Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 9

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо арвыста дыууадæс ахуыргæнинаджы

1 Йесо басидт Йæ дыууадæс ахуыргæнинагмæ æмæ сын радта тых, цæмæй сæ бар цæуа æппæт дæлимонтыл дæр æмæ адæмы дзæбæх кæной сæ низтæй.

2 Æмæ сæ арвыста Хуыцауы Паддзахады уац адæммæ фæхæссынмæ æмæ рынчынты дзæбæх кæнынмæ.

3 Йесо сын бафæдзæхста: «Мацы райсут фæндагмæ — нæдæр лæдзæг, нæдæр хордзен, нæдæр хойраг, нæдæр æхца, нæдæр дыгай хæдæттæ.

4 Кæцыфæнды хæдзармæ дæр куы бацæуат, уæд-иу дзы баззайут, цалынмæ уырдыгæй рацæуат, уæдмæ.

5 Исчи уæ куы не суазæг кæна, уæд та-иу, уыцы сахарæй рацæугæйæ, ацæгъдут уæ къæхты рыг — аххосджын кæй сты, уымæн æвдисæйнагæн».

6 Ахуыргæнинæгтæ ацыдысты æмæ зылдысты хъæутыл, алы ран дæр хъусын кодтой фарны уац æмæ дзæбæх кодтой рынчынты.

Ирод архайы Йесойы феныныл

7 Æппæт уыцы цауты тыххæй фехъуыста æлдариуæггæнæг Ирод, æмæ цытæ цыди, уый бамбарын йæ бон нæ уыд. Уымæн æмæ иутæ дзырдтой, уый Иоанн райгас мæрдтæй, зæгъгæ;

8 Иннæтæ — Илиа, дам, æрцыд; аннæтæ та дзырдтой, рагон пехуымпартæй, дам, чидæр райгас.

9 Фæлæ Ирод загъта: «Иоаннæн æз йæ сæр куы акъуырдтон, уæд уыдæттæ Кæй тыххæй хъусын, Уый та чи у?» Æмæ архайдта Йесойы феныныл.

Йесо бафсæста фондз мин лæджы

10 Апостолтæ куы æрбаздæхтысты, уæд Йесойæн радзырдтой, цы сарæзтой, уыдæттæ. Йесо сæ Йемæ рахуыдта, æмæ хибарæй ацыдысты, Вифсаидæ кæй хуындæуыд, уыцы сахарырдæм.

11 Фæлæ адæм уый куы базыдтой, уæд ацыдысты Йæ фæдыл. Йесо фембæлд семæ, дзырдта сын Хуыцауы Паддзахады тыххæй æмæ дзæбæх кодта, дзæбæх кæнын кæй хъуыд, уыдон.

12 Бон изæрырдæм фæкъул. Æрбацыдысты Йæм дыууадæс ахуыргæнинаджы æмæ Йын загътой: «Ауадз адæмы ацæуын хæстæг хъæутæм бахсæвиуат кæнынмæ æмæ сæхицæн хойраг самал кæнынмæ. Уымæн æмæ ам фæсвæд ран стæм».

13 Фæлæ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хæринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмæ фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы йеддæмæ ницы ис. Æмæ ныр утæппæт адæмы фаг хойраг балхæнынмæ хъуамæ ацæуæм?»

14 (Уым уыди фондз мин лæджы бæрц.) Фæлæ Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Æрбадын сæ кæнут къордгай — алы къорды дæр дæс æмæ дыууиссæдзы бæрц куыд уа».

15 Сеппæты дæр æрбадын кодтой, куыд загъд сын уыд, афтæ.

16 Йесо райста фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы, скаст уæларвмæ, арфæ ракодта, асаста сæ, æмæ сæ ахуыргæнинæгтæм радта адæмæн байуарынмæ.

17 Бахордтой сеппæт дæр æмæ бафсæстысты. Æмæ ма цы уæлдæйттæ баззад, уыдонæй байдзаг дыууадæс чыргъæды.

Петр Йесойы схуыдта Чырысти

18 Иухатт Йесо куывта хибарæй; Йемæ уыдысты æрмæстдæр Йæ ахуыргæнинæгтæ. Йесо сæ бафарста: «Кæуыл Мæ нымайынц адæм?»

19 Уыдон дзуапп радтой: «Иутæ Аргъауæг Иоанныл, иннæтæ Илиайыл, аннæтæ та зæгъынц, рагон пехуымпартæй чидæр райгас, зæгъгæ».

20 Йесо сæ бафарста: «Сымах та Мæ кæуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырыстийыл».

