Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 5-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Æцæг амонд

1 Йесо адæмы куы федта, уæд ссыди хохмæ. Куы æрбадт, уæд Ыл æрæмбырд сты Йæ ахуыргæнинæгтæ,

2 Æмæ сæ райдыдта ахуыр кæнын:

3 «Тæхудиаг сты, йе скаст æрмæст Хуыцаумæ кæмæн у — Уæларвон Паддзахад уыдоны у.

4 Тæхудиаг сты кæуджытæ — уыдон баййафдзысты рæвдыд.

5 Тæхудиаг сты æвæлмастæ — зæхх уыдоны хай бауыдзæн.

6 Тæхудиаг сты, стонгау æмæ дойныйау Хуыцауы рæстдзинадæй бафсæдынмæ чи бæллы, уыдон — Хуыцау сæ бафсаддзæн.

7 Тæхудиаг сты хатыргæнджытæ — уыдон уыдзысты хатыргонд.

8 Тæхудиаг сты сыгъдæгзæрдæтæ — уыдон фендзысты Хуыцауы.

9 Тæхудиаг сты фидауынгæнджытæ — Хуыцау сæ схондзæн Йæ хъæбултæ.

10 Тæхудиаг сты рæстдзинады тыххæй æфхæрд æййафджытæ — Уæларвон Паддзахад уыдоны у.

11 Тæхудиаг уыдзыстут, Мæн тыххæй уын фидис куы кæной æмæ уæ куы æфхæрой, алы æвзæртæ уыл куы мысой, уæд.

12 Цин кæнут æмæ райут — уæлæрвты уæм æнхъæлмæ кæсы стыр хорзæх. Афтæ æфхæрдтой, уæ размæ цы пехуымпартæ уыди, уыдоны дæр.

Цæхх æмæ рухс

13 Сымах стут дунейы цæхх. Фæлæ цæххæн йæ ад куы фесæфа, уæд ма йæ цæмæй сцæхджын кæндзынæ? Адæмы къæхты бынмæ аппарыны йеддæмæ ницæмæнуал бæззы.

14 Сымах стут дунейы рухс. Хохы сæрыл цы сахар ис, уымæн бамбæхсæн нæй.

15 Æмæ цырагъ куы ссудзынц, уæд æй дурыны бын не ’вæрынц, фæлæ цырагъдарæныл, æмæ хæдзары алкæмæн дæр рухс кæны.

16 Афтæ æрттивæд уæ рухс адæмы раз, цæмæй уыной уæ хорз хъуыддæгтæ æмæ кад кæной уæ Уæларвон Фыдæн.

Моисейы Æгъдауы тыххæй

17 Сымах афтæ æнхъæл ма ут, æмæ Æз Моисейы Æгъдау кæнæ пехуымпарты ахуырад аивынмæ æрцыдтæн. Æз сæ аивынмæ не ’рцыдтæн, фæлæ сæ сæххæст кæнынмæ.

18 Æцæг уын зæгъын: цалынмæ арв æмæ зæхх сты, уæдмæ Æгъдауæй тæккæ къаддæр дамгъæ кæнæ иу хахх дæр нæ фæхъæудзæн — æппæт дæр сæххæст уыдзæни.

19 Уæдæ ацы тæккæ къаддæр фæдзæхстытæн сæ иуы дæр чи фехала æмæ адæмы дæр афтæ бакæныныл чи сардауа, уый къаддæрыл нымад уыдзæн Уæларвон Паддзахады. Фæлæ сæ чи сæххæст кæна æмæ сæ адæмæн дæр чи бацамона, уый Уæларвон Паддзахады нымад уыдзæни стырыл.

20 Зæгъын уын: динамонджытæ æмæ фарисейтæй коммæгæсдæр куы нæ уат Хуыцауæн, уæд Уæларвон Паддзахадмæ нæ бацæудзыстут.

Саузæрдæ ма у

21 Сымах фехъуыстат, рагон адæмæн цы загъд уыди, уый: Ма амар; чи амара, уый дзуапп дæтдзæн тæрхоны раз.

22 Æз та уын зæгъын: йе ’фсымæрмæ [æнæхъуаджы] чидæриддæр мæсты кæна, уый дзуапп дæтдзæни тæрхоны раз; йе ’фсымæрæн ницæйаг чи зæгъа, уый дзуапп дæтдзæни синедрионы раз; æнæзонд ын чи зæгъа, уымæ та æнхъæлмæ кæсы зындоны арт.

23 Уæдæ ды дæ нывондимæ нывондхæссæнмæ куы æрцæуай, æмæ дæм де ’фсымæр цæйдæр тыххæй кæй фæхъыг, уый дæ зæрдыл куы æрлæууа,

24 Уæд дæ нывонд ныууадз нывондхæссæны раз, ацу, бафидау уал де ’фсымæримæ, стæй раздæх æмæ æрхæсс дæ нывонд.

