Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Матфейы Евангели. Дæсæм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Дыууадæс апостолы

1 Йесо басидт Йæ дыууадæс ахуыргæнинагмæ æмæ сын радта тых, цæмæй сæ бар цæуа æнæзæгъинæгтыл æмæ сæ сурой, дзæбæх кæной æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

2 Мæнæ уыцы дыууадæс апостолы нæмттæ: уыдонæй фыццаг — фæсномыгæй Петр кæй хуыдтой, уыцы Симон, æмæ йе ’фсымæр Андрей, Зеведейы фырт Иаков æмæ йе ’фсымæр Иоанн,

3 Филипп æмæ Варфоломей, Фома æмæ хъалонисæг Матфей, Алфейы фырт Иаков æмæ [фæсномыгæй Леввей кæй хуыдтой, уыцы] Фаддей,

4 Симон Кананит æмæ Йесойыл гадзрахатæй рацæуæг Иудæ Искариот.

Йесо фæдзæхсы апостолтæн

5 Уыцы дыууадæсы Йесо арвыста ахæм фæдзæхстимæ: «Ма бацæут нæдæр муртаттæм, нæдæр искæцы самариаг сахармæ,

6 Фæлæ ацæут сæфт фыстæм — Израилы адæммæ.

7 Цæугæут æмæ хæссут, Уæларвон Паддзахад кæй æрхæстæг, уыцы уац.

8 Дзæбæх кæнут рынчынты, æгас кæнут мæрдты, сыгъдæг кæнут хъотырджынты, сурут дæлимонты. Лæвар райстат — лæвар дæттут.

9 Уемæ ма райсут нæдæр сызгъæрин, нæдæр æвзист, нæдæр æрхуы уæ рæтты,

10 Нæдæр хордзен, нæдæр дыууæ хæдоны, нæдæр дзабыртæ, нæдæр лæдзæг. Уымæн æмæ фæллойгæнæг у йæ фæдарыны аккаг.

11 Кæцыфæнды сахар кæнæ хъæумæ дæр куы бацæуат, уæд-иу дзы ссарут аккаг адæймаг, æмæ-иу æм баззайут, цалынмæ уырдыгæй рацæуат, уæдмæ.

12 Хæдзармæ куы бацæуат, уæд-иу арфæ ракæнут.

13 Æмæ хæдзар аккаг куы уа, уæд ыл уæ арфæ æрцæудзæни. Кæд аккаг нæ уа, уæд уæ арфæ раздæхдзæн уæхимæ.

14 Исчи уæ куы не суазæг кæна æмæ уын уæ ныхасмæ куы нæ байхъуса, уæд-иу, уыцы хæдзарæй кæнæ уыцы сахарæй рацæугæйæ, ацæгъдут уæ къæхты рыг.

15 Æцæг уын зæгъын: Содом æмæ Гоморрæйæн тæрхоны бон уыцы сахарæй æнцондæр уыдзæни.

Уырнджытæ æййафдзысты æфхæрд

16 Мæнæ уæ Æз æрвитын, фысты бирæгъты æхсæнмæ æрвитæгау. Уæдæ кæлмытау ут зондджын æмæ бæлæттау æнæхин.

17 Уæхи хизут адæмæй: уыдон уæ дæтдзысты тæрхондæттæм æмæ уæ нæмдзысты ехсæй сæ синагогæты;

18 Мæн тыххæй уæ кæндзысты хицæуттæм æмæ паддзæхтæм, цæмæй Мын уыдоны æмæ муртатты раз уат æвдисæнтæ.

19 Куы уæ æрцахсой, уæд-иу ма мæт кæнут, куыд кæнæ цы зæгъын хъæуы, ууыл: цы зæгъын уæ хъæуа, уый уын рардæуыдзæн уайсахат.

20 Уымæн æмæ сымах нæ дзурдзыстут, фæлæ уæ дзыхæй дзурдзæн уæ Фыды Уд.

21 Ратдзæн æфсымæр æфсымæры æмæ фыд хъæбулы мæлæтмæ; сыстдзысты зæнæг сæ ныййарджыты ныхмæ æмæ сæ амарын кæндзысты.

22 Мæ номы тыххæй алкæмæн дæр уыдзыстут æнæуынон; фæлæ кæронмæ чи бафæраза, уый фервæздзæн.