21 Æмæ сын Йесо тынг бафæдзæхста, цæмæй уый тыххæй макæмæн дзурой.

Йесо зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæрайгасы тыххæй

22 Загъта ма сын: «Адæймаджы Фырт хъуамæ бавзара бирæ хъизæмæрттæ; адæмы хистæртæ, алчертæ æмæ Йæ динамонджытæ бафхæрдзысты, амардæйæуыдзæн æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн».

Куыд цæугæу Йесойы фæдыл

23 Уый фæстæ сеппæтæн дæр загъта: «Мæ фæдыл цæуын кæй фæнды, уый йæхи ферох кæнæд, алы бон дæр-иу райсæд йæ дзуар æмæ цæуæд Мæ фæдыл.

24 Уымæн æмæ йæ цард бахъахъхъæнын кæй фæнды, уый йæ фесафдзæн; йæ цард Мæ сæраппонд чи фесафа, уый та йæ бахъахъхъæндзæн.

25 Адæймаг æгас дуне йæхи куы бакæна, йæхи та куы фесафа, кæнæ йæхиуыл зиан куы æруадза, уæд ын уый цы пайда у?

26 Мæнæй æмæ Мæ ныхæстæй чи фефсæрмы уа, уымæй фефсæрмы уыдзæн Адæймаджы Фырт дæр, Йæхи, Йæ Фыды æмæ сыгъдæг зæдты намысимæ куы æрцæуа, уæд.

27 Æцæг уын зæгъын: ам чи лæууы, уыдонæй иуæй-иутæ нæ амæлдзысты, цалынмæ Хуыцауы Паддзахад феной, уæдмæ».

Йесо Йæ хуыз аивта

28 Уыцы ныхæстыл аст боны бæрц куы рацыд, уæд Йесо Йемæ рахуыдта Петры, Иоанны æмæ Иаковы, æмæ хохмæ ссыди бакувынмæ.

29 Куы куывта, уæд Йæ цæсгомы хуыз аивта, Йæ дарæс та сси сæнтурс æмæ калдта тæмæнтæ.

30 Æмæ дын мæнæ дыууæ лæджы ныхас кæнынц Йемæ; уыдон уыдысты Моисей æмæ Илиа.

31 Фæзындысты уæларвон намысимæ, æмæ дзырдтой Йесойы ахицæныл — Уый Хуыцауы фæндон Иерусалимы куыд сæххæст кæндзæн, ууыл.

32 Петрыл æмæ йе ’мбæлццæттыл та хуыссæг фæтых. Куы райхъал сты, уæд федтой Йесойы намыс, æмæ дыууæ лæджы Йемæ лæугæйæ.

33 Æмæ уыдон Йесойæ хицæн куы кодтой, уæд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кæй стæм, уый цы хорз у! Саразæм æртæ халагъуды: иу Дæуæн, иу Моисейæн, иу Илиайæн». Цы дзырдта, уый йæхæдæг дæр не ’мбæрста.

34 Петр йæ ныхас нæма фæци, афтæ фæзынд æврагъ æмæ сæ æрæмбæрзта. Æврагъы куы аныгъуылдысты, уæд фæтарстысты.

35 Æмæ æврагъæй райхъуысти хъæлæс: «Ай, Кæй сæвзæрстон, Мæ уыцы Фырт у. Хъусут Æм».

36 Хъæлæс куы райхъуыст, уæд Йесоимæ ничиуал уыд. Ахуыргæнинæгтæ цы федтой, уый басусæг кодтой, æмæ йæ уыцы бонты никæмæн радзырдтой.

Æнахъом хæйрæджджын сдзæбæх

37 Дыккаг бон хохæй куы æрцыдысты, уæд Йесойы размæ рацыд бирæ адæм.

38 Адæмы æхсæнæй чвдæр рахъæр кодта: «Ахуыргæнæг, лæгъстæ Дын кæнын, баххуыс кæн мæ фыртæн, иунæг хъæбул мын у!

39 Дæлимон æй æрцахсы, лæппу æваст ныхъхъæр кæны, йæ гæндзазхтæ ныццæгъды æмæ йæ комæй фынк ракæлы. Дæлимон æй хъизæмарæй куы амары, уæд ма йæ тыххæйты ныууадзы.

40 Æз куырдтон Дæ ахуыргæнинæгтæй, цæмæй дæлимоны расурой, фæлæ сæ бон нæ баци».

41 Йесо дзуапп радта: «Æнæуырнæг æмæ хæлд фæлтæр! Кæдмæ уыдзынæн уемæ æмæ уын кæдмæ быхсдзынæн? Æрбакæн ардæм дæ фырты».

