Из русского языка в осетинский заимствовано слово «очерк». Между тем, в Русско-осетинском словаре в соответствующей статье есть осетинское «нывæг». Это слово придумано составителем словаря — Васо Абаевым. Мне оно понравилось, и я захотел осведомиться о нем у специалистов. В одной из социальных сетей я поинтересовался у филолога Анджелы Кудзоевой, что она думает о «нывæг» и как это слово будет звучать во множественном числе. Думаю, посетителям форума будет интересно узнать ее мнение. Вот фрагмент наших сообщений друг другу:
DZIGLO: Абайты Васо кæй сарæзта, уыцы уырыссаг-ирон дзырдуаты дзырд «очерк» ирон æвзагмæ тæлмацгонд у куыд «нывæг». Ацы дзырд, æвæццæгæн, Васо йæхæдæг æрхъуыды кодта. Æнæуый ирон текстты пайда кæнынц «очеркæй». Нывæг мæ зæрдæмæ цæуы æмæ мæн фæнды Википедийы уацты ацы дзырдæй «очеркимæ» æмрæнхъ пайда кæнын. Фæлæ нæ зонын йæ бирæон нымæцы формæ растдæр куыд уаид: нывæгтæ æви нывæджытæ? Дæумæ куыд кæсы?
АНДЖЕЛА: дæ бон хорз ...æцæгæй дæр уыцы дзырд Васойы хъуыдыгонд у. Мæнмæ дæр æвзæр нæ кæсы, фæлæ, дæхи загъдау, «очерк» интернационалон дзырд у, раджы ныффидар ис ирон æвзаджы, æмæ йæ ивын истæмæн хъæуы? Ома дзы «криминалонæй» ницы ис. фæлæ æвзаг нæ фæбыхсы абсолютон синонимтæ. Кæд дзы пайда кæнай, уæд йæ бирæон нымæц уыдзæнис «нывæджытæ».
DZIGLO: Бузныг! Фæлæ очерк интернационализм нæу, уый русизм у. Мæнмæ дæр æвзæр нæ кæсы, фæлæ нывæг рæсугъд у. Гуырынон хауæны та очеркимæ абаргæйæ дзæбæх фидауы: очеркы автор, нывæджы автор. Стæй ирон æвзаджы ма ис абсолютон синонимтæ: наукæ æмæ зонад. Иннæ фæрстытæ та иннæ фыстæджы уыдзæн!
АНДЖЕЛА: «Очерк» сси «интернационализм» кæддæры Советон Цæдисы адæмтæн, зæгъæм, Цæгат Кавказы æвзæгтæн)) кæй зæгъын æй хъæуы, абсолютон синонимтæ ис (фæлварæн — экзамен, лингвистикæ — æвзагзонынад), фæлæ бирæ не сты, стæй сæ пайдакæнынад æмхуызон интенсивон нæу. цасдæр рæстæджы фæстæ сæ уавæр аивдзæнис, мæнæ «арм» æмæ «къух»-ы хабар куыд рауадис, зæгъæм, афтæ))
DZIGLO: Уадз æмæ аива. Уадз æмæ фидæны очерк очеркæй баззайа, нывæг та эссе суа))
|