Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 26-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Сусæгвæнд Йесойы ныхмæ

1 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта:

2 «Сымах зонут: дыууæ боны фæстæ уыдзæни Куадзæн, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæни байтындзынмæ».

3 Уыцы рæстæг алчертæ æмæ адæмы хистæртæ æрæмбырд сты алчер Каиафæйы галуанмæ,

4 Æмæ рахастой Йесойы хинæй æрцахсыны æмæ Йæ амарыны уынаффæ.

5 Фæлæ дзырдтой: «Æрмæст бæрæгбоны нæ, науæд адæм сызмæнтдзысты».

Йесойы байсæрстæуыди хæрздæфгæнæнæй

6 Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хæдзары.

7 Уым Æм æрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хæрздæфгæнæнæй дзаг дурынимæ, æмæ Йесо фынгыл куы бадт, уæд Ын хæрздæфгæнæн райдыдта Йæ сæрыл уадзын.

8 Йæ ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд смæсты сты æмæ дзырдтой: «Цæмæн хъуыди уыйбæрц хардз кæнын?

9 Ацы хæрздæфгæнæнæн уыди стыр аргъыл ауæйгæнæн æмæ æхца мæгуыртæн раттæн».

10 Йесо уый бамбæрста æмæ сын загъта: «Цæмæн къæмдзæстыг кæнут сылгоймаджы? Уый Мын хорз хъуыддаг сарæзта.

11 Мæгуыртæ æдзух уæ фарсмæ сты, Æз та æдзух уемæ нæ уыдзынæн.

12 Ацы хæрздæфгæнæн Мæ буарыл кæй ауагъта, уымæй Мæ æрцæттæ кодта ныгæнынмæ.

13 Æцæг уын зæгъын: ацы фарны уац æппæт дунейы хъуыстгонд кæмдæриддæр уа, уым ацы сылгоймаджы æрымысынæн загъдæуыдзæн, цы сарæзта, уый тыххæй».

Гадзрахат

14 Уæд дыууадæс ахуыргæнинагæй иу, Иудæ Искариот, ацыди алчертæм

15 Æмæ сын загъта:«Цы мын ратдзыстут, уæ къухы уын Æй куы бафтын кæнон, уæд?» Уыдон ын радтой дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы.

16 Æмæ уæдæй фæстæмæ Иудæ агуырдта Йесойы сын сæ къухтæм раттыны фадат.

Куадзæны æхсæвæр

17 Донгонд дзулты бæрæгбоны фыццаг бон Йесомæ бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Куыд Дæ фæнды, кæм Дын æрæвæрæм Куадзæны фынг?»

18 Уый сын загъта: «Ацæут сахармæ, иу адæймагмæ, æмæ йын зæгъут: „Ахуыргæнæг зæгъы: Мæ рæстæг хæстæг у. Куадзæн Мæ ахуыргæнинæгтимæ дæ хæдзары бæрæг кæндзынæн“».

19 Ахуыргæнинæгтæ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтæ, æмæ æрæвæрдтой Куадзæны фынг.

20 Куы баизæр, уæд Йесо æрбадти фынгыл Йæ дыууадæс ахуыргæнинагимæ.

21 Æмæ хæргæ куы кодтой, уæд Йесо загъта: «Æцæг уын зæгъын, уæ иу Мыл рацæудзæни гадзрахатæй».

22 Уыдон тынг æрæнкъард сты æмæ Йын радыгай райдыдтой дзурын: «Уый æз уыдзынæн, мыййаг, Хицау?»

23 Йесо сын загъта: «Цæхдоны Мемæ йæ къæбæр чи стылдта, уый Мыл рацæудзæни гадзрахатæй.

24 Æниу, Адæймаджы Фырт фæивгъуыйы, Сыгъдæг Фыст Дзы куыд зæгъы, афтæ. Фæлæ сар йæ сæр, Адæймаджы Фыртыл гадзрахатæй цы адæймаг рацæуа, уымæн. Уыцы адæймаг фæлтау куы нæ райгуырдаид, уæд ын хуыздæр уыдаид».

25 Уæд Йæ уæйгæнæг Иудæ дæр загъта: «Уый æз уыдзынæн, мыййаг, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

26 Хæргæ куы кодтой, уæд Йесо райста дзул, арфæ ракодта, асаста йæ, радта йæ ахуыргæнинæгтæн æмæ загъта: «Айсут æмæ хæрут — уый Мæ Буар у».

