Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Также на сайте: «Очерки по фразеологии осетинского языка» Магомета Измайловича Исаева.

Лермонтов М.Ю. Равзæрст уацмыстæ / чиныг сарæзта Тедтойты З. —
Дзæуджыхъæу: Проект-пресс, 2010.

Михаил Лермонтов

МАХ РÆСТÆДЖЫ СГУЫХТ ЛÆГ

Цомайты Xарлампийы тæлмац

ФЫЦЦАГ ХАЙ

I. Бэлæ

Посты ивгæ бæхтыл æз цыдтæн Калакæй. Дзаумайæ мæ уæрдоны уыдис æрмæст иу чысылгомау чумæдан, кæцы йе ’мбисы онг дзаг уыдис фæндаггон фыстытæй Гуырдзыстоны тыххæй. Фыстытæн сæ фылдæр хай, сымах амондæн, фесæфтис, чумæдан та иннæ дзауматимæ, мæхи амондæн, æнæхъæнæй баззадис.

Хур йæхи æмбæхсын байдыдта митрагъы фæстæ, æз Къайсауырты астыммæ куы рахызтæн, уæд. Мæ бæхтæрæг, ирон лæг, æвæлмæцгæ тардта йæ бæхтæ размæ, рухсæй Къайсауырты хохæй цæмæй фæуæле уыдаиккам, уый тыххæй, æмæ йæ хъæлæс цас амыдта, уымæй зарыдис. Цы диссаджы ран у, æвæдза, уыцы астым! Алырдыгæй — бæрзонд хæхтæ, сырхбын къæдзæхтæ, сæ фæрстыл — цъæх мæцкъор зæбултæй, сæ цъуппытыл — тæрс бæлæстæ дзыгуыртæй, сахатæ кæй скъахтой, ахæм бур къардиутæ, уыдой сæрмæ — бæрзонд, хæрзбæрзонд — миты зæрин хаутæ, дæлæ бынæй кæмдæр та Арагви, мигъæй дзаг сау комæй тыхджын уынæримæ чи згъоры, иу ахæм æндæр æнæном чысыл цæугæдон йæ хъæбысы бакæнгæйæ, хæрдгæйы тагæй адаргъ ис комы æмæ ирд æрттивы, калм йæ хæрвæй куыд æрттива, афтæ.

Къайсауырты хохы рæбынмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ уæрдон баурæдтам духаны1 раз. Ам дзыгуырæй лæууыдысты æмæ кодтой уынæр гуырдзиæгтæ æмæ хохæгтæ иу-ссæдзæй; уырдæм æввахс æрæнцадис æхсæвиуат кæнынмæ теуаты бал. Мæн хъуыди галтæ баххуырсын мæ уæрдон уыцы фыдбылызы хохæй фæуæлбыл кæнынæн, уый тыххæй æмæ уыди фæззæг æмæ кæлæх, цъæрæхснæгæй зæхх ныддæвдæг ис, уыцы хохæн та йæ дæргъ у иу-дыууæ версты бæрц.

Цы гæнæн уыдис, æз баххуырстон æртæ цæды галтæ æмæ цалдæр ироны. Уыдонæй иу йе ’ккой скодта мæ чумæдан, иннæтæ та райдыдтой æххуыс кæнын сæ галтæн, фæлæ, раст зæгъгæйæ, æххуыс кодтой æрмæст хъæрæй.

Мæ уæрдоны фæстæ цыппар галы хæрзрогæн ластой æндæр уæрдон, кæд уый дзаумайæ цъупдзаг уыдис, уæддæр. Диссаг мæм фæкастис уыцы хъуыддаг. Йæ фæстæ цыди йæ хицау, æвзистæй арæзт чысыл кæсгон лулæйæ тамако пъæртгæнгæ. Йæ уæлæ уыдис афицеры сюртук æнæ пъалеттæй æмæ хæххон хъуынджын худ. Бакæсгæйæ йыл цыдис иу-фæндзай азы, йæ саулагъз цæсгомыл бæрæг уыдис, уый фæскавказы хуримæ раджы кæй фемхиц ис, уый; афонæй раздæр ын чи сурс ис, уыцы рихитæ нæ уыдысты йæ сахъ æмæ йæ сæрæн хуызмæ гæсгæ. Æз æм хæстæг бацыдтæн æмæ йын мæ сæрæй акуывтон; уый дæр мын æнæсдзургæйæ йæ сæрæй акуывта æмæ стыр фæздæджы къуыбылой рауагъта йæ дзыхæй.

— Æнхъæлдæн æмæ мын ды æмвæндаггон уыдзынæ? — дзурын æм æз.

Уый та æнæсдзургæйæ йæ сæрæй æркуывта.

Ды, æвæццæгæн, Стъараполмæ цæуыс?

— Æнæмæнг афтæ... къазнайы дзауматимæ.

Зæгъ-ма мын, табуафси, ай цавæр хабар у: дæуæн дæ дзаг уæрдон цыппар галы сæ сæртæй хъазгæ куы ласынц, уæд мæнæн мæ афтид уæрдон æхсæз галы, ацы ирæттæ дæр семæ, афтæмæй, тыхамæлттæй цæмæн ласынц?

Уый йæ мидбылты хингомау бахудтис æмæ мæм æмбарæн каст æрбакодта.

Æвæццæгæн, ды æрæгæй нырмæ дæ Кавказы?

Иу афæдзы бæрц, — загътон æз.

Уый та дыккаг хатт бахудт йæ мидбылты.

Цæмæн мæ фæрсыс?

Афтæ дæ фæрсын; æнæгъдау фæлывд сты ацы азиæгтæ! Ды хæрзаг зæгъыс, æмæ адон галтæн сæ хъæрæй исты æххуыс кæнынц? Æниу цы хъæр кæнынц, уымæн чи цы зоны? Фæлæ сæ галтæ хорз æмбарынц; ссæдз дæр дзы сифтындз, уæддæр сыл куы сæйтт-æйтт кæной сæхирдыгонау, уæд сыл фæнды топп ныццæв, — размæ дын иу къахдзæф дæр нал акæндзысты... Хинæй семдзаг сты! Æниу сæ агургæ дæр цы бачындæуа!.. Сæ уд, сæ дзæцц — цæуджыты стигъын... Къулбадæг ахуыр сæ скодтой, фæлитойты! Фендзыстут, ноджы ма уæ арахъхъæн æхца куыд айсдзысты, уый. Æз сын сæ ахаст хорз зонын, мæн нæ асайдзысты!

Ды ам рагæй службæ кæныс?..

О, æз дзы Алексей Петровичы2 заманы дæр куыстон, — загъта уый, аив, гуырвидауц лæуд акæнгæйæ. — Уый Хæстон Хахмæ куы ссыдис, уæд æз уыдтæн подпоручик, дыууæ цины та уый цур райстон, хæххон адæмтимæ хæстон хъуыддæгты кæй фæдæн, уый тыххæй, — бафтыдта уый йæ ныхæстыл.

Ныр та ды?..

Ныр та дæн æртыккаг фистæг батальоны. Ды та, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ?..

Æз дæр ын загътон.

Нæ ныхас ууыл ахицæн ис, нæ дыууæ дæр фæрсæй-фæрстæм æнæдзургæйæ нæ цыды кой кодтам. Хохы сæрыл мах ссардтам мит. Хур аныгуылдис æмæ боны фæстæ æнæфæхъурæй3 уайтагъд ралæууыд æхсæв, хуссары кæддæриддæр куыд вæййы, афтæ; фæлæ миты ирдмæ уæддæр нæ развæндаг дзæбæх иртæстам. Фæндаг кæд уæлæмæ цыдис, уæддæр афтæ хæрд нал уыдис. Æз мæ чумæдан уæрдоны сæвæрын кодтон, галты аивын кодтон бæхтæй æмæ ма фæстаг хатт акастæн бынмæ — дæлвæзма; фæлæ, æвиппайды кæмттæй фæйлаугæ чи æрбакалдис, уыцы бæзджын мигъ æй бынтондæр бамбæрзта, æмæ нæм дзы иу сыбыртт, иу хъæр уæлæмæ нал хъуыстис. Ирæттæ хъæлæбагæнгæ мæ алыварс цæлхæмбырд аисты арахъхъы аргъ кургæйæ, фæлæ сыл штабс-капитан ахæм богъ фæласта, æмæ цæстыныкъуылдмæ цыдæр æрбаисты.

Ахæм адæм никуы ис, никуы! — загъта уый, — уырыссагау кæрдзыны ном зæгъын дæр нæ зонынц, афтæмæй, «афицер, дай на водкæ!» базыдтой. Мæнмæ гæсгæ, тæтæр адонæй хуыздæр сты, уыдон нуазгæ уæддæр нæ кæнынц...

Станцæмæ ма нæ хъуыдис иу версты бæрц. Бæстæ алырдыгæй уыдис æнцад, афтæ æнцад, æмæ къогъойæн йæ дыв-дывæй бæрæг уыдис, чердæм тахтис, уый. Галиуырдыгæй сау-сауид дардта арф ком, комы фæстæ æмæ нæ размæ тарцъæх хохы цъуппытæ æнхъырдтæ, къæхтытæй, митдзар æвæрдтæй зындысты арвы фæлурс дæлбазырæй, зæрæхсид ма-иу фæстаг æрттывд кæцæй фæкодта, уырдыгæй. Тар арвыл райдыдтой зынын стъалытæ æмæ, диссаг цы уыди, афтæ мæм касти, цыма ам, махмæ, цæгатæй, уыдон бирæ уæлдæр лæууынц арвыл, уыйау. Фæндаджы фæйнæфарс хъентæ-ментæй лæууыдысты гæмæх, сау дуртæ; ранæй-рæтты миты бынæй хæрдмæ кастысты къудзитæ, фæлæ сæ хус сыфтæртæй иунæг дæр не змæлыдис; æхсызгои уыдис æрдзы мæрдон фынæйы сахат фæллад посты бæхты хуыррытт æмæ уырыссаг тройкæйы мыр-мырæджы сæртæг дзыгъал-мыгъул хъусын.

