Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Очерк истории осетинского языка (Т. Т. Камболов, Вл-з, «Ир», 2006) доступен для скачивания в формате DjVu. Узнайте новейшие данные науки об историческом прошлом осетинского языка.

Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №8

Мысыкаты Мæхæмæт (1881-1937)

МÆХÆМÆТ ИРÆТТЫ ТЫХХÆЙ

(Скъуыддзæгтæ Мысыкаты Мæхæмæты чиныг

«Материалы для антропологии осетин»-æй)

***

Обложка

Ацы чиныг арæзт у дыууæ хайæ: фыццаг уæ базонгæ кæндзæни нæ бæстæйы цыбыр истори æмæ географиимæ, стæй этнографион хабæрттимæ. Дыккаджы та ис антропометрикон æрмæг — рагон уæлмæрдтæй цы сæргæхцытæ рахастон, уыдон тыххæй бæлвырд бæрæггæнæнтæ æмæ хатдзæгтæ. Æдæппæтæй раиртæстон дыууиссæдз сæргæхцы. Ацы æрмæг у, ирон сæрыкъуыдырты тыххæй ныронг цы антропологон æвдисæнтæ уыд, уыдонæй дзæвгар биноныгдæр бæрæггонд. Сæрыкъуыдыртæ баргæйæ, иртасгæйæ, стæй æндæр авторты хатдзæгтæ нымайгæйæ, æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: Ирыстоны хæхты цы рагон зæппæдзтæ ис, уыдон сты ныры ирæтты фыдæлты. Мæ антропометрикон æрмæгæй скæнæн ис æндæр хатдзæг дæр: ирæттæ сты ирайнаг адæмыхатт.

Уымæй дарддæр мæм ис хъæздыг этнографион хабæрттæ. Бирæтæ дзы мæхи цæстытæй федтон, сæ иннæ хай раиртасынæн та мын æххуыс кодтой ирон зæронд интеллигенттæ. Мæхæдæг ирон кæй дæн, уый руаджы æнцондæрæй æмбæрстон не ’мбæстæгты. Уый зæгъæн нæй, ирон адæмы ’хсæн-иу цыбыр рæстæг чи фæци, нæ цардыуаг, нæ зондахаст, нæ удыконд, не ’взаджы бирæ фæзилæнтæ чи нæ зыдта, уыцы æцæгæлон автортæй.

Нæ чиныджы ноджы дзырдæуы ирон адæмон медицинæйыл. Хосгæнæн кæрдæджытыл, стæй сæ куыд спайда чындæуы, уыдæттыл ныхас цæуы фыццаг хатт.

Сæргæхцытæ рахастон Дæргъæвсы æмæ Санибайы зæппæдзтæй. Ахæм зæппæдзтæ ма ис Хъæнийы, Тменыхъæуы, Хъахъхъæдуры, Гæналы æмæ æндæр рæтты. Дæргъæвсы æмæ Санибайы зæппæдзтæ сты тынг рагон, стæй зæххы бын не сты, фæлæ уæле. Археологтæ зæгъынц: ахæм зæппæдзтæ арæзтой персæгтæм гæсгæ. Уыдонмæ зæхх нымад уыди сыгъдæгыл, мард та чъизийыл, æмæ йæ ныгæнгæ уымæн нæ кодтой. (...)

