Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 21-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесо æрцыд Иерусалиммæ

1 Иерусалиммæ сæ бирæ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимæ куы бахæццæ сты, уæд Йесо арвыста дыууæ ахуыргæнинаджы,

2 Æмæ сын загъта: «Ацæут, уæ ныхмæ цы хъæу ис, уырдæм. Уым уайтæккæ ссардзыстут баст хæрæджы къæлæуимæ. Суадзут сæ æмæ сæ æркæнут Мæнмæ.

3 Исчи уын исты куы зæгъа, уæд дзуапп раттут, уыдон Хицауы хъæуынц, зæгъгæ, æмæ уын сæ уайтæккæ ратдзысты».

4 Æппæт уыдæттæ æрцыдысты, цæмæй сæххæст уа, пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

5 «Зæгъут Сионы чызгæн: мæнæ дæм дæ æвæлмас Паддзах фæцæуы хæрæгыл æмæ æрыгон къæлæуыл — кусæг хæрæджы лæппыныл — бадгæйæ».

6 Ахуыргæнинæгтæ ацыдысты æмæ бакодтой, Йесо сын куыд бафæдзæхста, афтæ.

7 Æркодтой хæрæг æмæ къæлæуы, æрæвæрдтой сыл сæ дарæстæ, æмæ Йесо сæ уæлæ сбадти.

8 Бирæ адæм сæ дарæстæ байтыдтой фæндагыл, иннæтæ та лыг кодтой бæлæсты къалиутæ æмæ сæ калдтой фæндагмæ.

9 Йесойæн Йæ разæй æмæ Йæ фæстæ цы адæм цыд, уыдон хъæр кодтой: «Осаннæ Давиды Фыртæн! Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг! Осаннæ уæлæрвты!»

10 Йесо Иерусалиммæ куы бахæццæ, уæд æгас сахар дæр базмæлыд æмæ фарстой: «Уый Чи у?»

11 Адæм та дзырдтой: «Уый Йесо пехуымпар у, галилейаг Назаретæй».

Йесо сыгъдæг кæны Кувæндон

12 Йесо Кувæндонмæ бацыд æмæ — уæйгæнæгæй, æлхæнæгæй — се ’ппæты дæр ратардта, æхцаивджытæн афæлдæхта сæ фынгтæ, бæлæттæ уæйгæнджытæн та — сæ бандæттæ.

13 Æмæ сын загъта: «Фыст у: „Мæ хæдзар кувæн хæдзар схуындæуыдзæн“; сымах та дзы абырджыты лæгæт аразут».

14 Кувæндоны Йæм бацыдысты куырмытæ æмæ къуылыхтæ, æмæ сæ Уый сдзæбæх кодта.

15 Йесо цы диссæгтæ сарæзта, уыдæттæ алчертæ æмæ динамонджытæ куы федтой, стæй Кувæндоны «Осаннæ Давиды Фыртæн!», зæгъгæ, чи хъæр кодта, уыцы сывæллæтты, уæд смæсты сты,

16 Æмæ Йын загътой: «Хъусыс, цытæ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, никуы бакастыстут: „Ды бакодтай афтæ, æмæ сабитæ æмæ дзидзидайтæ стауынц Дæу?“»

17 Йесо сæ ныууагъта, сахарæй ацыди Вифанимæ æмæ Йе ’хсæв арвыста уым.

Æлгъыст легъуибæлас

18 Райсомæй раджы сахармæ куы здæхтысты, уæд Йесо сыстонг.

19 Фæндаггæрон федта иу легъуибæлас, бацыд æм, фæлæ йыл сыфтæрты йеддæмæ ницы ссардта. Уæд ын загъта: «Нырæй фæстæмæ дыл мыггагмæ иу гага дæр мауал æрзайæд». Æмæ легъуибæлас уайтæккæ бахус.

20 Ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд сæм диссаг фæкаст æмæ дзырдтой: «Легъуибæлас уайтæккæ куыд бахус?»

21 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг уын зæгъын: уырнындзинад уæм куы уа æмæ куы нæ фæгуырысхо уат, уæд бакæндзыстут, легъуибæласыл цы æрцыд, æрмæст уый нæ, фæлæ ацы хохæн дæр куы зæгъат: „Фæхицæн у зæххæй æмæ денджызы дæхи баппар“, — уæд уыдзæн афтæ.

22 Æмæ уæм уырнындзинад куы уа, уæд уæ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут».

Йесойæн ахæм бар чи радта

23 Йесо Кувæндонмæ куы æрцыд æмæ адæмы куы ахуыр кодта, уæд Æм бацыдысты алчертæ æмæ адæмы хистæртæ, æмæ Йæ бафарстой: «Ды цавæр хъаруйæ кæныс æппæт уыдæттæ? Уыцы бар Дын чи радта?»

24 Йесо сын дзуапп радта: «Æз дæр уæ бафæрсдзынæн цæмæйдæр, æмæ Мын дзуапп куы раттат, уæд уын зæгъдзынæн, цавæр хъаруйæ сæ кæнын, уый.

