Осетинский язык он-лайн

Форум об осетинском языке при сайте Ironau.ru
Главная страница проектаУчебный центрОсетинская Википедия
Текущее время: 03 дек 2024, 22:19

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]




Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 3 ] 
Автор Сообщение
 Заголовок сообщения: Гамлеты монолог иронау.
СообщениеДобавлено: 31 дек 2014, 22:18 
Не в сети

Зарегистрирован: 31 дек 2014, 19:55
Сообщения: 2
Откуда: Ир
Уе 'зæр хорз, адæм! Æмæ уæ Нæуæг азы хорзæх уæнт! Иу ахæм фарст: Гамлеты монолог иронау куыд ссарон? Йæ текст.


Последний раз редактировалось Аннæ 27 мар 2015, 11:13, всего редактировалось 1 раз.

Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Гамлеты монолог иронау.
СообщениеДобавлено: 05 янв 2015, 22:46 
Не в сети

Зарегистрирован: 26 май 2007, 18:45
Сообщения: 566
Откуда: Владикавказ
Ратæлмацгæнæг — Малиты Васо.
[Æртыккаг акт. 1-аг сценæ.Фрагмент]
Гамлеты монолог
О, уым ис фарста: уон æви нæ уон.
Цы цæфтæ ’мæ къæрццытæ уайы удыл
Мæрддзæст хъысмæтæй, уыдонæн быхсон
Æви фыдæхты денджызæн йæ ныхмæ
Æрлæууон, скæнон удхæрттæн кæрон?
Мæрдрох дыл бафтæд. Амæл. Гъе æрмæст ма
Уый зон, кæй у фæстаг тæлмæн дæ фын
Дæ буар, дæ уды мингай гом хъæдгæмттæн.
Уый нæу бæллиц? Мæлæт. Мæрдрохы фын.
Фынæйæ уын фынтæ? Уый — дзуапп мæ фарстæн.
Цы фынтæ ма уындзæн йæ фыны мард,
Куы суа зæххон æнкъарæнтæй хæрзафтид?
Йæ аххос уый у. Уымæн бæллы лæг
Æнамондæй дæр а зæххыл цæрынмæ.
Æндæр куыд ис ныббарæн дуджы ’фхæрд, —
Æнаххос уды чи ’ппары цъысымы,
Æдзæсгом хицæутты æнæфсарм уаг, —
Бар чи хурх кæны, уарзондзинад та — маргæ,
Ысгуыхт лæгтæн хæрам лæджы тæрхон, —
Куыд ис ныббарæн? Кæд æмæ æхсаргард
Йæ иунæг цæфæй скæнид сын кæрон?
Кæй фæндид царды стыр уаргъы бын хилын,
Куы нæ тæрсиккам, н’ адзалы фæстæ
Цы уыдзæн, уымæй, — мæрдтыбæстæй иу дæр
Нæма раздæхт. ’Мæ сразы вæййæм мах
Нæ зонгæ стыр фыдæхтимæ цæрыныл,
Мæрдкъуырма тармæ лидзыны фæлтау.
Тæппудтæ скæны уыцы хъуыды махæй,
Нæ æрдзон ныфсыл алайау зыны,
Йæ мынæг рухс нæ мæллæг зондæн тары
Зынг раттын нæу нæ хъуыддæгтæн йæ бон, —
Æмæ сæ нысан никуы ’ргъæвынц царды, —
Мæлынц фæндагыл. О, фæлæ æгъгъæд! —
Офелия! Мæ уды цин! Куы кувай, —
Мæ тæригъæдты кой дæр-иу ыскæн.
————————————————————————————
Иннæ тæлмац ис ссарæн сайт вконтактейы. Зæлты (аудиоты) хсæн ис монолог "Уон æви нæ уон" (афтæ дзы хуыйны).


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
 Заголовок сообщения: Re: Гамлеты монолог иронау.
СообщениеДобавлено: 18 янв 2015, 08:52 
Не в сети

Зарегистрирован: 31 дек 2014, 19:55
Сообщения: 2
Откуда: Ир
Стыр бузныг! :)


Вернуться к началу
 Профиль  
Ответить с цитатой  
Показать сообщения за:  Поле сортировки  
Начать новую тему Ответить на тему  [ Сообщений: 3 ] 

Часовой пояс: UTC + 4 часа [ Летнее время ]


Кто сейчас на конференции

Сейчас этот форум просматривают: нет зарегистрированных пользователей и гости: 0


Вы не можете начинать темы
Вы не можете отвечать на сообщения
Вы не можете редактировать свои сообщения
Вы не можете удалять свои сообщения
Вы не можете добавлять вложения

Найти:
Перейти:  
News News Site map Site map SitemapIndex SitemapIndex RSS Feed RSS Feed Channel list Channel list
Создано на основе phpBB® Forum Software © phpBB Group