Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 27-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесойы æркодтой Пилатмæ

1 Куы сбон, уæд алчертæ æмæ адæмы хистæртæ се ’ппæт дæр бауынаффæ кодтой Йесойы тыххæй, цæмæй Йæ раттой амарынмæ.

2 Уæд Æй сбастой, акодтой Йæ æмæ Йæ радтой иудейаг бæстæйы хицау Пилаты къухтæм. Иудæ æрхудт йæхиуыл

3 Йесойæн кæй стæрхон кодтой, уый Йæ уæйгæнæг Иудæ куы базыдта, уæд æрхудт йæхиуыл, дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы фæстæмæ радта алчертæм æмæ адæмы хистæртæм,

4 Æмæ загъта: «Æз фæтæригъæдджын дæн, æназым туг кæй ауæй кодтон, уымæй». Фæлæ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмæ нæ хауы. Дæхи хъуыддаг у».

5 Иудæ æвзист æхцатæ аппæрста Кувæндоны, рацыд æмæ йæхи æрцауыгъта.

6 Алчертæ систой æвзист æхцатæ æмæ загътой: «Кувæндоны хæзнадоны сын нывæрын нæ фæччы, уымæн æмæ туджы аргъ сты».

7 Бауынаффæ кодтой æмæ дзы бæлццæтты ныгæнынæн балхæдтой, дурынгæнæджы зæхх кæй хуыдтой, уый.

8 Уымæ гæсгæ уыцы зæхх абон дæр хуыйны «Туджы зæхх».

9 Уæд сæххæст, Иереми пехуымпар цы загъта, уый: «Æмæ райстой дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы — израилæгтæ Йын цы аргъ скодтой, уый.

10 Æмæ сæ бафыстой дурынгæнæджы зæххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтæ».

Йесо æмæ Пилат

11 Ныр Йесо та æрлæууыди бæстæйы хицауы раз. Бæстæйы хицау Æй бафарста: «Ды дæ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

12 Æмæ Йæ алчертæ æмæ адæмы хистæртæ куы зылын кодтой, уæд сын Йесо ницы дзуапп радта.

13 Уæд Ын Пилат загъта: «Дæ ныхмæ куыд бирæ æвдисæн кæнынц, уый нæ хъусыс?»

14 Йесо йын йæ иу фарстæн дæр дзуапп нæ радта, æмæ бæстæйы хицау стыр дисы бафтыд.

Марыны тæрхон

15 Бæстæйы хицаумæ уыд æгъдау: бæрæгбоны-иу рауагъта, адæмы-иу кæй бафæндыд, иу ахæм ахæсты.

16 Уыцы рæстæг сæм уыди зындгонд ахæст, йæ ном — Вараввæ.

17 Æмæ адæм куы æрæмбырд сты, уæд сын Пилат загъта: «Куыд уæ фæнды, кæй уын рауадзон: Вараввæйы, æви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?»

18 Пилат зыдта, Йесойы йын йæ къухтæм сæ хæлæгæй кæй радтой, уый.

19 Æмæ ма Пилат тæрхонгæнæджы бынаты куы бадти, уæд æм йæ ус барвыста зæгъынмæ: «Мацы Йын ракæн, уымæн æмæ уыцы Рæстгæнæджы тыххæй дысон бирæ фæудхар кодтон мæ фыны».

20 Фæлæ алчертæ æмæ адæмы хистæртæ сардыдтой адæмы, цæмæй ракурой Вараввæйы, Йесойы та амарын кæной.

21 Бæстæйы хицау сæ бафарста: «Куыд уæ фæнды, ацы дыууæйæ уын кæй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввæйы».

22 Пилат сæ бафарста:«Æмæ уæд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойæн та цы бакæнон?» се ’ппæт дæр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд æрцæуæд!»

23 Пилат бафарста: «Уагæр æвзæрæй цы ракодта?» Фæлæ уыдон тынгдæр хъæр кодтой: «Дзуарыл тыгъд æрцæуæд!»