Райсом хорз бон уыдзæн! — загътон æз. Штабс-капитан мæм ницы сдзырдта, фæлæ мын йе ’нгуылдзæй ацамыдта, æрмæст нæ комкоммæ бæрзонд цы хох фæцыди, уымæ.

Уый циу? — зæгъгæ, йæ бафарстон æз.

Хъуды хох.

Гъемæ цы?

Кæс-ма йæм, йæ тæф куыд кæлы.

Æмæ æцæг. Хъуды хохæн калди йæ фæздæг; йæ фæрстыл хæрдмæ хылдысты æврæгъты рог цъуппытæ, йæ тæккæ сæрыл та бадтис ахæм сæнтсау мигъ, æмæ тар арвыл зынди стъæлфы хуызæн.

Мах райдыдтам дзæбæх иртасын посты станцæ, йæ алфамбылай цы агъуыстытæ уыди, уыдон уæлхæдзæрттæ, æмæ ферттывтой фыццаг рухсытæ, уымæл, уазал дымгæ куы ’рбафутт кодта, ком куы сгуыв-гуыв кодта, æмæ лыстæг уарын куы райдыдта, уæд. Мæ нымæт ма мæ уæлæ æппæрст бафæрæзтон, афтæ ныккалдта мит. Æз кадæнгæсæй бакастæн штабс-капитанмæ.

Ахсæв нæ ам лæууын бахъæудзæн, — загъта уый хъынцъым кæнгæйæ, — айхуызæн тымыгъы хæхтыл нæ ахиздзынæ. Цымæ Дзуары æфцæгыл зæйтæ уыдис? — бафарста уый бæхтæрæджы.

Нæ уыдис, господин, фæлæ дзы ауындзæгæй лæууы бирæ, бирæ, — зæгъгæ йын радта дзуапп ирон бæхтæрæг.

Цæуджытæн станцæйы хицæн уат кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ мах акодтой хуыссынмæ иу фæздæгджын хæдзармæ. Ме ’мбалæн загътон, цом мемæ цай бацым, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ мæм уыди — Кавказы балцы цæугæйæ стыр удæнцойæн — иунæг цæнгæт цайдан.

Хæдзарæн йæ иу фарс уыдис къæдзæхыл ныхæст, йæ дуары размæ та æртæ бырынцъаг, мæцъæл асины къæпхæны. Куырмæджы къуырццытæгæнгæ бацыдтæн æмæ æвиппайды хъугыл мæхи сцавтон (ацы адæмæн се скъæт у лакейты уат дæр). Цы ма фæуыдаин, уымæн ницыуал зыдтон: иу ранæй фыстæ уасынц, иннæ ранæй куыдз хъырны. Мæ амондмæ гæсгæ фæскъуымæй мынæг рухс ферттывта, æмæ уый руаджы ссардтон æз æндæр хуынкъ, дуары хуызæн. Тынг диссаг уыдис уырдыгæй бакæсын: йæ уæлхæдзар æнцадис дыууæ сæгдзыд цæджындзыл, ахæм уæрæх хæдзар уыдис адæмæй йедзаг. Астæуæй, зæххыл, къонайы сыгъдис арт, къæрццытæгæнгæ, æмæ дымгæ цары рудзынгæй бынмæ фæстæмæ цы фæздæг цавта, уый ахæм бæзджын фæлмæй бадти хæдзары, æмæ иудзæвгар мæ алфамбылай мур ницы уыдтон; арты фарсмæ бадтис дыууæ зæронд усы, бирæ сывæллæттæ æмæ иу къæсхуыр гуырдзиаг лæг, сегас дæр бызгъуырты мидæг. Гæнæн нал уыдис, мах дæр арты фарсмæ æрбадтыстæм, ссыгътам нæ лулæтæ, æмæ уалынмæ нæ цайдан дæр рæдау сыр-сыр кæнын байдыдта.

Тæригъæддаг адæм! — загътон æз штабс-капитанæн нæ чъизи фысымтæм амонгæйæ, уыдон дæр нæм æнæдзургæйæ кастысты, куыддæр джихтæгæнгæ.

Хæрзæдылы адæм! — дзуапп радта уый. — Уырны уæ? Мур. ницæмæ арæхсынц, ничердыгон ахуырдзинадмæ рæвдздæр сты! Уый æмæ дын нæ кæсæг, кæнæ цæцæн, кæд цыфæнды абырджытæ æмæ цыфæнды мæгуыр сты, уæддæр, сæ мад амæла, сахъ адæм сты; адон та хæцæнгæрзтæм дæр разæнгард не сты: адæмы хуызæн хъама дзы иу лæгыл нæ фендзынæ. Иудзырдæй — æцæг ирæттæ!

Æмæ ды бирæ фæдæ Цæцæны?

О, фæдæн дзы иу-дæс азы, лæууыдтæн мæ ротæимæ фидары, Дурджын донауайæн, зæгъгæ, уый цур, — зоныс æй?

Фехъуыстон.

Чысыл нæ не сфæлмæцын кодтой уыцы сæрлыггæнджытæ! Ныр, хуыцауæй бузныг, фæсабырдæр сты; фыццаг та-иу быруйæ сæдæ санчъехы æддæдæр ацыдтæ, зæгъгæ, уæд-иу хъуынджын хæйрæг хъуамæ искуы дæ размæ бадтаид æмæ дæ хъахъхъæдтаид: гыццылдæр хæлиудзыхæй аззадтæ, зæгъгæ, уæд, дæ фыдгул афтæ, кæнæ архъан де ’фцæджы уыдаид, кæннод та нæмыг дæ къæбуты ныссагъдаид. Сахъ адæм сты, ныууадз!..

Хæрзаг бирæ цъысымты фæдæ ды? — загътон æз цымыдисæй.

Куыд нæ! бæгуыдæр фæдæн...

Ацы ныхæстæм уый байдыдта тонын йæ галиу рихи, йæ сæр æруагъта йæ риумæ æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Мæн тыхджын фæндыдис, — балцы чи вæййы æмæ хабæрттæ чи фæфыссы, уыцы адæмæн сегасы дæр куыд фæфæнды, афтæ, — исты диссаг хабар дзы куы рафæлгъуыдтаин, уый. Уалынмæ нæ цай дæр сцæттæ ис, æз систон мæ чумæданæй дыууæ фæндаггон агуывзæйы, цай сæ æркодтон æмæ дзы иу æрæвæрдтон уый раз. Уый дзы схуыпп кодта, стæй загъта, цыма хинымæры дзырдта, уыйхуызæн: «О, фæдæн!» Уыцы ныхасæй æз фæныфсджын дæн æмæ дзы мæхицæн зæрдæ бавæрдтон. Æз зонын, зæронд кавказæгтæ ныхас кæнын, хабæрттæ дзурын тынг кæй уарзынц, уый; афтæмæй, стæм хаттæй фæстæмæ, уый сæ къухы не ’фты: иуæй-иу фæлæууы йæ ротæимæ искуы фæсвæд ран æмæ йын æнæхъæн фæндзгай азтæ нæ вæййы æгас цæуай зæгъæг (уый тыххæй, æмæ йын фельдфебель фæзæгъы æрмæст: æнæниз у). Афтæмæй сæм ныхасагæй фылдæр та цы вæййы: алырдыгæй хъæддаг, цымыдисаг адæм; алыбон дæр — тас, цæуы алы диссаг хабæрттæ, афтæмæй, ай-гъай, хъыгаг у, уыцы хабæрттæ нæм афтæ чысыл кæй фыссынц, уый.

Дæ цайыл дæ ром æркæнын фæнды? — бафарстон æз ме ’мбалы, — мæнмæ ис урс калакаг ром; ихæн у ныр.

Нæ, бузныг, нуазгæ нæ кæнын.

Цæуылнæ уæд?

Афтæ. Сомыгонд дæн. Подпоручик ма куы уыдтæн, уæд, зоныс, æмгæрттимæ иухатт æгæр фæразуæз стæм; уалынмæ æхсæвы фæдис фæцыдис, мах уыцы хуызæнæй фронты æрлæууыдыстæм хъæлдзæгæй, куыддæр нæ Алексей Петрович базыдта, афтæ нын, ды дæр ма немæ уыдаис, нæ хъуын ацагъта, и: Хуыцау ма зæгъæд, куыд нæм смæсты ис! Чысыл ма бахъæуа, тæрхондонмæ нæ радта. Æмæ уæвгæ диссаг дæр нæу: цæрыс цалдæр азы иунæгæй лæгæты цæрæгау, никæй уынгæ кæныс, никæй æндæр, афтæмæй ма ноджы арахъхъ, уæд ма лæгæн сæфынæн æндæр цы хъæуы!

Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд ыл мæ зæрдæ уыйас нал дардтон.

Зæгъæм черкестæй, — дзырдта уый дарддæр: буза4 куы ныххырхынц чындз хæсгæйæ кæнæ хисты, уæд, гъæйдæмардзæ, кæрæдзийы цъыччытæ сисынц. Иухатт ма тыххæй мæ къæхты руаджы раирвæзтæн, афтæмæй та хуынды уыдтæн сабырдзæрæг кънйазмæ.

Гъы, æмæ уый афтæ куыд рауадис?

