Иу ирон-уырыссаг дзырдуаты (мæнмæ гæсгæ Гуыриайы фырты у) федтон дзырд "гуыбец", уый уырыссагау тæлмац кæны куыд "тавлинцы", фæлæ ацы дзырд цы нысан кæны уый хорз нæ зонын, Дагъистаны-иу хъуыстон афтæмæй уырыссæгтæ æмæ хъуымыхъхъæгтæ хохæгты (солы, лекъ æ.а.д.) фæхонынц (ома "тау" - у тюркагау "хох"). Исчи зоны, кæцæй ирон æвзаджы уыцы дзырд фæзынди? Ноджы ма зонын хъуымыхъхъæгтæм ис мыггаг "Губечовы", уый.
Фæстагмæ иу фарста мæм уыдзæни дзырд "солы"-йы тыххæй, - мæммæ куыд кæсы йæ равзæрд цæуы Дербенты номæй. Куыд зонæм, ацы сахармæ уыдис бирæ нæмттæ, куыд: Баб ал-Абваб, Чоры (Чолы) дуæрттæ æмæ æнд. Иннæрдыгæй, æнхъæлæн ис цыма Стрaбон йæ хроникæйы "силб"-тыл ("чилб"-тыл, Кавказаг Албанийы адæмыхатт) куы фæдзырдта, уæд афтæмæй нырыккон солыйы ном нын бавдыста. Иу мæхъхъæлон куыд мæм загъта, цæцæйнаг æмæ мæхъхъæлон æвзаджы солыйы ном "сюьлли"/"силли" фæзынди араббаг æвзагæй æмæ тæлмац кæны куыд "мæнгард", "гадзрахат", - наиб Байсангуры иу солиаг дам æрбамардта, уый тыххæй. Афтæмæй, уыцы мæхъхъæлонмæ гæсгæ, 150 азы размæ дзырдтæ "солы", "сюьлли"/"силли" нæхи æвзагты нæма фæзындысты.
. Абайы-фырты "ИÆИЭДз"-мæ нæма бакастæн, фæлæ ацы дзырды тыххæй дзы ницы ис, æвæццæгæн. Исты хабар ис уый тыххæй искæмæ?