Ног Фæдзæхст
Лукайы Евангели. Сæр 19
Йесойæн ахæм бар чи радта
1 Йесо иухатт адæмы ахуыр кодта Кувæндоны æмæ сын хъусын кодта фарны уац. Бацыдысты Йæм алчертæ æмæ динамонджытæ адæмы хистæртимæ,
2 Æмæ Йæ бафарстой: «Зæгъ нын, æппæт уыдæттæ цавæр хъаруйæ кæныс? Дæуæн уыцы бар чи радта, уый чи у?»
3 Йесо сын дзуапп радта: «Æз дæр уæ бафæрсдзынæн цæмæйдæр. Зæгъут-ма Мын,
4 Иоанн цы аргъуыдæй аргъуыдта, уый уæларвæй уыд æви адæмæй?»
5 Уыдон тæрхæттæ кодтой: «„Уæларвæй“ куы зæгъæм, уæд бафæрсдзæн: „Уæдæ цæуылнæ баууæндыдыстут Иоанныл?“
6 „Адæмæй“ куы зæгъæм, уæд та нæ адæм дуртæй амардзысты, уымæн æмæ сеппæты дæр уырны, Иоанн пехуымпар кæй у, уый».
7 Æмæ дзуапп радтой: «Кæцæй у, уый нæ зонæм».
8 Уæд сын Йесо загъта: «Уæдæ уын Æз дæр нæ зæгъдзынæн, цавæр хъаруйæ сæ кæнын, уый».
Фæсномыг ныхас фыд-зæрдæ æххуырстыты тыххæй
9 Æмæ адæмæн дзурын райдыдта ахæм фæсномыг ныхас: «Иу адæймаг ныссагъта сæнæфсирдон, радта йæ æххуырст кусджытæм æмæ ацыди дæргъвæтин æмгъуыдмæ.
10 Афон куы ралæууыди, уæд æххуырст кусджытæм арвыста йæ цагъары, цæмæй йын йæ сæнæфсирдонæй раттой йæ хай. Фæлæ йæ æххуырст кусджытæ фæнадтой æмæ йæ афтидармæй аздæхтой.
11 Арвыста сæм æндæр цагъары, æмæ уый дæр фæнадтой, фæхынджылæг дзы кодтой æмæ йæ афтвдармæй аздæхтой.
12 Арвыста сæм æртыккаджы дæр, фæлæ уый дæр фæцæфтæ кодтой æмæ йæ ратардтой.
13 Уæд сæнæфсирдоны хицау загъта: „Цы кæнон? Арвитон мæ уарзон фырты; чи зоны, æмæ уымæй фефсæрмы уой“.
14 Фæлæ йæ æххуырст кусджытæ куы федтой, уæд кæрæдзийæн дзырдтой: „Уый йæ бындар у. Амарæм æй, æмæ мах бауыдзысты йæ бынтæ“.
15 Сæнæфсирдонæй йæ раппæрстой æмæ йæ амардтой. Цы сын бакæндзæни сæнæфсирдоны хицау?
16 Æрцæудзæн, амардзæн уыцы æххуырст кусджыты æмæ сæнæфсирдон ратдзæн æндæртæм». Уый чи фехъуыста, уыдон загътой: «Хуыцау бахизæд!»
17 Йесо сæм бакаст æмæ загъта: «Уæдæ Сыгъдæг Фысты ацы дзырдтæ цы амонынц: „Аразджытæ цы дурыл нæ барвæссыдысты, уый сси сæрæвæрæн“?
18 Уыцы дурыл чвдæриддæр æрхауа, уый ныппырхуыдзæн, йæхæдæг кæуыл æрхауа, уый та ныцъцъæл кæндзæн».
19 Йесо ацы фæсномыг ныхас уыдоны тыххæй кæй загъта, уый бамбæрстой динамонджытæ æмæ алчертæ, æмæ Йæ хъавыдысты æвæстиатæй æрцахсынмæ, фæлæ адæмæй нæ бауæндыдысты.
Хъалон кесæрæн
20 Æмæ Йесомæ райдыдтой сæ цæстдарын, æмæ Йæм барвыстой, сæхи рæстгæнджытæй чи æвдыста, ахæм лæгты. Сæ нысан уыди Йæ ракъахын æмæ Йын Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæцаразын, бæстæйы хицауы къухтæм Ын раттæн куыд уыдаид, афтæ.