Куыд, куы зæгъай (йæ лулæйы тамако ныннадта, хорз дзы нылвæс кодта, стæй райдыдта ныхас кæнын), — уæд, цæвиттоны хъуыддагæй, æз лæууыдтæн иурæстæджы мæ ротæимæ Терчы фаллаг фидары, — уæдæй цæудзæн ныр фондз азмæ ’ввахс. Иухатт фæззæджы æрбацыд фидармæ хæринæгты чырæ, чырæимæ уыдис иу æрыгон афицер, цыдаид ыл афтæ иу-фондз æмæ ссæдз азы. Йæ формæ æххæстæй йæ уæлæ, афтæмæй мæм æрбалæууыд æмæ мын загъта, æз цы фидары уыдтæн, хицæуттæ уый дæр уым лæууын кæнынц, зæгъгæ. Уый уыдис ахæм хæрзнарæг, урсцъар; йæ уæлæ ахæм дзыхъхъынног мундир уыдис, æмæ æз уайтагъддæр бамбæрстон, Кавказы æрæгæй ардæм кæй уыдис, уый. «Ардæм дæ, æвæццæгæн, Уæрæсейæ сивтой?», зæгъгæ йæ бафарстон æз. — «Раст афтæ у, господин штабс-капитан», — зæгъгæ, дзуапп радта уый. — Æз ын йæ къух райстон æмæ загътон: «Тынг æхсызгон мын у, тынг æхсызгон. Æцæг, иучысыл хъыг кæндзынæ... фæлæ ницы кæны, уыйас нæ дыууæ иумæ цæрдзыстæм хæларæй. Стæй, дæ хорзæхæй, хон мæ æрмæст Максим Максимыч, стæй дын, дæ хорзæхæй, ацы æххæст формæ дæр циу? цу мæм кæддæриддæр дæ сæрыл тъæпæн худ æркæнгæйæ». — Фатер ын радтой, æмæ уый æрцардис фидары.

Хонгæ та йæ куыд кодтой уæд? — бафарстон æз Максим Максимычы.

Хуыдтой йæ... Григорий Александрович Печорин. Иттæг хорз лæппу уыдис, баууæнд мыл, æцæг æм чысыл æнахуыр митæ дæр уыдис. Зæгъæм, къæвдайы, уазалы-иу бонсауизæрмæ цуаны фæхатт; иннæтæ-иу ныргъæвстысты, бафæлладысты, — уый хъуыды дæр ницы кодта. Хаттæй-хатт та-иу бадтаид йæ уаты, æмæ, гыццылдæр ыл дымгæйы уддзæф амбæлдис, зæгъгæ, уæд-иу дзурын байдыдта, уазал мæ бацыдис, зæгъгæ; фæрсаг-иу ныггуыпп кодта, зæгъгæ, уæд-иу хæрдмæ фæхаудис æмæ-иу ныффæлурс ис, афтæмæй та мæхи раз хъæддаг хуымæ бацыдис лæгæй-лæгмæ, хъазуаты; афтæ-иу уыд, æмæ-иу дзы сахатгай иунæг дзырд сарт æмæ мысалгъæй дæр не скъахтаис, фæлæ-иу гъеныр фæкъæртт ис, зæгъгæ, уæд та-иу адæмы артæн хæлттæ кодта фырхудæгæй... О, бирæ æнахуыр митæ йæм уыд, стæй хъæздыг лæг дæр уыди, æвæццæгæн: алы зынаргъ лыстæг дзаумайæн æм ныккæнæн дæр нæ уыдис!

Æмæ уемæ бирæ фæцардис? — зæгъгæ та йæ бафарстон æз.

Афæдзмæ ’ввахс. Фæлæ мæ, æвæццæгæн, æмæ мæрдты дæр нæ ферох уыдзæн уыцы афæдз, уыйбæрц сæрниз мын скодта, мæрдты мæ ма схъæрзæд, фæлæ!.. Раст зæгъын хъæуы, ис ахæм адæм, æрдзæй афтæмæй чи рацæуы, æмæ сыл царды мидæг хъуамæ алы æрдхæрæн, алы æвирхъау митæ цæуа!

Æрдхæрæн, æвирхъау, и? — цымыдисæй фæхъæр кодтон æз, йæ агуывзæйы йын цай кодтон, афтæмæй.

Мæнæ дын æз уый тыххæй ныртæккæ радзурдзынæн. Фидарæй иухатт æхсæз версты æддæдæр уыдаид, афтæ цардис, немæ лымæн чи уыд, ахæм кънйаз. Йæ фырт, иуфынддæсаздзыд лæппу, фæцахуыр ис махмæ цæуын: æрвылбон нæм бæхыл цыдис куы цæй æфсон, куы цæй æфсон. Æз æмæ йæ Григорий Александрович æгæр къулбадæг ахуыр дæр ма скодтам. Йæ фыдуагæн æмбал нæ уыдис, афтæмæй арт, æвзыгъд алцæмæ дæр: уайгæ-уайын уæлбæхæй худ фелвасынмæ зæххæй, топп æхсынмæ зæгъай. Æцæг æм иу хъуыддаг хорз нæ уыд: æгæр уыдис æхцамæ æмхиц. Иухатт ын Григорий Александрович хъазгæйæ зæрдæ сæвæрдта: туман дын ратдзынæн, æмæ мын дæ фыды нæлсæгътæн сæ тæккæ хуыздæры æрлас, зæгъгæ; æмæ куыд æнхъæл дæ? дыккаг æхсæв æй йæ дыууæ сыкъайæ æрцæу-цæу кодта. Науæд-иу æй мæстæймарынвæнд скодтам, зæгъгæ, уæд-иу йæ цæстытæ туджы разылдта æмæ-иу уайтагъд йæ хъамайы сæрыл фæхæцыд. «Гъе, Азæмæт, уыцы сæр дæ уæлæ бирæ нæ фæхæсдзынæ, — фыд баййафдзæн дæ сæр, уый зон!» — зæгъгæ йын дзырдтон æз.

Иухатт куы уыдис, уæд нæм зæронд кънйаз йæхæдæг æрцыдис хонæг: йæ хистæр чызджы моймæ лæвæрдта, мах та йемæ лымæн уыдыстæм æмæ нын æдзæугæ нæ уыд, кæд тæтæйраг уыд, уæддæр. Араст стæм. Хъæуы ныл дунейы куитæ æрæмбырд сты æмæ рæйынæй бæстæ сæ сæрыл систой. Сылгоймæгтæ нæ куы ауыдтой, уæд сæхи ’мбæхсынмæ фесты; сæ цæсгæмттæ фенын дзы нæ къухы кæмæн бафтыд, уыдон мæнæ рæсугъд, зæгъгæ, кæй хонынц, æппындæр ахæмтæ нæ уыдысты. «Æз бирæ рæсугъддæр æнхъæл уыдтæн черкесаг сылгоймæгтæн», — загъта мын Григорий Александрович. — «Багъæц!» — зæгъгæ йын бакодтон æз, худгæйæ. Мæнæн мæ сæры уыдис хицæн хъуыды.

Кънйазы хæдзар байдзаг ис адæмæй. Азиаг адæмæн се ’гъдау афтæ у, æмæ чындзæхсæвмæ хонынц кæйдæриддæр æнæвзаргæйæ, кæуыл æмбæлынц, се ’ппæты дæр. Тынг ныл бацин кодтой æмæ нæ акодтой уазæгдонмæ. Фæлæ мæнæй уæддæр нæ ферох, нæ бæхтæ нын кæм бабастой, уый фæфиппайын, — афтæ, цы нæ вæййы, зæгъгæ, уый тыххæй.

Гъы, æмæ сæм уæддæр куыд вæййы чызг æрвитгæйæ? — бафарстон æз штабс-капитаны.

Ницы дзы ис диссагæй. Молло сын фыццаг цыдæртæ бакæсы хъуыранæй; стæй уæд раттынц лæвæрттæ чызгæн, лæппуйæн æмæ сæ хæстæджытæн; хæрынц, нуазынц махсымæ; уыйфæстæ райдайынц бæхтыл хъазын; йæ сæдæ сойæдзаг зæбулы иу æндахыл хæцынц, кæддæриддæр иу ахæм барæг рагæпп ласы, æмæ, гъæйдæ-мардзæ, райдайы йæ тæнтъихæг, къуылых бæхыл маймулийы кафт кæнын, уазджыты худæгæй марын, стæй куы фæизæрдалынгтæ вæййы, уæд уазæгдоны саразынц хъазт, махырдыгонау бал кæй хонынц, уый. Мæгуыр зæронд лæг хырттым-бырттым кæны æртæтæноныл... ферох мæ ис, уыдонмæ цы хуины, уый... иудзырдæй, мæнæ махмæ балалайкæйы хуызæн. Чызджытæ æмæ лæппу-фæсивæд ралæууынц дыууæ рæнхъæй кæрæдзи комкоммæ, æмдзæгъд кæнынц сæ къухтæй æмæ зарынц. Уалынмæ рацæуынц иу чызг æмæ иу лæппу астæумæ æмæ заргæмхасæн дзурынц кæрæдзийæн, цыфæнды уæд, истыхуызон æмдзæвгæтæ, иннæтæ сæ исынц уы дон дзыхæй æмæ сæ зарынц æмхуызонæй. Æз æмæ Печорин бадтыстæм буц, кадджын ран; уалынмæ нæм æрбауад нæ фысымы кæстæр чызг, цыдаид ыл афтæ иу-æхсæрдæс азы, æмæ азарыд Печоринæн... нæ зонын, куыд æй зæгъон?.. цыдæр æппæлæн ныхæстæ.

Æмæ йын уæддæр цы азарыдис, уый нал хъуыды кæныс?

Æнхъæлдæн æмæ мæнæ афтæ: «Нæ саг фæсивæд, дам, хæрзконд сты, сæ куырæттыл хæрдгæбыдтæ, фæлæ, дам, уырыссаг афицер хæрзконддæр у, йæ хæрдгæбыдтæ дæр зæрин тагæй. Лæууы, дам, уый се ’хсæн гæдыбæласау, æрмæст, дам, нæ рæздзæн, дидинæг не ’фтаудзæн уый нæ дыргъдоны». Печорин сыстадис, акуывта йын, йæ къух авæрдта фыццаг йæ ныхыл, стæй йæ зæрдæйыл æмæ ракуырдта мæнæй, æз ын дзуапп куыд раттон йæ бæсты, афтæ: æз уыдонырдыгонау хорз зонын æмæ йын йæ ныхæстæ атæлмац кодтон.

