Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Цы хъуамæ кæна адæймаг, цæмæй фылдæр фæцæра? (дохтыр Дзугкойты Маринæйы статья)

Газет «Рæстдзинад», 2011 азы 27 сентябрь

Сæкæрниз:
нæхи дзы куыд бахъахъхъæнæм

Сæкæрниз фæстаг азты тынг сарæх, æмæ уыцы фарстайыл дохтыртæ фæдисау дзурынц æмæ йыл тыхсгæ дæр кæнынц. Сæкæрнизæй рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, уыимæ адæм фылдæр хатт зонгæ дæр нæ фæкæнынц, сæкæрниз сæм фæзынд, уый æмæ дарддæр дæр уыцы æнæмæт цард кæнынц, фæллайын арæхдæр кæй райдыдтой æмæ лæмæгъдæр кæи фесты, уымæ та сæ хъус дæр не ’рдарынц.

Бæлвырд дзургæйæ, дохтыртæ туджы агурынц, мах æй куыд æмбарæм, уыцы сæкæр нæ, фæлæ хуымæтæг углевод — глюкозæ. Уый у, организмы æппæт процесстæ дæр цæмæй цæрынц, ахæм энергетикон буаргъæд. Йæ бæрæггæнæн туджы 1 литры 5,9 ммолæй фылдæр хъуамæ ма уа. Туджы сæкæр 11 ммолæй куыддæр фæфылдæр уа, афтæ бæлвырдæй зæгъæн ис, сæкæрниз уæм кæй фæзынд, уый.

Сæкæр базоныны тыххæй туг райсæн ис æнгуылдзæй дæр, тугдадзинæй дæр. Бæрæггæнæн цæмæй бæлвырддæр рауайа, уый тыххæй туг радтын хъæуы райсомæй æххормагæй, фæстаг хæрды фæстæ 8 сахатæй къадцæр куыд нæ рацæуа, афтæ.

Профилактикон нысанимæ сæкæр барын фæхъæуы афæдз иу хатт. Зонын хъæуы уый дæр, æмæ адæймагæн уæлдай тæссагдæр у сæкæрнизæй фæрынчынæй, бинонтæ кæнæ хæстæджытæй искæмæ уыцы низ куы уа, уæд. Ахæм адæймаг хъуамæ уа уæлдай къæрцхъусдæр йе ’нæниздзинадмæ. Уый тыххæй та ныртæккæ ис æппæт гæнæнтæ дæр. Уыцы гæнæнтæй тæккæ æнцондæр — сæкæр чи бары, ахæм прибор — глюкометр — балхæнут æмæ дзы уæхæдæг æнцонæй бардзыстут уæ туджы сæкæр.

Сæкæрнизы тыххæй бæлвырддæр куы дзурæм, уæд уый фæзыны, адæймаг æгæр бирæ адджинаг хæры, зæгъгæ, уый тыххæй нæ. Хъуыддаг афтæ хуымæтæг нæу. Сæкæрнизæй æнцондæрæй фæрынчын уæвæн ис, адæймаг æгæр ставд куы уа, йæ туджы æлхъывдад арæх куы бæрзонд кæна, йæ бинонтæй кæнæ хæстæджытæй искæмæ уыцы низ куы уа, уæд.

Арæх чи фæдзуры, æнæ адджинагæй мæ бон цæрын нæу, зæгъгæ, уыцы адæймаг адджинагыл вæййы æвзæр ахуыр, раст, тамакодымæг тамакойыл куыд сахуыр вæййы, афтæ. Рагон Индийы сæкæрæй пайда кодтой наркотикы хуызы, уымæн æмæ сæкæр дæр, карз наркотикау, адæймагæн дæтты æхцондзинад. Фæлæ уыцы дард рæстæджыты сæкæр уыд тынг зынаргъ, абон та сæкæр — парахат, йе ’лхæнæг дæр — афтæ.

Дæлдæр цы миниуджытæ мыхуыр кæнæм, уыдонæй æппынкъадцæр æртæ уæхимæ куы бафиппайат, уæд уæ æнæмæнг базонын хъæуы, уæ туджы сæкæр цас ис, уый:

— буары уæзы индекс у 30-æй къаддæр;

— адæймаг иудадзыг кæны дойны;

— адæймаг арæхдæр, уыимæ æхсæвыгон дæр, уазæгдонмæ цæуын райдыдта;

— буары хъæдгæмттæ нал дзæбæх кæнынц;

— адæймаг æваст тынг æххормаг кæнын райдыдта.

— адæймагæн йæ хæстæджыты ’хсæн ис сæкæрнизæй рынчынтæ;

— адæймагæн йæ ком иудадзыг хус кæны;

— буары царм дудын кæнæ хæрын райдыдта;

— адæймаг йæ цæсгытæй хорз нал фæуыны;

— цыма йе уæнгтæ æркæлынц, адæймаг йæхи афтæ лæмæгъ æнкъарын райдайы.

Цы бакæнын хъæуы адæймаджы, цæмæй сæкæрнизæй ма фæрынчын уа, уый тыххæй? Райдайын хъæуы физкультурæйæ. Фылдæр змæлут, æвзæр ахуыртæ, уæлдайдæр тамако, хъæуы ныууадзын. Хæрын хъæуы, дохтыртæ куыд амонынц, афтæ — боны дæргъы 4 хатты æмæ гыццылгай, хæринаг та хъуамæ уа хæрзхъæд. Сæкæрниз профилактикæ кæнынæн хорз у, зайæгойтæй цы хостæ аразынц, уыдонæй пайда кæнын.

Кæд уæ фæнды æнæниз уæвын æмæ, уæ туджы сæкæр цас ис, уый базонын, уæд, табуафси, æрбацæут «Æнæниздзинады центр»-мæ. Уый ис Дзæуджыхъæуы Ростоваг уынджы 11-æм хæдзары, нæ телефон: 53-49-86.

Ацы ран уын дохтыртæ компьютерты æххуысæй скæндзысты æппæт хъæугæ анализтæ, базондзыстут уæ сæкæр дæр. Æмæ уын, мыййаг, сæкæрнизæй фæрынчынæй тæссаг куы уа, уæд дохтыртæ бацамондзысты, куыд архайын хъæуы, цæмæй низæй хызт уат, уый тыххæй. «Æнæниздзинады центр»-ы æппæт лæггæдтæ дæр сты лæвар.

Медицинон профилактикæйы
республикон центры информацион хайад


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.