Рабиндрат Тагоры хъуыдытæ
Журнал «Мах дуг», 2011 аз, №11
Михаил Ломоносов
ХЪУЫДЫТÆ
Гыццыл хъуыддаг саразын кæй бон нæу, уый стыр хъуыддаг дæр нæ сараздзæни.
Сæры цы мингай хъуыдытæ райгуыры, уыдонæй иу хъуыддаг мæнмæ ахсджиагдæр кæсы.
Рæдыдтæ цæстмæ дарын ницы диссаг у, хуызæн адæймаг хъуамæ хорз исты бацамона.
А дунейыл æнæ исты аххосæй ницы цæуы.
...Музæтæ ахæм чызджытæ не сты, æппынæдзух тыхми кæмæн кæнай.
Уыйхыгъд, уæлтæмæн ахæм чызг у, æмæ йын æдзухдæр тыхми кæнæн ис.
Æрыгонæй мулкыл, исбонтæ-йедтыл хæлæф чи кæны, уый зæрондæй бамбары, уыдон адæймагыл æрмæст низтæ кæй æфтауынц; уымæ гæсгæ де ’взонджы бонты ис-бисæй дæхи иуварс лас.
Удуæлдай куыст цыфæнды цæлхдуртæ дæр аиуварс кæны.
Зынæмбарæн тыхфыстытæ чи кæны, уый кæнæ йе ’нæфенддзинад æвдисы, йе та йæ барæй бамбæхсынмæ фæхъавы.
Анализгæнæг хъуамæ гипотезæтыл былысчъил ма кæна. Уыдонæн философон уацмысты дæр бынат ис, стæй æппæты разагъды адæймæгтæн дæр рæстдзинад базонын гипотезæты фæндагыл цæугæйæ бантысти.
Æгæрон тыгъдады нæ зонд куы аныгъуылы, уæд хизын байдайæм
иу хъуыдыйæ иннæ хъуыдымæ, иу рухсæй иннæ рухсмæ.
Алкæцы наукæйы дæр грамматикæ хъæуы.
Стыр фыдæбоны фæрцы хорз ракæнын дæ къухы куы бафта, уæд фыдæбон айсæфдзæни, хорз та баззайдзæни. Зæрдæрухсæй фыд куы ракæнай, уæд та дæ зæрдæрухс айсæфдзæни, фыд та баззайдзæни.
Æцæг химик хъуамæ теоретик дæр уа æмæ практик дæр,
стæй ноджы философ.
Фыдæлтæн зын бамбарæн цы уыд, уый махæн ссис пайдайаг æмæ
æхцон.
Ромы император Карл Фæндзæм дзырдта, испайнаг æвзагæй,
дам, дзурын æмбæлы Хуыцауимæ, францагæй —
æмбæлттимæ, немыцагæй — фыдгултимæ, итайлагæй — сылгоймæгтимæ. Фæлæ
император уырыссагау куы зыдтаид, уæд ма йæ ныхасмæ
æнæмæнг бафтыдтаид, зæгъгæ, уыцы ’взагыл дзурын æмбæлы, кæй ранымадта, уыдонæн
се ’ппæтимæ дæр, уымæн æмæ мах æвзаджы ссардтаид испайнаджы фидыцтæ æмæ
хъæздыгдзинад, францаджы æрдæхт, немыцаджы фидардзинад, итайладжы талас, стæй ноджы грекъаг æмæ
латинаг æвзæгты арæхстдзинад æлвæст ныхæстæй аив ныв кæнынмæ.
А дунемæ бирæгъæй чи рантыст, уымæн рувас фестæн нæй.
Магуса æмæ æдзæсгом адæймаг у цъымарайы доны
æнгæс: хъылмайы тæф æмæ алы æлгъаг хилджытæ фæлдисын йеддæмæ йæ бон ницы
у.
Уарзондзинад æрвæрттывдау тыхджын у, фæлæ æнæ
нæргæйæ буары ахъары, æмæ йæ
тæккæ тыхджындæр цæфтæ дæр удæн
адджын сты.
Гыццыл
лæг хохыл лæугæйæ дæр гыццыл у, стыр та
дзыхъхъы лæугæйæ дæр — стыр.
Наукæтæ
кæрæдзийæн стыр ахъаз кæй сты, уый
гуырысхойаг нæу: физикæ — химийæн, физикæ
— математикæйæн, фæтк æмæ æгъдау
амонæг наукæтæ æмæ истори —
æмдзæвгæтæ фыссынæн.
Иу
ирвæзæн хос мын ис — ирвæзæн хосмæ
æнхъæлмæ ма кæс.
Дæхи
мæнг хъуыдыты фарс рахæцынæй искæй раст
хъуыдыты фарс рахæцын кадджындæр хъуыддаг у.
Рæстдзинад æмæ æууæнк дыууæ хæрз
хойы сты — се сфæлдисæг иунæг Хуыцауы
чызджытæ...
Дзырд
адæймагæн уый тыххæй лæвæрд у, цæмæй
йæ хъуыдытæ æндæр искæмæн дзура.
Æрмæстдæр цардцыбæл, æвзыгъд, удвидар
тыхæй, райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ
уарзондзинадæй, æхсарæй æмæ хъаруйæ
райгуыры уæлахиз.
Æнæ
грамматикæйæ оратори къуымых вæййы, поэзи —
гуылæвзаг, философи — тæссонд, истори —
æнæзæрдæисгæ, юриспруденци та —
гуырысхойаг.
Зынæмбарæн фыстытæ фæкæнынц, хъуыддæгтæ
зынтæй чи фембары, уыдон.
Дамгъæтæ
нæ зонгæйæ чиныджы кæсыныл куы фæлварин,
уæд уый æнæсæрфат ми уаид. Æрдзы
фæлдисондты тыххæй хатдзæгтæ кæныныл
куы схæцин, мисхалы бæрц дæр сын ницы зонын,
афтæмæй, уæд уый дæр ахæм æнæсæрфат
ми уаид.
Математикæ ахуыр кæнын хъæуы, цæмæй
адæймагæн йæ зонд йæ гаччы сбада, уый тыххæй.
Наукæтæ
аивæдтæн фæндаг амонынц. Аивæдтæ та
наукæты равзæрдæн ахъаз сты. Сæ дыууæтæ
дæр цæрынц æмæ рæзынц, кæрæдзийæн
пайдайы хос уæвгæйæ.
Пифагор
иу геометрион фæтк кæй æрхъуыды кодта, уый тыххæй
Зевсæн нывондæн æрхаста фондзыссæдз галы.
Ныры рæстæджы цыргъзонд математиктæ цы бирæ
диссæгтæ æрхъуыды кодтой, уыдон тыххæй
нывæндтæ хæссын куы райдаиккой, уæд цымæ
æгас дунейы утæппæт сыкъаджын фос разынид?..
Иуахæмы
Ломоносовмæ бартхъирæн чынди, Наукæты академийæ,
дам дæ æнæхай фæкæндзыстæм,
асурдзыстæм дæ. Уæд сын Ломоносов афтæ: «Это
не можно. Разве что Академию наук отставить от меня».
Æз
мæ цард æнæхъæнæй дæр снывонд
кодтон Уæрæсейы наукæты знæгтимæ тохæн.
Ссæдз азы дæргъы уал тох кæнын; æрыгон
лæппуйæ æрлæууыдтæн уыцы фæндагыл
æмæ дзы зæронды бонты иуварс нал ахиздзынæн.