Ног Фæдзæхст
Матфейы Евангели. 6-æм сæр
Мæгуыртæн баххуыс кæныны тыххæй
1 Уæхи хизут, рæстгæнджытæ кæй стут, уый адæмы цæстмæ æвдисынæй, науæд уын хорзæх нæ уыдзæн уæ Уæларвон Фыдæй.
2 Уæдæ мæгуырæн куы æххуыс кæнай, уæд æй дæрдты ма ныхъхъæр кæн. Афтæ цæстмæхъустæ кæнынц синагогæты æмæ уынгты, цæмæй сын адæм кад кæной. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.
3 Ды та мæгуырæн куы æххуыс кæнай, уæд дæ галиу къух ма зонæд, дæ рахиз цы гæнæг у, уый.
4 Уæд де ’ххуысы хай уыдзæни сусæг, æмæ дæ Фыд, сусæггаг уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].
Куыд кувын хъæуы
5 Æмæ куы фæкувут, уæд цæстмæхъустау ма ут — уыдон уарзынц адæмы цæстмæ синагогæты æмæ тигътыл лæугæйæ кувын. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.
6 Ды та куы фæкувыс, уæд бацу дæ уатмæ, сæхгæн дæ дуар æмæ бакув, цæстæй Кæй нæ уыныс, дæ уыцы Фыдмæ. Æмæ дæ Фыд, сусæггаг уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].
7 Кувгæйæ та муртаттау уæлдай ма дзурут — уыдон æнхъæл сты, зæгъгæ, бирæ куы дзурой, уæд сæ куывд фехъуысдзæни Хуыцаумæ.
8 Уыдоны ма бафæзмут, уымæн æмæ Дзы нæма ракурут, афтæ уæ Фыд фæзоны, цы хъуаг стут, уый.
9 Кувгæ та кæнут афтæ: „Нæ Уæларвон Фыд, сыгъдæг уæд Дæ ном.
10 Æрцæуæд Дæ Паддзахад. Уæларвы куыд у, афтæ зæххыл дæр уæд Дæ фæндон.
11 Абон дæр нын ратт цæрынваг къæбæр.
12 Ныббар нын нæ хæстæ, мах нæ хæсджынтæн куыд барæм, афтæ.
13 Ма нæ бафтау фæлварæны, фыдбылызæй нæ бахиз. [Уымæн æмæ Паддзахад, тых æмæ намыс мыггагмæ дæр Дæу сты. Амен.]“
14 Уымæн æмæ адæмæн сæ тæригъæдтæ куы ныббарат, уæд сымахæн дæр уæ Уæларвон Фыд ныббардзæн уæ тæригъæдтæ.
15 Фæлæ адæмæн сæ тæригъæдтæ куы нæ ныббарат, уæд уын уæ Фыд дæр уæ тæригъæдтæ нæ ныббардзæн.
Ком дарыны тыххæй
16 Ком куы фæдарут, уæд цæстмæхъустау уæхи ма хъуынтъыз кæнут — уыдон ныттар кæнынц сæ цæсгæмттæ, цæмæй адæм феной, ком кæй дарынц, уый. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.
17 Ды та ком куы дарай, уæд ныффас дæ сæр æмæ цæхс дæ цæсгом,
18 Цæмæй ком кæй дарыс, уый адæм ма феной, фæлæ йæ фена, цæстæй Кæй нæ уыныс, дæ уыцы Фыд, æмæ дæ Фыд, сусæг хъуыддæгтæ уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].
Дæ хæзна уæларвы хъуамæ уа
19 Ма æмбырд кæнут уæхицæн хæзнатæ зæххыл — ам сæ хæрынц рæмпæг æмæ згæ, баирвæзынц сæм хуыснæджытæ æмæ сæ давынц.
20 Фæлæ уæхицæн хæзнатæ æмбырд кæнут уæларвы — уым сæ нæдæр рæмпæг хæры, нæдæр згæ, хуыснæджытæ дæр сæм нæ баирвæзынц æмæ сæ нæ давынц.
21 Уымæн æмæ уæ хæзна кæм ис, уым уыдзæн уæ зæрдæ дæр.
Рухсгæнæн буарæн
22 Буарæн йæ рухсгæнæн цæст у. Æмæ дæ цæст сыгъдæг куы уа, уæд дæ буар иууылдæр рухс уыдзæн.
23 Фæлæ дæ цæст чъизи куы уа, уæд дæ буар иууылдæр талынг уыдзæн. Уæдæ дæумæ цы рухс ис, уый талынг кæд у, уæд талынг цавæр у, цымæ!
Хуыцау æви мулк?
24 Никæй бон у дыууæ хицауæн кусын — сæ иуæй йе сæфт уындзæн, иннæйы та уарздзæни, кæнæ сæ иуыл иузæрдион уыдзæн, иннæйы та ницæмæ дардзæн. Уæ бон нæ бауыдзæни Хуыцауæн æмæ мулкæн кусын.
Æрвылбоны мæт
25 Уымæ гæсгæ уын зæгъын: ма мæт кæнут, фæцæрынæн уæ цы хойраг æмæ нозт хъæуы, нæдæр ууыл, нæдæр уæ буарæн дарæсыл. Мыййаг, цард хойрагæй ахсджиагдæр нæу, буар та — дарæсæй?
26 Акæсутма уæларвон мæргътæм: уыдон нæдæр тауынц, нæдæр кæрдынц, нæдæр хордæтты хор æфснайынц, æмæ сæ уæ Уæларвон Фыд хæссы. Сымах уыдонæй бирæ зынаргъдæр не стут, æви?
27 Стæй уæ йæ мæтæй йæ цардыл бирæ нæ, фæлæ иу сахат бафтауын дæр кæй бон бауыдзæн?
28 Дарæсыл дæр цы мæт кæнут? Акæсут-ма, быдираг дидинджытæ куыд рæзынц, уымæ: нæдæр кусынц, нæдæр æлвисынц.
29 Зæгъын уын: суанг Соломон, намысджын æмæ хъæздыг лæг, уыдонæй иуы хуызæн дæр нæ арæзта йæхи.
30 Абон чи ис, райсом та пецы æппæрст чи уыдзæн, уыцы быдираг кæрдæджы Хуыцау афтæ кæм фæлынды, уым сымах не сфæлынддзæн, æви, лæмæгъ уырнджытæ!
31 Уæдæ мæт ма кæнут æмæ ма дзурут: „Цы хæрæм?“, „Цы нуазæм?“, „Нæ уæлæ цы скæнæм?“
32 Æппæт уыдæттæ муртаттæ агурынц; сымахæн уæ Уæларвон Фыд зоны, æппæт уыдæттæ уæ кæй хъæуынц, уый.
33 Фыццаджыдæр агурут Хуыцауы Паддзахад æмæ рæстдзинад, æмæ уын лæвæрд уыдзысты æппæт уыдæттæ дæр.
34 Уæдæ мæт ма кæнут сомбоныл, уымæн æмæ сомбон йæхæдæг тыхсдзæн йæ хъуагыл. Алы бонæн дæр йæхи сагъæстæ æгъгъæд сты.