Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Лукайы Евангели. Сæр 13

Аудио (mp3, ~5 МБ)

«Куы не ’рфæсмон кæнат...»

1 Уыцы рæстæг æрцыдысты Йесомæ æмæ Йын радзырдтой, галилейæгтæй чвдæртæ нывонд куы хастой, уæд сæ Пилат ныццагъта æмæ сын сæ туг схæццæ кодта сæ нывондты тугимæ.

2 Йесо сын загъта: «Афтæ æнхъæл стут, æмæ уыцы галилейæгтæ иннæ галилейæгтæй тæригъæдджындæр уыдысты æмæ уымæн афтæ бабын сты?

3 Зæгъын уын, нæ уыдысты. Фæлæ куы не ’рфæсмон кæнат, уæд уеппæт дæр афтæ фесæфдзыстут.

4 Кæнæ афтæ æнхъæл стут, æмæ Силоамы мæсыг кæуыл ныккалд æмæ кæй ныммардта, уыцы æстдæс лæджы Иерусалимы æппæт цæрджытæй аххосджындæр уыдысты?

5 Зæгъын уын, нæ уыдысты. Фæлæ куы не ’рфæсмон кæнат, уæд уеппæтдæр афтæ фесæфдзыстут».

Фæсномыг ныхас æнæпайда легъуибæласы тыххæй

6 Æмæ сын загъта ацы фæсномыг ныхас: «Иу адæймагæн йæ сæнæфсирдоны уыди легъуибæлас, æрцыд æм гагатæ æртонынмæ, фæлæ йыл не ссардта.

7 Уæд загъта сæнæфсирдонгæсæн: „Ныр æртыккаг аз цæуын ацы легъуибæласыл гагатæ фенынмæ, æмæ йыл нæ арын. Акал æй, дзæгъæлы ма зæхх дæр цы ахсы“.

8 Фæлæ йын уый дзуапп радта: „Ме ’лдар, ныууадз-ма йæ ацы аз. Æз ын йæ алфамбылай скъахдзынæн æмæ йыл фаджыс ныккæндзынæн,

9 Кæд ыл инназ гагатæ æрзаид; кæд нæ, уæд æй акалдзынæ“».

Къæдз сылгоймаг сдзæбæх

10 Сабаты Йесо адæмы ахуыр кодта синагогæтæй иуы.

11 Уым уыди, хъарусæттæг æнæзæгъинаг æстдæс азы дæргъы уæгъд кæй нæ уагъта, ахæм сылгоймаг; уый ныкъкъæдз æмæ æмраст слæууын йæ бон нæ уыд.

12 Йесо йæ куы федта, уæд æм басидт æмæ йын загъта: «Хорз ус, дæ низæй сæрибар дæ».

13 Æрæвæрдта йыл Йæ къухтæ, сылгоймаг уайтæккæ æмраст слæууыд æмæ райдыдта Хуыцауы стауын.

14 Уæд синагогæйы хицау смæсты, Йесо сылгоймаджы сабаты кæй сдзæбæх кодта, уый тыххæй, æмæ адæмæн загъта: «Хъуыддаг кæнынæн ис æхсæз боны. Уыцы бонты цæут уæхи дзæбæх кæнынмæ, сабаты та ма цæут».

15 Йесо йын дзуапп радта: «Цæстмæхъустæ, мыййаг сымахæй алчидæр сабаты йæ гал кæнæ йæ хæрæджы кæвдæсæй не суадзы æмæ йæ донмæ нæ аскъæры?

16 Уæдæ хæйрæг æстдæс азы дæргъы бастæй кæй фæдардта, Авраамы уыцы чызджы дæр йæ бæттæнтæй сабаты суæгъд кæнын не ’мбæлди, æви?»

17 Йесо уый куы загъта, уæд Йæ ныхмæлæуджытæ иууылдæр фефсæрмы сты; æппæт адæмæн та Йæ диссаджы хъуыддæгтæ цин æрхастой.

