В советское время многие стихи дигорских поэтов были переведены на иронский диалект.
Помещаю здесь несколько стихотворений Созура Баграева в оригинале , иронском и русском переводах и Георгия Малиева: оригинал и иронский перевод.
Всё взято из двух книг:
1) «Алыхуызон мæсыг». Ирон аив дзырды хæзнатæ. Æвзæрст уацмыстæ. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал — 1987. Составитель книги — Скифирон.
Переводчик на иронский — Скифирон.
2) Багъæрати Созур. Уадзимистæ: Æмдзæвгитæ. — Дзæуæгигъæу: Ир, 2005.
Литературно-художественное издание.
Составитель и автор предисловия Скодтаев Эльбрус Борисович.
БАГЪÆРАТЫ СОЗЫР (1888—1928)
ЗÆРДИ ДУАР
Ци зæгъетæ мин сумах?
Фидтæлти дзурд æцæг æй.
Æркæсетæ, уæ къодах
фиццаг цæфбæл бæрæг æй.
Лæвари бæх дæндагæй
ма фæйнетæ сумах дæр.
Æнахур лæг къуæзагæ ‘й,
багъæуй æй сумах сæр.
Мæ лæвар уин зæрди дуар—
ма’й ниууагътæ атемæй.
Ци гъæуагкин æй мæ зар,
уой фæрæзнæ уæхемæ ‘й.
ЗÆРДÆЙЫ ДУАР
Цы мын зæгъдзыстут сымах?
Фыдæлты дзырд æцæг у.
Æркæсут-ма, уæ къодах
Фыццаг цæфæй бæрæг у.
Лæвары бæх дæндагæй
Ма бафаут сымах дæр.
Æнахуыр лæг къæзаг у,
Бахъæуы йæ сымах сæр.
Мæ лæвар уын зæрди дуар —
Ма йæ уадзут афтæмæй.
Цы цух разына мæ зард,
Уый фæрæз ис уæхимæ.
ДВЕРЬ СЕРДЦА (Перевод: З. Баграева)
Что хотите мне сказать?
Мудры предков все слова:
Можно крепость пня узнать,
Раз ударив, а не два.
И дареному коню
В зубы смысла нет глядеть.
Может, я не в лад спою,
Постарайтесь лучше спеть.
Сердца дверь я вам дарю,
И на суд ваш выношу,
Если что не так спою,
Вы поправите, прошу.
КЪУÆТТИ
Æнæ ‘взаг æй, æнæ ‘взаг,—
искæнунцæ ‘й сæ кустаг.
Къуæтти, къуæтти, къуæзæнæг,
карди комбæл дæ зæнæг.
Ка сæ дæмуй æ дзурдæй,—
ранæмунцæ’й æмбурдæй.
Маци дзорæ æ сæрбæл,
нæ ин гъæуй тæрегъæд.
Къуæтти кæд æй — нæ хонхбæл
æвзæгутæ æруедзæд.
КЪУЫТТЫ
Æнæвзаг у, æнæвзаг,
Ыскæнынц æй сæ куыстаг.
Къуытты, къуытты, къæзæнæг,
карды комыл дæ зæнæг.
Чи сæ домы йæ дзырдæй, —
ранæмынц æй æмбырдæй.
Мацы-иу дзур йæ сæрыл.
Нæ йæ хъæуы тæригъæд.
Къуытты кæд у — нæ хохыл
æвзæгтæ уый æруидзæд.
НЕМОЙ (Перевод: З. Баграева)
«Вот немой идет, немой!»
Дети вслед за ним гурьбой.
«Безъязыкий ты, немой,
И ребенок твой такой!»
Кто заступится порой —
Избивают всей толпой.
Строго не брани детей,
И немого не жалей.
В горы он пускай пойдет,
Языки там соберет.
ЗÆРОНД ЛÆГ
Æ орс сæрбæл лæгун ходæ,
нæбал уинуй æ цæстæй.
Зæронд лæгбæл ма нихходæ!—
нæ фидтæлтæй фæдзæхст æй.
Дус ма гъудæй æ къæреди, —
исæнхæст æй бузуртæй.
Ци ма гъæуй сæ зæронди?
Хъæбæр боз æй æ фурттæй.
Æрхастонцæ сæ биццеутæ
æргъæвст цæргæс кæцæйдæр,
фæссайдтонцæ дзи зæронди
æ сайтанæй хъæбæрдæр.
Ниггæлстонцæ’й-мæ’й æ уатмæ:
«Дæ одесæг æ хæццæ ‘й».
