Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 7

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Сæдæйыхицауы цагъар сдзæбæх

1 Чи Йæм хъуыста, уыцы адæмимæ Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд бацыди Капернауммæ.

2 Иу сæдæйыхицауæн йæ уарзон цагъар уыди рынчын, мæлæты къахыл ныллæууыд.

3 Йесойы тыххæй куы фехъуыста, уæд Æм иудейты хистæрты арвыста æрхатынмæ, цæмæй æрцæуа æмæ йын йæ цагъары сдзæбæх кæна.

4 Уыдон æрцыдысты Йесомæ æмæ Йын лæгъстæ кодтой: «Сæдæйыхицау у Дæ ацы æххуысы аккаг —

5 Уарзы нæ адæмы æмæ нын сарæзта синагогæ».

6 Йесо рацыди семæ. Йæ хæдзармæ йын куы баввахс, уæд Æм сæдæйыхицау рарвыста йæ хæлæртты зæгъынмæ: «Хицау, Дæхи ма тыхсын кæн! Уымæн æмæ æз уый аккаг нæ дæн, æмæ Ды мæ хæдзармæ бацæуай.

7 Уымæ гæсгæ нæ банымадтон мæхи Дæумæ фæцæуыны аккагыл дæр. Фæлæ æрмæст Дæ дзыхæй ныхас рацæуæд, æмæ мæ фæсдзæуин сдзæбæх уыдзæн.

8 Уымæн æмæ æз мæхæдæг дæр дæлбар лæг дæн, æмæ мæ дæлбар дæр ис æфсæддонтæ. Иуæн дзы фæзæгъын: „Ацу уырдæм“, æмæ ацæуы; иннæмæн: „Ардæм рацу“, æмæ æрбацæуы; мæ цагъарæн фæзæгъын: „Уый бакæн“, æмæ йæ бакæны».

9 Йесо уый куы фехъуыста, уæд дисы бафтыд, Йе ’ргом разылдта, Йæ фæдыл цы бирæ адæм цыд, уыдонмæ, æмæ загъта: «Зæгъын уын, Израилы дæр Æз ахæм уырнындзинад нæ федтон».

10 Æрвыст лæгтæ хæдзармæ куы æрбаздæхтысты, уæд рынчын цагъары баййæфтой дзæбæхæй.

Наинаг идæдз усы лæппу райгас

11 Уый фæстæ Йесо араст, Наин кæй хуыдтой, уыцы сахармæ.

Йемæ цыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ бирæ æндæр адæм.

12 Æмæ сахары кулдуармæ куы баввахс, уæд рацæйхастой марды, идæдз усы иунæг лæппуйы. Сылгоймагимæ сахарæй рацыд бирæ адæм.

13 Йесо идæдз усы куы федта, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ йын загъта: «Ма ку».

14 Бацыд æмæ бавнæлдта сынтмæ. Сынтхæсджытæ æрлæууыдысты. Уæд Йесо загъта: «Лæппу, дæуæн зæгъын, рабад».

15 Мард йæхиуыл схæцыд, рабадт æмæ райдыдта дзурын. Уæд æй Йесо радта йæ мадмæ.

16 Сеппæты дæр тас бацыд æмæ кад кодтой Хуыцауæн: «Стыр пехуымпар фæзынди не ’хсæн, æмæ Хуыцау æркаст Йæ адæммæ».

17 Йесойы кой айхъуыст æгас Иудейæйы æмæ йæ алфамбылай.

Аргъауæг Иоанны минæвæрттæ

18 Иоаннæн йæ ахуыргæнинæгтæ радзырдтой æппæт уыдæтты тыххæй.

19 Иоанн басидт йæ ахуыргæнинæгтæй дыууæмæ æмæ сæ арвыста Хицауы бафæрсынмæ: «Æрцæуинаг Чи у, Уый Ды дæ, æви æндæрмæ æнхъæлмæ кæсæм?»

20 Уыдон æрцыдысты Йесомæ æмæ Йын загътой: «Аргъауæг Иоанн нæ Дæумæ рарвыста бафæрсынмæ: „Æрцæуинаг Чи у, Уый Ды дæ, æви æвдæрмæ æнхъæлмæ кæсæм?“»

21 Йесо уыцы рæстæг бирæ адæмы фервæзын кодта алыхуызон низтæй, æнæзæгъинæгтæй, бирæ куырмыты ракæсын кодта сæ цæстытæй.

22 Æмæ æрвыст лæгтæн дзуапп радта: «Цæут æмæ зæгъут Иоаннæн, цы федтат æмæ цы фехъуыстат, уый: куырмытæ райдыдтой уынын, къуылыхтæ — цæуын, хъотырджынтæ дзæбæх кæнынц, къуырматæ райдыдтой хъусын, мæрдтæ æгас кæнынц, мæгуыртæ хъусынц фарны уац.

23 Æмæ тæхудиаг у, Мæныл чи нæ фæкæла, уый».

24 Иоанны минæвæрттæ куы аздæхтысты, уæд Йесо адæмæн райдыдта Иоанны тыххæй дзурын: «Цы уынынмæ цыдыстут æдзæрæг бæстæмæ? Дымгæ кæй æнкъусы, уыцы хъæз уынынмæ?

