Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 8

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Сылгоймæгтæ лæггад кæнынц Йесойæн

1 Уый фæстæ Йесо зылди сахартыл æмæ хъæутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххæй. Йемæ уыдысты Йæ дыууадæс ахуыргæнинаджы,

2 Стæй æнæзæгъинæгты кæмæй расырдта æмæ низтæй кæй сдзæбæх кодта, уыцы сылгоймæгтæ: авд дæлимоны кæмæй рацыд, магдалæйаг кæй хуыдтой, уыцы Мариа,

3 Ироды хæдзарæн уынаффæгæнæг чи уыди, уыцы Хузайы ус Иоаннæ, Сусаннæ æмæ бирæ æндæр сылгоймæгтæ. Сеппæт дæр сæ мулкæй лæггад кодтой Йесойæн æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæн.

Фæсномыг ныхас тауæджы тыххæй

4 Адæм кодтой фылдæрæй-фылдæр — цыдысты Йæм æппæт сахартæй. Йесо сын радзырдта фæсномыг ныхас:

5 «Рацыд тауæг йæ тауинаг тауынмæ. Таугæ-тауын иугай нæмгуытæ æрхаудысты фæндаггæрон, къæхты бын фесты, æмæ сæ уæларвон мæргътæ рауыгътой.

6 Иуæй-иутæ дзы æрхаудысты дурджын ран, æмæ куы сæвзæрдысты, уæд бахус сты, уымæн æмæ донхъуаг разындысты.

7 Иуæй-иутæ дзы æрхаудысты сындзыты æхсæн, сындзытæ сзадысты семæ æмæ сæ ныххурх кодтой.

8 Иуæй-иутæ дзы æрхаудысты бæзнаг мæрыл, сзадысты æмæ радтой фондзыссæдз хатты фылдæр тыллæг». Уый радзурыны фæстæ Йесо хъæрæй загъта: «Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!»

Йесо æмбарын кæны фæсномыг ныхас

9 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йæ бафарстой: «Цы амоны ацы фæсномыг ныхас?»

10 Йесо сын загъта: «Сымахæн Хуыцауы Паддзахады сусæгдзинæдтæ зонын лæвæрд у, иннæтæн та сæ фæсномыг ныхæстæй амындæуы, цæмæй „кæсой, фæлæ ма уыной, хъусой, фæлæ ма æмбарой“.

11 Мæнæ цы амоны ацы фæсномыг ныхас: тауинаг — Хуыцауы ныхас у.

12 Фæндаггæрон чи æрхауд, уыдон ахæмтæ сты: фехъусынц ныхас, фæлæ сæм фæстæдæр æрцæуы хæйрæг æмæ сын сæ зæрдæйæ ахæссы ныхас, цæмæй сæ ма бауырна æмæ ма фервæзой.

13 Дурджын ран чи æрхауд, уыдон та ахæмтæ сты: ныхас куы фехъусынц, уæд æй цингæнгæ айсынц сæ зæрдæмæ, фæлæ æнæуидаг сты — æууæндынц рæстæгмæ, фæлварæнты куы бахауынц, уæд та ныууадзынц сæ уырнындзинад.

14 Сындзыты æхсæн чи æрхауд, уыдон ахæмтæ сты: фехъусынц ныхас, фæлæ сын фæстæдæр царды мæт, мулк æмæ зæххон хиирхæфсæнтæ сæ хурхыл ныххæцынц, æмæ пайда нæ раттынц.

15 Бæзнаг мæрыл чи æрхауд, уыдон та ахæмтæ сты: фехъусынц ныхас, дарынц æй сæ фæлмæн æмæ сыгъдæг зæрдæйы, æмæ, фæразон кæй сты, уый фæрцы раттынц пайда.

Фæсномыг ныхас цырагъы тыххæй

16 Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигæнæн не ’рдæлгом кæны, сынтæджы бын дæр æй нæ бавæры, фæлæ йæ сæвæры цырагъдарæныл, бацæуджытæ рухс куыд уыной, афтæ.

17 Уымæн æмæ цы нæ раргом уа, ахæм сусæггаг нæй, æмæ цы нæ рахъæр уа æмæ кæй нæ базындæуа, ахæм сусæгдзинад нæ вæййы.

