Осетинский язык он-лайн

Форум об осетинском языке при сайте Ironau.ru
Главная страница проектаУчебный центрОсетинская Википедия
Текущее время: 21 ноя 2024, 15:52

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]




Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 31 ]  На страницу Пред.  1, 2
Автор Сообщение
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 08 июл 2012, 14:35 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
17 июнь — Медицинон кусæджы бон
РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ-АЛАНИЙЫ ПАРЛАМЕНТЫ СÆРДАР ХАБЫЦТЫ ЛАРИСÆЙЫ АРФÆ

Зынаргъ Ирыстоны медицинæйы кусджытæ! Зынаргъ хæлæрттæ!
Цæгат Ирыстоны Парламенты депутатты номæй уын уæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын!
Ацы бон мах кад кæнæм, сæ хъысмæт арфæйаг куыстимæ — адæмы цард æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынимæ чи сбаста, уыдонæн.
Афæдзæй-афæдзмæ республикæйы разамынд æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы нывылкæныныл æппæт гæнæнтæй архайы: рынчындæттæ æмæ поликлиникæтæ цалцæггонд, нырыккон кусæнгæрзтæй ифтонггонд цæуынц, медицинон кусджыты мыздыл æфты, вазыгджын медицинон технологитæй пайдагæнæг адæмы нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Ныртæккæ нæ сæйраг хæстæ сты, республикæйы «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады модернизацийы программæ» кæй амоны, æппæт уыцы гæнæнтæй спайда кæнын, нæ медицинæ хæрзхъæддзинады ног къæпхæнмæ ракæнын.
Уæ куысты хæстæ кæй æххæст кæнут, адæмыл кæй аудут æмæ уæ дæсныйадыл æнувыд кæй стут, уыдæтты тыххæй уын бузныг зæгъын æмæ уын сæрæй ныллæг кувын.
Уадз æмæ уын уæ бæрæгбон циндзинæдтæ хæсса. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, ног æнтыстдзинæдтæ, амонд æмæ фæрныгад.

ХАБЫЦТЫ Ларисæ, Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Парламенты Сæрдар


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 08 июл 2012, 14:37 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ СÆРГЪЛÆУУÆГ МАМСЫРАТЫ ТАЙМУРАЗЫ АРФÆ
Зынаргъ æмзæххонтæ!
Хетæджы Уастырджнйы боны фæдыл уын арфæ кæнын!
Ирæтты рагфыдæлты удварнон æгъдæуттæн, кад сын кæнгæйæ, нæ фидæны фæлтæртæн чи амондзæн, алы уыцы адæймагæн дæр ацы бæрæгбон у зынаргь.
Национ иудзинады æмæ фæлтæрты фидар бастдзинады æвдисæныл нымад уæвгæйæ, Хетæджы Уастырджи нæ Ирыстоны фæрныгады сæраппонд фæллой кæнынмæ разæнгард кæны.
Ивгъуыд фæлтæрты фæлтæрддзинад нымайгæйæ, стæй мингай адæймæгтæн циндзинад æмæ ныфс дæтгæйæ, ацы бæрæгбон нын фидæнмæ цæуынæн хъару дæтты. Ацы бонты нæ иудзинад æнкъарæм уæлдай бæлвырддæрæй.
Кувинаг æртæ чъирийы раз Ирыстонæн хорздзинад æмæ сабырдзинад кæй зæрдæ зæгъы, уыцы адæм æнтыстдзинæдтæ, фидыд æмæ фæрныгадæй хайджын уæнт!
Хетæджы Уастырджи нæ адæмæн кæддæриддæр æххуысгæнæг уæд!
=========================================================

Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Парламенты депутатты
Арфæ
Зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæтæ уын кæнæм Хетæджы Уастырджийы кадджын бæрæгбоны фæдыл.
Ацы бæрæгбон ирон адæмы удварны историйы у ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу. Уый у нæ этнокультурон традицийы æнæфæхицæнгæнгæ хай. Ацы рухс бæрæгбон раджы рахызт къуындæг национ фæлгæтæй æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт адæмыхæттытæн дæр сси иумæйаг бæрæгбон.
Уыцы бон цы бæрæгбоны мадзæлттæ фæцæуы, уыдон æвдисæн вæййынц, нæ фыдæлты истори, удварны бынтæн стыр аргъ кæй кæнæм, уымæн.
Хорздзинадмæ, кæрæдзи æмбарындзинадмæ, æфсымæрдзинадмæ иумæ тырнгæйæ, уыцы бон сыгьдæг зæрдæйæ æмæ рухс бæллицтимæ ракурæм Дунесфæлдисæг æмæ Уастырджийæ нæ райгуырæн зæххæн хорздзинæдтæ, нæ адæмæн рухс æмæ амондджын фидæн.
Уадз æмæ æдзухдæр нæ хæдзæртты уа кæрæдзи æмбарындзинад, удæнцой æмæ бæркад, алы ног бон та мах хæстæгдæр кæны Ирыстоны фæрнджын цардмæ!
Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд, Ирыстоны цæрджытæ!


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 05 авг 2012, 12:52 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Мамсыраты Таймуразы арфæтæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз арфæйы телеграммæ арвыста Цæрукъаты Светланæйы номыл.