24 Пилат федта, адæммæ кæй ницы хъары, уый; нæ фæлæ ма змæнтын дæр райдыдтой. Уæд райста дон, цæхсадта йæ къухтæ адæмы раз æмæ загъта: «Æз аххосджын нæ дæн ацы тугкалды. Уæ бар уæхи».

25 Адæм иууылдæр дзуапп радтой: «Йæ туг махæн æмæ нæ зæнæгæн фидинаг фæуæд».

26 Уæд сын рауагъта Вараввæйы, Йесойы та ехсæй фæнæмын кодта æмæ Йæ радта дзуарыл байтындзынмæ.

Æфсæддонтæ æфхæрынц Йесойы

27 Уæд бæстæйы хицауы æфсæддонтæ Йесойы акодтой уый галуанмæ, æмæ Йыл æрæмбырд кодтой æгас æфсæддон хай.

28 Раластой Йын Йæ дарæс æмæ Йыл скодтой сырх пæлæз.

29 Сбыдтой сындзын кадыхуд æмæ Йын æй æркодтой Йæ сæрыл, Йæ рахиз къухмæ та Йын радтой лæдзæг. Йæ разы æрлæууыдысты сæ зонгуытыл æмæ Йыл худтысты: «Æгас цæуæд иудейаг Паддзах!»

30 Фæтутæ Йыл кодтой, стæй райстой лæдзæг æмæ Йын цавтой Йæ сæр.

31 Куы Йæ бафхæрдтой, уæд пæлæз раластой, скодтой Йыл Йæхи дарæс æмæ Йæ акодтой байтындзынмæ.

Йесойы байтыгътой

32 Куы рацыдысты, уæд сæмбæлдысты иу кириниаг лæгыл, йæ ном — Симон; æмæ йын ахæссын кодтой Йесойы дзуар.

33 Голгофæ (ома, Сæргæхцы бынат) чи хуыйны, уырдæм куы бахæццæ сты,

34 Уæд Ын нуазынæн радтой сæн мастимæ хæццæйæ. Фæлæ дзы куы ацахуыста, уæд æй нæ бакуымдта.

35 Дзуарыл Æй чи байтыгъта, уыдон Ын хæлттæ сæппæрстой Йæ дарæстыл æмæ сæ се ’хсæн байуæрстой.

36 Стæй сбадтысты æмæ Йæ хъахъхъæдтой.

37 Йæ сæрмæ Йын дзуарыл ныххуыдтой фæйнæг; фыст ыл уыди Йæ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».

38 Уæд Ын Йемæ байтыгътой дыууæ абырæджы, иуы рахизырдыгæй, иннæйы та галиуырдыгæй.

39 Йæ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сæ сæртæ æмæ Йæ фаудтой:

40 «Кувæндон халæг æмæ йæ æртæ бонмæ аразæг! Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд Дæхи фервæзын кæн æмæ дзуарæй æрхиз».

41 Афтæ Дзы хынджылæг кодтой алчертæ дæр динамонджытимæ æмæ адæмы хистæртимæ:

42 «Иннæты ирвæзын кодта, Йæхи фервæзын кæнын та Йæ бон нæу! Израилы Паддзах у; ныртæккæ дзуарæй æрхизæд, æмæ Йыл баууæнддзыстæм.

43 Хуыцауыл Йæ зæрдæ дардта, æмæ Йæ ныр фервæзын кæнæд, кæд Хуыцауæн фæндон у, уæд. Уымæн æмæ афтæ загъта: „Æз Хуыцауы Фырт дæн“».

44 Йемæ тыгъд абырджытæ дæр Æй фаудтой.

Йесойы мæлæт

45 Æхсæзæм сахатæй фарæстæм сахаты онг бæстæ æгасæй дæр баталынг.