21 Æмæ Йæ уыдон бафарстой: «Ахуыргæнæг, мах зонæм: Ды раст дзурыс æмæ ахуыр кæныс, никæй хъулон кæныс, фæлæ æцæгадмæ гæсгæ амоныс Хуыцауы фæндаг.
22 Кесæрæн нын хъалон фидын æмбæлы æви нæ?»
23 Йесо сын бамбæрста сæ хинвæнд æмæ загъта: «[Цы Мæ къахут?]
24 Равдисут Мæм динар: кæй ныв æмæ йыл кæй ном ис?» Уыдон дзуапп радтой: «Кесæры».
25 Уæд сын загъта: «Уæдæ кесæры цы у, уый дæттут кесæрæн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауæн».
26 Æмæ сын адæмы раз Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæцаразын нæ бантыст. Йæ дзуапп сæ бафтыдта дисы æмæ ныхъхъус сты.
Мæрдты райгасы тыххæй
27 Уæд æрбацыдысты саддукейтæй чвдæртæ (саддукейтæ дзурынц, мæрдтæ нæ райгас уыдзысты, зæгъгæ) æмæ Йæ бафарстой:
28 «Ахуыргæнæг, Моисей махæн ныффыста: „Исжæмæнйæусджын æфсымæр æнæзæнæгæй куы амæла, уæд ын ракурæд йæ усы æмæ цот рауадзæд йе ’фсымæрæн“.
29 Уыд авд æфсымæры. Хистæр æрхаста ус æмæ æнæзæнæгæй амард.
30 Уыцы усы ракуырдта дыккаг æфсымæр æмæ уый дæр æнæзæнæгæй амард.
31 Ракуырдта йæ æртыккаг, стæй — иннæ æфсымæртæ. Æмæ сеппæт дæр амардысты, зæнæг та нæ ныууагътой.
32 Сеппæты фæстæ ус дæр амард.
33 Ныр мæрдтæ куы райгас уой, уæд сæ кæй ус уыдзæни? Сæ авды ус дæр куы уыд».
34 Йесо сын дзуапп радта: «Ацы дунейы адæм курынц устытæ æмæ цæуынц моймæ.
35 Фидæны цард кæмæн рардæуа æмæ мæрдтæй чи райгас уа, уыдон та нæдæр ус курдзысты, нæдæр мой кæндзысты.
36 Мæлæт дæр сын нæ уыдзæни. Фæлæ суыдзысты зæдты хуызæн, Хуыцауы хъæбултæ, уымæн æмæ сæ Хуыцау райгас кодта.
37 Мæрдтæ кæй райгас уыдзысты, уый та Моисей равдыста, судзгæ сындзкъутæры тыххæй куы дзырдта, Хуыцауы Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау æмæ Иаковы Хуыцау куы схуыдта, уæд.
38 Хуыцау та мæрдты Хуыцау нæу, фæлæ удæгæсты Хуыцау у, уымæн æмæ Йын иууылдæр удæгас сты».
39 Уый тыххæй Йесойæн динамонджытæй чидæртæ загътой: «Ахуыргæнæг, Ды хорз загътай».
40 Истæмæй бафæрсынмæ Йæм сæ ныфс нал хастой. Йесо та сын дзырдта:
Кæй байзæддаг у Чырысти?
41 «Куыд зæгъынц Чырыстийæ, Давиды байзæддаг у, зæгъгæ?
42 Давид йæхæдæг Псаломты чиныджы куы дзуры: „Хуыцау загъта мæ Хицауæн: сбад Мæ рахиз фарс,
43 Цалынмæ Дын Де знæгты Дæ къæхты бын æрæвæрон, уæдмæ“.
44 Уæдæ Йæ кæд Давид Хицау хоны, уæд Уый йæ байзæддаг куыд у?»
45 Æппæт адæм Йесомæ куы хъуыстой, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта:
46 «Уæхи хизут динамонджытæй. Уыдон уарзынц даргъ дарæс дарын æмæ сахарты фæзты адæмы арфæтæм хъусын; уарзынц синагогæты раззаг бынæтты æмæ минасы фынгтыл уæле бадын;
47 Хæрынц вдæдзты хæдзæрттæ, цæстмæ кувынц бирæ. Уыдон баййафдзысты карз æфхæрд».