Чызг махæй куы ацыдис, уæд æз сындæггомау афарстон Григорий Александровичы: «гъы, куыд у?»

«Уды къæртт! — загъта уый, — йæ ном та цы хуины?».

«Йæ ном хуины Бэлæ», — зæгъгæ йын загътон æз.

Æмæ æцæгдæр уый уыдис рæсугъд: бæрзонд, нарæгастæу, йæ цæстытæ раст хæххон сычъийы цæстытæ — сæнтсау, зæрдæмæ афтæ уыцы бырсæджы бырстой. Печорин хъуыдытыл фæцис æмæ чызгæй æппындæр йæ цæстытæ нал иста, уый дæр та йæм-иу уайтагъд йе ’рфгуыты бынæй фæкастис. Уæвгæ, иунæг Печорин нæ кодта уарзон æхсызгон каст кънйазы рæсугъдмæ: уаты къуымæй ма йæм касти ноджыдæр æндæр, æнæзмæлгæ, судзгæ дыууæ цæсты. Æз æм мæ цæстызул дарын байдыдтон æмæ мын цы базонын хъуыд мæ рагон лымæн Казбичы. Уый та, цæвиттоны хъуыддагæй, иуыл сабыртæй дæр нæ уыд, иуыл фыдуæгтæй дæр. Æнæууæнк ыл кодтой бирæ цæмæйдæрты, фæлæ йæм æргом къух бакæнæн ницæмæй уыдис. Хатгай-иу æртардта уый нæ фидармæ нæлфыстæ æмæ-иу сæ уæй кодта аслам, æрмæст фæлтæрæн никуы кодта: цы аргъ скодтаид, уый йын хъуамæ раттаис, акъæртт æй кæн, — асламдæр нæ фæкодтаид. Дзырдтой дзы, абырджытимæ балцы цæуаг у Кубаны доны фалемæ, зæгъгæ, æмæ уымæн йæ уындæй дæр, раст зæгъгæйæ, бæрæг уыдис, абырджытæн сæ тæккæ налæттæй кæй у, уый: гыццыл, тæнæг, уæхскджын... Уæд арæхсынмæ та куыд уыд... хæйрæг, хæйрæг! Йæ куырæт алыхатт дæр уыди пырхытæ, æмпъызтытæ, йæ гæрзтæ та æвзистæй æмæхгæд. Йæ бæхы кой айхъуыст æгас Кæсæгыл — æмæ, æцæг, йæхицæй хуыздæр хайуанæн скæнæн дæр ма нæ уыд. Хуымæтæджы йæм нæ тадысты сæ цæсты фиутæ хуыздæр барджытæн æмæ йæ иу æмæ дыууæ хатты дзæгъæлы нæ фæлвæрдтой давынмæ, æрмæст сæ къухы не ’фтыдис. Гъеныр дæр цыма мæ цæстыты раз ис, — писийы хуызæн сæнтсау, йæ къæхтæ фæндыры тæнтæ, йæ дыууæ цæсты дæр Бэлæйы цæстытæй цауддæр нæ уыдысты; уæд куыд домбай уыдис! фæнды йыл 50 версты фæуай: æрмахуыр куыдзæй цы кæныс йæ хицауы фæстæ уайынмæ; йæ хъæлæсы хатт дæр ын зыдта! Фылдæр-хатт æй оæтгæ дæр нæ кодта! Ахæм абырæджы бæх кæм уыдис!..

Уыцы изæр Казбич уыдис иннæ хæттытæй æрхæндæгдæр, æмæ йыл ауыдтон йæ куырæты мидæгæй згъæр хæдон.

«Дзæгъæлы нæй йæ уæлæ уыцы згъæр, — загътон æз хинымæр, — сыгъдæгæй дæр цыдæр фыдбылыз аразы».

Хæдзары уыдис æнуд, æмæ æз рацыдтæн кæртмæ дымгæмæ. Æхсæв хæхтыл æруагъта йæхи, æмæ мигъ кæмтты рахилбахил кæнын байдыдта.

Мæ зæрды æрæфтыд, нæ бæхтæ баст кæм уыдысты, уыцы тапкамæ бауайын, фенон, холлаг сын ис æви нæй, зæгъгæ, стæй «фидары мад нæ кæуы» фæзæгъынц; мæнмæ та хорз бæх уыдис æмæ йæм иу æмæ дыууæ кæсгоны хæлæг цæстæй нæ каст, æмæ нæ дзырдта: «Якши тхе, чок якиш»5.

Быруйы фæрсты фæцæуын æмæ хъусын æвиппайды кæйдæр ныхас: иуы дзы уайтагъд йæ дзурынæй базыдтон: уый уыдис нæ фысымы фырт, Азæмæты фыдуаг; иннæ ныхас кодта къаддæр æмæ сабырдæр. «Цымæ сæ ныхас цæуыл у? — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр: «Мæ бæхыл ма фæнд кæнæнт?» Æрбадтæн быруйы рæбын æмæ сæм биноныг хъусын, иунæг ныхас дæр мæ куыд нæ аирвæзтаид, афтæ. Иуæй-иу хатт-иу, зарыны хъæр æмæ адæмы хъæлæба хæдзарæй райхъуысгæйæ, фæмынæг кодтой уыцы сусæг æхсызгон ныхас, æмæ-иу дзы ницыуал айхъуыстон.

Диссаджы хорз у дæ бæх! — зæгъгæ, дзырдта Азæмæт, — æз хæдзары хицау куы уаин æмæ мæм бæхты рæгъау куы уаид, иу-æртæсæдæ ефсы, уæд дын уыдоны æмбис раттин дæ дугъон бæхыл, Казбич!

«А-гъа, Казбич у уæдæ!» — загътон æз, æмæ йе згъæр хæдон уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыдис.

О, — зæгъгæ, загъта Казбич, иуцъусдуг афæстиат ис, афтæмæй, — æнæхъæн Кæсæджы дæр ахæм бæх не ссардзынæ. Иухатт, — уый уыдис Терчы æддаг фарс — абырджытимæ ацыдтæн уырысы рæгъæуттæ ратæрынмæ, рæствæндаг нæ фестæм æмæ фæйнæрдæм ныппырх стæм. Мæ фæстæ фатау ныййарц ис цыппар хъазахъхъаджы, джйауыртæн мæм сæ хъæр дзæбæх хъуыстис, ныр мæ размæ тархъæд. Саргъыл ныддæлгом дæн, мæ уд Хуыцауы æвджид бакодтон, афтæмæй, æмæ гъеуæд фыццаг хатт бафхæрдтон мæ бæхы мæ ехсы цæфæй. Йæхи маргъау фæцавта къабузты ’хсæн, цыргъ сындзытæ мын рæдывтой мæ дарæс, сывылдзы хус хихтæ мын надтой мæ цæсгом. Мæ бæх сæррæттытæ кодта бындзæфхæдты сæрты, йæ риуæй пыхс, къудзитæ фæйнæрдæм тонгæйæ. Хуыздæр хъæлæкк уыдаид, хъæды дымæгмæ йæ куы фæуагътаин æмæ хъæдмæ мæхи куы байстаин, уæд, фæлæ кæй зæрдæйæ, æвгъау мæм каст йæ ныууадзын, — æмæ мын уыйхыгъд пехуымпар фæахъаз ис. Цалдæр нæмыджы мæ сæрты цъых-цъыхгæнгæ æрбатахт; айхъуыстон, хъазахъхъ сæ бæхтæй куыд æргæппытæ кодтой æмæ мæ фæдфæд куыд æрбацæйзгъордтой, уый... Æвиппайды мæ размæ къардиуы мæ дугъон асагъæс кодта, стæй — сæррæтт, зæгъгæ, æмæ багæпп кодта. Йæ фæстаг сæфтджытæ къардиуы фаллаг был æртыдтой, æмæ йæ раззаг къæхтыл ауындзæгæй аззадис. Æз рохтæ фæуагътон æмæ дæлбылмæ уыцы æхст фæкодтон мæхи; уымæй фервæзын кодтон мæ бæхы: къардиуæй сгæпп кодта. Хъазахъхъ федтой, цы бакодтон, уый, фæлæ мæм æрхмæ иу дæр агурæг нæ ныццыд: æнхъæлдтой, æвæццæгæн, ныммардтæн, зæгъгæ, афтæмæй та хъуыстон, мæ бæхы ахсынмæ куыд фесты, уый. Мæ зæрдæйы тугтæ ныттагъдысты; абырыдтæн мæ гуыбыны цъарыл бæзджын кæрдæджы æрх-æрх дæлæмæ, — кæсын æмæ дын мæнæ хъæды кæрон; цалдæр хъазахъхъаджы дзы рацæуынц бæхтыл æрдузмæ, уалынмæ сæм мæ Карагйоз хъæдæй комкоммæ ратæхы, йæ фæстæ æмхуызонæй ныййарц сты, хъæр æмæ ахстгæнгæ; кæдæй-кæдмæ фæратæхбатæх кодтой йæ фæстæ! Уæлдайдæр иу: дыууæ хатты йыл, чысыл ма бахъæуа, архъан ма баппара; адæргæй æмризæджы срызтæн, мæ цæстытæ дæлæмæ æруагътон æмæ кувын байдыдтон. Иукъорд минуты фæстæ сæ æвиппайды уæлæмæ систон æмæ кæсын: мæ Карагйоз æртæхы йæ къæдзил фæйлаугæ, йæхæдæг уадау сæрибар, афтæмæй, джйауыртæ та фæстиау, дард, кæрæдзийы фæдыл адаргъ сты се стад бæхтыл. Уæллæгъи, раст афтæ уыд! Æхсæв æнафонмæ фæдаудтон æз уыцы æрхы. Æвиппайды, куыд æнхъæл дæ, Азæмæт, хъусын мæйдары, бæх рауай-бауай кæны æрхы былтыл, хуыррытт кæны, уасы, зæхх хойы йæ къæхтæй; мæ Карагйозы йæ уасынæй базыдтон: уый æцæгдæр уыдис йæхæдæг, ме ’мбал!.. Уæдæй фæстæмæкæрæдзийæ нал фæхицæн стæм.