25 Иоанн цы аргъуыдæй аргъуыдта, уый кæмæй уыд: уæларвæй æви адæмæй?» Уыдон кæрæдзийæн дзырдтой: «„Уæларвæй“ куы зæгъæм, уæд бафæрсдзæн: „Уæдæ цæуылнæ баууæндыдыстут Иоанныл?“

26 „Адæмæй“ куы зæгъæм, уæд та нын адæмæй тæссаг у, уымæн æмæ се ’ппæт дæр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».

27 Æмæ дзуапп радтой Йесойæн: «Нæ зонæм». Йесо дæр сын загъта: «Уæдæ уын Æз дæр нæ зæгъдзынæн, цавæр хъаруйæ сæ кæнын, уый.

Фæсномыг ныхас дыууæ фырты тыххæй

28 Куыд уæм кæсы? Иу лæгæн уыди дыууæ фырты. Бацыди сæ иумæ æмæ йын загъта: „Мæ хъæбул, ацу æмæ абон бакус мæ сæнæфсирдоны“.

29 Уый дзуапп радта: „Нæ мæ фæнды“, фæлæ фæстæдæр æрхудт йæхиуыл æмæ ацыди.

30 Бацыд иннæ фыртмæ, æмæ уымæн дæр загъта афтæ. Уый йын дзуапп радта: „Фæцæуын, ме ’лдар“, фæлæ нæ ацыди.

31 Уыцы дыууæйæ йæ фыды фæндон чи сæххæст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Йесо сын загъта: «Æцæг уын зæгъын, хъалонисджытæ æмæ хъахбайтæ уæ разæй цæуынц Хуыцауы Паддзахадмæ.

32 Уымæн æмæ Иоанн æрцыди сымахæн раст фæндаг бацамонынмæ, æмæ йыл нæ баууæндыдыстут, хъалонисджытæ æмæ йыл хъахбайтæ та баууæндыдысты. Сымах уый федтат, фæлæ уæддæр не ’рфæсмон кодтат æмæ йыл нæ баууæндыдыстут.

Фæсномыг ныхас фыдзæрдæ æххуырстыты тыххæй

33 Байхъусут æндæр фæсномыг ныхасмæ. Иу хицау ныссагъта сæнæфсирдон, йæ алыварс ын сарæзта æмбонд, скъахта дзы сæндуцæн, самадта дзы мæсыг, радта йæ æххуырст кусджытæм æмæ ацыди балцы.

34 Гагадыргъты рæгъæдафон куы æрхæстæг, уæд йæ цагъарты йæ сæнæфсир райсынмæ арвыста æххуырст кусджытæм.

35 Æххуырст кусджытæ йын æрцахстой йæ цагъарты,æмæдзы кæй нæмгæ фæкодтой, кæй дзы маргæ акодтой, кæй та дзы дуртæй фæхостой.

36 Арвыста сæм æндæр цагъарты — фыццæгтæй фылдæр. Æмæ уыдонæн дæр бакодтой афтæ.

37 Æппынфæстаг сæм арвыста йæ фырты; загъта, мæ фыртæй мын фефсæрмы уыдзысты, зæгъгæ.

38 Фæлæ йын æххуырст кусджытæ йæ фырты куы федтой, уæд кæрæдзийæн загътой: „Уый йæ бындар у. Цом, амарæм æй, æмæ йын йæ бынтæ нæхи бакæнæм“.

39 Æмæ йæ æрцахстой, раппæрстой йæ сæнæфсирдонæй æмæ йæ амардтой.

40 Ныр сæнæфсирдоны хицау куы æрцæуа, уæд цы бакæндзæн уыцы æххуырст кусджытæн?»

41 Йесойæн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгæнджыты амардзæни хъизæмары мæлæтæй, сæнæфсирдон та ратдзæн æндæр æххуырст кусджытæм, афоныл ын сæнæфсир чи дæтта, ахæмтæм».

42 Йесо сын загъта: «Ау, Сыгъдæг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытæ цы дурыл нæ барвæссыдысты, уый сси сæрæвæрæн. Уый Хуыцауы фæндæй у, æмæ уыцы диссаг мах уынæм?“

43 Уымæ гæсгæ уын зæгъын, сымахæй ист æрцæудзæни Хуыцауы Паддзахад æмæ лæвæрд уыдзæни, пайда чи дæтты, уыцы адæмæн.

44 Уыцы дурыл чи æрхауа, уый ныппырх уыдзæн, йæхæдæг кæуыл æрхауа, уый та ныцъцъæл кæндзæн».

45 Алчертæ æмæ фарисейтæ Йесойы фæсномыг ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд бамбæрстой, уыдоны тыххæй кæй дзырдта, уый.

46 Æмæ Йæ хъавыдысты æрцахсынмæ, фæлæ адæмæй нæ бауæндыдысты, уымæн æмæ Йæ адæм пехуымпарыл нымадтой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.