18 Уæдæ-иу æркæсут, куыд хъусут, уымæ. Уымæн æмæ кæмæ ис, уымæн рардæуыдзæн; кæмæ нæй, уымæй та ист æрцæудзæн, ис мæм, зæгъгæ, æнхъæл цæмæй у, уый дæр».

Йесойы Мад æмæ æфсымæртæ

19 Йесомæ æрцыдысты Йæ Мад æмæ Йе ’фсымæртæ, æмæ дзы бирæ адæм кæй уыди, уымæ гæсгæ Йæм бацæуын сæ къухы не ’фтыд.

20 Æмæ Йын загътой: «Дæ Мад æмæ Де ’фсымæртæ æдде лæууынц, Дæу фенын сæ фæнды».

21 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмæ чи хъусы æмæ йæ чи æххæст кæны, уыдон сты Мæ мад æмæ Ме ’фсымæртæ».

Уад байхъуыста Йесомæ

22 Иухатт Йесо Йæ ахуыргæнинæгтимæ бахызт бæлæгъмæ, æмæ сын загъта: «Ахизæм цады фаллаг фарсмæ». Æмæ араст сты.

23 Сæ фæндаг дардтой, æмæ уалынмæ Йесо афынæй. Цады та сыстади тыхджын уад, дон калди бæлæгъмæ, æмæ уыдысты тæссаг уавæры.

24 Уæд ахуыргæнинæгтæ Йесомæ бацыдысты, райхъал Æй кодтой æмæ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сæфæм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад æмæ уылæнтæн; уыдон банцадысты, æмæ бæстæ ныссабыр.

25 Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Кæм ис уæ уырнындзинад?» Уыдон фæтарстысты, æмæ дисгæнгæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад æмæ донæн бардзырд Чи дæтты, æмæ уыдон Кæй коммæ кæсынц?»

Йесо сдзæбæх кодта хæйрæджджыны

26 Бахæццæ сты, Галилейы акомкоммæ цады фаллаг фарс чи ис, Гадарæйы уыцы бæстæмæ.

27 Йесо былмæ куы рахызт, уæд Ыл сæмбæлди, раздæр хæстæг сахары чи цард, ахæм хæйрæджджын лæг. Уый рагæй дæр дарæс нæ дардта, царди хæдзары нæ, фæлæ зæппæдзты.

28 Йесойы куы федта, уæд ныхъхъæр кодта, æрхауд Йæ разы, æмæ хъæрæй загъта: «Цы Дæ хъæуы мæнæй, Йесо, Дунедарæг Хуыцауы Фырт? Лæгъстæ Дын кæнын, хъизæмарæй мæ ма мар!»

29 Уымæн æмæ Йесо æнæзæгъинагæн радта уыцы адæймагæй рацæуыны бардзырд. Æнæзæгъинаг уый рагæй тухæнæй мардта. Сбастой-иу æй рæхыстæ æмæ хъадамантæй, хъахъхъæдтой йæ, фæлæ-иу арæдывта йæ бæтгæнтæ, æмæиу æй дæлимон атардта æдзæрæг ранмæ.

30 Йесо йæ бафарста: «Дæ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымæн æмæ дзы бирæ дæлимонтæ бацыд.

31 Æмæ уыдон куырдтой Йесойæ, цæмæй сæ дæлдзæхмæ ма арвита.

32 Уым хохыл хызти хуыты стыр дзуг, æмæ дæлимонтæ Йесойæ куырдтой хуыты бацæуыны бар. Йесо сын бар радта.

ЗЗ Дæлимонтæ рацыдысты уыцы адæймагæй, æмæ бацыдысты хуыты. Æмæ дзуг къардиуæй йæхи фехста цадмæ, æмæ фæдæлдон.

34 Цы æрцыд, уый хуыгæстæ куы федтой, уæд азгъордтой, æмæ хабар радзырдтой сахар æмæ хъæуты.

35 Æмæ цы æрцыд, уый фенынмæ рацыдысты адæм. Æрбацыдысты Йесомæ, æмæ дæлимонтæ кæмæй рацыдысты, уыцы лæджы федтой йæ дарæсы Йесойы къæхты цур бадгæ, йæ зонд йæхимæ уыд, афтæмæй. Æмæ старстысты.

36 Цы æрцыд, уый фенæг адæм сын радзырдтой, хæйрæджджын куыд сдзæбæх, уый тыххæй.