Æмæ мæм дзæбæх хъуысти, йæ дугъоны лæгъз бæрзæй уый йæ къухæй куыд даудта, узæлгæ хост æй куыд кодта æмæ йæ алы буц номæй куыд хуыдта, уый.

Иу мин ефсы мæм куы уаид, — загъта Азæмæт, — уæддæр дын сæ раттин Карагйозыл.

Йок6 нæ хъæуы, — зæгъгæ йын дзуапп радта уазал хъæлæсæй Казбич.

Хъус-ма, Казбич, — дзырдта йын Азæмæт лæгъстæгæнæгау, — ды зæрдæхæлар лæг дæ, хъæбатыр, цæхæрцæст лæг, мæ фыд та уырысæй тæрсы æмæ мæ хохмæ нæ уадзы; дæ бæх мын ратт, æмæ дæ цыдæриддæр фæнды, уый дын бакæндзынæн, радавдзынæн дын мæ фыдæн йæ хуыздæр хъыримаг, науæд кард, дæхи дзыхæй цы зæгъыс, уый, йæ кард та у гурда7, йæ ком ын дæ цонгыл авæр, йæхæдæг буары ныссæдздзæн, згъæр та йын, — мæнæ дæууоны хуызæн, — мурдæр ницы у. Казбич æм ницы дзырдта.

Фыццаг хатт дын дæ бæхы куы федтон, — дзырдта дарддæр Азæмæт, — дæ быны уый цъилау куы зылдис, йæ фындзыхуынчъытæ дымстæй дæ быны куы кафыд, йæ сæфтджыты бынæй схон-дур лыстæг муртæй фæйнæрдæм куы тахтис, гъеуæдæй фæстæмæ бынтондæр мæ зæрдæ фæфæлдæхт, ад мын ницыуал кæны: мæ фыды хуыздæр дугъонтæ мын уæнгæл фестадысты, æфсæрмы кодтон уыдоныл сбадын, æддæмæ рацæуын, æмæ мын судзгæ сагъæс мæ уд бахордта; уыцы сагъæс-иу хуылфы уæвгæйæ æз фæбадтæн къæдзæхыл æгас бон-изæрмæ æмæ иунæг минут дæр рох нæ кодта мæ зæрдæйæ дæ дугъон, дæ сау уари, йæ аив къæхты айст, йæ лæгъз, фатау æмраст рагъ; йæ цæхæр цæстытæй уый касти комкоммæ мæ цæстытæм, исты зæгъынмæ мын цыма хъавыдис, уыйау. Зæрдæдзæф кæндзынæн, Казбич, куы нæ мын æй рауæй кæнай, уæд! — загъта Азæмæт, æмæ йæ хъæлæс базыр-зыр кодта.

Мæ хъусыл æрцыдис, Азæмæт кæй скуыдта, уый: афтæмæй та уый уыдис стыр хивæнд, фидар лæппу, гыццыл, куы уыдис, уæддæр-иу дзы хæснагыл иу цæссыг ничи æрхауын кодтаид.

Йæ кæуынмæ худыны хуызæн цыдæр уынæр мæ хъустыл ауадис.

— Байхъус-ма! — зæгъгæ, загъта хъæбæрæй Азæмæт, уыныс, цыдæриддæр бакæныныл дæр разы дæн. Фæнды дæ, уæд та дын мæ хойы раскъæфон? Куыд кафы! Куыд зары! Кæнæ сызгъæрии хæрдгæйæ куыд хуыйы — диссаг, стыр диссаг! Нæ уыдис ахæм ус турчы паддзахæн дæр... Фæнды дæ? Уæд мæм сомæхсæв æнхъæлмæ кæс уартæ комы, доны гуылфæн кæм згъоры, уым: æз ууылты йемæ цæудзынæн, нæ фарсмæ цы хъæу ис, уырдæм, — гъемæ уæд уый дæу у. Ау, Бэлæ дæ дугъоны аргъ нæу?

Бирæ, бирæ æнæдзургæйæ фæлæууыд Казбич, фæстагмæ йын дзуаппы бæсты æрдæгхъæлæсæй ныззарыд фыдæлты зарæг:


Бирæ рæсугъдтæ нæ хъæуы цæры,

Стъалытæ хъазынц сæ цæсты тары.

Уыдон уарзын у — хæлæггаг хъуыддаг.

Фæлæ уымæй зынаргъдæр у сæрибардзинад.

Сызгъæрин балхæндзæн цыппар усы дæр,

Хорз бæхæн та æппындæр аргъ нæй:

Уадæй дæр быдыры фæстейы нæ баззайдзæн,

Зæрдæ не сивдзæн, лæджы нæ фæсайдзæн8.


Дзæгъæлы йын лæгъстæ кодтæ Азæмæт, сразы у, зæгъгæ, — дзæгъæлы куыдта йæ разы, дзæгъæлы йын кодта козбау ныхæстæ, сомытæ: фæстагмæ йæм Казбич йæхи нал фæурæдта æмæ йын загъта:

Дæхи дард айс, æнæзонд лæппу! Мæ бæхыл сбадынмæ ма дæ бирæ истытæ хъæуы. Фыццаг æртæ къахдзæфæн дæ куыд аппара, æмæ халоны айкау дуртыл куыд фехæлай, уый дæ фæнды?

Мæн! — зæгъгæ, æрра хъæр фæкодта Азæмæт æмæ сабийы хъамайы цъыкк згъæрыл фæцыдис. Замманайы домбай къух æй уыцы иу схуыст акодта, æмæ кауыл йæ тъæпп фæцыд, æмæ кау нызмæлыдис. «Ам цыдæр уыдзæн!» — загътон æз мæхинымæр æмæ уайтагъд бæхдоны смидæг дæн, нæ бæхтыл идæттæ афтыдтон æмæ сæ фæстаг кæртмæ раластон. Дыууæ минуты фæстæ хæдзар хъæр æмæ хъæлæба ссис. Хъуыддаг афтæ рауад: Азæмæт базгъордта скъуыдтæ куырæты хæдзармæ фæдисы æмæ радзырдта, Казбич æй æргæвдынмæ хъавыдис, зæгъгæ. Иууылдæр рагæппытæ кодтой, топпытæм февнæлдтой — æмæ, гъæйдæ-мардзæ, хæст стынг ис! Алырдыгæй хъæр-ахст, топпы гæрах ссис, æрмæст ныр Казбич бадти йæ бæхыл æмæ уынджы астæу адæмы ’хсæн цъилау зылдис, йе ’хсаргардæй йæхи иргъæвгæйæ. «Æвзæр хъуыддаг у искæй фыдбылызæй басудзын, — загътон æз Григорий Александровичæн, йæ къух ын ацахстон, афтæмæй, — нæхи ардыгæй тагъддæр куы айсиккам, уæд хуыздæр нæ уаид цымæ?»

Фæлæуу-ма, фенон, цæмæй ахицæн уыдзæн.

Хорзæй ахицæн æнхъæл ын ма у; ацы азиæгтæм кæддæриддæр афтæ у: махсымæ ныххырхтой, зæгъгæ, уæд сын æнæ кæрæдзи туджы сæвдулгæ хос нæй! — Нæ бæхтыл абадтыстæм æмæ фæцагайдтам нæхимæ.

Уæд Казбич та цы фæцис? — афарстон æз штабс-капитаны тагъдгомау.

Уыцы адæмæн та цы фæуынæй тæрс! — зæгъгæ мын дзуапп радта уый, йæ цай цымыны кой кæнгæйæ, — аирвæзт, æндæр цы фæци!

Ау, æнæ цæфæй? — афарстон та йæ æз.

Æмæ Хуыцау йæ зонæг у! Уæвгæ, куыдзы уд ис уыцы абырджытæн! Иуæй-иуты дзы хæсты федтон, йæ буар æгасæн дæр хуры хуыфийы хуызæн, джебогъæй хуынчъытæ, уæддæриу æхсаргардæй, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, цъыччытæ кодта фæйнæрдæм. — Штабс-капитан иуцъусдуг афæстиат и, стæй йæ къах зæххыл æркъуырдта æмæ та ныхас кæныныл фæцис:

Никуы ныббардзынæн мæхицæн уыцы боны рæдыд: нæ зонын, цы хæйрæг мæ ацардыдта, фæлæ фидармæ куы ’рбацыдыстæм, уæд дын Григорий Александровичæн ма радзурон, каурæбын бадгæйæ цы фехъуыстон, уыдон иууылдæр; худæгæй амардис, — ахæм хинæйдзаг! — йæ зæрдæйы та афтæмæй æндæр цыдæр хъуыды сæвзæрдис.

Æмæ уæддæр цы? Радзур-ма, дæ хорзæхæй.

Цæй, гæнæн нал ис! Дзурын кæм райдыдтон, уым мæ ныхас æххæст фæуын хъæуы.

Иу-цыппар боны фæстæ та æрцыдис Азæмæт фидармæ. Григорий Александрович æй алыхатт адджинæгтæй хорз уыдта æмæ йыл ахуыр кæй уыдис, уымæ гæсгæ та бацыдис уымæ. Æз дæр уыдтæн уым. Бæхты тыххæй та нæм ныхас æрцыди, æмæ Печорин райдыдта Казбичы бæхæй æппæлын: ахæм цæрдæг, ахæм рæсугъд сæгуытæй цы кæныс, — иудзырдæй, уый ныхæстæм гæсгæ дунейыл дæр йæхи хуызæн хайуан никуы уыдис.

