Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Маркы Евангели. Сæр 12

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Фæсномыг ныхас фыдзæрдæ æххуырстыты тыххæй

1 Йесо адæмæн райдыдта фæсномыг ныхæстæй дзурын: «Иу адæймаг ныссагъта сæнæфсирдон, йæ алыварс ын сарæзта æмбонд, скъахта дзы сæндуцæн, самадта дзы мæсыг, радта йæ æххуырст кусджытæм æмæ ацыд балцы.

2 Афон куы ралæууыди, уæд æххуырст кусджытæм йæ сæнæфсиры хай райсынмæ арвыста йæ цагъары.

3 Уыдон æй æрцахстой, фæнадтой йæ æмæ йæ афтидармæй раздæхтой.

4 Арвыста сæм æндæр цагъары, æмæ уымæн дæр асастой йæ сæр æмæ дзы фæхынджылæг кодтой.

5 Арвыста ма сæм æндæры дæр, æмæ йæ амардтой. Ноджы ма сæм бирæты арвыста, æмæ уыдонæй дæр кæй нæмгæ фæкодтой, кæй та дзы маргæ акодтой.

6 Иу ма йын баззад — йæ уарзон фырт; æмæ сæм æппынфæстаг уый дæр арвыста, мæ фыртæй мын фефсæрмы уыдзысты, зæгъгæ.

7 Фæлæ æххуырст кусджытæ загътой кæрæдзийæн: „Уый йæ бындар у. Цом, амарæм æй, æмæ мах бауыдзысты йæ бынтæ“.

8 Æрцахстой йæ æмæ йæ амардтой, æмæ йын йæ мард сæнæфсирдонæй раппæрстой.

9 Цы бакæндзæни сæнæфсирдоны хицау? Æрцæудзæн, амардзæн æххуырст кусджыты æмæ сæнæфсирдон ратдзæн æндæртæм.

10 Ау, Сыгъдæг Фысты нæ бакастыстут: „Аразджытæ цы дурыл нæ барвæссыдысты, уый сси сæрæвæрæн.

11 Уый Хуыцауы фæндæй у, æмæ уыцы диссаг мах уынæм“?»

12 Йесо фæсномыг ныхас уыдоны тыххæй кæй загъта, уый бамбæрстой, æмæ Йæ хъавыдысты æрцахсынмæ, фæлæ адæмæй нæ бауæндыдысты. Уæд Æй ныууагътой æмæ ацыдысты.

Хъалон кесæрæн

13 Æмæ Йæм барвыстой фарисейтæй æмæ Ироды фарсдарджытæй кæйдæрты, цæмæй Йæ ракъахой æмæ Йын Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæцаразой.

14 Уыдон Æм æрцыдысты æмæ Йын загътой: «Ахуыргæнæг, мах зонæм, Ды раст кæй дæ æмæ искæй зæрдæ балхæныныл кæй нæ архайыс, уымæн æмæ никæй хъулон кæныс, фæлæ æцæгадмæ гæсгæ амоныс Хуыцауы фæндаг. Кесæрæн хъалон фидын æмбæлы æви нæ? Фидæм ын æви йын ма фидæм?»

15 Йесо сын зыдта сæ цæстмæхъусдзинад æмæ сын загъта: «Цы Мæ къахут? Рахæссут-ма Мæм динар æмæ йæм æркæсон».

16 Æрбахастой Йæм. Æмæ сын загъта: «Кæй ныв æмæ йыл кæй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесæры».

17 Йесо сын загъта: «Кесæры цы у, уый дæттут кесæрæн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауæн». Æмæ Йыл дис кодтой.

Мæрдты райгасы тыххæй

18 Уæд Йесомæ æрбацыдысты саддукейтæ (саддукейтæ дзурынц, мæрдтæ нæ райгас уыдзысты, зæгъгæ), æмæ Йæ бафарстой:

19 «Ахуыргæнæг, Моисей махæн ныффыста: „Исжæмæнйæусджын æфсымæр куы амæла, зæнæг та йын куы нæ баззайа, уæд ын йе ’фсымæр ракурæд йæ усы æмæ цот рауадзæд йе ’фсымæрæн“.

20 Уыд авд æфсымæры. Хистæр æрхаста ус æмæ æнæзæнæгæй амард.

21 Ракуырдта йæ дыккаг æфсымæр æмæ уый дæр амарди, йæ фæстæ зæнæг нæ ныууадзгæйæ. Афтæ рауад æртыккаджы хабар дæр.

22 Авдæй йæ алчидæр ракуырдта, фæлæ дзы зæнæг ничи ныууагъта. Сеппæты фæстæ ус дæр амард.