Мæ размæ чи куыста, уыдонæн дæр (Р.Ф. Фон-Эркертæн, Шантрæн, Малийы-фыртæн, В.Ф. Миллерæн, А.П. Богдановæн æмæ иннæтæн) сæрыкъуыдыртæ сæ къухы æнцонтæй нæ бафтыдысты. Мæнæн дæр тынг зын уыди сæ рахæссын — дыууæ фæлтæрæны скодтон. Фыццаг хатт мын стыр æххуыс фесты студент Тхостаты А. æмæ ме ’рвад Мысыкаты Мæхæмæт. Уыдоны руаджы 1904 азы нæ иннæ æмбæлтты сусæгæй рахастам 5 сæргæхцы. Ацы фондз сæргæхцы кæцæй рахастам, уыцы зæппадз иннæтæй æддæдæр лæууыди, хибар ран, цæгаты ’рдыгæй йын — иунæг рудзынггонд, йæ бæрзæнд аршины æртæ цыппæрæм хайы, йæ уæрх дæр — уыйбæрц. Рудзынг уыди тынг ныллæг, æмæ мидæгæй алцы дæр зынди. Зæххы — бирæ сæргæхцытæ, къулæй-къулмæ — æмбыд фæйнæджытæй тæрхæджытæ. Мæхæмæтæн дзæвгар фæлæгъзтæ кодтам, бахиз мидæмæ æмæ нæм радæтт сæрыкъуыдыртæй цалдæр, зæгъгæ. Уый ныццæхгæрмæ, ахæм тæригъæды нæ бацæудзынæн, зæгъгæ. Мах ын дзурæм: тæригъæдæй дзы ницы ис. Уый æппынфæстаг сразы, йæ сæр байста мидæмæ, фæлæ йæ гуыр куы фæцæйтъыста, уæд зæппадзмæ рухсы цъыртт нал калд, æмæ лæппу фæудаист... Зæрдæтæ йын авæрдтам æмæ уæд, махæн аргъ кæнгæйæ, мидæмæ бабырыди... Рыг зæххыл цалдæр къахдзæфы акодта... Лыстæг хус стджыты къæрццытæ хъуыстысты йæ къæхтыбынæй. Стæй та ног бæллæх: зæппадзы къуымты ныййазæлыдысты цыдæр æнахуыр æхситтытæ. Мах хъуыддаг бамбæрстам æмæ загътам лæппуйæн: уый тарст хæлынбыттырты цъист-цъист у, мæрдты уынæр нæу... Уæддæр ма Мæхæмæт бирæ рæстæг мæрдтæй хатыртæ куырдта, мæ аххос нæу, æнæбары, дам, æрбахызтæн ардæм... Мах æй мидбылты худгæйæ сабыртæ кодтам...

Æз æмæ Тхостаты А. сæрыкъуыдыртæ балæвар кодтам Новороссийскы Императорон университеты Нормалон анатомийы институты музейæн. Музейы бындурæвæрæг æмæ разамонæг, нæ уарзон ахуыргæнæг профессор Николай Александры фырт Батуев мын бафæдзæхста, цæмæй ныффыссон, цы æрмæг мæм ис, уый тыххæй биноныгæй. Фæлæ ма, дам, дæ иу 10 сæргæхцы ссарын бахъæудзæн.

1910 азы мæ иннæ æрвад, сæрæнгуырд Мысыкаты Бимболаты æххуысæй ма мæ кьухы бафтыди 14 сæргæхцы. Иу дзы нæ фæбæззыди. Бирæ тухитæ бавзæрстам сæргæхцытæ зæппæдзтæй хæсгæйæ æмæ сæ æфсæнвæндаджы станцæмæ ласгæйæ. Зæронд устытæ-иу нæ уайдзæфты бын фæкодтой, суанг ныл лæгты дæр ардыдтой. Хъæуы ’рдæм амонгæйæ дзырдтой: «Ам лæгтæ куы уаид, уæд нын нæ фыдæлты стджытæй хынджылæг кæнын нæ уадзиккой». Сæрыкъуыдыртæ афтæ раластам: æхсæвыгон сæ станцæмæ хæстæг хъæдрæбынмæ бахастам, уым сæ стыр асыччы хосимæ сæвæрдтам, йæ сæр ын зæгæлтæй ныххуыдтам æмæ йæ станцæмæ бахæццæ кодтам.

***

Ирон лаеппу-лаегтае Ирон лæг рæстæмбис асæй бæрзонддæр у, йæ сæр — стыргомау, ных — фæтæн, цæстытæ — сау, æнгасджын æмæ зондджын, уынгæг дæр сæ не схондзынæ æмæ тынг парахат дæр, уæхсчытæ — уæрæх, цæсгом — дзаг æмæ иуцасдæр тъæпæнарæзт.

Ирон лæгæн йæ цыд у сабыргомау. Куы йæ бафæрсай, уæд дын æвиппайды дзуапп нæ ратдзæни, йæ дзуаппыл раздæр бæстон ахъуыды кæны. Хъæууон æмбырдты йæ арæх дзурын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ у дзыхарæхст, йæ ныхас фæцæуы лæгъз. Ирæтты ’хсæн дзæбæх оратортæ ис.

Йæ лæппуйы бонты ирон лæг арæх хæст вæййы фос æмæ бæхтæ давыныл (уый тынгдæр хауы быдыры цæрджытæм). Бирæ алыхуызон хабæрттæ йыл æрцæуы уыцы азты: хæдзары хъуыддæгтæ ныууадзы, бæхыл сбады æмæ йæ лæджыхъæд февдисы дугъты, арæх фæзыны хистыты, дард бæстæтæм ацæуы æхца бакусынмæ æмæ а. д.

