Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 24-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Пехуымпар ныхас Кувæндоны тыххæй

1 Йесо Кувæндонæй куы рацæйцыд, уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ, цæмæй Йын фенын кæной Кувæндоны бæстыхæйттæ.

2 Йесо сын загъта: «Уынут æппæт уыдæттæ? Æцæг уын зæгъын: афтæ ныппырх уыдзысты, æмæ дзы ам дур дурыл нал баззайдзæн».

Бæллæхты райдайæн

3 Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уæд Æм Йæ ахуыргæнинæгтæ хибарæй бацыдысты æмæ Йæ бафарстой: «Зæгъ-ма нын, уый кæд уыдзæн æмæ цæмæй бæрæг уыдзæни Де ’рцыды æмæ дунейы фæуды афон?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Уæхи хизут, цæмæй уæ мачи фæсайа.

5 Уымæн æмæ бирæтæ æрцæудзысты æмæ дзурдзысты: „Æз Чырысти дæн“, æмæ бирæты фæсайдзысты.

6 Ноджы ма фехъусдзыстут æввахс æмæ дард хæстыты тыххæй. Ма тæрсут — æппæт уыдæттæн æнæрцæугæ нæй, фæлæ уый кæрон нæма уыдзæни.

7 Сыстдзысты адæм адæмы ныхмæ æмæ паддзахад паддзахады ныхмæ, ранæй-рæтты скæндзæни стонг рæстæг, уыдзæни зæххæнкъуыстытæ.

8 Æппæт уыдæттæ арæг сылгоймаджы хъизæмæртты райдайæнау уыдзысты.

9 Уæд уæ æгъатырæй æфхæрдзысты æмæ уæ мардзысты, æмæ Мæ номы тыххæй æппæт адæмтæн уыдзыстут æнæуынон.

10 Уæд бирæтæ ныууадздзысты уырнындзинад, кæрæдзийыл рацæудзысты гадзрахатæй æмæ кæрæдзийæ уындзысты се сæфт.

11 Фæзындзæни бирæ мæнгпехуымпартæ æмæ бирæты асайдзысты.

12 Æмæ тæригъæды сарæхы аххосæй бирæтæн бамынæг уыдзæни сæ уарзондзинад.

13 Фæлæ кæронмæ чи бафæраза, уый фервæздзæн.

14 Æмæ ацы фарны уац фæхæццæ уыдзæни дунейы æппæт кæрæттæм, æппæт адæмтæ дæр фехъусдзысты Уæларвон Паддзахады тыххæй, æмæ уæд æрцæудзæни кæрон.

Æрцæуинаг бæллæхтæ

15 Уæдæ Даниил пехуымпары дзыхæй Хуыцау куыд загъта, афтæ Сыгъдæг Бынаты „æлгъаг гæныстон“ куы фенат, — чиныгкæсæг æй бамбарæд, —

16 Уæд Иудейæйы чи уа, уыдон лидзæнт хæхтæм.

17 Уæлхæдзар чи уа, уый йæ хæдзармæ ма æрхизæд уырдыгæй исты рахæссынмæ.

18 Быдыры чи уа, уый дæр ма раздæхæд йæ дарæс рахæссынмæ.

19 Уæд додоййаг уыдзысты сывæрджынтæ æмæ дзидзидарджытæ.

20 Кувут, цæмæй уæ ма бахъæуа зымæджы кæнæ сабаты лидзын.

21 Уымæн æмæ уæд уыдзæни, Хуыцау дуне куы сфæлдыста, уæдæй нырмæ чи нæма уыд æмæ нал уыдзæн, ахæм стыр бæллæх.

22 Æмæ уыцы бонтæ Хуыцау куы нæ фæцыбыр кодтаид, уæд иу адæймаг дæр нæ фервæзтаид. Фæлæ æвзæрстыты сæраппонд Хуыцау уыцы бонтæ фæцыбыр кæндзæн.

23 Уæд уын исчи куы зæгъа: „Мæнæ ам ис Чырысти“, кæнæ: „Уым ис“, — ма уæ бауырнæд.

24 Уымæн æмæ фæзындзысты мæнгчырыститæ æмæ мæнгпехуымпартæ, равдисдзысты стыр æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ, цæмæй, гæнæнæмæамалæй, асайой æвзæрстыты дæр.

25 Ныр уын уыдæтты тыххæй загътон рагацау.

26 Уæдæ уын куы зæгъой: „Чырысти æдзæрæг ран ис“, — ма ацæут, кæнæ: „Мæнæ рæбинаг уаты ис Уый“, — ма уæ бауырнæд.