23 Ныр мæрдтæ куы райгас уой, уæд сæ кæй ус уыдзæни? Сæ авды ус дæр куы уыд».

24 Йесо сын дзуапп радта: «Нæдæр Сыгъдæг Фыст, нæдæр Хуыцауы тых кæй нæ зонут, уый уæ нæ рæдийын кæны, æви?

25 Уымæн æмæ мæрдтæ куы райгас уой, уæд нæдæр ус курдзысты, нæдæр мой кæндзысты, фæлæ уыдзысты уæларвон зæдтау.

26 Мæрдтæ райгас уыдзысты, зæгъгæ, уый тыххæй та Моисейы чиныджы нæ бакастыстут, Хуыцау æм сындзкъутæрæй цы радзырдта, уый: „Æз дæн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау æмæ Иаковы Хуыцау“?

27 Хуыцау мæрдты Хуыцау нæу, удæгæсты Хуыцау у. Уæдæ сымах тынг рæдийут».

Тæккæ ахсджиагдæр фæдзæжт

28 Динамонджытæй сын иу фехъуыста сæ ныхас æмæ бафиппайдта, Йесо уыдонæн хорз дзуапп кæй радта, уый. Æмæ бацыд Йесомæ æмæ Йæ бафарста: «Æппæт фæдзæхстытæй сæйрагдæр кæцы у?»

29 Йесо йын дзуапп радта: «Тæккæ сæйрагдæр мæнæ ацы фæдзæхст у: „Байхъус, Израил! Нæ Хицау Хуыцауы йеддæмæ æндæр Хуыцау нæй.

30 Æмæ уарз дæ Хицау Хуыцауы æппæт зæрдæйæ, æппæт удæй, æппæт зондæй æмæ æппæт хъаруйæ“.

31 Дыккаг фæдзæхст та ахæм у: „Уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ“. Уыдонæй ахсджиагдæр фæдзæхст нæй».

32 Динамонæг Ын загъта: «Раст зæгъыс, Ахуыргæнæг. Хуыцау иу кæй у æмæ æндæр Хуыцау кæй нæй, уымæй иттæг раст зæгъыс.

33 Æмæ Уый æппæт зæрдæйæ, æппæт зовдæй, æппæт хъаруйæ уарзын, хионы дæр, дæхи куыд уарзыс, афтæ уарзын у æппæт иууылсудзинаг нывондтæй æмæ æппæт иннæ нывондтæй дæр ахсджиагдæр».

34 Йесо йын йæ раст дзуапп куы фехъуыста, уæд ын загъта: «Хуыцауы Паддзахадæй дард нæ дæ». Уый фæстæ Йесойы бафæрсынмæ йæ ныфс ничиуал хаста.

Кæй байзæддаг у Чырысти ?

35 Йесо Кувæндоны дарддæр ахуыр кодта адæмы æмæ дзырдта: «Динамонджытæ куыд зæгъынц Чырыстийæ, Давиды байзæддаг у, зæгъгæ?

36 Сыгъдæг Удæй разæнгардæй Давид йæхæдæг куы дзырдта: „Хуыцау загъта мæ Хицауæн: сбад Мæ рахиз фарс, цалынмæ Дын Де знæгты Дæ къæхты бын æрæвæрон, уæдмæ“.

37 Давид Æй кæд Хицау хоны, уæд Уый йæ байзæддаг куыд у?» Адæм хъуыстой Йесомæ зæрдиагæй.

38 Æмæ сæ Йесо ахуыр кодта: «Уæхи хизут динамонджытæй. Уыдон уарзынц даргъ дарæс дарын æмæ сахарты фæзты адæмы арфæтæм хъусын;

39 Уарзынц синагогæты раззаг бынæтты æмæ минасы фынгтыл уæле бадын;

40 Хæрынц идæдзты хæдзæрттæ, цæстмæ кувынц бирæ. Уыдон баййафдзысты карз æфхæрд».

Идæдз усы мысайнаг

41 Йесо æрбадти Кувæндоны хæзнадоны бакомкоммæ æмæ каст, адæм дзы æхца куыд æвæрдтой, уымæ. Бирæ хъæздгуытæ дзы æвæрдтой бирæ æхца.

42 Æрцыд иу мæгуыр идæдз ус æмæ нывæрдта дыууæ лептæйы — иу кодрант.

43 Йесо басидт Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын загъта: «Æцæг уын зæгъын, ацы мæгуыр идæдз ус, æппæт адæм цас нывæрдтой, уымæй фылдæр нывæрдта хæзнадоны.

44 Иннæтæ иууылдæр сæ исбоны уæлдайæ нывæрдтой; ацы мæгуыр сылгоймаг та нывæрдта, цыдæриддæр æм уыдис, уый, йæ хойраджы аргъ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.