25 Бафидау æвæстиатæй дæ зылынгæнæгимæ, цалынмæ йемæ тæрхондонмæ цæуыс, уæдмæ; науæд дæ бакæндзæн тæрхонгæнæгмæ, тæрхонгæнæг дæ ратдзæн хъахъхъæнæгмæ, æмæ дæ баппардзысты ахæстоны.

26 Æцæг дын зæгъын: цы бафидын дæ хъæуы, уый фæстаг кодранты онг цалынмæ раттай, уæдмæ нæ рацæудзынæ уырдыгæй.

Хиуыл хæцыны тыххæй

27 Сымах фехъуыстат, [рагон адæмæн] цы загъд уыди, уый:„Ма хæт“.

28 Æз та уын зæгъын: сылгоймагмæ мондаджы цæстæй чидæриддæр кæсы, уый ныридæгæн йæ мидзæрдæйы фæхæтыд йемæ.

29 Дæ рахиз цæст дын тæригъæды хос куы уа, уæд æй фелвас æмæ йæ аппар — хуыздæр дын у дæ уæнгтæй иу фесафын, цæйнæфæлтау дын дæ буар æгасæй дæр зындонмæ баппæрстæуа.

30 Æмæ дын дæ рахиз къух тæригъæды хос куы уа, уæд æй акъуыр æмæ йæ аппар — хуыздæр дын у дæ уæнгтæй иу фесафын, цæйнæфæлтау дæ буар æгасæй дæр зындонмæ бацæуа.

Ус ауадзыны тыххæй

31 Ноджыдæр загъд у: Йæ усы чи ауадза, уый йын раттæд уагъды æвдисæндар.

32 Æз та уын зæгъын: хæтыны азым æм ма уæд, уымæй дарддæр йæ усы чидæриддæр ауадза, уый йæ хæтыныл æфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дæр хæтгæ кæны.

Сомыйы тыххæй

33 Сымах ноджыдæр фехъуыстат, рагон адæмæн ма цы загъд уыди, уый: Дæ сомы ма басæтт, фæлæ Хуыцауæн цæй тыххæй расомы кодтай, уый бакæн.

34 Æз та уын зæгъын: æппындæр сомы ма кæнут — нæдæр арвæй, уымæн æмæ уый Хуыцауы бадæн у;

35 Нæдæр зæххæй, уымæн æмæ уый Йæ къæхты æнцой у; нæдæр Иерусалимæй, уымæн æмæ уый стыр Паддзахы сахар у.

36 Дæ сæрæй дæр ма сомы кæн, уымæн æмæ дæ сæрыхъуынтæй иу æрду дæр урс кæнæ сау скæнын дæ бон нæу.

37 Фæлæ уæ о хъуамæ уа о, уæ нæ та — нæ; уымæй уæлдай цы уа, уый та хæйрæгæй у.

Фыдæхыл уарзт тых кæны

38 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: Цæст къахæгæн йæ цæст къахинаг у æмæ дæндаг сæттæгæн йæ дæндаг сæттинаг у.

39 Æз та уын зæгъын: дæ бафхæрæджы ныхмæ ма рацу. Фæлæ дын дæ рахиз æхсæрфарс чи ныццæва, уымæ бадар иннæ дæр.

40 Дæ хæдон байсыны тыххæй дыл тæрхондонмæ чи бахъаст кæна, уымæн ратт дæ пæлæз дæр.

41 Фæндагыл дæ йемæ æвæндонæй чи акæна, уыимæ дыууæ хатты фылдæр ацу.

42 Чи дæ кура, уымæн ратт, æмæ дæуæй æфстау райсын кæй фæнды, ууыл дæхи ма атигъ кæн.

Уарз де знæгты

43 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд, уый: Уарз хионы æмæ де сæфт уын де знагæй.

44 Æз та уын зæгъын: уарзут уе знæгты, [уе ’лгъитджытæн хорзæх курут Хуыцауæй, хорз кæнут, сымахæй йе сæфт чи уыны, уыдонæн,] кувут уе ’фхæрджыты тыххæй.

45 Æмæ уæд уыдзыстут уæ Уæларвон Фыды хъæбултæ — Уый хур скæсын кæны хæрзтыл дæр æмæ æвзæртыл дæр, къæвда рауадзы рæстытыл дæр æмæ тæригъæдджынтыл дæр.

46 Уымæн æмæ сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уæд уын уый тыххæй цавæр хæрзиуæг уыдзæни? Хъалонисджытæ дæр афтæ нæ кæнынц, æви?

47 Æмæ кæд æрмæстдæр уе ’фсымæртæн салам дæттут, уæд цы уадиссаг аразут? Муртаттæ дæр афтæ нæ кæнынц, æви?

48 Уæдæ ут æнаипп, уæ Уæларвон Фыд æнаипп куыд у, афтæ.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.