Ног Фæдзæхст
Лукайы Евангели. Сæр 6
Йесо æмæ сабат
1 Йесо сабаты фæцæйцыд æфсирджын хуымты. Йæ ахуыргæнинæгтæ тыдтой æфсиртæ, æууæрстой сæ къухтæй æмæ хордтой.
2 Фарисейтæй сын чидæртæ загътой: «Сабаты цы нæ фæччы, уый цæмæн кæнут?»
3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе ’мбæлттимæ куы сыстонг, уæд цы бакодта, уый тыххæй нæ кастыстут, æви?
4 Бацыди Хуыцауы хæдзармæ, райста æмæ бахордта, æрмæст сауджынтæн хæрын кæй æмбæлд, уыцы нывонд дзултæ, æмæ ма дзы йе ’мбæлттæн дæр радта».
5 Йесо ма сын загъта: «Адæймаджы Фырт сабатæн йæ хицау у».
Цæнкуыл сдзæбæх
6 Иннæ сабаты бацыди синагогæмæ æмæ ахуыр кодта адæмы. Уыди дзы, йæ рахиз къух хуыскъ кæмæн уыд, ахæм адæймаг.
7 Динамонджытæ æмæ фарисейтæ сæ цæст дардтой Йесомæ, кæд сабаты сдзæбæх кæнид, зæгъгæ, цæмæй Йæ фæзылын кæной.
8 Фæлæ сын Йесо зыдта сæ хъуыдытæ æмæ, йæ къух хуыскъ кæмæн уыди, уыцы адæймагæн загъта: «Сыст æмæ адæмы размæ рацу». Уый сыстад æмæ рацыд адæмы размæ.
9 Уæд сын Йесо загъта: «Æз уæ фæрсын: сабаты хорз кæнын æмбæлы æви æвзæр? Уд фервæзын кæнын æви йæ фесафын?»
10 Йесо сеппæтыл дæр ахаста Йæ цæст, æмæ загъта цæнкуылæн: «Радар дæ къух». Уый бакодта афтæ, æмæ йæ къух сдзæбæх.
11 Динамонджытæ æмæ фарисейтæн сæ маст рафыхт, æмæ уынаффæ кодтой, Йесойæн цы бакæной, ууыл.
Дыууадæс апостолы
12 Уыцы рæстæг Йесо хохмæ ссыди бакувынмæ, æмæ æнæхъæн æхсæв уым куывта Хуыцаумæ.
13 Куы æрбабон, уæд басидт Йæ ахуыргæнинæгтæм, равзæрстадзы дыууадæсы æмæ сæ схуыдта апостолтæ:
14 Петр, зæгъгæ, кæй схуыдта, уыцы Симоны æмæ уый æфсымæр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы,
15 Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Иаковы, фæсномыгæй Зилот кæй хуыдтой, уыцы Симоны,
16 Иаковы фырт Иудæйы æмæ Иудæ Искариоты — Йесойыл фæстæдæр гадзрахатæй чи рацыди, уый.
17 Йесо семæ хохæй æрцыд æмæ æрлæууыди тъæпæны. Уым уыдысты Йæ бирæ ахуыргæнинæгтæ дæр, ноджы ма æппæт Иудейæйæ, Иерусалимæй, стæй денджызы былгæрон Тир æмæ Сидоны зæххытæй æрцæуæг бирæ адæм.
18 Уыдон Æм æрцыдысты байхъусынмæ æмæ сæ низтæй фервæзынмæ. Æнæзæгъинæгтæ хъизæмарæй кæй мардтой, уыдон дæриу сдзæбæх сты.
19 Æмæ адæм иууылдæр архайдтой Йесойыл бандзæвыныл, уымæн æмæ-иу Дзы рацыди тых æмæ дзæбæх кодта сеппæты дæр.
20 Йесо Йæ ахуыргæнинæгтыл ахаста Йæ цæст æмæ райдыдта дзурын: «Тæхудиаг стут, мæгуыртæ, — Хуыцауы Паддзахад сымах у.
21 Тæхудиаг стут, абоны æххормæгтæ, — Хуыцау уæ бафсаддзæни. Тæхудиагстут, абоны кæуджытæ, сымах сцин кæндзыстут.
22 Тæхудиагуыдзыстут, Адæймаджы Фырты тыххæй адæмæн æнæуынон куы уат, куы уыл бахъоды кæной, цъыф уыл куы калой æмæ уын уæ ном куы сæгад кæной, уæд.
23 Цин кæнут уыцы бон æмæ райут — уæларвы уæм æнхъæлмæ кæсы стыр хорзæх. Ацы адæмы фыдæлтæ пехуымпартæн дæр афтæ кодтой.
24 Фæлæ сар уæ сæр, хъæздгуытæ, — сымах ныридæгæн райстат уæ хорзæхы хай.
25 Сар уæ сæр, абоны æфсæстытæ, — сымах сыстонг уыдзыстут. Сар уæ сæр, абоны цингæнджытæ, — сымах скæудзыстут æмæ ныдздзыназдзыстут.
26 Сар уæ сæр, æппæт адæм дæр уæ хорзы кой куы кæной, уæд. Ацы адæмы фыдæлтæ мæнгпехуымпартæй дæр афтæ æппæлыдысты.