Хистæрты цур вæййы уæздан, æгъдауджын, уæвгæ фылдæр хатт кæнгæ митæм æмхиц у. Историон уавæртæ йæ скодтой фæлывд æмæ æхгæд-зæрдæ. Фынджы уæлхъус йæ мæлгъæвзаг ауадзы æмæ дæ æппæлдзæн æмæ æппæлдзæн, фылдæр хатт æнæхъуаджы.

Ирон лæг сабыр у, фæлæ куы бахъæуы, уæд — ныфсхаст, тас цы у, уый нал фæзоны. Йæхи бæстæйы цæргæйæ тæссагдæр у, æцæгæлон ран та — иуцасдæр тæппуд. Йæ масты фæдыл цæуаг у, арæх йе знагыл фæскъуымæй йæхи ныццæвы.

Кæрдзындæттон æмæ уазæгуарзон у ирон лæг; йæ хæдзары бахæринаг куы ницы уа, уæддæр ахсджиагдæр хæсыл нымайы уазæджы бахонын, æппындæр æй куынæ зона, уæддæр.

Кусын тынг уарзы ирон лæг, зæгьгæ, афтæ зæгьын мæ бон нæу, магуса дæр ын схонæн ис.

Йæ алыварс адæмимæ уæвгæйæ ирон рæстырдæм хæцæг нæу, стæй йын æнцонæй балхæнæн ис. Сылгоймагæн аргъ кæнын зоны, фæлæ йæ йæхицæй ныллæгдæрыл нымайы.

Ахуыры ’рдæм тынг здæхт у ирон лæг: йæхи хъуæгтæй дæр ныууадздзæн, уæддæр йæ фырты сахуыр кæндзæн. Ахуыр кæнын та йын æнцонтæй æнтысы, æмæ кæд æппынæдзух раззæгтимæ нæ вæййы, уæддæр йе ’мбæлтты фæстæ тынг стæм хатт баззайы.

Ирыстоны мæгуырдæр цæрджытæ æнæфснайд æмæ чъизи сты, фæлæ цардхъомдæртæ сæхи иттæг сыгъдæг дарынц. Æддæрæгон æгъдæуттæ, уаг ирон лæг æнцонæй исы.

Бинонты ’хсæн тынг хиуылхæцгæ у: йæ сабиты бирæ уарзы, фæлæ йæм йæ уарзт æвдисын аив нæ кæсы.

Диныл æнувыд нæу, æууæнды хæйрæджытыл, кæлæнтыл, ныхыфыстыл, мæрдтыбæстыл æмæ æндæр ахæмтыл.

Ирон бинонты цард арæзт у патриархалон фæткыл. Бинонты сæргъы лæууы фыд кæнæ мад. Уыдон куы амæлынц, уæд бинонты бæрны бацæуы хистæр фырт. Уый хъуамæ йæ фыды кад дæлæмæ ма ’руадза, ауда йæ кæстæртыл. Иу хъуыддаг дæр уый æвастæй хъуамæ мачи кæна.

Заеронд лаег Хистæры иууылдæр уарзынц. Буц æй дарынц, йæ ныхасмæ хъусынц. Цыфæнды бирæ куы уой бинонтæ, уæддæр кæрæдзиуыл æнгом хæцынц. Уыцы бинонтæм бакæсын диссаг вæййы: иу иннæйы нымайы, фарн ис хæдзары, къонайы тафсæй рæвдыд у алчи дæр.

Хистæрæн лæггад кæнын ирон адæмæн сæ ахсджиагдæр æгъдæуттæй иу у. Хуыздæр ма цæмæ бакæса адæймаг: цыфæнды ахуыргонд дæр фест — дохтыр, тæрхоны лæг, инæлар — иугæр хæдзары хицау фынджы уæлхъус æрбадт, уæд хъуамæ йæ цуры цырагъау уырдыг лæууай! Уый кæстæрты фæфæрсы хæдзары хъуыддæгтæй, уынаффæтæ сын фæкæны, сæ митæй разы вæййы кæнæ сын сабырæй уайдзæфы ныхæстæ фæзæгъы. Кæд фырттæ фыдæй тынг бирæ кæстæр нæ уой, дыууиссæдз азæй уæлæмæ сыл цæуа, уæд сæ йæ цуры сбадын кæны галиуырдыгæй, фæлæ хæдзары æддæрæгон куы уа, уæд фырттæ ницы хуызы сбаддзысты.