27 Стæй райста сæны кæхц, арфæ ракодта, радта сын æй æмæ загъта: «Уе ’ппæт дæр дзы баназут,

28 Уымæн æмæ уый Мæ Туг у — уымæй фидаргонд цæуы ног фидыд, æмæ акæлдзæни бирæтæн сæ тæригъæдтæ ныббарыны сæраппонд.

29 Зæгъын уын, нырæй фæстæмæ нал баназдзынæн ацы сæнæфсиры сæнæй, цалынмæ Мæ Фыды Паддзахады уемæ ног сæн баназон, уæдмæ».

30 Стæй азарыдысты арфæйы зарæг æмæ ацыдысты Елеоны хохмæ.

Йесо Петры тыххæй

31 Уæд сын Йесо загъта: «Ахсæв Мæ уе ’ппæт дæр ныууадздзыстут, уымæн æмæ Сыгъдæг Фыст зæгъы: „Амардзынæн фыййауы, æмæ ныххæлиу уыдзæни фысты дзуг“.

32 Фæлæ Мæ райгасы фæстæ уæ разæй ацæудзынæн Галилеймæ».

33 Петр афтæ бакодта: «Се ’ппæт дæр Дæ куы ныууадзой, уæддæр Дæ æз никуы ныууадздзынæн».

34 Йесо йын загъта: «Æцæг дын зæгъын, ахсæв уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи».

35 Петр Ын загъта: «Демæ мæ амæлын куы бахъæуа, уæддæр Дыл мæхи нæ атигъ кæндзынæн». Афтæ дзырдтой иннæ ахуыргæнинæгтæ дæр.

Йесо кувы Гефсиманийы

36 Уый фæстæ Йесо ахуыргæнинæгтимæ æрцыди, Гефсимани чи хуыйны, уыцы бынатмæ, æмæ сын загъта: «Цалынмæ ацæуон æмæ бакувон, уæдмæ уал ам абадут».

37 Йемæ ахуыдта Петры, стæй Зеведейы дыууæ фырты, æмæ райдыдта хъынцъым æмæ æрхæндæг кæнын.

38 Æмæ сын загъта: «Мæ уд мæлæтон хъынцъым кæны; фæлæуут ам Мæ фарсмæ, ма-иу бафынæй ут».

39 Иучысыл æддæдæр рацыд, зæххыл дæлгоммæ æрхауд æмæ куывта: «Мæ Фыд, кæд гæнæн ис, уæд Мæ ацы хъизæмæртты кæхцæй бахиз. Æниу, Мæн куыд фæнды, афтæ нæ, фæлæ Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

40 Йесо бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм, æмæ сæ фынæйæ куы баййæфта, уæд Петрæн загъта: «Ау, æнæ фынæйæ иу сахат Мемæ нæ бафæрæзтат?

41 Ма ныффынæй ут æмæ кувут, цæмæй фæлварæны ма бахауат. Уд цæрдæг у, буар та — æдых».

42 Ногæй та фæхибар æмæ куывта: «Мæ Фыд, кæд Мын ацы хъизæмæртты кæхцæн æнæ баназгæ нæй, уæд Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

43 Бацыди сæм æмæ та сæ баййæфта фынæйæ, уымæн æмæ сæ цæстытæ æруæззау сты.

44 Æмæ та сæ ныууагъта, фæхибар æмæ бакуывта æртыккаг хатт, уымæй размæ куыд куывта, афтæ.

45 Уæд бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын загъта: «Ныр дæр ма фынæй кæнут æмæ уæ фæллад уадзут? Мæнæ æрцыди рæстæг, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд цæуы тæригъæдджынты къухтæм.

46 Сыстут æмæ цæуæм. Мæнæ æрбаввахс и Мæ уæйгæнæг».

Йесойы æрцахстой

47 Йесо Йæ ныхас нæма фæци, афтæ æрбацыд Иудæ, дыууадæс ахуыргæнинагæй иу. Алчертæ æмæ йын адæмы хистæртæ йемæ рарвыстой бирæ адæм кæрдтæ æмæ хъилтимæ.

48 Йесойы уæйгæнæг сын радта ахæм нысан: «Кæмæн аба кæнон, Уый у, æмæ Йæ æрцахсут».

49 Æмæ уайтæккæ бацыд Йесомæ æмæ Йын загъта: «Дзæбæх у, Равви!» Æмæ Йын аба кодта.

50 Йесо йын загъта: «Хæлар, цæй тыххæй æрбацыдтæ?» Уæд бацыдысты Йесомæ, фæлæбурдтой Йæм æмæ Йæ æрцахстой.

51 Йесоимæ чи уыд, уыдонæй иу фелвæста йæ кард, ныццавта дзы алчеры цагъары æмæ йын йæ хъус ахауын кодта.