«Æвзист майдан у дæ дæсныдзинады, уæлахизмæ дæ тырнындзинады ирд æвдисæн. Ды ноджыдæр ма иу хатт æппæт дунейы дæр баууæндын кодтай, уæрæсейаг спортсментæ хуыздæрты номхыгъды кæй сты, ууыл. Уæззау атлетикæйæн æрмæст йæ ном нæу уæззау, фыдæбон дæр дзы бирæ хъæуы. Уыйбæрц зынаргъдæр у, ды цы майдан рамбылдтай, уый. Дæ уæлахиз дзурæг у ирыстойнаг спортивон скъолайы бæрзонд æмвæзадыл», — загъд ис республикæйы Сæргълæууæджы телеграммæйы.
Мамсыры-фырт Цæрукъаты Светланæйæн бузныг загъта, спорты идеалтыл æнувыд кæй у, Олимпаг хъæзтыты йæхи арæхстджынæй кæй равдыста, уый тыххæй. Арфæйы телеграммæйы кæронбæттæны фыст ис: «Мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, амонд æмæ ног уæлахизтæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы кадæн».

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 05 авг 2012, 12:52 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Арфæ О-ты Георги Никъалайы фыртæн
Нæ мыггаджы куырыхон хистæр О-ы Георгийæн йæ 85 азы юбилейы фæдыл кæнæм зæрдиаг арфæ!
Георги æрвылбон ирон сыгъдæг æгъдау æмæ хæлардзинад тауы æппæт мыггаджы астæу. Зын сахаты нæ алкæмæн дæр у зондамонæг, ныфс æмæ хъарудæттæг. Йæ æрыгон хæрæфырттæ дыууæйæ æваст сидзæртæй куы аззадысты, уæд сæ хъыджы дæр æмæ цины дæр сæ уæлхъус æрбалæууыд. Йæ фырттимæ сæ алы хъуыддаг дæр сæхимæ райстой, фæцудын сæ нæ бауагътой, батавта сæ йæ зæрдæйы хъармæй.
Уæлдай бузныг сты Георгийы фæлмæн цæстахастæй, æндæр мыггагæй О-тæм цы чызджытæ æрцыд, уыдон. Алкæмæн дæр нæ ссары рæсугъд, рæвдауæн ныхæстæ!
Нæ зынаргъ Георги, нæ зæрдæ дын зæгъы, æнусы сæрты нын æнæнизæй куыд ахизай æмæ царды хæрзтæй хайджын куыд уай.


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 05 авг 2012, 12:52 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
АРФÆ Х-ТЫ-Х-ТЫ С-ЙÆН
Æртыккæгæм августы нæ уарзон хо Светæйæн у йæ райгуырæн бон. Уый фæдыл ын зæрдæбынæй арфæ кæнын. Светæ! Дунескæнæг Хуыцаумæ цы бирæ хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын уæвгæйæ фæцæр дæ сæдæ азы онг! Дæ цардæмбал Хъ-ты К-имæ фæзминаг кæстæртæ схъомыл кодтат æмæ сæ цинæй хайджын æмæ рæвдыд у!

* * *
Дæ фезмæлд рог, дæ бакаст аив,
Маргъау бæстæтыл тæхыс.
Дæ цæгатыл дæ зæрдæ ма сив,
Ды дæ нæ мыггаджы фидыц.

Дæуæн лæвæрд бæрзонд уæларвæй
Цыргъзонд, уæздандзинад, æфсарм.
Дæ дзырд цæуы зæрдæйы арфæй,
Ды дарыс хионтыл дæ арм.

Зæгъы дын абон нæ зæрдæ —
Уæд кæрдаг æнус дæ зонд,
Царды цинæй кал цæхæртæ,
Уадз дæ намыс уæд бæрзонд!

Х-ты мыггаджы номæй — Къола


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Арфæтæ
СообщениеДобавлено: 09 фев 2015, 19:11 
Не в сети
Добрый человек

Зарегистрирован: 08 апр 2006, 03:32
Сообщения: 569
Откуда: Pohjola
Зынаргъ хæлæрттæ!
Зæрдæбын арфæ уын кæнын нысаниуæгджын бон — Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы сырæзтыл 10 азы кæй сæххæст, уый цытæн.
РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы сырæзты процесс æрхауд бæрнон историон рæстæгмæ, кусын уæ хъуыд хæстон ныхмæлæуды уавæрты, Гуырдзыстоны 'рдыгæй провокациты, информацион хæсты, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæнтæ дзырддаг кæныны фæдыл архæйдтыты фæтынгдæргонд уавæрты.

Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, цырддзастдзинад, лæгдзинад, хъæддыхдзинад, патриотондзинад, æфсæддон хæсмæ, адæммæ æнæфау ахасты руаджы РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады Арæнгæрон службæйы æфсæддон службæгæнджытæн кадимæ сæ бон сси сæ разылæууæг хæстæ сæххæст кæнын.
Уырны мæ, сымах дарддæр дæр аккагæй кæй службæ кæндзыстут уæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн, нæ арæнтæ хъахъхъæныны къабазы æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл уæ куыст кæй хуыздæр кæндзыстут, уый.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, нæ Фыдыбæстæйы фæрныгадæн дарддæры æнтыстытæ уæ службæйы, фидар æнæниздзинад, амонд, царды æппæт хæрзиуджытæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны
Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

http://xurzarin.ru/node/4840


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
Показать сообщения за:  Поле сортировки  
Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 31 ]  На страницу Пред.  1, 2

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]


Кто сейчас на конференции

Сейчас этот форум просматривают: нет зарегистрированных пользователей и гости: 0


Вы не можете начинать темы
Вы не можете отвечать на сообщения
Вы не можете редактировать свои сообщения
Вы не можете удалять свои сообщения
Вы не можете добавлять вложения

Найти:
Перейти:  
News News Site map Site map SitemapIndex SitemapIndex RSS Feed RSS Feed Channel list Channel list
Создано на основе phpBB® Forum Software © phpBB Group