Æ оди тæссæй идардмæ
æ гъæрзунгъæр игъустæй.
ЗÆРОНД ЛÆГ
Йæ урс сæрыл йæ лæгуын худ.
Нал дæр уыны йæ цæстæй.
Зæронд лæгыл ды ма ныххуд! —
нæ фыдæлтæ фæдзæхстой.
Дыс-ма хъæуы йæ къæриты, —
Сæххæст ын ис бызгъуыртæй.
Цы-ма хъæуы сæ зæронды?
Хъæбæр бузн у йæ фырттæй.
Æрхастой йæм сæ лæппутæ
æргъæвст цæргæс кæцæйдæр.
Фæсайдтой дзы уым зæронды
дæлимонæй хъæбæрдæр —
Баппæрстой йæм æй йæ уатмæ:
«Дæ удхæссæг æркуысси».
Йæ уды тасæй фырдардмæ
йæ хъæрзын-хъæр куы хъуысти.
СТАРИК (Перевод: К. Дзансохти)
В драной шапке, седовласый,
Потерял он зоркость глаз.
«Над седым не издевайся»,—
Предки дали нам наказ.
К шубе старенькой рукав бы!
Но старик и рвани рад.
Сыновьями он доволен,
Ими счастлив и богат.
Внуки раз нашли орленка
За высокою горой,
И, чтоб им потешить старца,
Принесли его домой.
Бросили орленка в хату,
Чтобы деда напугать,
И старик в безумном страхе
Стал метаться и кричать.
ФАРНÆ
Донифарси фиццаг фунти
мегъи пъæсту фæззиндтæй.
Не’ скæнæг Хуцау мæгурти
уæгъдæ кæнуй сæ зинтæй.
Арви гъæртæ фæццудæнцæ,
тухгин ех дзи æрцудæй.
Хуари хумтæ никкæлдæнцæ,
сæ нæмуг си фæгъгъудæй.
Хуæнхтæ цъæх цирен кæнунцæ,
гъæдæ содзуй сæ тæфæй, —
дортæ коммæ æсхъеунцæ,
Ирæф неуй сæ бунæй.
Зурæ хонхæй къир-уæзæгмæ
циренгæнгæ бацудæй,
æрцудæй дуйне æцæгмæ,
нæ фидбилиз басугъдæй.
Нæ над иссæй нæхе барæ, —
нурмæ дæр нæ ку гъудæй.
О, ме’нгарæ, ниммин зарæ,
Фарнæ нæмæ æрцудæй.
ФАРН
Доныфарсы фыццаг фынты
мигъы бындзыг фæзынди.
Не скæнæг хуыцау мæгуырты
куы уæгъд кæны сæ зынтæй.
Арвы хъæртæ фæцыдысты,
тыхджын их дзы æрцыди.
Хоры хуымтæ ныккалдысты,
сæ нæмыг сæ фæхъуыди.
Хæхтæ цъæх цырен куы кæнынц,
хъæд куы судзы сæ тæфæй, —
дуртæ коммæ куы нысхъиуынц,
Ирæф ниуы сæ бынæй.
Зыр уæлхохæй чъыруæзæгмæ
цыренгæнгæ бацыди,
æрцыди дуне æцæгмæ,
нæ фыдбылыз басыгъди.
Нæ фæндаг æсси нæхи бар, —
нырмæ дæр нæ куы хъуыди.
О, ме ‘мгар, ныззар мын фидар.
Фарны рад нæм æрцыди.
ФАРНА (Перевод: М. Синельников)
Мне приснилось: над стремниной
Гребень тучи выплыл вдруг.
Бог, создавший нас из глины,
Избавляет мир от мук.
Грома вырвались раскаты.
Град ударил. Все темно...
Жито сбито с ног и смято,
Колос выронил зерно.
Гложет горы пламень жгучий,
С берегов траву содрав,
Камни в пропасть мчатся с кручи
Прямо в стонущий Ираф.
Лава пламенной метели
С гулом по холмам пошла.
Неужели в ней сгорели
Наши горести дотла?
Даль ясна и светозарна...
Так нам грезилось не раз.
Пой же, брат мой, благодарно!
Фарна посетила нас!
БАГЪÆРАТÆН
Хуæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ гъæун.
Зиндонæй бафсастæн,
ку уин зæгъун.
Цæрун фуни радæ
дидинæгау.
Мæлун курдиадæ
фун уинæгау.
Уæфсхуæрттæ тонетæ
мæ рист царæй.
Æфсæнттæ еретæ
æмбурд къуарæй.
