Осетинский язык он-лайн

Форум об осетинском языке при сайте Ironau.ru
Главная страница проектаУчебный центрОсетинская Википедия
Текущее время: 03 дек 2024, 22:19

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]




Начать новую тему Ответить на тему  [ 1 сообщение ] 
Автор Сообщение
 Заголовок сообщения: Поэзион таелмаецтае (Шекспир)
СообщениеДобавлено: 10 апр 2006, 04:09 
Не в сети
Добрый человек

Зарегистрирован: 08 апр 2006, 03:32
Сообщения: 569
Откуда: Pohjola
тæлмацтæ - faeltau - 09-10-2003 10:20

Цы цæстытæ мæ сæрæн радта уарзт!
Æцæг уындим!мае нæ кæнынц æмдзу
'Ви кæд кæнынц, кæдаем фæлыгъд мæ магъз?
Мæнг иртасæг мæ цæстытæн уый у?
--------------------------------------------------------------------------------


куыд уæм кæсы ай? - faeltau - 21-02-2004 12:48

диссаджы тыххæй ма æркæсут ацы тæлмацтæм. иу дзы у мæн иннæ Кокайты Тотрадзы, куыд уæм кæсы кæцы цæ у хуыздæр?

Ома Тотрадз ахъаззаг æмæ стыр куыст бакодта æнæмæнг, фæлæ мæм афты кæсы цыма Маршаччы тæлмац ратæлмац кодта, Шекспиры сонеттæ нæ фæлæ...


Sonnet LXXVI

Why is my verse so barren of new pride,
So far from variation or quick change?
Why with the time do I not glance aside
To new-found methods and to compounds strange?
Why write I still all one, ever the same,
And keep invention in a noted weed,
That every word doth almost tell my name,
Showing their birth and where they did proceed?
O, know, sweet love, I always write of you,
And you and love are still my argument;
So all my best is dressing old words new,
Spending again what is already spent:
For as the sun is daily new and old,
So is my love still telling what is told.

-----------------------------------------------------------

Мæ зарæгæн ныззæронд ис йæ уаг,
æппындæр æм нæуæгдзинад нæ хъары.
æндæр фæндагыл ацæуин уæд та,
Тæлтæг митæн сæртæг дзырдтæ ыссарин?

Фыццаджы зарæг зарын æз æргом,
Дæрджын дарæсы ногæй æз æрцыдтæн.
Кæсы мæм, цыма сдзурдзæни мæ ном
Мæ зарæгæн йæ кæцы фæнды дзырд дæр.

Уый уымæн у, æмæ кæдфæнды уæд,
æз иу хынцинаг аразын æрмæстдæр:
Кæддæриддæр дæу агуры мæ фæнд,
Мæ риуæн дæр бæлвырд ысты йæ хæстæ.

æнусон хур æрзилы арвыл рог,
Фæлæ йæ цахуыр никуы вæййы ног.

---------------------------------------------------

Нæуæг хъалæй мæ рæнхъ цæмæн у цух,
Дард тасынæй æмæ виппайд ивдæй?
Афæлгæсын цæуыннæ фты мæ къух,
Ног амæлттыл, зарын ног ныхæстæй?

Цæмæн фыссын æдзух æз иухызон?
Къорд ныхæстæ алы хатт æнхъæвзын,
Мæ алы дзырд цыма зæгъы мæ ном,
Йæ равзæрд вдисгæйæ æмæ йæ гуырын.

Зон æй, мæ уарзт, æз алкæд фыссын дæу
Ды æмæ уарзт стут мæнæн æвдисæн,
Мæ ног дзырд дæр зæрондæй уæлдай нæу:
Дард дзаумайæйæ ног æндах æлвисæн.

Зæронд æмæ ног хур куыд вæййы бон,
Уыйау мæ уарзт, зæгъы, цы загъта знон.