37 Æмæ Гадарæйы алфамбылай æппæт цæрджыты дæр стыр тас кæй бацыд, уый тыххæй уыдон куырдтой Йесойæ, цæмæй уырдыгæй ацæуа. Йесо бахызт бæлæгъмæ æмæ раздæхт фæстæмæ.

38 Дæлимонтæ кæмæй рацыдысты, уыцы лæг Ын лæгъстæ кодта, цæмæй йæ уадза Йемæ. Фæлæ йæ Йесо арвыста æмæ йын загъта:

39 «Аздæх дæ хæдзармæ æмæ радзур, Хуыцаудын цы сарæзта, уый». Лæг ацыд, æмæ æгас сахары дæр дзырдта, Йесо йын цы сарæзта, уый тыххæй.

Чызг райгас, сылгоймаг сдзæбæх

40 Йесо куы раздæхт, уæд Ыл адæм сæмбæлдысты æхсызгонæй, уымæн æмæ Йæм сеппæт дæр æнхъæлмæ кастысты.

41 Æрцыд Æм иу лæг, йæ ном Иаир, синагогæйы хицау. Йæхи æрæппæрста Йесойы къæхтæм, æмæ Йын лæгъстæ кодта, йæ хæдзармæ йын цæмæй бацæуа, уый тыххæй,

42 Уымæн æмæ йæ иунæг чызг марди; цыдаид ыл дыууадæс азы. Йесо куы фæцæйцыд, уæдÆй адæм фæйнæрдыгæй цъист кодтой.

43 Иу сылгоймагæн дыууадæс азы дæргъы йæ туг цæуынæй не ’нцад. Йеппæт мулк дæр дохтыртыл бахардз кодта, фæлæ йе сдзæбæх кæнын никæй бон баци.

44 Сылгоймаг чъылдымырдыгæй бацыд Йесомæ, бандзæвыд Ын Йæ пæлæзы коцорайыл, æмæ уайтæккæ туг банцад йæ цæуынæй.

45 Уæд Йесо загъта: «Чи Мыл бандзæвыд?» Æмæ сеппазт дæр «нæ» куы дзырдтой, уæд Ын Петр загъта: «Хицау, адæм Дыл æрæмбырд сты æмæ Дæ цъист кæнынц».

46 Фæлæ Йесо загъта: «Чидæр Мыл бандзæвыд — Æз банкъардтон, тых Мæ кæй рацыд, уый».

47 Сылгоймаг, кæй нæ фæсусæг, уый куы федта, уæд Æм тæрсгæризгæйæ бацыд æмæ Йын Йæ къæхтæм æрæппæрста йæхи. Цæй тыххæй Йыл бандзæвыд æмæ уайтæккæ куыд сдзæбæх, уый радзырдта æппæт адæмы раз.

48 Йесо йын загъта: «Мæ чызг, дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта. Цу фарнимæ».

49 Йесо Йæ ныхас нæма фæци, афтæ синагогæйы хицаумæ иучидæр æрцыд йæ хæдзарæй, æмæ йын загъта: «Дæ чызг амард.

Ахуыргæнæджы мауал фæлмæцын кæн».

50 Фæлæ Йесо уый куы фехъуыста, уæд синагогæйы хицауæн загъта: «Ма тæрс, æрмæст æууæнд, æмæ фервæздзæн».

51 Æмæ йын йæ хæдзармæ куы æрцыд, уæд Петр, Иоанн æмæ Иаковы, стæй сабийы фыд æмæ мады йеддæмæ никæй бауагъта Йемæ мидæмæ бацæуын.

52 Адæм иууылдæр куыдтой æмæ хъарæг кодтой чызгыл. Фæлæ сын Йесо загъта: «Ма кæут; мард нæу, фынæй у».

53 Æмæ Йыл худтысты, уымæн æмæ, кæй амард, уый зыдтой.

54 Фæлæ йын Йесо ныххæцыд йæ къухыл, æмæ йæм фæдзырдта: «Саби, рабад!»

55 Чызгмæ æрыздæхт йæ уд, æмæ уыйадыл рабадт. Йесо бафæдзæхста, цæмæй йын раттой хæринаг.

56 Чызджы ныййарджытæ дисы бафтыдысты. Фæлæ сын Йесо бафæдзæхста, цæмæй, цы æрцыд, уый тыххæй макæмæн зæгъой.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.