42 Лæппу Йесомæ нæма бахæццæ, афтæ йæ дæлимон ныццавта зæххыл, æмæ лæппу йæ гæндзæхтæ цагъта. Фæлæ Йесо бардзырд радта æнæзæгъинагæн, сдзæбæх кодта лæппуйы æмæ йæ радта йæ фыдмæ.

Йесо ногæй зæгъы Йæмæлæт æмæ Йæрайгасы тыххæй

43 Адæм иууылдæр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдæриддæр арæзта, уыдоныл сеппæт дæр куы дис кодтой, уæд Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта:

44 «Ныртæккæ цы зæгъдзынæн, уымæ байхъусут лæмбынæг: Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæн адæмы къухтæм».

45 Фæлæ уыдон уыцы ныхæстæ не ’мбæрстой — æргом сын нæ уыдысты æмæ сæм нæ бахъардтой; уыцы ныхæстæй Йæ бафæрсын та нæ уæндыдысты.

Чи у уæлдæр?

46 Ахуыргæнинæгтæм рауад быцæу, уæлдæр сæ чи у, уый тыххæй.

47 Йесо сын зыдта сæ мидхъуыды, æмæ æрбахуыдта сывæллоны, æрлæууын æй кодта Йæ фарсмæ,

48 Æмæ сын загъта: «Ацы сывæллоныл Мæ номы сæраппонд зæрдиаг чи уа, уый Мæныл у зæрдиаг; Мæныл зæрдиаг чи уа, уый та Мæ Рарвитæгыл у зæрдиаг. Уеппæты æхсæн тæккæ къаддæр чи у — цытджын уый у».

«Уæ ныхмæ чи нæу, уый уæ фарс у»

49 Уæд Ын Иоанн загъта: «Хицау, мах федтам, Дæ номæй дæлимонты чи суры, ахæм адæймаджы, æмæ йын бар нæ лæвæрдтам, уымæн æмæ немæ нæ цæуы».

50 Йесо йын загъта: «Ма йæ хъыгдарут, уымæн æмæ уæ ныхмæ чи нæу, уый уæ фарс у».

Самариаг хъæу не суазæг кодта Йесойы

51 Уæлæрвтæм Йæ сисыны афон куы æрхæстæг, уæд Йесо скарста Иерусалиммæ фæцæуын.

52 Йæ разæй арвыста минæвæрттæ, æмæ уыдон бацыдысты самариаг хъæумæ, цæмæй Йесойы æрцыдмæ æрцæттæ кæной æппæт дæр.

53 Фæлæ Йæ не суазæг кодтой, Иерусалиммæ кæй цыди, уый тыххæй.

54 Йæ ахуыргæнинæгтæ Иаков æмæ Иоанн уый куы федтой, уæд загътой: «Хицау, фæнды Дæ, уæд зæгъæм, æмæ уæларвæй æрцæуа арт æмæ сæ фесафа [Илиа куыд бакодта, афтæ]?»

55 Фæлæ сæм Йесо Йе ’ргом разылдта æмæ сын бауайдзæф кодта. [Загъта сын: «Цавæр уд уæм ис, уый нæ зонут.

56 Адæймаджы Фырт адæмы сафынмæ не ’рцыд, фæлæ сæ фервæзын кæнынмæ».] Æмæ ацыдысты æндæр хъæумæ.

Куыд цæугæ у Йесойы фæдыл

57 Фæндагыл куы уыдысты, уæд Йесойæн чвдæр загъта: «Ды кæдæм цæуай, уырдæм æз дæр ацæудзынæн Дæ фæдыл».

58 Йесо йын дзуапп радта: «Рувæстæн ис хуыккæмттæ, уæларвон мæргътæн — ахстæттæ. Адæймаджы Фыртæн та, Йæ сæр кæм æркъул кæна, уый дæр нæй».

59 Иннæмæн Йесо загъта: «Рацу Мæ фæдыл». Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мæ фыды баныгæнынмæ уал мæ ауадз».

60 Фæлæ йын Йесо загъта: «Мæрдтæ сæхæдæг баныгæнæнт сæ мæрдты. Ды та цу æмæ хъусын кæн Хуыцауы Паддзахады тыххæй».

61 Иннæ дæр Ын загъта: «Хицау, æз ацæудзынæн Дæ фæдыл, фæлæ уал мæ ауадз мæ бинонтæн хæрзбон зæгъынмæ».

62 Фæлæ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хæцгæйæ фæстæмæ чи кæсы, уый Хуыцауы Паддзахадæн нæ бæззы».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.