Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг ромæгтæм. 1-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Павелæй, Хуыцау кæй æрхуыдта æмæ Йæ фарны уац адæммæ фæхæссын кæмæн бафæдзæхста, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар æмæ апостолæй.

2 Уыцы фарны уацæй Хуыцау Йæ пехуымпарты фæрцы развæлгъау зæрдæ æвæрдта Сыгъдæг Фысты.

3 Уый у фарны уац Йæ Фырты тыххæй. Туг æмæ стæгæй Уый уыди Давиды байзæддаг,

4 Фæлæ Хуыцауы Фырт кæй у, уый равдыстæуыд Йæ хъаруйæ, сыгъдæггæнæг Уды архайдæй, мæрдтæй райгасæй; Уый у нæ Хицау Йесо Чырысти.

5 Йесойы фæрцы æз схайджын дæн хорзæхæй — сдæн апостол, Йæ номы сæраппонд æппæт адæмты Хуыцауыл æууæндынмæ æмæ Йæ коммæ кæсынмæ хонæг.

6 Сымах дæр, Йесо Чырыстийыл æууæндынмæ хуындтытæ, уыцы адæмтæй стут.

7 Æз фыссын, Хуыцау кæй бауарзта æмæ æрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдæджытæн сеппæтмæ дæр. Хорзæх æмæ уын фарн нæ Фыд Хуыцауæй æмæ Хицау Йесо Чырыстийæ.

Павел æмæ ромаг аргъуан

8 Фыццаджыдæр Йесо Чырыстийы фæрцы арфæ кæнын мæ Хуыцауæн уеппæты тыххæй дæр, уымæн æмæ æгас дунейæн уæ уырнындзинад зындгонд у.

9 Йæ Фырты фарны уац адæммæ зæрдиагæй хæссынæй цы Хуыцауæн кусын, Уый мын æвдисæн у: куы фæкувын, уæд сымах æдзух мæ зæрдыл фæлæуут,

10 Æмæ иудадзыг курын, кæд Хуыцауæн фæндиаг у, уæд мын, æппынфæстаг, куыд бантыса сымахмæ фæцæуын.

11 Уæ фенынмæ тынг бæллын, Сыгъдæг Уд мын цы ралæвар кодта, уымæй уын куыд бахай кæнон æмæ куыд сфидар уат.

12 Ома, кæрæдзи сфидар кæнæм иумæйаг уырнындзинадæй, уæ уырнындзинадæй æмæ мæ уырнындзинадæй.

13 Мæн фæнды, æфсымæртæ, цæмæй сымах зонат, æз уæм бирæ хæттыты кæй хъавыдтæн æрцæуынмæ, фæлæ къуылымпытæ æвзарын абонмæ. Æз бæллын, иннæ адæмтæм мын куыд бантыст, афтæ мын сымахмæ дæр иуцасдæр куыд бантыса.

14 Æз бердзентæй1 дæр, талынг адæмтæй дæр, зондджынтæй дæр æмæ æнæфендтæй дæр хæс дарын.

15 Уæдæ мæн зæрдиагæй фæнды сымахмæ дæр, Ромы цæрджытæм, фарны уац хæссын.

Хуыцауы ирвæзындæттæг тых

16 Фарны уац кæй хъусын кæнын, уый худинагыл нæ нымайын. Уымæн æмæ уый алы уырнæгæн дæр, фыццаджыдæр иудейæн, стæй муртатæн дæр, у Хуыцауы ирвæзындæттæг тых.

17 Фарны уац куыд æргом кæны, афтæмæй Хуыцау адæймаджы раст кæны, куы Йыл баууæнды, æрмæстдæр уæд. Сыгъдæг Фыст дæр афтæ зæгъы: «Рæстгæнæг уырнындзинады фæрцы цæрдзæн».

Хуыцауы азар

18 Уæларвæй æргомгонд цæуы: Хуыцауы æцæгад фыдæхæй ссæндæг адæм сæ æнæхуыцау миты æмæ хæрам хъуыддæгты тыххæй баййафдзысты Хуыцауы азар.

