раманæн æмæ Басилæн, цæмæй моладзантæ суой æмæ, Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, иры æмзæрдион кæной. Уыдон ОсБæгъатыры фæнд сæ зæрдæмæ хæстæг айстой æмæ сæхи снывонд кодтой Ирыстоны тыххæй, се ’ртæ дæр моладзантæ систы æмæ, Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, æмзæрдион кодтой ирон адæмы. Сæ фæрцы туджджынтæ бафидыдтой, знаджы цæстæй кæрæдзимæ чи касти, уыдон æфсымæртау систы, кæрæдзийыл хæцын байдыдтой. Афтæмæй иры кæрæдзийæ бацыди ныфс æмæ сæ бафæндыд бархийæ цæрын, æгад сæм æркасти искæй æлдариуæгдзинадæн фæразын, сæ сæр сæрмæ хæссын байдыдтой, фыццагау æгадмæ сæхи нал уагътой, æфхæрдæн нал фæрæзтой æмæ сæ гуырдзиаг æлдæрттыл сыстадысты.

Тæтæры хан уæд Гуырдзымæ знæг уыди æмæ иры нæ бахъыгдардта, уый нæ, фæлæ ма сæ гуырдзыйыл ардаугæ дæр кодта. Фæлæ ирæн æнцон нæ уыди хæцын сæ гуырдзиаг æлдæрттимæ, фидар галуанты чи бадтис æмæ Гуырдзыйы паддзахад æххуыс кæмæн кодта. Æмæ сæ уæддæр æмдыхæй басастой ир, сæ галуантæ сын ныппырх кодтой, сæхи дæр сын Ирыстонæй фæтардтой, стæй Карталины быдыртæм айгæрстой æмæ Гуры фидар бацахстой, сæхиуыл æй æрфидар кодтой.

Уыцы стыр тохы æгас ирæй се ’ппæты тынгдæр рабæрæг Ос-Бæгъатыр, æмæ йе ’хсары фæрцы Иры фæтæг сси.

Гуры фидар иры къухтæй ратонынмæ хъавгæйæ, Гуырдзыйы паддзахад йæ тых æгасæй дæр ирмæ сарæзта, иримæ стыр тох самадта, фæлæ йæ ир сæхуыдтæг басастой, Карталины æмæ Триалеты бæстæ æгасæй дæр бацахстой. Уыцы хæсты тыххæй гуырдзиаг фысджытæ цы ныффыстой, уыдонæй куыд зыны, афтæмæй 1291 азы ир Карталинмæ бабырстой æмæ Гуырдзыйæ байстой Гуры фидар.

Карталины æлдæртты сæр — Амада — æрæмбырд кодта æфсæдтæ, бабырстой Гуры фидармæ, фæлæ йæ ирæй байсын нæ бафæрæзта. Уый фæстæ гуырдзы æмæ ир бафидыдтой, фæлæ та стæй фæбыцæу сты, ногæй та схæцыдысты, æмæ 1296 азы, Вирхел, зæгъгæ, номдзыд æлдар, гуырдзыйы æфсæдтимæ æрбадти Гуры фидары алфамблай, уый хъахъхъæнæг иримæ æртæ азы фæхæцыди æмæ сæ уæддæр басаста.

Уыцы рæстæджы ир сæхуыдтæг дæр бырстой Калакмæ, райстой йæ, фæлæ йæ стæй аппæрстой. Калакмæ бабырсæг ирон æфсæдты фæтæг Береджан хуынд æмæ йын æцæгæлæттæй феххуыс сты Сатхис æмæ Узурабек.

Æвæццæгæн, Сахтис сомихаг уыди, Узурабек та фæскавказон тæтæйраг, æмæ фæндагамонæг уыдаиккой. 1299 азы Ос-Бæгъатыр тынг æфсæрын байдыдта Гуырдзыйы æфсæдты, æмæ уæд æргом йæ фарс ралæууыдысты тæтæры æфсæдты фæтæг Хутлу-СахНойн æмæ иу гуырдзиаг æлдар Салва-Квена-Флавел, бирæ зæхх æмæ бирæ адæм кæй къухы уыди, паддзахау йæ бæстæн æлдариуæг чи кодта.

Уый фæстæ Ос-Бæгъатыр бацахста Карталины æмæ Триалеты бæстæ æгасæй дæр, гуырдзиаг æлдæртты æмæ уыдоны фарсхæцæг азнауырты уыцы ранæй фæсырдта.

