Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. Дыккæгæм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Стъалыдæсныты æрцыд

1 Йесо райгуырд иудейаг Вифлеемы, Ирод паддзахиуæг куы кодта, уæд. Уыцы рæстæг Иерусалиммæ скæсæнæй æрцыдысты стъалыдæснытæ æмæ бафарстой:

2 «Кæм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скæсæнæй ссæугæ, æмæ æрцыдыстæм, цæмæй Йæм бакувæм».

3 Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уæд скатай, йемæ скатай æппæт Иерусалим дæр.

4 Уæд æрæмбырд кодта æппæт иудейаг алчерты æмæ динамонджыты, æмæ сæ бафарста: «Чырысти кæм хъуамæ райгуыра?»

5 Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымæн æмæ афтæ фыст у пехуымпармæ:

6 „Ды дæр, Вифлеем, Иудæйы зæхх, ницæмæй къаддæр дæ Иудæйы сæйраг сахартæй, уымæн æмæ дæуæй рацæудзæни Фæтæг æмæ хиздзæни Мæ адæмы —Израилы“».

7 Ирод сусæгæй басидти стъалыдæснытæм æмæ уыдонæй базыдта, стъалы кæд фæзынд, уыцы афон.

8 Уæд сæ арвыста Вифлееммæ æмæ сын бафæдзæхста: «Ацæут æмæ бæлвырд базонут Сывæллоны тыххæй, æмæ Йæ куы ссарат, уæд мын фехъусын кæнут, æз дæр ацæуон æмæ Йæм бакувон».

9 Уыдон байхъуыстой паддзахмæ æмæ ацыдысты. Скæсæны цы стъалы федтой, уый цыди сæ разæй, æппынфæстаг æрбахæццæ æмæ æрлæууыди, Сывæллон кæм уыди, уыцы бынаты сæрмæ.

10 Стъалы куы федтой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыди.

11 Хæдзармæ куы бацыдысты, уæд федтой Сывæллоны Йæ Мад Мариаимæ, æрзоныг сты æмæ Йæм бакуывтой. Стæй систой сæ хæзнатæ æмæ Йын ракодтой лæвæрттæ: сызгъæрин, буд æмæ смирнæ.

12 Æмæ уырдыгæй æндæр фæндагыл ацыдысты сæхи бæстæмæ, уымæн æмæ сын фыны загъдæуыд, цæмæй мауал аздæхой Иродмæ.

Алыгъдысты Мысырмæ

13 Уыдон куы ацыдысты, уæд Хуыцауы зæд фыны фæзынд Иосифмæ æмæ йын загъта: «Сыст, ракæн Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ алидз Мысырмæ, æмæ дын цалынмæ зæгъон, уæдмæ уым цæр, уымæн æмæ Иродæн йæ зæрды ис Сывæллоны ссарын æмæ Йæ амарын».

14 Иосиф сыстади, уыцы æхсæв ракодта Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ ацыд Мысырмæ.

15 Æмæ уым фæци Ироды амæлæтмæ. Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпары дзыхæй Хуыцау цы загъта, уый: «Æз Мæ Фырты ракодтон Мысырæй».

Ирод мары сывæллæтты

16 Стъалыдæснытæ йыл сайдæй кæй рацыдысты, уый Ирод куы бамбæрста, уæд тынг смæсты, Вифлееммæ æмæ йæ алфамбылаймæ арвыста, дыууæ азæй къаддæр кæуыл цыд, æппæт уыцы лæппуты амарынмæ. Ирод стъалыдæснытæй куыд базыдта, афтæмæй Ноггуырд уыди ахæм кары.

17 Уæд сæххæст, Иереми пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

18 «Рамæйы хъуысы дзыназын, кæуын æмæ зæрдæхалæн хъарæг. Рахил кæуы йæ хъæбултыл, æмæ йæм ныфсæвæрæнтæ нæ хъарынц, уымæн æмæ йæ хъæбултæ æгас нал сты».

Æрцыдысты Назаретмæ

19 Ироды амæлæты фæстæ Хуыцауы зæд фыны фæзынд Иосифмæ Мысыры,

20 Æмæ йын загъта: «Сыст, ракæн Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ ацу Израилы зæхмæ — Сывæллоны амарынмæ чи хъавыди, уыдон амардысты».

21 Иосиф сыстади, ракодта Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ æрцыд Израилы зæхмæ.

22 Фæлæ Архелай йæ фыд Ироды бæсты Иудейæйы паддзахиуæг кæй кæны, Иосиф уый куы фехъуыста, уæд уырдæм цæуын нал бауæндыди.Фыны йын загъдæуыд, æмæ ацыди Галилейы зæхмæ.

23 Æрцыд æмæ æрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпарты дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Схондзысты Йæ Назорей».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.