Хистæры, хæдзары хицауы усмæ дæр бирæ бартæ ис, фæлæ æрмæстдæр сылгоймагмæ чи хауы, уыцы хъуыддæгты. Йæ лæджы амарды фæстæ бинонты мад свæййы уынаффæгæнæг, фæлæ хæдзары хицауыл та нымад æрцæуы хистæр лæппу.

Хистæр кæдæмфæнды куы раст кæна, уæддæр йæ фæдыл хъуамæ кæстæртæй исчи ацæуа иуцасдæр, цалынмæ йæ хистæр йæхæдæг нæ раздаха, уæдмæ. Хистæр æмæ кæстæр иумæ куы цæуой, уæд хъуамæ кæстæр галиуырдыгæй уа. Æртæ куы уой, уæд та хъуамæ хистæр астæуæй цæуа, уый кæстæр — галиуырдыгæй, æппæты кæстæр та — хистæры рахизфарс. Зæронд лæгимæ æртæ кæстæры куы уа, уæд хъуамæ цæуой афтæ: галиуырдыгæй — кæстæрты хистæр, рахизырдыгæй — уый кæстæр, æппæты кæстæр та — галиуырдыгæй кæстæрты хистæры фарсмæ.

Зæронд лæгыл йæхицæй кæстæр барæг куы амбæла, уæд хъуамæ рагацау йæ бæхæй æргæпп кæна æмæ йæ идадзæй ласа Раздæр салам радты хистæр, кæстæр та йын дзуапп радты ныллæг хъæлæсæй. Стæй раздæхы æмæ фистæгæй фæцæуы хистæры фæстæ. Хистæр ын арфæ ракæны, фæзæгъы йын: ацу, дæ салам бирæ. Иу сæдæ метры ма фæцæуы барæг фистæгæй, стæй йæ бæхыл абады æмæ йæ фæндаг дары. Барæг уыцы æгъдау фæкæны хистæр сылгоймæгтимæ фембæлгæйæ дæр. (...)

Зæронд лæг уынджы куы фæцæйцæуы æмæ, бадгæ чи кæны, ахæм фæсивæдыл куы амбæлы, уæд ын уыдон хъуамæ фестой, сæхи адзæбæхтæ кæной, сæ ныхæстæ æмæ худын фæуадзой. Хистæр сæм разилы, арфæ сын ракæны, сбадут, зæгъгæ, сын фæзæгъы. Уæвгæ стыны æгъдау алкæмæ дæр хауы. Арæх фенæн вæййьс æвдгай-æстгайаздзыд сабитæ сæ хъазын фæуагътой æмæ сæ рæзты цы хистæртæ æрбацыдысты, уыдонæн сæ бынæттæй фæгæпп ластой.

Хистæры цур йæ бинойнаг никуы сбады, хæдзары сæхицæй дарддæр куы ничи уа, уæддæр. Хæдзары хистæр куы уа, уæд чындзытæ фæлæууынц дæрддзæф рæтты æнæ дзургæйæ, кæнæ та истытæ фæархайынц. (...)

Хистæр искæдæм уазæгуаты куы фæцæуы, уæд йемæ вæййы иу кæнæ дыууæ кæстæры бинонтæй, хæстæджытæй. Уыдон æм сæ хъус фæдарынц фæндагыл цæугæйæ: йæ бæхы рохтыл ын фæхæцынц сбадынмæ кæнæ рахизынмæ куы фæхъавы, уæд æгъдæнцой йæм бадарынц æмæ а. д

Стыр куывдты кæнæ чындзæхсæвты рæстæг хистæртæ кæстæртæн вæййынц фæзминаг. Уыдонмæ кæсгæйæ кæстæртæ сæхиуыл хæцынц, тæрсынц фæрасыг, фæхудинаг уæвынæй.

Хистæр дон куы фæнуазы, уæд, уаты цы сылгоймæгтæ фæбады, уыдон иууылдæр сыстынц Хистæр куы æрыхснырсы, уæд дæр сыстынц. Хистæр сын «уæ салам бирæ» фæзæгъы æмæ сæ сбадын кæны.

Уазæгуарзондзинад. Уый у ирæтты ахъаззагдæр миниуджытæй иу: уымæй фидауы сæ зынвадат цард, уый сын фæрогдæр кæны се ’рвылбоны бирæ тыхстæгтæ.