19 Хуыцауы тыххæй цы базонæн ис, уый сын æргом у, уымæн æмæ сын æй Хуыцау раргом кодта.

20 Æмæ сæхи ницæмæй сраст кæндзысты, уымæн æмæ цæстæй фенæн кæмæн нæй, Хуыцауы уыцы мыггагмæйы тых æмæ Йæ æрдзыхъæд дуне сфæлдисынæй фæстæмæ бæлвырд сты, Хуыцау цы сфæлдыста, уыдæттыл куы хъуыды кæнай, уæд.

21 Хуыцауы бæргæ базыдтой, фæлæ Хуыцауæн цы кад æмбæлы, ахæм кад Ын не скодтой æмæ Дзы бузныг нæ уыдысты. Сæ зонд ныззыгъуыммæ æмæ се ’нæрхъуыды зæрдæтæ нытталынг сты.

22 Сæхи зондджынтæ хонынц, фæлæ сæ зонд фæцыди,

23 Æнæмæлгæ Хуыцаумæ кувыны бæсты кувынц, мæлæты бар кæуыл цæуы, уыцы адæймагмæ гæсгæ, мæргътæм гæсгæ, цыппæркъахыг цæрæгойтæм æмæ хилджытæм гæсгæ конд фæлгонцтæм.

24 Уымæ гæсгæ сæ Хуыцау ныууагъта сæ зæрдæты чъизи мондæгты æвджид, æмæ сæхæдæг æлгъаг кæнынц сæ буар.

25 Уыдон Хуыцауы æцæгад баивтой мæнгдзинадæй, кувынц æмæ кусынц, кæй сфæлдыстæуыд, уыдонæн, Сфæлдисæгæн та нæ кувынц — Уый арфæгонд уæд мыггагмæ! Амен.

26 Уый тыххæй сæ Хуыцау ныууагъта æлгъаг мондæгты æвджид. Сæ сылгоймæгтæ лæгимæ цæрыны æрдзон æгъдау баивтой, æрдзон чи нæу, ахæм æгъдауæй.

27 Афтæ нæлгоймæгтæ дæр ныууагътой сылгоймæгтимæ цæрыны æрдзон æгъдау æмæ мондаг кæнынц кæрæдзимæ. Нæлгоймæгтæ фæцалх сты æлгъаг митыл нæлгоймæгтимæ, æмæ кæй фехæлдысты, уымæй сæхи æртардтой аккаг æфхæрдмæ.

28 Хуыцауы базонын сæ кæй нæ бафæндыд, уый тыххæй сæ Хуыцау бафтыдта æнаккаг митæ кæныны зыгъуыммæ зондыл,

29 Æмæ æфтынц алыхуызон тæригъæдты, сты фыдзæрдæ, кæрæф, хæлæг, лæгмартæ, æмхиц хъаугъатæм, сайынмæ, хæраммæ, хахуырмæ,

30 Сты маргæвзаг, Хуыцау сын у æнæуынон, сты налат, сæрыстыр, хиппæлой, фыдбылыз саразынмæ дæсны, ныййарджытæн æгоммæгæс,

31 Æнæмбаргæтæ, æууæнкхортæ, саузæрдæ, æгъатыр.

32 Кæд æмæ зонынц, ахæм митæ чи кæны, уыдон Хуыцауы раст тæрхонмæ гæсгæ мæлæты аккаг кæй сты, уый, уæддæр уыцы митæм канд сæхæдæг не сты æмхиц, фæлæ ма райгонд сты, ахæм митыл æфтыд чи у, уыдонæй дæр.

1 1:14 Павел ам бердзентæ хоны æрмæст бердзенты нæ, фæлæ сæ культурæ æмæ æвзаг кæуыл фæзындысты, уыцы адæмы, уыдонимæ ромæгты дæр.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.