27 Фæлæ сымахæн, Мæнмæ хъусджытæн, зæгъын: уарзут уе знæгты, хорз кæнут, сымахæй йе сæфт чи уыны, уыдонæн,
28 Уе ’лгъитджытæн хорзæх курут Хуыцауæй, кувут уе ’фхæрджыты тыххæй.
29 Де ’хсæрфарс дын чи ныццæва, уымæ бадар иннæ дæр. Æмæ дын исчи дæ пæлæз куы иса, уæд ын ратт дæ хæдон дæр.
30 Чидæриддæр дæ кура, уымæн ратт, æмæ дæ чи цы айса, уый-иу фæстæмæ ма æрцагур.
31 Адæммæ цæмæ æнхъæлмæ кæсут, уый сын аразут уæхæдæг дæр.
32 Сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уæд уый тыххæй цавæр хорзæхы аккаг стут? Тæригъæдджынтæ дæр уарзынц, чи сæ уарзы, уыдоны.
33 Æмæ сымахæн хорзы чи бацæуы, кæд уыдонæн кæнут хорз, уæд уый тыххæй цавæр хорзæхы аккаг стут? Тæригъæдджынтæ дæр афтæ кæнынц.
34 Ныфс уæ кæмæй ис, бафиддзысты уын æй, зæгъгæ, кæд æфстау уыдонæн дæттут, уæд уый тыххæй цавæр хорзæхы аккаг стут? Тæригъæдджынтæ дæр тæригъæдджынтæн æфстау фæдæттынц, цæмæй фæстæмæ райсой, цас радтой, уый бæрц.
35 Фæлæ уарзут уе знæгты, хорз кæнут æмæ æфстау дæттут, фæстæмæ исты кæй райсдзыстут, уымæ æнхъæлмæ нæ кæсгæйæ. Уæд уын уыдзæни стыр хæрзиуæг, æмæ уыдзыстут Дунедарæджы хъæбултæ Уый хорз цæстæй кæсы æбузныгтæм дæр æмæ фыдзæрдæтæм дæр.
36 Уæдæ ут хæрзгæнджытæ, уæ Фыд хæрзгæнæг куыд у, афтæ.
Иннæтæн тæрхон ма кæнут
37 Иннæтæн тæрхон ма кæнут, æмæ тæрхонгонд нæ уыдзыстут. Тæрхон макæмæн рахæссут, æмæ уын тæрхон нæ рахастæуыдзæн. Хатыр кæнут, æмæ уын уыдзæни хатыр.
38 Дæттут æмæ райсдзыстут — уæ фæдджийы уын æркалдæуыдзæни раст, хæрзнад æмæ йемыдзаг барæнæй. Уымæн æмæ цы барæнæй барут, ахæмæй сбарстæуыдзæн сымахæн дæр».
39 Йесо сын загъта фæсномыг ныхас дæр: «Куырмæн куырмы хонын йæ бон куыд бауыдзæн? Сæ дыууæ дæр уæрмы нæ ныххаудзысты, æви?
40 Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæгæй уæлдæр нæу; фæлæ æппæт дæр чи сахуыр кæна, уый суыдзæн йæ ахуыргæнæджы хуызæн.
41 Цы кæсыс де ’фсымæры цæсты æрдумæ, дæхи цæсты та къалабæлас нæ фиппайыс?
42 Куыдудæбонде ’фсымæрæн зæгъын: „Ме ’фсымæр, æри-ма, дæ цæстæй дын æрду сисон“, дæхи цæсты къалабæлас куы нæ уыныс, уæд? Цæстмæхъус! Дæхи цæстæй уал къалабæлас сис, стæй уæд фендзынæ, де ’фсымæры цæстæй æрду куыд сисын хъæуы, уый.
Бæлас æмæ йæ дыргътæ
43 Æвзæр дыргъ кæуыл зайы, ахæм хорз бæлас нæй, стæй хорз дыргъ кæуыл зайы, ахæм низджын бæлас дæр нæй.
44 Алы бæлас дæр йæ дыргъæй бæрæг вæййы: какон сындзæй не ’ртонынц легъуи, сындзкъутæрæй та — сæнæфсир.
45 Хорз адæймаг йæ зæрдæйы хорз хæзнадонæй рахæссы хорзæх; фыдзæрдæ адæймаг та фыдæхы къæбицæй рахæссы фыдæх. Уымæн æмæ зæрдæ цæмæй дзаг вæййы, дзыхæй дæр уый рацæуы.
Дурыл амад хæдзар
46 Цы уын зæгъын, уый куы нæ кæнут, уæд Мæ „Хицау, Хицау!“ цы хонут?
47 Мæнмæ æрцæуджытæй Мæ ныхæстæм чи хъусы æмæ сæ чи æххæст кæны, уыцы адæймаг кæй хуызæн у, уый уын зæгъон.
48 Арф чи скъахта æмæ йæ хæдзар дурыл чи сæвæрдта, ахæм хæдзаргæнæджы хуызæн у. Дон куы раивылд æмæ уыцы хæдзарыл куы ахæцыд, уæд æй фенкъуысын кæнын йæ бон нæ баци, уымæн æмæ фидар бындурыл æвæрд уыди.
49 Мæ ныхæстæм чи хъусы æмæ сæ чи не ’ххæст кæны, уый та у, йæ хæдзар зæххыл æнæ бындурæй чи сарæзта, ахæм адæймаджы хуызæн. Хæдзарыл дон куы ахæцыд, уæд уайтæккæ æркалд æмæ ныппырх и бынтондæр».