Чысыл тæтæйраджы цæстытæ цæхæртæ скалдтой, фæлæ йæ Печорин цыма нæ уыдта, йæхи афтæ скодта; æз-иу æндæр ныхас райдыдтон, уый та-иу уайтагъд Казбичы бæхы коймæ фæцис. Æмæ нæм Азæмæт цалдæриддæр хатты цыдис, æдзух ын кодта афтæ. Иу-æртæ къуырийы фæстæ кæсын, æмæ Азæмæты цæсгомы туджы ’ртах нал уыдис, райдыдта уæлхъæдæй тайын, хус кæнын, романты куыд вæййы, афтæ, уарзондзинады низæй цыма садис, уыйау ихсыдис. Ай цы диссаг уа?..

Зоныс, хъуыддаг æгасæй дæр æз уыйфæстæ базыдтон: Григорий Александрович лæппуйы мæстæй марынæй афтæ ныззаууат кодта, æмæ фæнды доны баппарæд йæхи! Иухатт та баздæхт æмæ йын афтæ зæгъы: «Зонын, Азæмæт, уыцы бæхы дæ уд кæй баззад, уый, фæлæ кæд дæ къæбут фендзынæ, уæд уый дæр дæ къухы бафтдзæнис! Зæгъ-ма, чи дын æй балæвар кæнид, уымæн цы раттис цымæ?..»

Цыдæриддæр æй бафæндид, уый, — загъта Азæмæт.

Уæдæ кæд афтæ у, уæд дын æй æз самал кæндзынæн, æрмæст дзырдæй... Ард бахæр, дæ дзырд кæй сæххæст кæндзынæ, ууыл...

Хæрын... Ард бахæр ды дæр!

Хорз! Ард хæрын, уыцы бæх дæу кæй уыдзæн, ууыл; æрмæст мын йæ ивддзаг ды хъуамæ раттай дæ хо Бэлæйы: Карагйоз дын уыдзæн йæ ирæд. Æнхъæлдæн, ахæм фидыд дæуæн пайда у.

Азæмæт ныхъхъус ис.

Нæ дæ фæнды? Цæй, уæдæ, бар дæу! Æз дын лæг æнхъæл уыдтæн, фæлæ нырма дзидзидай куы дæ; бæхыл бадынæн дын нырма раджы у...

Азæмæт ссыгъдис. «Æмæ мæ фыд та?» — зæгъгæ, фæкодта.

Ау, æмæ æппын никуы никæдæм ацæуы?..

Æцæг...

Разы дæ?..

Разы дæн, — загъта æнцадæй Азæмæт, йæ цæсгом мæрдвæлурс афæлдæхт, афтæмæй. — Æмæ уæддæр кæд?

Фыццагдæр Казбич ардæм кæд æрцæуа, гъеуæд; иу-дæс фысы нæм æртæринаг у; уымæй дарддæр хъуыддаг мæхи бар у. Хъусыс, сайгæ ма фæкæн, Азæмæт!

Ууыл алыг кодтой... раст зæгъгæйæ, æвзæр æбуалгъ хъуыддаг! Уыйфæстæ æз уый Печоринæн зæгъгæ дæр кодтон, фæлæ мын уый загъта: хъæддаг хæххон сылгоймаг, дам, хъуамæ амондджын уа, мæ хуызæн хæларзæрдæ мой кæмæн ис, уый тыххæй æмæ, дам, уыдон æгъдаумæ гæсгæ, æз уæддæр йæ мой дæн, Казбич та, дам, абырæг у, йæ бон базонын кæнын кæмæн хъуыдис, ахæм. Дæхæдæг-ма ахъуыды кæн, мæ бон ма йын цы зæгъын уыдис уыцы ныхæстæм?.. Фæлæ сын уæд сæ сусæг фæндæн æз ницыма зыдтон. Иухатт куы уыдис, уæд мæм Казбич æрбалæууыд æмæ мæ фæрсы: «Фыстæ æмæ мыд нæ балхæндзынæ?» Æз ын загътон, райсом-иу сæ æрлас, зæгъгæ. «Азæмæт! — загъта Григорий Александрович, — тæккæ райсом Карагйоз уыдзæнис мæ къухы; куыддæр ахсæвы ’хсæв Бэлæ ам нæ уа, афтæ уый зон, æмæ дæ цæсты кæронæй дæр бæх нæ фендзынæ...»

Хорз! — загъта Азæмæт, йæхæдæг нæ цурæй хъæумæ фæцагайдта. Изæрæй Григорий Александрович йæ гæрзтæ йæ уæлæ æрбаста æмæ фидарæй рацыдис; куыд бадзырдтой, — уымæн ницы зонын, — æрмæст уыцы ’хсæв сæ дыууæ дæр æрбаздæхтысты фæстæмæ, æмæ хъахъхъæнæг федта Азæмæты саргъыл цæхгæрмæ сылгоймаг, йæ къæхтæ æмæ къухтæ бастæй, йæ сæр та æмбæрзæны тыхтæй.

Бæх та? — афарстон æз штабс-капитаны.

Ныртæккæ, ныртæккæ. Дыккаг бон райсомæй раджы æрцыдис Казбич æмæ æртардта дæс нæлфысы уæймæ. Йæ бæх быруйыл афтыдта, йæхæдæг мæнмæ бацыдис: æз æй мидæмæ бакодтон æмæ йын цай бацымын кодтон, уый тыххæй æмæ кæд абырæг уыд, уæддæр уыдис мæ кунак9.

Райдыдтам ныхас кæнын иу, аннæйы тыххæй... Уалынмæ кæсын, æмæ Казбич йæ мидбынат хæрдмæ фæхаудис, йæ хуыз ауад æмæ рудзынгмæ фæцис; фæлæ, йе ’намондмæ гæсгæ, рудзынг уыдис кæрты чъылдыммæ арæзт. «Цы кодтай?» — зæгъгæ йæ афарстон æз.

Мæ бæх!.. Мæ бæх! — зæгъгæ, гæдыбæласау ризгæйæ. Æмæ, æцæг, мæ хъустыл ауадис бæхы къæхты хъæр, фæлæ æнхъæлдтон, хъазахъхъæй исчи æрбацыдис, зæгъгæ...

Нæ! Уырыссаг æвзæр у, æвзæр! — зæгъгæ, фæбогъ кодта, йæхæдæг агъуыд стайау уатæй уыциу лиуырд ракодта. Дыууæ гæппæн кæрты астæу абадти; фидары дуармæ йын хъахъхъæнæг топпы хæтæлæй йæ фæндаг ахгæдта, фæлæ уый топпы сæрты асæррæтт ласта æмæ фæндаг-фæндаг згъорынтæ систа... Дардæй йæм зындис, рыг мигъау куыд бадтис фæндаджы сæрмæ, уарийау куыд тахтис Азæмæт уадсур Карагйозыл бадгæ. Уыцы уайгæ-уайын фелвæста Казбич топп йæ агъудæй æмæ ныггæрах кодта. Иу минуты бæрц йæ бынатæй нæ фезмæлыдис, цалынмæ йæ фæивгъуыдта, уый базыдта, уæдмæ; стæй йе ’рдиаг ссыд, топп дурыл ныццавта, æмæ лыстæг пырх ныццис, зæххыл ныддæлгом æмæ сывæллонау ныббогъ-богъ кодта... Гъемæ, адæм фидарæй афæдис сты æмæ йæ алыварс амбырд сты, фæлæ уый никæй уыдта; алæууыдысты, аныхас кодтой, стæй фæстæмæ баздæхтысты; æз ын йæ фысты аргъ йæ фарсмæ æрæвæрын кодтон, фæлæ сæм уый æвналгæ дæр нæ бакодта, хуыссыд марды хуызæнæй, зæххыл дæлгоммæ. Уырны дæ, уый уыцыхуызæнæй фæлæууыд стыр фæсахсæвæрмæ, суанг сæумæцъæхмæ... Æрмæст дыккаг бон райсомæй æрбацыд фидармæ æмæ курын байдыдта, йæ бæх ын чи аскъæфта, уый зæгъын. Хъахъхъæнæг федта, Азæмæт бæхы куыд сыхæлдта æмæ йыл куыд афардæг ис, уый, æмæ нæ басусæг кодта, цы федта, уый. Азæмæты ном куы айхъуыста Казбич, уæд йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой æмæ араст ис, Азæмæты фыд цы хъæуы цард, уырдæм.

Гъы, æмæ уæд фыд та цы?

Замана уый уыд, æмæ йын Казбич йæ фыды сæхимæ не ссардта: ацыди кæдæмдæр балцы иу-æхсæз бонмæ, уыййеддæмæ бæрæг уыдаид, Азæмæт цы чызг рахастаид, уый.

Фыд сæхимæ куы ’рыздæхт, уæд нал чызг, нал лæппу уыдис хæдзары! Ахæм хинæйдзаг кæм уыдис; уыцы æнæнтыст бамбæрста, йæ фыд ыл куы ’рхæст уа, уæд йæ сæр йæ фиддон кæй кодта, уый. Гъемæ уæдæй нырмæ зæххы скъуыды ныххауд — æвæццæгæн æмæ искуы абырджытыл бафтыдис æмæ йæ сонт сæр дæр бахордта Терчы, науæд та Кубаны кæмдæр, æмæ йын афтæ дæр хъуыдис: чи цы агуры, уый ссары!..

Раст дын зæгъон, мæнмæ дæр дзы гæзæмæ маст æмæ уыхеры не ’рхаудис. Куыддæр базыдтон, черкесаг чызг Григорий Александровичмæ ис, афтæ уайтагъд æрбакодтон мæ уæлæ мæ пъалеттæ, ме ’хсаргард æмæ йæм араст дæн.