Æгъдауылмард ирæтты уæздан, цæстуарзон æмæ иттæг зæрдæбын хуындыл чи нæ бадис кæна, ахæм фендджын, ахуыргонд турист стæм разындзæни. Табуафси, фен нын нæ цæхх, нæ кæрдзын, зæгъгæ, ирæттæ сæ уазæгмæ куы бахатынц æмæ уый сæ фæндыл куы сразы вæййы, уæд сæхицæй амондджындæр никæйуал фæхонынц æмæ сæ уазæгыл æрхъæцмæ нал фæхъæцынц. Доктор Пфафф куыд зæгъы, афтæмæй уыцы æгъдау у «отражение высочайшей нравственной цивилизации золотого века осетин». Мæнмæ гæсгæ, ирæттæ уазæджы афтæ буц кæнынхъом кæй сты, уый у се стыр зонд æмæ диссаджы сыгъдæг удыхъæды æвдисæн.

***

Цалдæр ныхасы ирæтты медицинæйы тыххæй. Уæнгсæстытæ, æлвæстытæ, дисторзитæ (нуæртты айвæзт), сыгъдтытæ, æхснырсæг, кардæй кæнæ нæмыгæй цæфтæ, сынчъытæ, рæуджыты, дæндæгты, стджыты, цæстыты æмæ цармы низтæ дзæбæх кæнын стæмтæй фæстæмæ хауы дæснытæм æмæ адæмон хосгæнджытæм. Хостæ та арæхдæр кæнынц кæрдæджытæй.

Кæрдæджытæ æмбырд кæнын зын у, уымæн æмæ сæ чи зоны, уыдон сæ сусæгтæ алкæмæн нæ хъæр кæнынц, уæлдайдæр та махæн, дохтыртæн. Мах се знæгтыл нымайынц. Иннæмæй та ахæм адæмон хосгæнджытæ быдыры бирæ нал и. Уымæ гæсгæ мæ цæуын бахъуыди хохмæ — кæрдæджытæ æмбырд кæнынмæ. Мæ амондæн уым сæмбæлдтæн Фидараты Мырзабегыл. Иууылдæр мын уымæ амыдтой, йæхицæй хуыздæр, дам, ничи зоны кæрдæджытæ. Хосгæнæн кæрдæджытæй дзæбæх кæнынмæ рæвдз чи у, уыдон уыцы дзинад сæ хистæртæй базыдтой: чи йæ фыдæй кæнæ мадæй, чи та — йæ нанайæ, намæ йæ дадайæ. Мæ къухы бафтыд иу 20 алымыггаг кæрдæджы æрæмбырд кæнын. Мæнæ дзы цалдæр, сæ нæмттæ сын ныффыстон иронау æмæ уырыссагау.

Ризæджы хос — Полынь. Ацы кæрдæг лыстæг скæрдынц æмæ йæ арахъхъыл ныккæнынц. Дыууæ-æртæ боны куы фæлæууы, уæд дзы бон дыууæ-æртæ хатты раттынц (рюмкæты дзæгтæ) тæфсæгæй рынчынтæн.

Цъахгæр — Оконник (Живокость). Уæнгсастæн, дам, уымæй хуыздæр хос нæй. Йæ уидаг ын ныххафынц æмæ йæ кæттагыл байсæрдынц, стæй уыцы кæттагæй саст бабæттынц. Фæдарынц æй, цалынмæ йæхæдæг райхæла, уæдмæ. Саст, дам, куы баныхæсы, æрмæстдæр уæд райхæлы уыцы баст.

Æхсынæны хъæд — Подсолнечник. Æхсынæны хъæдæн йæ цъар æмæ йæ фæлмæнтæ лыстæг скæрдынц æмæ сæ арахъхъыл ныккæнынц. Фæдарынц сæ бон æмæ ’хсæв кæнæ дыууæ боны æмæ дыууæ ’хсæвы. Къаннæг нуазæнæй дзы бон 1–2 хатты дарынц тæфсæгæй рынчынæн.

Къусбын — Белена. Дзæбæх кæны дæндагниз. Къусбыны цæттæ мыггæгтæ цæхæрыл бакалынц æмæ, судзын куы райдайынц, уæд сын сæ фæздæгмæ дæлгоммæ фæлдæхт тас фæдарынц, цалынмæ æххæстæй басудзой, уæдмæ. Стæй тас тагъд-тагъд айсынц æмæ дзы чысыл фыцгæ дон æркæнынц. Гъемæ уый тæфмæ комхæлиуæй сбад дæхи истæмæй æрæмбæрз, афтæмæй. Зæгъынц, доны уæлцъар, дам, уайтагъд лыстæг сау зулчъытæй айдзаг вæййы.

