Нæ райгуырæн бæстæн ракувæм!
--------------------------------------------------------------------------------
Re:Цæй ма уæдæ... - Гость - 18-03-2003 20:17
Мæ гыццыл уарзон мадæлон зæхх... Куыд дын зæгъон, мæ зæрды цы ис уый? Хъыгагæн, нæдæр фыссæг дæн, нæдæр поэт... Рæсугъд дзурын ахуыр нæ дæн, фæлæ мæ бон цы уа, уыйас дын зæгъдзынæн: Ды дæ мæ зæрдырухс, мæ царды дидинæг, мæ фидæн æмæ мæ амонд. Дæ урсзачъе хæхты уындæй мæ зæрдæ райы, дæ ихын дæттæ мын мæ риу тыхæй дзаг кæнынц... Дæ сыгъдæг уæлдæфæй дын, иу бон цы, иу сахат ку нæ улæфон, уæд фырæнкъардæй мæ бын фесæфдзæн...
Æнусты мын цæр, мæ гыццыл Ирыстон, æмæ зындзинæдтæй хызт у..
--------------------------------------------------------------------------------
упс... уæле чи ис уый дæр мæн уыдис...
--------------------------------------------------------------------------------
Цæмæн æй зæгътай?! Тынг хорз уыди -- цыма дыууæ ирон лæджы кæрдзийыл сæмбæлдысты æмæ сæ райгуырæн бæстæн -- кувгæ!
--------------------------------------------------------------------------------
Цæйма, ничи ницыуал зæгъы æви куыд?