27 Уымæн æмæ, æрвæрттывд скæсæнæй суанг ныгуылæнмæ куыд фæзыны, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыд дæр.

28 Холы кæм уа, уым æрæмбырд уыдзысты цæргæстæ.

Адæймаджы Фырты æрцыд

29 Уыцы бæллæхты хæдуæлвæд баталынг уыдзæни хур, мæй нал ратдзæн йæ рухс, стъалытæ æрхаудзысты арвæй, æмæ уæларвон тыхтæ нынкъуысдзысты.

30 Уæд арвыл фæзындзæн Адæймаджы Фырты æвдисæйнаг. Скæудзысты æппæт зæххон адæмтæ æмæ Адæймаджы Фырты фендзысты стыр тых æмæ намысимæ уæларвон æврæгътыл æрцæйцæугæ.

31 Сыкъауадындз хъæрæй ныууасдзæн, æмæ Адæймаджы Фырт рарвитдзæн Йæ зæдты, æмæ Йын Йе ’взæрстыты æрæмбырд кæндзысты алы рæттæй — арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ.

Фæсномыг ныхас легъуибæласы тыххæй

32 Райсут цæвиттонæн легъуибæлас: йæ къалиутæ куы сфæлмæн вæййынц æмæ сыфтæр куы рафтауынц, уæд фæзонут, сæрд кæй æрæввахс.

33 Уæдæ сымах æппæт уыдæттæ куы фенат, уæд-иу зонут, афон кæй æрæввахс, ныридæгæн къæсæрыл кæй ис, уый.

34 Æцæг уын зæгъын: ацы фæлтæр нæма аивгъуыйдзæни, цалынмæ æппæт уыдæттæ æрцæуой.

35 Арв æмæ зæхх нал уыдзысты, Мæ ныхæстæ та мыггагмæ дæр уыдзысты сæ тыхы.

Бон æмæ сахат ничи зоны

36 Уыцы бон æмæ сахаты тыххæй ничи зоны: нæдæр уæларвон зæдтæ, нæдæр Фырт — æрмæст æй Фыд зоны.

37 Фæлæ Нойы бонты куыд уыдис, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыды рæстæг дæр.

38 Цалынмæ Ной наумæ нæ бацыд æмæ доны хъаймæт нæ райдыдта, уæдмæ хордтой æмæ нуæзтой, хастой устытæ æмæ цыдысты моймæ.

39 Æмæ æнхъæл нæ уыдысты, цалынмæ доны хъаймæт æрцыд æмæ се ’ппæты дæр фесæфта, уæдмæ. Адæймаджы Фырты æрцыд дæр афтæ уыдзæн.

40 Уæд дыууæ лæджы уыдзысты быдыры — сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

41 Дыууæ сылгоймаджы æрмгуыройыл сдзысты хор — сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

42 Уæдæ къæрцхъус ут, уымæн æмæ уæ Хицау кæд æрцæудзæн, уый нæ зонут.

43 Сымахæн зындгонд у: хуыснæг кæцы сахатыл æрцæудзæн, уый хæдзары хицау куы зыдтаид, уæд уыдаид къæрцхъус æмæ йæ хæдзар фæкъахын нæ бауагътаид.

44 Уымæ гæсгæ сымах дæр цæттæ ут, уымæн æмæ æнхъæл кæд нæ уат, уæд æрцæудзæн Адæймаджы Фырт.

Хорз æмæ æвзæр цагъар

45 Чи у иузæрдион æмæ зондджын цагъар? Хæринаг сын афоныл дæттыны тыххæй хæдзары хицау йæ цагъартæн хистæрæй кæй сæвæрдзæн?

46 Тæхудиаг уыдзæн уыцы цагъар, йæ хицау куы æрцæуа, уæд афтæмæй кæй æрæййафа.

47 Æцæг уын зæгъын, йеппæт исбон бакæндзæн уый бар.

48 Фæлæ уыцы цагъар фыдзæрдæ куы уа æмæ хинымæр афтæ куы зæгъа: „Мæхицау рæхджы не ’рцæудзæн“,

49 Æмæ куы байдайа йе ’мбæлтты нæмын, расыггæнджытимæ хæрын æмæ нуазын,

50 Уæд уыцы цагъарæн йæ хицау æрцæудзæн, кæд æм не ’нхъæлмæ кæса, уыцы бон, æмæ æнхъæл кæд нæ уа, уыцы сахат,

51 Æгъатырæй йæ бафхæрдзæн æмæ йын цæстмæхъусты хал ахæрын кæндзæн. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.