Цæфы хос — Древей (Тысячелистник). Бахус æй кæнынц æмæ йæ армытъæпæны сæууæрдынц. Ссады хуызæн куы свæййы, уæд æй, чи схæф, ахæм хъæдгомыл æркæнынц. Хъæдгом уайтагъд ссыгъдæг вæййы.

Бур дидинæг — Лютик. Йæ дидинæг æмæ йын йæ сыфтæ бахус кæнынц, сæууæрдынц сæ æмæ, ссады хуызæн куы свæййынц, уæд сæ, чи схæф, ахæм хъæдгомыл айзæрынц. Хъæдгом тагъд адзæбæх вæййы.

Дугъысыф — Подорожник. Ног тынд сыф сынкъыл сæвæрынц. Уæд сынкъ бирæ тагъддæр цæттæ кæны, стæй фæкъæртт вæййы.

Тъупгæнаг — Дурман. (Хонынц ма йæ булайысыф дæр.— Ред.). Тъупгæнаджы сыфтæ бæззынц ног тындæй дæр æмæ хусæй дæр. Ног тынд сыфты æууæрцъæй цы дон ракæлы, уый ныттадзынц хъæдгомыл. Хъæдгом уайтагъд асыгъдæг вæййы. Хус сыфтæ ссады хуызæн скæнынц æмæ йæ байзæрынц хъæдгомыл.

Нуры — Чеснок. Нурытæ лыстæг скæрдынц æмæ сæ æхсыримæ рафыцынц. Рæуджыты низæй рынчынæн дзы гыццыл нуазæны дзаг бон иу кæнæ дыууæ хатты дæттынц.

Бырц — Перец красный, черный. Мыдимæ йæ схæццæ кæнынц, стæй йыл арахъхъ æркæнынц æмæ йæ рафыцынц Куы ’руазал вæййы, уæд дзы бон иу чысыл нуазæны дзаг фæдæттынц йæ ахсæны лыстæг кæлмытæ кæмæн ис, стæй йæ гуыбын кæмæн тыппыр кæны, уымæн.

Еуу — Просо. Еууы зад иуцасдæр аууил, стæй дзы байсæрд буары фаст бынæттæ (таппузæнгæс дерматит кæуыл вæййы, уыдонæн хос).

Мæнæу — Пшеница. Мæнæуы хъæмп лыстæг карстæй цæххимæ ныккалынц донæй йедзаг стыр аджы, фæфыцынц æй сахаты бæрц, стæй йын йæ дон уыцы тæвдæй уæрæх боцкъайы ауадзынц, бандон дзы сæвæрынц, сбады йыл æндыснæгæй рынчын. Хъæццулæй йæ бамбæрзынц Рынчын хъуамæ бада, йæ бон кæдмæ уа, уæдмæ. Афтæ бакæнын хъæуы дыууæ кæнæ æртæ хатты. Ахæм хуызы дзæбæх кæнынц, буар рæсыд куы уа, стæй нæлгоймæгтæй шанглот кæмæ ис, уыдоны, æрмæст хъæмпы бæсты аджы ныккæнын хъæуы, иронау «тымбыл хъонтхора» кæй хонынц, уыцы кæрдæг (латинагау — Coriandrum sativum L.), уырыссагау ын йæ ном сбæрæг кæнын нæ бон не сси. (Йæ латинаг номмæ гæсгæ, æвæццæгæн, ныхас цæуы кориандрыл-киндзайыл. — Ред.).

Хъæбæрхор — Ячмень. Хъæбæрхоры ссад ныккæнынц хуырхыл, ныллæг артыл æй фæфыцынц. Касы хуызæн куы свæййы, уæд дзы кæттаг байсæрдынц, кæттагæй та бабæттынц буары хæлд бынат. Фæдарынц æй æхсæв æмæ бон, стæй та баст раивынц.

Картоф — Картофель. Картоф ныххафынц æмæ йæ сæвæрынц сыгъд буарыл. Сыгъдæн ма ис æндæр хос дæр, æрмæст уый кæрдæджытæй нæу. Дæс айкæн сæ буртæ ныллæг артыл рафыцынц, стæй куы ’руазал вæййынц, уæд дзы сыгъд бынæттæ байсæрдынц.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.