Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 23-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Цæстмæхъус динамонджытæ æмæ фарисейтæ

1 Уæд Йесо дзурын райдыдта адæмæн æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæн:

2 «Моисейы бадæны æрбадтысты динамонджытæ æмæ фарисейтæ.

3 Æмæ уын цы зæгъынц, уый кæнут, фæлæ сын сæ хъуыддæгтæ ма фæзмут, уымæн æмæ уыдон цы фæзæгъынц, уый сæхæдæг нæ кæнынц.

4 Бæттынц уæззау, зынхæссæн уæргътæ æмæ сæ æвæрынц адæмы æккой, сæхæдæг та сæм сæ ныхы кæронæй дæр не ’вналынц.

5 Сæ алы хъуыддаг дæр адæмы цæстмæ кæнынц. Æфтауынц се ’вæрæнты уæрхыл æмæ сæ дарæсы коцоратыл;

6 Уарзынц минасы фынгтыл уæле æмæ синагогæты раззаг бынæтты бадын;

7 Уарзынц, цæмæй сын сахарты фæзты адæм кæной арфæтæ æмæ сæ хоной: „Ахуыргæнæг! Ахуыргæнæг!“

8 Сымах та ахуыргæнджытæ ма хонæнт, уымæн æмæ уын ис иу Ахуыргæнæг — Чырысти, сымах та уе ’ппæт дæр æфсымæртæ стут.

9 Æмæ зæххыл уæ фыд дæр макæй хонут, уымæн æмæ уын иу фыд ис — Уæларвон Фыд.

10 Зондамонджытæ дæр уæ ма хонæнт, уымæн æмæ уын ис иу Зондамонæг — Чырысти.

11 Уе ’хсæн уæлдæр чи у, уый уын уæд лæггадгæнæг.

12 Уымæн æмæ йæхи чи бæрзонд кæны, уый æрныллæг уыдзæни. Йæхи чи ныллæг кæны, уый та сбæрзонд уыдзæни.

13 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Адæмæн æхгæнут Уæларвон Паддзахадмæ дуар; уæхæдæг дæр æм нæ цæут, æмæ йæм бацæуын кæй фæнды, уыдоны дæр нæ уадзут.

14 [Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах хæрут идæдзты хæдзæрттæ æмæ бирæ кувут цæстмæ. Уый тыххæй баййафдзыстут карз æфхæрд.]

15 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах æрзилут денджыз æмæ зæххыл, цæмæй иу адæймаджы уæддæр раздахат уæ динмæ, æмæ уый уæ къухы куы бафты, уæд дзы скæнут зындоны хъæбул — уæхицæй дыууæ хатты æвзæрдæр.

16 Сар уæ сæр, куырм фæтæгтæ! Сымах дзурут: „Исчи Кувæндонæй куы басомы кæна, уæд уый ницы у, фæлæ Кувæндоны сызгъæринæй чи басомы кæна, уый йæ сомы ма басæттæд“.

17 Æнæзæндтæ æмæ куырмытæ! Ахсджиагдæр цы у, сызгъæрин æви Кувæндон — сызгъæрин сыгъдæггæнæг?

18 Ноджы фæзæгъут: „Нывондхæссæнæй исчи куы басомы кæна, уæд уый ницы у, фæлæ нывондхæссæныл цы нывонд ис, уымæй чи басомы кæна, уый йæ сомы ма басæттæд“.

19 [Æдылытæ æмæ] куырмытæ! Ахсджиагдæр цы у, нывонд æви нывондхæссæн — нывонд сыгъдæггæнæг?

20 Уæдæ нывондхæссæнæй сомыгæнæг сомы кæны нывондхæссæнæй дæр æмæ йыл цы æвæрд ис, æппæт уыдæттæй дæр.

21 Кувæндонæй сомыгæнæг сомы кæны кувæндонæй, стæй дзы Чи цæры, Уымæй дæр.

22 Арвæй сомыгæнæг сомы кæны Хуыцауы бадæнæй æмæ уыцы бадæны Бадæгæй.

23 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Моисейы Æгъдаумæ гæсгæ суанг битъына, хъонтхора æмæ зирайы дæсæймаг хай дæттут, йæ ахъаззæгтæ — рæстдзинад, иннæйы барæвдауын æмæ уырнындзинад та ницæмæ дарут. Сымахæн æмбæлд адæттæ кæнын æмæ уыдæттæ дæр рохуаты нæ ныууадзын.

24 Куырм фæтæгтæ, къогъойы чи фæрсудзы æмæ теуайы чи ныхъуыры!

25 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах къус æмæ тæбæгъ æддейæ сыгъдæг кæнут; дзаг цæмæй сты, уый та уæ къухы бафтыд, кæрæф æмæ æнæфсис кæй стут, уый руаджы.

26 Куырм фарисей! Фыццаг уал къус æмæ тæбæгъ ссыгъдæг кæн мидæгæй, æмæ уæд æддейæ дæр уыдзысты сыгъдæг.

27 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах чъырæйцагъд зæппæдзты хуызæн стут — уыдон æддейæ рæсугъд зынынц, мидæгæй та дзаг сты мæрдты стджытæ æмæ алы чъизитæй.

28 Афтæ сымах дæр уæ бакастæй адæммæ рæстгæнджытæ кæсут, мидæгæй та дзаг стут цæстмæми æмæ тæригъæдæй.

29 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Пехуымпартæн аразут зæппæдзтæ, рæсугъд кæнут рæстыты цыртытæ,

30 Æмæ фæзæгъут: „Нæ фыдæлты рæстæг куы цардаиккам, уæд пехуымпарты туг ныккалджытимæ æмдзæхдон нæ уыдаиккам“.

31 Афтæмæй æвдисæн лæуут уæхи ныхмæ, пехуымпарты марджыты байзæддаг кæй стут, уый тыххæй.

32 Уæдæ бафтаут уæ фыдæлты азымыл.

33 Кæлмытæ æмæ калмы цот! Куыд фервæздзыстут зындонмæ уæ ныппарыны тæрхонæй?

34 Уый тыххæй уæм мæнæ Æз æрвитын пехуымпарты, зондджынты æмæ динамонджыты. Иуты дзы амардзыстутæмæбайтындздзыстут, иннæты нæмдзыстут ехсæй уæ синагогæты æмæ сæ сурдзыстут иу сахарæй иннæ сахармæ.

35 Уымæ гæсгæ уын, зæххыл цы рæстаг туг фæкалд, уый иууылдæр фидинаг у: рæстгæнæг Авелы тугæй, Кувæндонæй нывондхæссæны æхсæн кæй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг.

36 Æцæг уын зæгъын, æппæт уыцы фыдракæндты тыххæй æфхæрд баййафдзæн ацы фæлтæр.

Йесо кæуы Иерусалимыл

37 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марæг æмæ дæумæ æрвыстыты дуртæй цæгъдæг! Цал хатты Мæ фæндыди, маргъ йæ лæппынты йæ базырты бын куыд бакæны, афтæ дæ хъæбулты æрæмбырд кæнын, фæлæ сымах нæ бафæндыди!

38 Ныр уын уæ хæдзар уагъдæуы æнæхицау æмæ афтидæй.

39 Уымæн æмæ уын зæгъын, цалынмæ афтæ зæгъат: „Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг!“, уæдмæ Мæ нал фендзыстут».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.