Фæсномыг ныхас хъыцъыйы нæмыджы тыххæй

18 Уый фæстæ Йесо загъта: «Цæй хуызæн у Хуыцауы Паддзахад? Цæуыл æй абарон?

19 Уый у, адæймаг йæ цæхæрадоны кæй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нæмыгау. Нæмыг сзади, сбæлас и, æмæ йын уæларвон мæргътæ йæ къалиутыл сарæзтой ахстæттæ».

Фæсномыг ныхас æнхъизæны тыххæй

20 Йесо ноджы загъта: «Цæуыл абарон Хуыцауы Паддзахад?

21 Уый у, сылгоймаг ссады æртæ сасирыл кæй бафтыдта æмæ хыссæ æгасæй дæр кæмæй сæнхъызт, уыцы æнхъизæнау».

Уынгæг дуар

22 Йесо цыди сахартæ æмæ хъæутыл, ахуыр кодта адæмы; Йæ фæндаг уыд Иерусалиммæ.

23 Чидæр Æй бафарста: «Хицау, чи фервæздзæн, уыдон чысыл сты?» Йесо дзуапп радта:

24 «Архайут уынгæг дуарыл бацæуыныл. Уымæн æмæ, зæгъын уын, бирæтæ архайдзысты бацæуыныл, фæлæ сæ бон нæ бауыдзæн.

25 Хæдзары Хицау куы сыста æмæ дуæрттæ куы сæхгæна, уæд сымах, æдде лæугæйæ, райдайдзыстут дуар хойын æмæ дзурын: „Хицау, Хицау, байгом нын кæн!“ Фæлæ уын Уый дзуапп ратдзæн: „Кæцæй стут, уый нæ зонын“.

26 Уæд райдайдзыстут дзурын: „Мах хордтам æмæ нуæзтам Дæ разы, нæ уынгты ахуыр кодтай адæмы“.

27 Фæлæ уын Уый зæгъдзæни: „Зæгъын уын: кæцæй стут, уый нæ зонын. Ацæут Мæ цурæй уеппæт дæр, тæригъæдджынтæ“.

28 Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс. Авраамы, Исаакы, Иаковы æмæ æппæт пехуымпарты фендзыстут Хуыцауы Паддзахады, уæхи та уын раппардзысты æддæмæ.

29 Адæм æрцæудзысты скæсæн æмæ ныгуылæнæй, цæгат æмæ хуссарæй, æмæ æрбаддзысты Хуыцауы Паддзахады фынгыл.

30 Æмæ абоны фæстæгтæй бирæтæ уыдзысты фыццæгтæ, фыццæгтæй та бирæтæ уыдзысты фæстæгтæ».

Йесо кæуы Иерусалимыл

31 Уыцы рæстæг фарисейтæй чидæртæ æрцыд æмæ Йесойæн загътой: «Ацу ардыгæй æндæр ранмæ, уымæн æмæ Дæ Ирод амарынмæ хъавы».

32 Йесо сын загъта: «Ацæут æмæ зæгъут уыцы рувасæн: „Мæнæ абон æмæ райсом сурын дæлимонты, дзæбæх кæнын рынчынты, æмæ æртыккаг бон фæуыдзынæн Мæ хъуыддаг“.

33 Æниу, абон, райсом æмæ иннæбон дæр фæндагыл хъуамæ уон: уымæн æмæ Иерусалимы нæ, фæлæ æндæр ран амарой пехуымпары, уымæн уæвæн нæй.

34 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марæг æмæ дæумæ æрвыстыты дуртæй цæгъдæг! Цал хатты Мæ фæндыди, маргъ йæ лæппынты йæ базырты бын куыд бакæны, афтæ дæ хъæбулты æрæмбырд кæнын, фæлæ сымах нæ бафæндыди!

35 Ныр уын уæ хæдзар уагъдæуы æнæхицауæй. Зæгъын уын, цалынмæ афтæ зæгъат: „Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг!“, уæдмæ Мæ нал фендзыстут».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.