46 Фарæстæм сахатмæ хæстæг Йесо хъæрæй ныууынæргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мæ Хуыцау, Мæ Хуыцау, цæмæн Мæ ныууагътай?»

47 Уым чи лæууыд, уыдонæй чидæртæ уый фехъуыстой æмæ дзырдтой: «Илиамæ дзуры».

48 Сæ иу уайтæккæ азгъордта, губкæ стылдта туаг сæны, æрсагъта йæ лæдзæгыл æмæ йæ Йесомæ бадардта баназынмæ.

49 Иннæтæ та дзырдтой: «Фæлæуу-ма, бакæсæм, кæддæра Йæм Илиа фервæзын кæнынмæ æрцæуид».

50 Йесо та ноджы хъæрæй ныууынæргъыдта æмæ Йæ уд систа.

51 Æмæ Кувæндоны мидæг æмбæрзæн дыууæ дихы фæци уæлейæ бынмæ. Зæхх нынкъуыст, æмæ къæдзæхтæ ныскъуыдтæ сты.

52 Ингæнтæ байгом сты, æмæ чи амард, уыцы сыгъдæджытæй бирæтæ райгас сты,

53 Æмæ Йесойы райгасы фæстæ сыстадысты сæ ингæнтæй, сыгъдæг сахармæ бацыдысты, æмæ сæ бирæтæ федтой.

54 Сæдæйыхицау, стæй уыимæ Йесойы чи хъахъхъæдта, уыдон зæххæнкъуыст æмæ, цы æрцыди, æппæт уыдæттæ куы федтой, уæд тынг фæтарстысты æмæ дзырдтой: «Уый æцæгæй Хуыцауы Фырт уыди».

55 Уым уыдысты æмæ дæрддзæфæй кастысты, Йесойæн лæггад кæнынмæ Галилейæ Йæ фæдыл чи рацыд, уыцы сылгоймæгтæ дæр;

56 Уыдонимæ — магдалæйаг Мариа, Иаковы æмæ Иосифы мад Мариа, стæй Зеведейы фыртты мад.

Йесойы баныгæдтой

57 Куы баизæр, уæд æрцыд аримафейаг хъæздыг лæг Иосиф. Уый дæр Йесойы ахуыргæнинаг уыди.

58 Бацыди Пилатмæ æмæ дзы куырдта Йесойы мард. Пилат радта мард раттыны бардзырд.

59 Иосиф райста марды, батыхта йæ сыгъдæг уæздан кæттаджы

60 Æмæ йæ бавæрдта, къæдзæхы кæй скъахта, йæ уыцы ног зæппадзы. Зæппадзмæ бацæуæныл бафæлдæхта стыр дур æмæ ацыди.

61 Магдалæйаг Мариа æмæ иннæ Мариа уыдысты уым æмæ бадтысты зæппадзæн йæ бакомкоммæ.

Хъахъхъæнынц зæппадз

62 Майрæмбоны фæстæ, дыккаг бон, алчертæ æмæ фарисейтæ æрæмбырд сты Пилатмæ,

63 Æмæ загътой: «Не ’лдар, нæ зæрдыл æрлæууыд, уыцы фæливæг ма æгас куы уыд, уæд афтæ загъта: „Æртæ боны фæстæ райгас уыдзынæн“.

64 Уæдæ ратт зæппадз æртыккаг бонмæ хъахъхъæныны бардзырд, цæмæй Йæ ахуыргæнинæгтæ ма æрцæуой, ма Йæ адавой æмæ адæмæн ма зæгъой: „Мæрдтæй райгас“. Уæд фæстаг сайд фыццагæй æвзæрдæр уыдзæни».

65 Пилат сын загъта: «Акæнут æфсæддонтæ, ацæут æмæ уæ куыд фæнды, афтæ Йæ хъахъхъæнут».

66 Уыдон ацыдысты æмæ зæппадзмæ бацæуæны сæвæрдтой хъахъхъæнджытæ, дурыл та — мыхуыр.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.