25 Уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Зынаргъ дарæс кæуыл ис, ахæм лæджы уынынмæ? Хъæздыг дарæс чи дары æмæ бухъцард чи кæны, уыдон паддзæхты галуанты цæрынц.

26 Фæлæ уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Пехуымпары? О, зæгъын уын, пехуымпарæй дæр уæлдæры.

27 Иоанн у, Сыгъдæг Фыст афтæ кæй тыххæй зæгъы: „Мæнæ Æз Мæ фидиуæджы æрвитын Дæ разæй, æмæ Дын уый æрцæттæ кæндзæни Дæ развæндаг“.

28 Зæгъын уын: сылгоймагæй чи райгуырд, уыдонæй ничи у Аргъауæг Иоаннæй уæлдæр, фæлæ Хуыцауы Паддзахады тæккæ къаддæр Иоаннæй уæлдæр у.

29 Иоаннмæ чи хъуыста, æппæт уыцы адæм, суанг хъалонисджытæ дæр, сæххæст кодтой Хуыцауы фæнд æмæ аргъуыд райстой Иоаннæй.

30 Фарисейтæ æмæ динамонджытæ та Хуыцауы коммæ нæ бакастысты æмæ нæ саргъуыдтой.

31 Уæдæ кæуыл абарон ацы адæмы фæлтæр? Кæй хуызæн сты?

32 Сывæллæтты хуызæн сты, сахары фæзы чи бады æмæ кæрæдзийæн афтæ чи зæгъы: „Мах уын уадындзæй цагътам, æмæ сымах нæ кафыдыстут; мах уын хъарджытæ кодтам, æмæ сымах нæ куыдтат“.

33 Уымæн æмæ æрцыд Аргъауæг Иоанн, дзул дæр нæ хæры, сæн дæр нæ нуазы, æмæ дзы зæгъут: „Хæйрæджджын у“.

34 Æрцыд Адæймаджы Фырт, хæры æмæ нуазы, æмæ Дзы зæгъут: „Мæнæ гуыбындзæл æмæ расыггæнаг, хъалонисджыты æмæ тæригъæдджынты лымæн“.

35 Фæлæ Хуыцауы уæлзондæн йæ растгæнæг сты йеппæт сывæллæтæ».

Йесойы байсæрстæуыди хæрздæфгæнæнæй

36 Фарисейтæй иучидæр Йесойы ахуыдта сихормæ. Йесо бацыд фарисейы хæдзармæ æмæ æрбадти фынгыл.

37 Уыцы сахарæй иу тæригъæдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хæдзары фынгыл кæй бады, уый, æмæ æрхастахæрздæфгæнæнæй дзаг дурын.

38 Æрлæууыд Йесойы фæстæ, Йæ къæхты цур, æмæ кæугæйæ райдыдта Йесойы къæхтыл йæ цæссыг калын, сæрфта сæ йæ дзыккутæй, батæ Йын кодта Йæ къæхтæн æмæ сæ сæрста хæрздæфгæнæнæй.

39 Йесойы бахонæг фарисей уый куы федта, уæд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уæд Æм чи æмæ цавæр сылгоймаг æвналы, уый зонид, уымæн æмæ ацы сылгоймаг тæригъæдджын у».

40 Уæд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зæгъин, уый Мæ фæнды». Уый дзуапп радта: «Зæгъ æй, Ахуыргæнæг».

Фæсномыг ныхас дыууæ хæсджыны тыххæй

41 Йесо загъта: «Иу æфстаудæттæгæн уыди дыууæ хæсджыны: иу дзы дардта фондзсæдæ динары, иннæ та — дæс æмæ дыууиссæдз.

42 Фæлæ сæ цæмæй бафыстаиккой, уый сæм нæ уыд, æмæ дыууæйæн дæр ныххатыр кодта. Зæгъма, уыдонæй йæ кæцы бауарздзæн фылдæр?»

43 Симон дзуапп радта: «Мæнмæ гæсгæ, фылдæр кæмæн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дæ хъуыды раст у».

44 Йесо разылди сылгоймагмæ æмæ Симонæн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Æз æрбацыдтæн дæ хæдзармæ, æмæ Мын ды Мæ къæхтæ цæхсынæн дон дæр нæ раттай. Уый та Мын йæ цæссыгтæй æрæнхъæвзта Мæ къæхтæ æмæ сæ ныссæрфта йæ дзыккутæй.

45 Ды Мын нæ аба кодтай. Уый та Мын, куы æрбацыдтæн, уæдæй фæстæмæ Мæ къæхтæн батæ кæнынæй не ’нцайы.

46 Ды Мын Мæ сæр зетийæ нæ байсæрстай. Уый та Мын Мæ къæхтæ хæрздæфгæнæнæй байсæрста.

47 Уымæ гæсгæ дын зæгъын: бирæ кæй бауарзта, уый тыххæй йын барст сты йæ бирæ тæригъæдтæ. Чысыл барст кæмæн у, уымæн та йæ уарзт дæр чысыл у».

48 Сылгоймагæн та загъта: «Барст дын сты дæ тæригъæдтæ».

49 Йесоимæ фынгыл чи бадти, уыдон хинымæр райдыдтой дзурын: «Уый Чи у, суанг тæригъæдтæ дæр Чи хатыр кæны?»

50 Йесо та сылгоймагæн загъта: «Дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта; цу фарнимæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.