Уый къулæй лæууыдис æддаг уаты йæ хуыссæны, йæ иу къух йæ нывæрзæны, иннæйы та хуыст лулæ, афтæмæй; дыккаг уаты дуар уыдис гуыдырæй æхгæд, фæлæ гуыдырæн йæ дæгъæл йæ мидæг нæ уыдис. Æз уайтагъд уыдон иууылдæр бафиппайдтон... Райдыдтон барæй хуыфын æмæ мæ цырыхъхъы зæвæттæ къæсæрыл хойын — фæлæ уый цыма ницы хъуыста æппындæр, уыйау скодта йæхи:

Господин прапорщик! — зæгъгæ йын загътон æз, цас фæрæзтон, уыйас карздæрæй, — нæ уыныс, æз дæумæ кæй æрбацыдтæн, уый?

Æгас цу, Максим Максимыч, æгас! Лулæ, мыййаг, цы адымай? — зæгъгæ, дзуапп радта уый, уæлæмæ не сыстад, афтæмæй.

Бахатыр кæн! Æз Максим Максимыч нæ дæн: æз дæн штабс-капитан.

Уый хъауджыдæр нæу. Цай нæ цымыс? Тæхуды ’мæ куы зонис, мæ зæрдæйы цы мæт, цы сагъæс ис, уый!

Æз сæ иууылдæр зонын, — загътон æз, мæхæдæг йæ сынтæджы уæлхъусмæ бацыдтæн.

Уый та уæлдай хуыздæр: кæннод мæ дзурындзæг абон æхгæд у.

Господин прапорщик, ды ахæм æвзæр хъуыддаг бакодтай, æмæ ма дзы суанг мæнмæ дæр азым хауы...

Уанцон нæу! Цас стыр хъуыддаг у? Æниу нын рагæй дæр цыддæриддæр дыууæ ’мбисы куы у.

Уый та чердыгон хъазт у? Де ’хсаргард-ма ардæм æри!

Митькæ, æхсаргард рахæсс!..

Митькæ æхсаргард æрбахаста. Ме ’хæс цы уыд, уый сæххæст кæнгæйæ, æз æрбадтæн йæ сынтæгыл æмæ загътон: «Хъус-ма, Григорий Александрович, хорз нæ бакодтай, басæтт ыл».

Цæмæй?

Бэлæйы кæй раскъæфтай, уымæй... Адон иууылдæр уыцы æлгъыст Азæмæты фыдбылызтæ сты!.. Цæй, басæтт ыл, — зæгъгæ йын загътон æз.

Омæ кæд мæ зæрдæмæ цæуы, уæд мын цы кæнын кæныс?..

Цы ма йын загътаин?.. Дзыхълæуд ныккодтон. Фæлæ та йын уæддæр чысыл фæстæдæр загътон: йæ фыд æй куы агура, мыййаг, уæд ын æй фæстæмæ раттын хъæудзæнис.

Æппындæр нæ!

Æмæ йæ базондзæн, ам ис, уый...

Цæмæй йæ базондзæн?

Æз та дзыхълæуд ныккодтон. «Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч! — загъта Печорин, йæ хуыссæнуаты рабадтис, афтæмæй, — ды хæларзæрдæ, фæлмæн адæймаг куы дæ, чызджы уыцы сырдæн фæстæмæ куы раттæм, уæд æй кæнæ æргæвдгæ акæндзæн, кæннод та — уæй, уый зон. Хъуыддаг конд кæм фæцис, уым æй ныр барæй халын нал хъæуы; уадз æмæ уый уа мæнмæ, ме ’хсаргард та дæумæ...»

Омæ мын æй уæд та уынын фæкæнын кæн, — зæгъгæ йын загътон æз.

Мæнæ ацы дуары мидæгæй ис; фæлæ йæм абон мæхæдæг дæр дзæгъæлы бацыдтæн фенын æнхъæл: къуымы бады æмбæрзæны тыхтæй. Нæ — дзыхæй дзуры, нæ — кæсгæ кæны: хъæддаг сæгуытау уыцы сырддзастæй лæууы. Æз ын баххуырстон нæ духаны хицауы усы, уый зоны тæтæйрагау, кæсдзæн æм æмæ йын æмбарын кæндзæн, мæн кæй у, уый. Уымæн æмæ мæнæй фæстæмæ уæвгæ дæр никæй уыдзæн! — зæгъгæ ма йæ ныхæстыл афтыдта, йæхæдæг стъол тымбылкъухæй ныццавта. — Æз ын ууыл дæр уæлдай нæ загътон... Цы гæнæн ис? Ахæм адæймæгтæ ис, æмæ æдзухдæр «о» кæнын кæмæн хъæуы.

Гъы, æмæ куыд, — бафарстон æз Максим Максимычы, — æцæг æй фæцахуыр кодта йæхиуыл, æви ахстуаты джиугæйæ уæлхъæдæй бахус ис йæ райгуырæн бæстæ мысгæйæ?

Уый та куыд, уанцон райгуырæн бæстæ мысын нæу? Фидармæ йæм зындысты, йæ райгуырæн хъæумæ цы хæхтæ зындысты, уыдон — ацы сырдты та æндæр ницы хъæуы. Ноджы йын Григорий Александрович алыбон дæр кæд кодта лæвæрттæ; фыццаг бонты уыцы лæвæрттæм мара-зæгъай æмæ æввахс дæр цæуа, æнæсдзургæйæ-иу сæ æнæрвæссон тъæпп аласта йæхицæй, æмæ-иу духаны хицауы усы амæттаг фесты, уый дæр та йæм-иу уæд уæлдай мæлгъæвзагдæрæй дзурын байдыдта. Йæ мад амæла, уастæн, лæварæн! Цы нæ бакæндзæн сылгоймаг цацаты тыххæй! Цæй, уыдон ницы дзуринаг сты... Фæлæ бирæ фæхъуырдухæн кодта йемæ Григорий Александрович, ахуыр кодта йæхи тæтæйрагау, чызг дæр райдыдта махырдыгонау æмбарын. Чысылгай-чысылгай йæм уæндын байдыдта кæсын — фыццаг йе ’рфгуыты бынæй, зулдзæстæй æмæ æдзух кодта æнкъард, æрдæгхъæлæсæй зарыдис сæхирдыгонау ахæм æнкъард зарджытæ, æмæ йæм-иу иннæ уатæй куы хъуыстон, уæд-иу мæхи зæрдæ дæр суынгæг. Никуы мæ ферох уыдзæн иу хъуыддаг: фæцæйцыдтæн сæ цурты æмæ рудзынгæй бакастæн; Бэлæ бадтис тъахтиныл, йæ сæр йæ риуыл æруагъта, афтæмæй, Григорий Александрович та йæ разы лæууыд. «Хъус-ма, мæ зæды хай, — зæгъгæ йæм дзырдта уый, — ныр куы зоныс, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр ды мæн хъуамæ кæй уай, уый, уæд ма мæ дзæгъæлы хъизæмарæй цы марыс? Æви цæцæйнæгтæй искæй уарзыс? Уæд дæ ныртæккæ дæр ауадздзынæн уæхимæ». — Уый зына-нæзына фестъæлфыдис æмæ йæ сæр банкъуыста. — «Æви дын бынтон уæнгæл дæн?» — дзырдта уый дарддæр. Чызг ныуулæфыдис. — «Йе дæ кæд дæ дин нæ уадзы, мыййаг, мæн бауарзын?» — Уый ныффæлурс æмæ хъусæй лæууыдис. — «Баууæнд мыл, адæмæн се ’ппæтæн дæр уыцы иу Хуыцау ис, æмæ кæд уый аккаг кæны мæнæн дæу уарзын, уæд цæуылнæ саккаг кæндзæн дæуæн мæ уарзондзинад уарзондзинадæй фидын?» — Уый йын йæ цæсгоммæ æдзынæг ныккастис, уыцы ног хъуыды дзы йæ сæрæй йæ къæхтæм цыма ахъардта, уыйау; йæ цæстæнгас æвдыста, кæй не ’ууæндыд æмæ йæ баууæндын кæй фæндыд, уый. Цы диссаджы цæстытæ йын уыди, цы! Дыууæ сау æвзалыйау тæмæнтæ калдтой.

Хъус-ма, мæ уарзон, мæ зæрдæхæлар Бэлæ! — дзырдта йын дарддæр Печорин, — ды уыныс, куыд дæ уарзын, уый; æз цæттæ дæн цыдæриддæр раттыныл дæу схъæлдзæг кæныны тыххæй: мæн фæнды, амондджын куыд уай, уый; фæлæ та ды ныронджы хуызæн æнкъард куы кæнай, уæд мæнæн æнæ амæлгæ нæй. Зæгъ-ма, фæхъæлдзæгдæр уыдзынæ? — Уый хъуыдыйыл фæцис, йæ сау цæстытæ дзы нал иста, афтæмæй, стæй йæм рæвдаугæ йæ мидбылты бахудтис æмæ, «о», зæгъгæ, йæ сæр батылдта. Уый йын йæ къухыл ныххæцыд æмæ йын лæгъстæ кæнын байдыдта, «аба мын кæн», зæгъгæ; чызг дзы кодта йæхи æфсоны иргъæвд æмæ йын дзырдта: «поджалуста, поджалуста, не надæ, не надæ», зæгъгæ. Уый йæ нал æмæ нал уагъта; чызг базыр-зыр кодта æмæ скуыдта. — «Æз дæн дæ ахст, дæ уацайраг, дæ цагъар; дæ бон, ай-гъай, у дæуæн мæн æнæбары сразы кæнын», — æмæ та ногæй цæстысыгтæ æргæргæр кодтой.