52 Уæд ын Йесо загъта: «Нывæр дæ кард йæ кæрддзæмы, уымæн æмæ кард чи сиса, уыдон се ’ппæт дæр кардæй бабын уыдзысты.

53 Æви афтæ æнхъæл дæ, æмæ ныртæккæ Мæ Фыдæй куы ракурин, уæд Мын Уый дыууадæс легионæй фылдæр зæдтæ нæ рарвитид?

54 Уæдæ куыд сæххæст уыдзæн, æппæт уыдæтты æрцыды тыххæй Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый?»

55 Уæд Йесо адæмæн загъта: «Цыма абырæджы ахсут, уыйау Ме ’рцахсынмæ кæрдтæ æмæ хъилтимæ куы рацыдыстут. Æз æрвылбон Кувæндоны [уемæ] бадтæн, ахуыр кодтон адæмы, æмæ Мæ нæ ахстат.

56 Æппæт уыдæттæ та уымæн цæуынц, цæмæй сæххæст уа, пехуымпартæ цы ныффыстой, уый». Уæд Æй ахуыргæнинæгтæ се ’ппæт дæр ныууагътой æмæ фæлыгъдысты.

Йесо — синедрионы

57 Йесойы чи æрцахста, уыдон Æй акодтой алчер Каиафæмæ. Уым æрæмбырд сты динамонджытææмæ адæмы хистæртæ.

58 Петр дæрддзæф цыди Йæ фæдыл æмæ бацыд алчеры кæртмæ. Уым æрбадти хъахъхъæнджытимæ, цæмæй фена, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый.

59 Алчертæ æмæ æппæт синедрион Йесойы ныхмæ агуырдтой мæнг æвдисæйнæгтæ, цæмæй Йын рахæссой амарыны тæрхон,

60 Фæлæ не ссардтой, кæд бирæ мæнгæвдисæнтæ æрбацыд, уæддæр. Æппынфæстаг, æрбацыди дыууæ мæнгæвдисæны

61 Æмæ загътой: «Уый дзырдта: „Мæ бон у Хуыцауы Кувæндон фехалын æмæ йæ æртæ бонмæ саразын“».

62 Уæд алчер сыстад æмæ Йесойæн загъта: «Дæ ныхмæ Дын цы æвдисæнтæ хæссынц, уыдонæн ницы дзуапп дæттыс?»

63 Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахæр цардæгас Хуыцауы раз, раст нын кæй зæгъдзынæ, уый тыххæй: Ды дæ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»

64 Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс. Фæлæ уын зæгъын: нырæй фæстæмæ Адæймаджы Фырты уындзыстут Æппæтхъомысы рахиз фарс бадгæ æмæ уæларвон æврæгътыл æрцæйцæугæ».

65 Уæд алчер арæмыгъта йæ дарæс æмæ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цæй æвдисæнтæ ма нæ хъæуы? Мæнæ уæхæдæг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!

66 Цы хъуыды уæм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамæ амæла».

67 Уæд Ын тутæ кодтой Йæ цæсгомыл, цавтой Йæ. Иннæтæ та Йæ дзæхстытæ кодтой

68 Æмæ Йын дзырдтой: «Чырысти, кæд пехуымпар дæ, уæд Дæ чи ныццавта, уый базон».

Петр йæхи атигъ кодта Йесойыл

69 Ныр Петр та кæрты бадт. Бацыд æм иу лæггадгæнæг сылгоймаг æмæ загъта: «Ды дæр Галилейаг Йесоимæ уыдтæ».

70 Фæлæ Йыл Петр се ’ппæты раз атигъ кодта йæхи: «Цы дзурыс, уый нæ зонын».

71 Петр кулдуармæ куы рацыд, уæд æй федта æндæр лæггадгæнæг сылгоймаг, æмæ уым чи уыд, уыдонæн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимæ уыди».

72 Петр та Йыл атигъ кодта йæхи æмæ расомы кодта: «Æз уыцы Адæймаджы нæ зонын».

73 Уым чи лæууыд, уыдон чысыл фæстæдæр бацыдысты Петрмæ æмæ йын загътой: «Ды дæр бæлвырд уыдонæй дæ — де ’взаджы здæхт дыл комдзог цæуы».

74 Уæд Петр райдыдта ард хæрын æмæ Хуыцауæй сомы кæнын: «Æз уыцы Адæймаджы нæ зонын». Æмæ уыйадыл уасæг ныууасыд.

75 Æмæ Петры зæрдыл æрлæууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи». Петр рацыд æддæмæ æмæ судзаг цæссыгтæй ныккуыдта.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.