Славик - 18-11-2002 14:34
Ацы темæйы æрмæст иронау дзурут. Цыдæриддæры тыххæй, фæлæ иронау!
 
 
Цитата:
  Re:Дзурут иронау! - 626 - 28-11-2002 18:52
Хатыр, фæлæ "цæйдæриддæр тыххæй", кæнæ та "цæуылдæриддæр" 

Славик - 29-11-2002 10:49
Уый дæр раст зæгъыс. Гъе, мæнæ уымæн хъуамæ арæхдæр иронау дзурæм ацы форумы. Дзургæ формæйы куы радийин, уæд ничи мын сраст кæнид... 
Æхсар, ма нæ ферох кæн!.. 

Цитата:
  Re:Re: цæйдæриддæр - 626 - 10-12-2002 10:30
"уæд ничи мын сраст кæнид." - уæд мæ ничи сраст кæнид 
 
 Æз уæ нæ рох кæнын бæргæ 

)... фæлæ афæстаг рæстæджы цыдæр сабыр у ам... хъыгагæн...
  Re:Re:Re: сабыр цард - Славик - 12-12-2002 11:57
Сабыр цард дæр хорз у. 
 
 Кæд хъуыддагæй зæгъон, мæ бон нæй исты бакæнын. Адæм сайтмæ цæуынц, фæлæ форумы адзурын нæ сæ фæнды. 
 
 Цитата:
  Тынг дæ! - Инал Плиев - 02-01-2003 00:57
Славик, бамбæрстон дæ: ды барæй рæдыдтытæ кæныс, цæмæй дын сæ адæм раст кæной æмæ рæза сæ цымыдис дæр. 
Фидар у, Ног азы хорзæх дæ уæд, кæй уарзыс, уыдонимæ се 'гасæй! 
Инал
Славик - 03-01-2003 15:02
Цы цыргъзонд лæппу дæ, Иналхъо! 

 Раст мæ бамбæрстай -- куыд нæ, иумæ куы цæхх æмæ кæрдзын иу кæнæ дыууæ хатты нæ хордтæм. 
Ды дæр фидар у. Стыр фыстæг дæм рарвыстон, дæ «ариал» дæр уым. 
 
 Цитата:
Re:Дзурут иронау! - Мадина - 05-12-2003 16:49
Славик! Ама иронау чи на зоны, уый та шы фауа?
...уый та скъоламæ шæуа. 
 http://lingvo.osetia.ru/skola.html
 
http://lingvo.osetia.ru/skola.html