Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 3-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Адæм азымджын сты

1 Уæдæ иудейтæ иннæтæй цæмæй хуыздæр уавæры сты, кæнæ цы пайда дæтты сунæт?

2 Стыр пайда алцæмæй дæр. Уæлдайдæр та сын Хуыцау Йæ ныхас сæ бæрны кæй бакодта, уымæй.

3 Уæдæ куыд? Кæд иуæй-иутæ Хуыцауыл иузæрдион нæ разындысты, уæд уый тыххæй Хуыцау иузæрдион нал уыдзæн?

4 Ницы хуызы! Хуыцау Йæ дзырд нæ сайы, адæмæй та алчвдæр мæнгард у, Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ: «Ды раст кæй дæ, уый равдисдзысты Дæ ныхæстæ, æмæ тæрхон куы хæссай, уæд фæуæлахиз уыдзынæ».

5 Кæд не ’взæр митæй Хуыцауы рæстдзинад æргом кæны, уæд цы зæгъæм? Афтæ зæгъæм: «Хуыцау раст нæ уыдзæн, Йæ азар куы ныккала, уæд»? (Адæймаг куыд хъуыды кæны, афтæ дзурын.)

6 Ницы хуызы! Уæдæ Хуыцау дунейæн æндæр хуызы куыд хъуамæ стæрхон кæна?

7 Кæд æз иузæрдион кæй нæ дæн, уый Хуыцауы иузæрдиондзинад тынгдæр æргом кæны æмæ Хуыцауы намысыл æфтауы, уæд ма мын тæригъæдджынау тæрхон кæнын цæмæн хъæуы?

8 Уæдæ æвзæр митæ кæнæм, мыййаг, цæмæй хорз расайой? Цыма æз ууыл ахуыр кæнын, ахæм даутæ дæр мыл мысынц чидæртæ. Уыдоны баййафдзæн, цы тæрхоны аккаг сты, уый.

Алы адæймаг дæр тæригъæдджын у

9 Уæдæ куыд? Мах иннæтæй хуыздæр уавæры стæм? Æппындæр нæ. Мах ныридæгæн равдыстам, иудейтæ дæр æмæ муртаттæ дæр тæригъæды дæлбар кæй сты, уый.

10 Сыгъдæг Фыст дæр афтæ зæгъы: «Иунæгрæстгæнæгдæр нæй,

11 Нæй æмбаргæ адæймаг, Хуыцауы ничи агуры.

12 Сеппæт дæр ныууагътой Хуыцауы, сты ницæйаг; хорз чи ракæна, иу ахæм адæймаг нæй.

13 Сæ хъуыр — гом ингæн, сайынц се ’взагæй, сæ былтыл — калмы марг.

14 Сæ дзыхтæй сын æлгъыст æмæ масты йеддæмæ ницы фехъусдзынæ.

15 Сты цæттæ æвæстиатæй туг ныккалынмæ.

16 Кæмдæриддæр сты халæг, семæ æрхæссынц фыдбылыз,

17 Фидыдæй цæрын нæ зонынц.

18 Хуыцауæй нæ тæрсынц».

19 Фæлæ мах зонæм: Æгъдау цыдæриддæр зæгъы, уый йæ дæлбар адæмæн зæгъы. Æмæ хи сраст кæныны тыххæй йæ дзых байгом кæнын никæй бон бауыдзæн — æгас дуне Хуыцауы раз дзуапп дæтдзæн.

20 Æгъдау æххæст кæнынæй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзæн. Уымæн æмæ тæригъæд цы у, уый Æгъдауы руаджы базонæм.

Уырнындзинад раст кæны тæригъæдджыны

21 Фæлæ, Æгъдаумæ нæ кæсгæйæ, ныр байгом, Æгъдау æмæ пехуымпартæ кæй тыххæй дзурынц, Хуыцауимæ бафидауыны уыцы фæндаг.

22 Æппæт уырнджыты дæр Хуыцау раст кæны Йесо Чырыстийыл æууæндыны фæрцы, хъулон Ын сæ никæцы у.

23 Уымæн æмæ сеппæт дæр бафтыдысты тæригъæды æмæ Хуыцауы намысæй æнæхай сты,

24 Фæлæ Хуыцау Йæ хорзæхмæ гæсгæ сеппæты дæр лæвар раст кæны Йесо Чырыстийы фæрцы Чырысти сын дæтты сæрибар.

25 Хуыцау Æй снысан кодта фидауынгæнæг нывондæн, цæмæй Йæ Туджы фæрцы барст æрцæуой, чи Йыл æууæнды, уыдоны тæригъæдтæ. Уымæй Хуыцау равдыста Йæ рæстдзинад — бирæбыхсаг кæй у, уымæ гæсгæ адæмы нæ бафхæрдта сæ раздæры тæригъæдты тыххæй,

26 Цæмæй абон равдиса Йæ рæстдзинад: Йæхæдæг раст у æмæ раст кæны Йесойыл æууæндджыты.

27 Уæдæ цæмæй раппæлæм нæхицæй? Ницæмæй. Кæцы æгъдау нæ дæтты æппæлыны бар? Хъуыддæгтæ домæг æгъдау? Нæ, уырнындзинад домæг æгъдау.

28 Уымæн æмæ мах афтæ зæгъæм: адæймаг Æгъдау æххæст кæна æви нæ — уырнындзинады фæрцы сраст вæййы.

29 Ау, Хуыцау æрмæст иудейты Хуыцау у, муртатты Хуыцау та нæу? Кæй зæгъын æй хъæуы, муртатты Хуыцау дæр у.

30 Уымæн æмæ Хуыцау иу у, æмæ растыл банымайдзæн æппæт уырнджыты — сунæтгæндты дæр, стæй сунæтгонд чи нæу, уыцы уырнджыты дæр.

31 Уæдæ Æгъдау уырнындзинадæй сафæм? Ницы хуызы! Сафгæ нæ, фæлæ йæ фидар кæнæм.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.