23 Иу сахары уæ куы æфхæрой, уæд лидзут иннæмæ. Æцæг уын зæгъын: Израилы сахартыл зылд нæма фæуыдзыстут, афтæ æрцæудзæн Адæймаджы Фырт.

24 Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæгæй уæлдæр нæу, æмæ цагъар йæ хицауæй уæлдæр нæу.

25 Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæджы хуызæн куы суа, уæд ын æгъгъæд у. Цагъар дæр йæ хицауы хуызæн куы суа, уæд уымæн дæр æгъгъæд у. Кæд хæдзары хицауы веелзевул схуыдтой, уæд ын йæ хæдзаронты ноджы цыфыддæртæ не схондзысты, æви?

Кæмæй у тæссаг?

26 Уæдæ ма тæрсут уе ’фхæрджытæй. Уымæн æмæ цы нæ раргом уа, ахæм сусæггаг нæй, æмæ цы нæ рахъæр уа, ахæм сусæгдзинад нæ вæййы.

27 Талынджы уын цы дзурын, уый зæгъут боны рухсмæ; æмæ уын уæ хъусы цы бацагъдæуа, уый дзурут уæлхæдзæрттæй.

28 Æмæ ма тæрсут, буар чи мары, уды амарын та кæй бон нæу, уыдонæй. Фæлæ тæрсут, уд дæр æмæ буар дæр зындоны фесафын Кæй бон у, Уымæй.

29 Дыууæ сырддонцъиуы ассарийыл нæ уæй кæнынц, æви? Æмæ дзы уæ Фыды æвастæй иу дæр не ’рхаудзæни зæхмæ.

30 Сымахæн та уæ сæрыхъуынтæ дæр æрдуйы онг нымад сты.

31 Уæдæ ма тæрсут: сымах бирæ сырддонцъиутæй дæр зынаргъдæр стут.

Чырыстийыл æргомæй æууæндыны тыххæй

32 Мæныл кæй æууæнды, уый тыххæй адæмæн æргомæй чи зæгъа, уый Æз дæр мæхионыл банымайдзынæн Мæ Уæларвон Фыды раз.

33 Адæмы раз Мыл йæхи чи атигъ кæна, ууыл та Æз дæр Мæхи атигъ кæндзынæн Мæ Уæларвон Фыды раз.

Фидыд нæ, фæлæ цирхъ

34 Уый æнхъæл ма ут, æмæ зæхмæ фидыд æрхæссынмæ æрцыдтæн. Æз æрцыдтæн фидыд нæ, фæлæ цирхъ æрхæссынмæ.

35 Уымæн æмæ Æз æрцыдтæн фырты йæ фыдæй, чызджы йæ мадæй, чындзы йе ’фсинæй фæхицæн кæнынмæ;

36 Æмæ адæймагæн йæ хæдзаронтæ суыдзысты йе знæгтæ.

37 Йæ фыды кæнæ йæ мады Мæнæй фылдæр чи уарзы, уый Мæн аккаг нæу. Йæ фырты кæнæ йæ чызджы Мæнæй фылдæр чи уарзы, уый дæр Мæн аккаг нæу.

38 Йæ дзуар чи нæ райса æмæ Мæ фæдыл чи нæ рацæуа, уый Мæн аккаг нæу.

39 Йæ цард чи бахъахъхъæна, уый йæ фесафдзæн; йæ цард Мæ сæраппонд чи фесафа, уый та йæ ссардзæн.

Хæрзиуæг

40 Сымахыл зæрдиаг чи у, уый Мæныл у зæрдиаг; Мæныл зæрдиаг чи у, уый та Мæ Рарвитæгыл у зæрдиаг.

41 Пехуымпар пехуымпар кæй у, уый сæраппонд ыл зæрдиаг чи у, уый хорзæхджынгонд уыдзæн пехуымпарау. Рæстгæнæг рæстгæнæг кæй у, уый сæраппонд ыл зæрдиаг чи у, уый дæр хорзæхджынгонд уыдзæн рæстгæнæгау.

42 Мæахуыргæнинаг кæй у, уый сæраппонд ацы кæстæртæй иуæн æрмæст уазал доны къус чи ратта, уый, æцæг уын зæгъын, æнæ хæрзиуæгæй нæ баззайдзæн».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.