Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 7-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Иннæтæн тæрхон ма кæнут

1 Иннæтæн тæрхон ма кæнут, æмæ тæрхонгонд нæ уыдзыстут.

2 Уымæн æмæ иннæтæн цы тæрхон рахæссут, ахæм тæрхон рахастæуыдзæн сымахæн дæр; æмæ цы барæнæй барут, ахæмæй сбарстæуыдзæн сымахæн дæр.

3 Цы кæсыс де ’фсымæры цæсты æрдумæ, дæхи цæсты та къалабæлас нæ фиппайыс?

4 Кæнæ куыд зæгъдзынæ де ’фсымæрæн: Æрима, дæ цæстæй дын æрду сисон, дæхи цæсты къалабæлас куы ис, уæд?

5 Цæстмæхъус! Дæхи цæстæй уал къалабæлас сис, стæй уæд фендзынæ, де ’фсымæры цæстæй æрду куыд сисын хъæуы, уый.

6 Куыйтæн ма дæттут, Хуыцауы цы у, уый, æмæ хуыты размæ ма æппарут уæ налхъуыт, цæмæй йæ уыдон сæ къæхты бын ма ныссæндой, стæй ма бавдæлой æмæ уын уæхи ма ныкъкъуыхтæ кæной.

Курут, агурут, хойут

7 Курут æмæ райсдзыстут, агурут æмæ ссардзыстут, хойут æмæ уын байгом уыдзæн.

8 Уымæн æмæ алы курæг дæр райсы, агурæг ссары æмæ хойæгæн дуар байгом вæййы.

9 Йæ фырт дзы дзул куы кура, уæд ын дур чи ратта, уе ’хсæн ахæм исчи ис?

10 Кæнæ дзы кæсаг куы кура, уæд ын калм ратдзæн?

11 Сымах фыдзæрдæтæ куы стут, æмæ уæддæр уæ зæнæгæн хорзы цæуын куы зонут, уæд уæ Уæларвон Фыд куыннæ ратдзæни фарн, чи Дзы кура, уыдонæн!

12 Уæдæ адæммæ цæмæдæриддæр æнхъæлмæ кæсут, уый сын аразут уæхæдæг дæр. Ацы ныхæсты ис Моисейы Æгъдауы æмæ пехуымпарты ахуырады мидис.

Дыууæ фæндаджы

13 Бацæут уынгæг дуарыл. Сæфтмæ цы дуар æмæ фæндаг кæнынц, уыдон уæрæх æмæ парахат сты, æмæ бирæтæ цæуынц уыдоныл;

14 Цардмæ цы дуар æмæ фæндаг кæнынц, уыдон та уынгæг æмæ нарæг сты, æмæ сæ чи ссары, уыдон бирæ не сты.

Бæлас æмæ йæ дыргътæ

15 Уæхи хизут, фысдзармы уæм чи æрцæуы, мидæгæй та тугдзых бирæгъ чи у, уыцы мæнгпехуымпартæй.

16 Сæ хъуыддæгтæй сæ базондзыстут. Какон сындзæй, мыййаг, сæнæфсир æртонынц, кæнæ ичъийæ — легъуи?

17 Афтæ алы хорз бæласыл дæр хорз дыргътæ æрзайы, низджын бæласыл та æвзæр дыргътæ æрзайы.

18 Хорз бæлас æвзæр дыргътæ не ’рхæсдзæн, низджын бæлас та — хорз дыргътæ.

19 Хорз дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый акалынц æмæ йæ баппарынц арты.

20 Уæдæ мæнгпехуымпарты сæ хъуыддæгтæй базондзыстут. «Æз уæ никуы зыдтон»

21 Мæнæн „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонæй алчи нæ бацæудзæн Уæларвон Паддзахадмæ, фæлæ йæм Мæ Уæларвон Фыды фæндон æххæстгæнæг бацæудзæн.

22 Бирæтæ Мын уыцы бон зæгъдзысты: Хицау, Хицау, мах Дæ номæй пехуымпариуæг нæ кодтам? Дæ номæй дæлимонты нæ сырдтам? Дæ номæй бирæ диссæгтæ не ’вдыстам?“

23 Уæд сын цæхгæр зæгъдзынæн: „Æз уæ никуы зыдтон. Ацæут Мæ цурæй, тæригъæдджынтæ“.

Дурыл амад хæдзар

24 Уæдæ Мæ ацы ныхæстæм чидæриддæр хъусы æмæ сæ æххæст кæны, уый у, йæ хæдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адæймаджы хуызæн.

25 Æрцыди уарын, раивылдысты цæугæдæттæ, сыстади дымгæ, æмæ ахæцыдысты уыцы хæдзарыл, фæлæ не ’ркалд, уымæн æмæ дурыл æвæрд уыди.

26 Мæ ацы ныхæстæм чидæриддæр хъусы æмæ сæ не ’ххæст кæны, уый та у, йæ хæдзар змисыл чи самадта, уыцы æнæзонд адæймаджы хуызæн.

27 Æрцыди уарын, раивылдысты цæугæдæттæ, сыстади дымгæ, æмæ сæхи ныццавтой уыцы хæдзарыл. Хæдзар æркалд æмæ ныппырх и бынтондæр».

28 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд адæмы дисы бафтыдта Йæ ахуырад,

29 Уымæн æмæ сын амыдта сæ динамонджытау нæ, фæлæ барджынæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.