Хуæдмæл хъæбæр адгин
зудæ лæгæн.
Зонуй уæ гъæууаггин,
æвæццæгæн.
Зиндонæй бафсастæн,
уомæн зæгъун.
Хуæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ гъæун.
БАГЪÆРАТÆН
Хæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ хъæуын.
Зындонæй бафоæстæн,
куы уын зæгъын.
Цæрын мæ фыны рад
дидинагау.
Мæлын мæ курдиат
фын уынæгау.
Уæфсхортæ ратонут
мæ рыет цармæй.
Æфсæнттæ агурут
æмбырд къордæй.
Хæдмæл хъæбæр адджын
зыдгæнæгæн.
Зоны уæ хъуагджын,
æвæццæгæн.
Зындонæй бафсæстæн,
уымæн зæгъын.
Хæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ хъæуын.
БАГРАЕВЫМ (Перевод: Н. Орлова)
Прощайте, не надо
Проклятий и слез,
Из вашего ада
Я ноги унес.
Дар жизни — минутен,
Как время цветов,
Дар смерти — он смутен,
Темнейший из снов.
Творят они скопом
Свой суд надо мной,
Терзают с наскоком
Все вместе, гурьбой.
Ведь жадному падаль —
Привычный кусок.
Ваш дурень, не правда ль,
Не мучить не мог.
Из вашего ада
Я ноги унес.
Прощайте, не надо
Проклятий и слез.
ГЕОРГИЙ МАЛИЕВ
ЗАР
Мæ синхон кизгæн æ зæрдæ
Ку зонинæ, ку, бæлвурд, —
Уæд зæгъинæ ин цидæртæ,
Уæд зæгъинæ ин еу дзурд...
Фæццæуидæ минæвари
Гъургъургæнгæ нæ тикис, -
Æрхæссидæ мин лæвари
Æрхи агæ æд рæхис.
Десæ-месæ уæд сор-серæ
Исфицинæ аги дзаг, —
Бахуæринæ уотæ берæ, —
‘Ма фæууинæ кæуйнаг...
ЗАРÆГ
Мæ сыхаг чызгæн йæ зæрдæ
Куы базонин, куы бæлвырд, —
Гъеуæд ын зæгъин цыдæртæ,
Гъеуæд ын зæгъин мæ дзырд...
Фæцæуид æм минæварæй
Хъуыр-хъуыргæнгæ нæ тикис, —
Æрбахæссид мын лæварæй
Æрхуы аг æмæ рæхыс.
Диссаг-миссаг уæд сор-серæ
Æз ысфыцин аджы дзаг, —
Бахæрин дзы афтæ бирæ
Æмæ фæуин кæуинаг...
ЦЪИФÆ РÆСТÆГИ
Цъифæ бони æппун неци
Æз мæхемæ æркæсун
‘Ма нæ фендеун мæ деси
Уалæ арвмæ искæсун.
Мæ кæрдзин æма мæ цæнхæ
Æз феууелун уæд зиндæр, —
Фæккæсуй мæмæ нæ зæнхæ
Мисти къахæй ниллæгдæр.
Нæлтæ, силтæ, уо, мæгуртæ,
Над нæмунцæ золкъитау...
Йехх, ку уайдæ мæ базуртæ,—
Фæттæхинæ цæргæсау.
ЦЪЫФ РÆСТÆДЖЫ
Цъыф бон ницы уал фæкæсын
Æз мæхимæ, зæрдæ — саст,
Нал мæ бафæнды æскæсын
Уæлæ арвмæ дæр æваст.
Мæ кæрдзынæй уа, мæ цæххæй
‘Ууилæн нал вæййы зындæр, —
Нал фæзонын уæд нæ зæххæй
Ныллæгдæр мысты къах дæр.
Лæгæй, усæй, о, мæгуыртæ,
Фæндаг нæмынц зулчъытау...
йехх, куы мын уаид базыртæ, —
Фæтæхин уæд цæргæсау.
ÆЛХУЙНÆ
Ци кæнуй, цума, ме ‘лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл уайунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.
Нæ уæлиндзæбæл æзинæ
Æз сундакъæ æлвистон,
Мæхенимæр нидæн заргæ
Æз цидæртæ имистон.
Нæ дæлпазбуни еу бæхгин
Фæцæйзиндтæй уæд æваст.
Мæ фидбилизæн æ хæццæ
Цæмæн фæдтæн æз æнгаст?
Æ мед-ходæ æрттивтонцæ
Дууæ цæсти сурх зингау.
Мæ зæрдæ мин басугътонцæ,
Ду ме ‘вдесæн, уо, Хуцау!
