Ног Фæдзæхст
Матфейы Евангели. 16-æм сæр
Йесойæ домынц æвдисæйнаг
1 Йесомæ бацыдысты фарисейтæ æмæ саддукейтæ, æмæ Дзы Йæ бафæлварыны тыххæй домдтой уæларвæй сын æвдисæйнаг равдисын.
2 Йесо сын дзуапп радта: «Изæрæй сымах фæзæгъут: „Боныхъæд хорз уыдзæн — арв сырх у“.
3 Райсомæй та фæзæгъут: „Къæвда уыдзæн абон — арв сырх æмæ хъуынтъыз у“. [Цæстмæхъустæ!] Арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уæд ацы рæстæджы цаутæ раиртасын нæ фæразут?
4 Хуыцауы ныууадзæг хæлд фæлтæр æвдисæйнаг домы, фæлæ йын Ионæйы диссагæй дарддæр æндæр æвдисæйнаг нæ рардæуыдзæн». Уыйадыл сæ ныууагъта æмæ ацыд уырдыгæй.
Фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæн
5 Йæ ахуыргæнинæгтæ бæлæгъы бацыдысты денджызы иннæ фарсмæ. Семæ сæ дзултæ райсын ферох.
6 Йесо сын загъта: «Хъусут, уæхи хизут фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæнæй».
7 Æмæ ахуыргæнинæгтæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Дзул нæ райстам немæ».
8 Йесо сæ бамбæрста, æмæ сын загъта: «Цæмæн дзурут, лæмæгъ уырнджытæ, дзул уæм кæй нæй, уый тыххæй?
9 Ау, нæма йæ бамбæрстат? Фондз мин лæгæн фондз дзулы куыд сфаг æмæ цал чыргъæды байдзаг кодтат, уый уæ зæрдыл нал лæууы?
10 Цыппар минæн авд дзулы куыд сфаг æмæ уæлдæйттæй цал чыргъæды байдзаг кодтат, уый дæр уæ ферох?
11 Ау, Мæ ныхас дзулы тыххæй кæй нæ уыд, уый куыд нæ æмбарут? Уæхи хизут фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæнæй».
12 Уæд бамбæрстой: Йесо сын дзырдта дзулы æнхъизæнæй нæ, фæлæ фарисейты æмæ саддукейты ахуырадæй сæхи бахизыны тыххæй.
Петр Йесойы схуыдта Хуыцауы Фырт
13 Йесо Филиппы Кесарийы зæхмæ куы æрцыди, уæд бафарста Йæ ахуыргæнинæгты: «Мæн, Адæймаджы Фырты, адæм кæуыл нымайынц?»
14 Уыдон Ын загътой: «Иутæ — Аргъауæг Иоанныл, иннæтæ — Илиайыл, аннæтæ та — Иеремийыл кæнæ пехуымпартæй иуыл».
15 Йесо сæ бафарста: «Сымах та Мæ кæуыл нымайут?»
16 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дæ, цардæгас Хуыцауы Фырт».
17 Уæд ын Йесо загъта: «Тæхудиаг дæ, Ионæйы фырт Симон, уымæн æмæ дын уый адæймаг нæ раргом кодта, фæлæ Мæ Уæларвон Фыд.
18 Æз дын зæгъын: ды дæ Петр, æмæ уыцы дурыл Æз сараздзынæн Мæ аргъуан, æмæ йæ зындоны тыхтæ нæ басæтдзысты.
19 Æздæм ратдзынæн Уæларвон Паддзахады дæгъæлтæ. Зæххыл бар цæмæн нæ раттай, уымæн уæлæрвты дæр бар лæвæрд нæ уыдзæн; зæххыл бар цæмæн раттай, уымæн та уæлæрвты дæр рардæуыдзæн бар».
20 Уæд Йесо бафæдзæхста Йæ ахуыргæнинæгтæн, цæмæй макæмæн зæгъой, Уый Чырысти кæй у, уый тыххæй.
Йесо зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй
21 Уæдæй фæстæмæ Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн æргом кæнын райдыдта: хъуамæ ацæуа Иерусалиммæ æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзара адæмы хистæртæ, алчертæ æмæ динамонджыты къухтæй; амардæйæуыдзæн æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн.
22 Уæд Æй Петр фæхибар кодта æмæ Йын райдыдта уайдзæф кæнын: «Хуыцау Дæ уымæй бахизæд, Хицау! Уыцы бæллæх дыл ма æрцæуæд!»
23 Йесо разылд æмæ Петрæн загъта: «Фесæф Мæ цурæй, хæйрæг! Ды Мын цæлхдур дæ, уымæн æмæ дæ хъуыдытæ, Хуыцауы фæндон цы у, ууыл нæ, фæлæ адæймаджы фæндон цы у, ууыл сты».
Куыд цæугæ у Йесойы фæдыл
24 Уæд Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта:«Мæ фæдыл цæуын кæй фæнды, уый йæхи ферох кæнæд, райсæд йæ дзуар æмæ рацæуæд Мæ фæдыл.
25 Уымæн æмæ йæ цард бахъахъхъæнын кæй фæнды, уый йæ фесафдзæн; йæ цард Мæ сæраппонд чи фесафа, уый та йæ ссардзæн.
26 Адæймаг æгас дуне йæхи куы бакæна, йæ уд та куы фесафа, уæд ын уый цы пайда у? Кæнæ йæм цы разындзæн, йæ уд цæмæй балхæна, ахæмæй?
27 Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт æрцæудзæн Йæ Фыды намысимæ, Йæ зæдтимæ, æмæ алкæмæн дæр ратдзæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.
28 Æцæг уын зæгъын: ам чи лæууы, уыдонæй иуæй-иутæ нæ амæлдзысты, цалынмæ Адæймаджы Фырты паддзахы бартимæ æрцæугæ феной, уæдмæ».