Паддзахадон педагогон институты ахуыргæнæг Будайты Изетæйы слогантæ, уыдонæй пайда кæнут ирон блогтæ æмæ форумты:
Будайти Изетæ писал(а):
1) Дæ сæр сæрмæ хæсс —
Де ’взаг зонын дæ хæс.
2) Зарæгау рæсугъд фиддæлти ’взаг
Зонæ ’ма уарзæ, нæртон байзæддаг!
3) Дæ фиддæлти кадгин æвзаг
Зонæ, нæртон байзæддаг!
4) Æнæном, æнæвзаг —
Æноси гириззаг.
5) Нæй æрмæст номæй аллон —
Уарз дæ бæстæ, де ’взаг зон!
6) Хон дæ мадæлон æвзаг —
Æвзæгты æхсæн фыццаг!
7) Уой, Дигорæ,
Дигоронау дзорæ!
8) Кæд дигоронау нæ дзорис —
Дигорон дæхе куд хонис?
9) Ма ’фсæрми кæнæ, ома, не стесняйся —
Дигоронау объясняйся!
10) Кæд, ирон, нæ дæ ыстур,
Уæд дæхи æвзагыл дзур!
11) «Дон, дон, дон» — цы ран нæ баззад
Нæ нæргæ æвзаджы фæд,
Абон не ’взаг кæны «дон, дон»,
Уæд цы фынæй кæнæм, уæд?!