Ног Фæдзæхст
Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 2-æм сæр
Хуыцауы æнæхæрам тæрхон
1 Уæдæ чидæриддæр ма у, иннæмæн тæрхон куы кæнай, уæд дæхи дæр ницæмæй сраст кæндзынæ. Иннæмæн тæрхон кæнгæйæ, тæрхон кæныс дæхицæн дæр. Уымæн æмæ иннæмæн цæй тыххæй тæрхон кæныс, дæхæдæг дæр уый гæнæг дæ.
2 Мах та зонæм: ахæм митæ чи кæны, уыдонæн Хуыцау стæрхон кæндзæн æцæгадмæ гæсгæ.
3 Ау, афтæ æнхъæл дæ, æмæ дæхæдæг цы митæ кæныс, ахæм миты тыххæй иннæмæн тæрхонгæнæг куы уай, уæд Хуыцауы тæрхонæй фервæздзынæ?
4 Æви Хуыцау хæрзаудæг, барон æмæ бирæбыхсаг кæй у, уый ницæмæ дарыс æмæ, Хуыцау Йæ хорзæхмæ гæсгæ дæу фæсмонмæ кæй хоны, уый не ’мбарыс?
5 Фæлæ хивæнд кæй дæ æмæ дæ æрфæсмон кæй нæ фæнды, уымæй дæхæдæг карздæр кæныс де ’фхæрд азары бонмæ — Хуыцау Йæхи æнæхæрам тæрхонгæнæгæй куы раргом кæна, уæдмæ.
6 Хуыцау уæд алкæмæн дæр ратдзæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.
7 Иудадзыг хорз хъуыддæгты лæудæй намысмæ, кадмæ æмæ æнæмæлгæ уæвынмæ чи тырны, уыдонæн ратдзæн мыггагмæйы цард.
8 Хиуарзон, æцæгадæн æгоммæгæс æмæ тæригъæдмæ æмхиц чи у, уыдоныл та Хуыцау ныккалдзæн Йæ азар.
9 Хæрам митæм æмхиц адæймаджы бакæндзæн удхары æмæ хъизæмары хай: раздæр иудейы, стæй та — муртаты.
10 Хорз чи кæны, уыдонæй та алкæмæн дæр ратдзæн намыс, кад æмæ фарн: раздæр иудейæн, стæй та — муртатæн.
11 Уымæн æмæ Хуыцау никæй хъулон кæны.
Иудейаг Æгъдау никæй бахиздзæн тæрхонæй
12 Иудейаг Æгъдау кæмæн нæ уыд, афтæмæй тæригъæд чи ракодта, уыдон амæлдзысты, фæлæ сын Æгъдау тæрхонгæнæг нæ уыдзæн. Æгъдау кæмæн уыд, афтæмæй тæригъæд чи ракодта, уыдон та тæрхонгонд уыдзысты Æгъдаумæ гæсгæ.
13 Уымæн æмæ Хуыцау сраст кæндзæн, Æгъдау чи хъусы, уыдоны нæ, фæлæ Æгъдау æххæстгæнджыты.
14 Муртаттæн Æгъдау нæй, фæлæ сæ мидхъæлæсмæ гæсгæ Æгъдауы домæнтæ куы феххæст кæнынц, уæд сæхæдæг сæхицæн æгъдау сты, кæд сын Æгъдау нæй, уæддæр.
15 Æмæ уымæй æвдисынц, Æгъдауы домæнтæ сæ зæрдæты фыст кæй сты, уый. Афтæ кæй у, ууыл дзурæг у се ’фсарм, уымæн æмæ сæ куы зылын фæкæнынц сæ хъуыдытæ, куы — раст.
16 Æппæт уыдæттæ рабæрæг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фæрцы Хуыцау адæмы сусæг хъуыдытæн æмæ хъуыддæгтæн тæрхон куы кæна, уæд. Афтæ зæгъы, æз цы фарны уац хъусын кæнын, уый.
Иудейтæ æмæ Æгъдау
17 Ныр та дæумæ дзурын, дæхи иудей хонæг. Ныфс дæ ис Æгъдауæй; дæхицæй ныббуц дæ, цыма Хуыцау дæумæ æндæр цæстæй кæсы;
18 Хуыцауæн фæндиаг цы у, уый зоныс; Æгъдау дæ сахуыр кодта, хуыздæр цы у, уый æмбарыныл;
19 Фидарæй æууæндыс, цыма куырмытæн фæндагамонæг дæ, талынджы цæрджытæн — рухс,
20 Æнæзæндтæн — зондамонæг, сывæллæттæн — ахуыргæнæг; æппæт зонынад æмæ æцæгад дын Æгъдауы сты.
21 Уæдæ, иннæйы ахуыр кæнгæйæ, дæхи цæуылнæ ахуыр кæныс?
22 Нæ давыныл куы ахуыр кæныс, уæд дæхæдæг цæмæн давыс? Зæгъыс «ма хæт» æмæ хæтыс. Æлгъ кæныс гуымирытыл, æмæ къахыс кувæндæттæ.
23 Æгъдауæй буц дæ, фæлæ Æгъдау кæй халыс, уымæй æгад кæныс Хуыцауы.
24 Сыгъдæг Фыст сымах тыххæй зæгъы: «Уæ аххосæй фауынц муртаттæ Хуыцауы».
25 Æгъдаумæ гæсгæ куы цæрай, уæд сунæт пайда у. Фæлæ кæд Æгъдауы сæрты ахызтæ, уæд дæ сунæт ницыуал давы.
26 Уæдæ сунæт чи нæу, уый Æгъдауы домæнтæ куы æххæст кæна, уæд æнæсунæтæй дæр Хуыцауы цæсты сунæтгонд нæ уыдзæн, æви?
27 Уæдæ йæ буарыл сунæт кæмæн нæй, афтæмæй Æгъдау чи æххæст кæны, уый рахæсдзæн тæрхон дæуæн, Æгъдауы сæрты ахизæгæн, кæд дын фыст Æгъдау ис æмæ сунæтгонд дæ, уæддæр.
28 Æрмæст æддаг бакастæй иудей чи у, уый æцæг иудей нæу, стæй æрмæст буарыл цы сунæт ис, æцæг сунæт уый нæу.
29 Фæлæ иудей зæрдæйæ чи у, уый у æцæг иудей; зæрдæйы сунæт уый у æцæг сунæт. Уыцы сунæт фыст æгъдаумæ гæсгæ нæу, фæлæ Хуыцауы Удæй у. Ахæм адæймагæй æппæлынц адæм нæ, фæлæ Хуыцау.