--------------------------------------------------------------------------------


Re:куыд уæм кæсы ай? - Таму - 21-02-2004 14:41

Тынг у! Куыд æй бамбæрстон, дæ талмац дыккаг у. Æнæмæнг Шекспиры хъуыды уый хуыздæр æвдисы . Единственное замечание- по моему не соблюдена мелодика стиха. И ещё,такой красивый пассаж,как "spending again what is already spent" не получил отражения ни в одном из переводов. А в остальном-круто! Кæд дын зын нæу, ратæлмац кæ мæ уарзон æмдзæвгæ:
The human heart has hidden treasures
In secret kept, in silence seald:
the thaughts, the hopes,the dreams, the pleasures
whoose charm were broken if reveald.
(кæд дзы рæдыдтæ ис- уæд хатыр!)
--------------------------------------------------------------------------------


Re:куыд уæм кæсы ай? - Гость - 17-03-2006 00:20

Ирон грамматика уал сахуыр кан.
--------------------------------------------------------------------------------

Re:тæлмацтæ - faeltau - 01-03-2005 12:49

исчи дзы и ам чи азардзæн ацы зарæг?:)

Дзæгъæл, талынг фæндаджы дымгæ дзыкку хæссы
’Фсиры хъарм тæф кæцæйдæр былтыл уайы, цæуы
Федтон уалынмæ разæй рухсы тæп-тæп
Мæ сæр суæззау, цæст æхгæдта фæлладæй, мæ бон нал уыд сæп-сæп.
Чызг лæууыди йæ дуармæ, хъуыстон дзæнгæрæг цагьд,
Ахъуыды кодтон: мæлæт мæм кæсы æви цард.
Уæд цырагъ уый ыссыгъта, фенын кодта мæ уат
Æз уырдæм куы цыдтæн, уæд цыма мæ хъустыл уад:

Мидæмæ отель Калифорнимæ,
Уый цы тынг ран и!
Ахæм сыл дзы и!
Дуне бынат отель Калифорнийы
Ам кæдфæндыдæр дæ бон ссарын у.

Йæ зонд у æвæлмæц, ис æм Мерседес-Бенц
Бирæ рæсугъд лæппутæ йæ æмбæлттæ кæсынц
Кафынц тæккæ дæр кæрты адджын сæрды тæвды
Иутæ фырцинæй, иннæтæ та мæты...

Уæд фæдзырдтон æз лæгмæ,
Сæн ма рахæс мын цæй
Уый та мын афтæ: æхсайæм азтæй ам махмæ нозт нæй
Мæ та уыцы хъæлæстæ хъустыл уайынц кæцæй,
Хъал кæнынц мбисæхсæв, хъусай цæмæй:

Мидæмæ отель Калифорнимæ
Уый цы тынг ран и!
Уым цы цæсгом и!
Уæлæ цæрынц отель Калифорнийы
Мæнæ диссæгтæ, райсут вдисæнтæ.

Кæсæнтæ царыл
Цъæх шампански ихыл
Чызг та нын афтæ, ахст ыстæм не ппæт нæхи фæнд охыл
Æрбадтысты агъуысты, æмæ куывд кæнынц
Æвиппайды рттивгæ кæрдтæй кæйдæр цæвынц.

Фæстаг ма хъуыды кæнын — дуармæ лыгъдтæн
Фæндыд мæ ыссарын бынат кæцæй рацыдтæн
Уæд мын æхсæвгæс загъта: æрсабыр у цæй,
Ничи дыл хæцы, фæлæ дын ардыгæй ацæуæн нæй.

--------------------------------------------------------------------------------

Re:Re:тæлмацтæ - curiousman - 24-03-2006 07:06

Мaeнae ацы раивдты тыххaeй та цы хъуыды кaeнут, хорз адaeм?
http://allingvo.ru/SONG/KARAOKE/index.htm!


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
Показать сообщения за:  Поле сортировки  
Начать новую тему Ответить на тему  [ 1 сообщение ] 

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]


Кто сейчас на конференции

Сейчас этот форум просматривают: нет зарегистрированных пользователей и гости: 0


Вы не можете начинать темы
Вы не можете отвечать на сообщения
Вы не можете редактировать свои сообщения
Вы не можете удалять свои сообщения
Вы не можете добавлять вложения

Найти:
Перейти:  
Лучшие отели Анапы все включено по выгодным ценам. ; Лучшие отели Анапы 4 звезды с фото и описанием.
News News Site map Site map SitemapIndex SitemapIndex RSS Feed RSS Feed Channel list Channel list
Создано на основе phpBB® Forum Software © phpBB Group