Базир-зир кодта мæ зæрдæ,
Разилдæй мæбæл мæ сæр,
Æрискъудæй мæ сундакъæ,
Æрбадудæгътæ ‘й куддæр.
Нури уæнгæ дæр мæ кеми
Æз нæма ‘рдæн дзæбæх ма,
Цæветтонгæ ма мæ зæрди
Сагъд байзадæй сау хъæма.
Ци кæнуй, цума, ме ‘лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл гъазунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.
ÆЛХУЫЙ
Цымæ уый цы кæны ме ‘лхуый,
Куы нæуал зилы дзæбæх?
Мæ цæстытыл гъеныр уайынц
Сау нымæт æмæ сау бæх.
Нæ уæлхæдзар знон мæхицæв
Æз куы æлвыстон тæбын.
Мæхи нымæр сабыр заргæ
Уæд цыдæртæ куы мысын.
Нæ пыхсбыны иунæг барæг
Уæд куы фæзынид æваст,
Мæ фыдбылызæн æз йемæ
Цæй тыххæй фæдæн æмгаст?
Иæ худы бынæй æрттывтой
Йæ дыууæ цæсты зынгау,
Мæ зæрдæ мын куы басыгътой,
Ды ме ‘вдисæн, о, хуыцау!
Базыр-зыр кодта мæ зæрдæ,
Ноджы разылдис мæ сæр,
Аскъуыди куыддæр мæ тæбын
Фæдыдæгътæ ис куыддæр.
Ныры онг дæр æз мæ чемыл
Не ‘рцыдтæн, нана, нæма,
Раст цыма мæ сонт зæрдæйы
Сагъдæй баззад сау хъама.
Цымæ уый цы кæны ме ‘лхуый,
Куы нæуал зилы дзæбæх?
Мæ цæстытыл гъеныр хъазынц
Сау нымæт æмæ сау бæх.
***
Тæходуй, æна,
Маргъ ку фестинæ,
Мæ унгæг къумæй
Фæццæйтæхинæ.
А дуйнетæбæл
Æрцæйзелинæ,
Кæми ци дессаг, —
Уой басгаринæ...
Тæходуй, æна,
Ацæмæзау дин
Æз ку фестинæ
Дессаг фæндургин:
Хъазбеги цъонгмæ
Исцæйцæуинæ,
Дессагон зартæ
Æрцæйцæгъдинæ...
Уæд еугур дуйне
Æримбурд уидæ,
Мæ цæгъдтæлтæмæ
Æригъосидæ.
Кæми ци седзæр,
Кæми ци мæгур, —
Бауарзионцæ
Мæ дессаг фæндур...
И фарни тунæ
Æрфелауидæ, —
Уарзондзийнадæ
Æрфедар уидæ.
Уæд алли адæм,
Уæд алли бæстæ
Æркалионцæ
Сæ тохæн гæрзтæ.
Фал ку не ‘ууæндун
Æз, мæгур кизгай,
Ку нæ рохс кæнуй,
Мæ кизгон зæрдæ.
И дуйней сæргъи
И тугъдон мегътæ
Æрцæйдарунцæ
Сæ тогин тегътæ.
* * *
Тæхуды, æна,
Æз маргъ куы фестин,
Мæ уынгæг къуымæй
Бæргæ фæтæхин.
Ацы дунейыл
Рæвдзæй æрзилин,
Кæм цы диссаг и, —
Уый хорз басгарин...
Тæхуды, æна,
Ацæмæзау дын
Ныр æз куы фестин
Диссаг фæндырджын:
Хъазбеджы цъупмæ
Уæндонæй схизин,
Диссаг зарджытæ
Дзæбæх æрцæгъдин...
Уæд иугыр дуне
Æрæмбырд уаид,
Мæ цæгътытæм мын
Уый æрыхъусид.
Кæм цы сидзæр и,
Кæм цы мæгуыр и,—
Бауарзиккой мын
Мæ диссаг фæндыр...
Йæ фарны тынтæ
Уый рафæйлауид,
Уæрзондзинад нæм
Æрфидар уаид.
Уæ алы адæм,
Уæд алы бæстæ
Бæргæ ‘ржаликкой
Сæ тохæн гæрзтæ.
Фæлæ не ‘ууæндын
Æз, мæгуыр чызгай,
Куы нæ рухс кæны
Мæ чызгон зæрдæ.
Дунейы сæрмæ
Фыдхæсты мигътæ
Уырдыгмæ ‘рдарынц
Сæ тугхор тигътæ.
|