Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. 11-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

1 Йесо Йæ дыууадæс ахуыргæнинагæн уыдæттæ куы бафæдзæхста, уæд уырдыгæй ацыди бæстæйы сахартæм амонынмæ æмæ фарны уац хъусын кæнынмæ.

Аргъауæг Иоанны минæвæрттæ

2 Иоанн ахæстоны куы фехъуыста Чырыстийы хъуыддæгты тыххæй, уæд Æм йæ ахуыргæнинæгты рарвыста бафæрсынмæ:

3 «Æрцæуинаг Чи у, Уый Ды дæ, æви æндæрмæ æнхъæлмæ кæсæм?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Цæут æмæ зæгъут Иоаннæн, цы хъусут æмæ цы уынут, уый:

5 Куырмытæ райдыдтой уынын, къуылыхтæ — цæуын, хъотырджынтæ дзæбæх кæнынц, къуырматæ райдыдтой хъусын, мæрдтæ æгас кæнынц, мæгуыртæ хъусынц фарны уац.

6 Æмæ тæхудиаг у, Мæныл чи нæ фæкæла, уый».

7 Уыдон куы ацыдысты, уæд Йесо адæмæн райдыдта Иоанны тыххæй дзурын: «Цы уынынмæ цыдыстут æдзæрæг бæстæмæ? Дымгæ кæй æнкъусы, уыцы хъæз уынынмæ?

8 Уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Зынаргъ дарæс кæуыл ис, ахæм лæджы уынынмæ? Зынаргъ дарæс чи дары, уыдон паддзæхты галуанты цæрынц.

9 Фæлæ уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Пехуымпары? О, зæгъын уын, пехуымпарæй дæр уæлдæры.

10 Иоанн у, Сыгъдæг Фыст афтæ кæй тыххæй зæгъы: „Мæнæ Æз Мæ фидиуæджы æрвитын Дæ разæй, æмæ Дын уый æрцæттæ кæндзæни Дæ развæндаг“.

11 Æцæг уын зæгъын: сылгоймагæй чи райгуырд, уыдонæй ничи уыд Аргъауæг Иоаннæй уæлдæр, фæлæ Уæларвон Паддзахады тæккæ къаддæр Иоаннæй уæлдæр у.

12 Аргъауæг Иоанны заманæй фæстæмæ Уæларвон Паддзахад райсыныл архайын хъæуы, æмæ чи архайы, уыдон Æй райсынц

13 Уымæн æмæ пехуымпартæ се ’ппæт дæр æмæ Моисей дæр Иоанны заманы онг пехуымпариуæг кодтой.

14 Æмæуæ кæд баууæндын фæнды, уæд æрцæуинаг чи уыд, Иоанн уыцы Илиа у.

15 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!

16 Фæлæ кæуыл абарон ацы фæлтæр? Сывæллæтты хуызæн у, сахары фæзы чи бады æмæ се ’мбæлттæн афтæ чи зæгъы:

17 „Мах уын уадындзæй цагътам, æмæ сымах нæ кафыдыстут; мах уын хъарджытæ кодтам, æмæ сымах нæ дзынæзтат“.

18 Уымæн æмæ æрцыд Иоанн, нæдæр хæргæ кæны, нæдæр нуазгæ, æмæ дзы зæгъынц: „Хæйрæджджын у“.

19 Æрцыд Адæймаджы Фырт, хæры æмæ нуазы, æмæ Дзы зæгъынц: „Мæнæ гуыбындзæл æмæ расыггæнаг, хъалонисджыты æмæ тæригъæдджынты лымæн“. Фæлæ Хуыцауы уæлзонд цы хъуыддæгтæ аразы, йæ растгæнæг уыдон сты».

«Сар дæ сæр, Хоразин!»

20 Уæд Йесо уайдзæф кæнын райдыдта, фылдæр диссæгтæ кæм равдыста, фæлæ фæсмон чи нæ фæкодта, уыцы сахартæн:

21 «Сар дæ сæр, Хоразин! Сар дæ сæр, Вифсаидæ! Уымæн æмæ сымахмæ кæй равдыстæуыд, уыцы диссæгтæ Тир æмæ Сидоны куы равдыстæуыдаид, уæд уыцы сахартæ, хъисын скæнгæйæ æмæ сæ сæртыл фæнык байзæрдгæйæ, раджы æрфæсмон кодтаиккой.

22 Фæлæ уын зæгъын: Тир æмæ Сидонæн тæрхоны бон сымахæй æнцондæр уыдзæн.

23 Æмæ дæу, Капернаум, уæларвмæ систæуыдзæни? Нæ, дæлдзæхмæ ныххаудзынæ. Уымæн æмæ дæуæн кæй равдыстæуыд, уыцы диссæгтæ Содомы куы равдыстæуыдаид, уæд ма цæрид абон дæр.

24 Фæлæ уын зæгъын: Содомы зæххæн тæрхоны бон дæуæй æнцондæр уыдзæн».

Фыд æмæ Фырт

25 Уæд Йесо загъта: «Стауын Дæ, Мæ Фыд, арв æмæ зæххы Хицау, Ды адæттæ зондджынтæ æмæ æмбаргæтæй кæй басусæг кодтай æмæ сæ сывæллæттæн кæй раргом кодтай, уый тыххæй.

26 О, Мæ Фыд, Дæу афтæ бафæндыд.

27 Мæ Фыдæй Мын лæвæрд у æппæт дæр. Фыды йеддæмæ Фырты ничи зоны, æмæ Фыды дæр ничи зоны — зоны Йæ æрмæстдæр Фырт æмæ, Уый Йæ Фыды раргом кæнын кæмæн фæнды, уыдон.

Фæлмæцыдтæн — удæнцой

28 Æрцæут Мæм, æппæт фæлмæцыдтæ æмæ уаргъджынтæ, æмæ уын Æз ратдзынæн æнцой.

29 Сæвæрут Ме ’фсондз уæхиуыл æмæ сахуыр ут Мæнæй — Æз сабыр æмæ æвæлмас дæн, æмæ ссардзыстут удæнцой.

30 Уымæн æмæ æнцонхæссæн у Ме ’фсондз, æмæ рог у Мæ уаргъ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.