Гуырдзыйы паддзах Давид VI æрæмбырд ма кодта Калачы 15 мин æфсад, ралæууыд семæ иры фарсхæцæг тæтæйраг æфсæдтыл æмæ сæ ныппырх кодта, фæлæ уый фæстæ дæр ирæн йæ бон ницы сси:

уый нæ, фæлæ Ос-Бæгъатыр байста Гуырдзыйæ Рамы фидар.

Карталины æмæ Триалеты бæстæ иры къухы куы бафтыдысты, уæд Кура-доны былмæ Джереты комы ОсБæгъатыр саразын кодта стыр фидар, цæмæй ир тынгдæр æрфидар уой фæсхохы. Уый фæстæ Ос-Бæгъатыр йæ ирон æфсæдтимæ рахызти фæсхохæй цæгатмæ, сыстын кодта Цæгат Иры тæтæрыл æмæ сæ фервæзын кодта уыдоны къухæй, стæй Цæгат æмæ Хуссар Иры баиу кодта, ногæй ирон паддзахад сарæзта.

Стыр диссаг у, уырыс æмæ бирæ æндæр адæмтæ уæд кæмæй рызтысты, уыцы тæтæр Ос-Бæгъатыры басæттын кæй нæ бафæрæзтой. Ос-Бæгъатыр сын, æвæццæгæн, се ’фсæдты хохы нарджытæм сайдта æмæ цагъта, ихсийын сæ кодта, стæй сæ иры быдырæй дæр фæтардта, тынг сæ фæтæрсын кодта, æмæ уый фæстæ йемæ схæцын сæ ныфс нал бахастой.

Ос-Бæгъатыры ирон ном Алгъуыз хуынди æмæ «Иры цытджын Алгъуыз, Иры сгуыхт лæг Ос-Бæгъатыр», зæгъгæ, кадджын ном ын радтой гуырдзы. Нузалы рагон аргъуаны гуырдзиагау фыст цы кадæг æфснайд уыди, «Алгъузиани», зæгъгæ, уый дæр, æвæццæгæн, Алгъуыз-Ос-Бæгъатыры кой кæны.

«Алгъузиани» Алгъуызы хоны ирон паддзах, стыр тох чи фæкодта иры хъыгдарæг сыхæгтимæ æмæ Кæсæджы, Кистины, Цæцæны, Хъалмыхъы чи басаста, ирон паддзахады арæнты дæрдтыл чи ахаста, суанг денджызмæ.

Нузалы рагон аргъуаны къулыл Ос-Бæгъатыры тыххæй цы фыст уыдис гуырдзиагау, уый куыд зæгъы, афтæмæй Ос-Бæгъатыр хæцыди цыппар паддзахадимæ æмæ басаста Кавказы адæмты, æрсабыр сæ кодта.

Иу дзырдæй, гуырысхойаг нæу, «Алгъузиани» кæй кой кæны, уыцы Алгъуыз кæй у Алгъуыз-Ос-Бæгъатыр.

Ос-Бæгъатыры тыххæй Уæлладжыры цы таурæгътæ баззади, уыдонæй куыд зыны, афтæмæй Ос-Бæгъатыр йæ амæлæты онг стыр хъазуатæй фæтох кодта иры знæгтимæ, хæцыди абхазимæ дæр, Имератимæ дæр æмæ Имератæй байста иу стыр галуан — Хедис-Къари, Оны Калакæй дæлдæр Рионы доны был чи лæууы нарæг комы.

Ос-Бæгъатыры кой кæнæг Уæлладжыры таурæгътæ ма зæгъынц: гуырдзыимæ хæцгæйæ, Ос-Бæгъатыры къухы бафтыд Гуырдзыйы паддзахы хо æмæ йæ йæхицæн усæн ахаста. Гуырдзыйы паддзах сфæнд кодта хинæй разилын Ос-Бæгъатырыл æмæ йæ, куыд йæ сиахсы, схуыдта Мцхетмæ, — æрцу æмæ бафидауæм, мæ хойы дæр демæ æркæн æмæ уын чындзæхсæв саразон, зæгъгæ. Афтæмæй Ос-Бæгъатыры йæхиуыл баууæндын кодта, æмæ иу къорд æфсæддонимæ Ос-Бæгъатыр арасти Мцхетмæ. Мцхетмæ куы бахæстæг, уæд æй Арагуйы доныл ауайын хъуыди, хид кæм нæй, ахæм ран. Арагуйы иннæ фарс лæууыди Гуырдзыйы паддзах æд æфсæдтæ хæрзифтонгæй. ОсБæгъатыр æнхъæл уыди, Гуырдзыйы паддзах ын кад кæны æмæ æууæнкæй йе ’фсæддонты разæй бауад Арагуйы доны, фæлæ, донимæ хæцгæйæ, иннæ былмæ куыд рацæйцыд, афтæ йæ æвиппайды фатæй ныццавта Гуырдзыйы паддзах, амардта йæ, æмæ Ос-Бæгъатыры дон аласта.

Гуырдзыйы паддзахмæ стыр хуындмæ цæугæйæ, Ос-Бæгъатыр йемæ куыннæ айстаид йæ цæдисæмбæлтты, йе ’фсады разæйдзогты æмæ уыдон дæр йемæ фесæфтысты. Афтæмæй ирон æфсæдтæ се сгуыхт фæтæгæй æмæ сæ бæгъатыр разæйдзогтæй афтидæй баззадысты, æнæ аразæгæй æмæ æнæ уынаффæ хæлдмæ ацыдысты, се ’хсар асасти, æмæ та знæгтæ уæлахиз фесты ирыл. Хуссар Иры бæстæ Гуырдзыйы паддзах айста æмæ йæ ногæй æлдæртты бар бакодта, Цæгат Иры та тæтæры хан бабаста æмæ сыл хъалон сæвæрдта.

Уый фæстæ тæтæры хан æмæ гуырдзиаг æлдæрттæ хурх кæнын байдыдтой иры, сæ хъару сын æгасæй асастой, æмæ стæй тæтæры ханад куы фехæлди, гуырдзыйы паддзахад куы смæллæг и, уæддæр сæ фырæдзæллагæй ир нал базыдтой хи паддзахад саразын, бархи цард ссарын, æмæ сыл кæсæг дæр ма уæлахиз фесты, Цæгат Кавказы сойзæхх быдыртæй сæ æрбафсæрстой хохмæ, зын цардæй ир кæм сцыбыр сты тынг.

Ос-Бæгъатыры тыххæй Нузалы рагон аргъуаны къулыл гуырдзиагау ахæм фыст уыди: «Мах уыдыстæм фараст æфсымæры… Ос-Бæгъатыр æмæ Дауыт-Сослан, цыппар паддзахадимæ чи хæцыди, Фидар, Джадар, Сохъур æмæ Джеор, се стыр хъазуатæй чи ризын кодта знæгты. Ме ’фсымæртæй æртæ — Исак, Раман æмæ Басил чырыстон динамонæг уыдысты. Мах хъахъхъæнæм нарæг æрбацæуæнтæ цыппарæрдыгæй. Къасарайы нын ис галуан. Уырны мæ, удæн мæлæт кæй нæ ис, æмæ ацы дунейыл æдæрсгæ цæрын. Сыгъзæринджын æмæ мæм æвзистджын зæххытæ донæй арæхдæр ис, Кавказы æрсабыр кодтон, цыппар паддзахадимæ хæцыдтæн, Гуырдзыйы паддзахы хойы раскъæфтон, æмæ мыл паддзах хинæй разылди, амардта мæ, донæн мæ аласын кодта, æмæ ирон æфсад бабын и. Ай чи бакæса, уый мын рухсаг зæгъæд».

Ацы фыстæй ма æргом кæны, Ос-Бæгъатыры дуджы ир сæ хæхты хуылфæй хæзнатæ къахын кæй зыдтой æмæ уый фæрцы сæ къухы бирæ хæзна кæй æфтыди.

Ир уæд стыр рæсугъд агъуыстытæ амайын кæй зыдтой, æмæ сæ алы аив дзаумæттæй кæй фидауц кодтой, уый та æргом кæны «Алгъузиани»-йæ.

Иу дзырдæй, фыст хабæрттæй æмæ Уæлладжыры таурæгътæй куыд зыны, афтæмæй Ос-Бæгъатыры рæстæг амондджын дуг уыд ирæн, æмæ сын уæд бантысти се знæгты дæр басæттын, сæ исбон дæр сарæх кæнын, æмæ уый фæрцы уæд бархийæ æдæрсгæ æнæхъуагæй цардысты, æнтысти сын бирæ æмæ сæ хъуыддæгтæй равдыстой, ирон уды хъарутæ стыр кæй сты æмæ ирæн сæ бон кæй у, баиу уæвгæйæ, стыр хъуыддæгтæ бакæнын.

Мартъи, 1922, Дзæуджыхъæу


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.