Григорий Александрович йæ тымбылкъухæй ныццавта йæ ных æмæ иннæ уатмæ рауад. Æз æм бацыдтæн, уый йæ къухтæ йæ синтыл æвæрдæй, æнкъардæй рацу-бацу кодта уаты къуымты. «Гъы, мæ лымæн, куыд у?» — зæгъгæ, йæ афарстон æз. «Хæйрæг йæ фæстаг къахæй æрцахстон, сылгоймаг нæ, фæлæ! — загъта уый, — æрмæст дын дзырд дæттын, уый мæн кæй уыдзæн, ууыл...»

Æз мæ сæр батылдтон. «Хæснаг кæныс? — загъта уый, — раст къуыримæ!» — «Цæй, фæуæд!» — загътон æз, нæ къухтæ кæрæдзимæ радтам, æмæ æз рацыдтæн.

Дыккаг бон уайтагъд уый арвыста Хъызлармæ сæрмагонд лæг алцыппæт æлхæнынмæ. Уый сласта йемæ бирæ алыхуызон персайнаг хъуымæцтæ, се ’ппæтæн банымайæн дæр нæй.

Ды куыд æнхъæл дæ, Максим Максимыч! — зæгъгæ мæ афарста уый, йæ лæвæрттæ æвдисгæйæ, — азиаг рæсугъд фæлæудзæнис ацы хъуымæцты батарейы ныхмæ? — «Ды черкесаг сылгоймæгты нæ зоныс, — зæгъгæ йын загътон æз, — уыдон не сты гуырдзиаг кæнæ фæскавказы тæтæйраг сылгоймæгты хуызæн, — не сты æппындæр. Уыдонмæ хицæн уагтæ ис, æндæр æгъдауыл схъомыл сты». — Григорий Александрович йæ мидбылты бахудтис æмæ æхситтæй райдыдта марш цæгъдын.

Æмæ æцæгдæр æз раст загътон; лæвæрттæ бакодтой чызджы зæрдæ æрмæст æмбисæлхæд; уый ссис фыццагæй цинтæгæнагдæр, æууæндагдæр — æндæр ницы; уымæ гæсгæ ма уый сфæнд кодта фæстаг амал бавзарын. Иурайсом уый сæвæрын кодта йæ бæхыл саргъ, сарæзта йæхи черкесаг дзауматы, æрбабаста йæ гæрзтæ æмæ йæм афтæмæй бацыдис. «Бэлæ! — зæгъгæ, йæм дзуры, — ды зоныс, æз дæ цас уарзын, уый. Æз дæу куы скъæфтон, уæд æнхъæл уыдтæн, куы мæ базонай, уæд мæ бауарздзынæ, зæгъгæ; фæлæ æз фæрæдыдтæн, хæрзбон! цыдæриддæр мæм ис, уыдонæн се ’ппæтæн дæр ды у хицау, кæд дæ фæнды, уæд дæ фыды хæдзармæ аздæх, — мæнæй сæрибар. Æз дæн дæ разы азимаг æмæ хъуамæ бафхæрон мæхи. Хæрзбон у, æз цæуын — кæдæм? мæхæдæг дæр ын ницы зонын! Чи зоны, æмæ кæд бирæ нæ фæхæтин знаджы нæмыг кæнæ карды цæфагур: уæд-иу мæ æрымыс æмæ-иу мын бахатыр кæн». — Йе ’ргом иннæрдæм аздæхта æмæ йæм, «хæрзбон», зæгъгæ, йæ къух бадаргъ кодта. Уый йын йæ къух нæ айста, лæууыд æнæдзургæйæ. Æрмæст, дуары æддейы лæугæйæ мæнæн уыдис дуары зыхъхъырæй йæ цæсгом дзæбæх уынæн, æмæ йын зæрдиагæй фæтæригъæд кодтон — ахæм мæрдон фæлурс уыдис йæ рæсугъд цæсгом! Куы ницы дзуапп дзы хъуыста, уæд Печорин дуарырдæм иу-цалдæр къахдзæфы ракодта; уый рызтис гæдыбæласау æмæ, зæгъон дын? — æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ хъазгæйæ цы дзырдта, уыдон уый æцæг æххæст дæр скодтаид. Цы мæрдтаг уыд, Хуыцау йæ зонæг! Куыддæр дуарыл бандзæвыд, афтæ Бэлæ фæсæррæтт ласта, сбогъ-богъ кодта æмæ йе ’фцæджы ныттыхстис. Бауырндзæн дæ? Æз дæр, æддæдуар лæугæйæ, гъе афтæ скуыдтон... скуыдтон, зæгъгæ, фæлæ гъа, цæмæй зонын, æдылыдзинад...

Штабс-капитан банцадис.

О, сæттын ыл, — загъта уыйфæстæ йæ рихитæ схъаугæйæ, — мæнмæ хардзау кæсын байдыдта, иу сылгоймаг дæр мæн афтæ кæй никуыма уарзта, уый.

Гъы, æмæ дæргъвæтин ахаста сæ амонд? — бафарстон æй æз.

О, чызг нын басастис, Печорины цы бон федта, уыцы бонæй фæстæмæ йæ йæ фыны арæх кæй уыдта æмæ иу нæлгоймаг дæр йæ зæрдæмæ афтæ кæй никуыма фæцыдис, ууыл. О, бæгуыдæр, уыдысты амондджын!

Ницы уый дæр! — зæгъгæ, фæкодтон æз æнæбары. Æмæ куыд нæ: мæнæй афтæ ма хъуыддаг æвыдæй, æнæ фыдбылызæй нæ ахицæн уыдзæн, ныр æвиппайды, æнæнхъæлгæ хæлиудзыхæй аззай, — уый бæгуы нæу!.. — Ау, æмæ йæ фыдæн æппын йæ хъуыдыйы куыд не ’рцыд, уый сымахмæ фидары кæй бадтис, уый? — бафарстон æй æз дарддæр.

Цæмæй зонын, æнхъæлдæн æмæ йыл цыма гуырысхо кодта, уыйау уыдис, иукъорд боны фæстæ фехъуыстам мах, зæронд лæджы амардæуыд, зæгъгæ. Уыцы хабар та мæнæ афтæ уыди...

Ногæй та йæм æз дæр зæрдиагæй байхъуыстон.

Цæвиттоны хъуыддагæй, Казбич афтæ ’нхъæл уыдис, æмæ йын Азæмæт йæ бæх цыма йæ фыды зондæй адавта, уыйау; нæ зонын, фæлæ иу лæгæй æз афтæ ’нхъæл дæн. Гъемæ, цæвиттоны хъуыддагæй, иухатт куы уыдис, уæд фæндагыл йæ размæ бабадтис, хъæуæй иу-æртæ версты æддæдæр, зæронд лæг æрцæйздæхт афтидæй йæ чызджы фæдисæй; йæ фæдисон æмбæлттæ — уздентæ фæсте аззадысты, — уыдис изæрдалынгтæ, — æрцæйцыдис лæг йæ бæхыл фаддзуйæ, йæхимæ хъусгæ; уалынмæ æвиппайды Казбич, гæдыйау, пыхсæй уыцы иу сæррæтт раласта, зæронд лæджы фæсарц абадт, хъама йын йæ фæсонты фæцавта æмæ йæ зæхмæ раппæрста, йæхæдæг бæхы рохтæ æрбайста æмæ ныкъкъуырдта; йемæ фæдисы цы адæм ацыд, уыдонæй чидæртæ федтой уыцы хъуыддаг уæлбылæй; Казбичы ма фæстейы бæргæ асырдтой, фæлæ — цу æмæ йæ баййаф.

Йæ бæхмæ бæх байста æмæ райста йæ маст, — зæгъгæ, загътон æз къахæгау, кæддæра ме ’мдзурой цы зæгъид, зæгъгæ.

Ай-гъай, уыдон æгъдаумæ гæсгæ уый уыдис тынг раст, — загъта штабс-капитан.

Æз дис фæкодтон, уырыссаг адæймаг цы адæмты ’хсæн æрцæры, уыдон æгъдæуттыл куыд тагъд фæцахуыр вæййы, ууыл. Нæ зонын, фауинаг у уыцы зонды уаг æви æппæлинаг, æрмæст уый æвдисы, æмæ уырыссаг лæджы зонд алырдæм дæр диссаджы таст кæй кæны, ирд, раст хъуыды кæддæриддæр йæ сæры кæй ис æмæ уый руаджы æвзæрдзинадæн æнæ уæвгæ кæм нæй, стæй йын фесæфæн кæм нæй, уым æй уый хатыр æмæ баргæ кæй кæны, уый.

Уалынмæ цай цымд фæци; бæхтæ ифтыгъдæй бирæ фæлæууыдысты миты рагъыл æмæ ихæнриз кодтой; мæй фæлурсæй лæууыд ныгуылæнырдыгæй æмæ цæттæ уыд, дард кæмдæр ын, хохы цъуппытыл скъуыдтæ æмбæрзæны пысултау ауыгъдæй цы сау мигътæ лæууыд, уыдон хъæбысы арф аныгъуылынмæ. Мах рацыдыстæм хæдзарæй æддæмæ. Ме ’мвæндаггон кæд боныхъæдыл йæ къух ауыгъта, уæддæр арв æхсæвы афтæ ныйирд ис, æмæ нын ныфс лæвæрдта, райсом æнцад, хорз бон кæй уыдзæн, уымæй; стъалыты чыртæ диссаджы рæсугъд нывгæндтæй кæрæдзиуыл тыхстысты дард кæмдæр арвы дæлбазыр æмæ иу иннæйы фæстæ хуыссыдысты, хурыскæсæны фæлурсбын ферттывд, æнусон митæй æмбæрзт хæхты фæхсытæ, куыдфæстæмæ ирдгæнгæ арвы тарбынцъæх къуырфыл куыд пырх код- та, афтæ. Рахизырдыгæй æмæ галиуырдыгæй сау дардтой тар æнæбын æрхытæ, æмæ мигътæ къуыбылæйттæ æмæ хæлбурцъытæгæнгæ кæлмыты хуызæн æввахс къæдзæхты æнхъырдтыл бырыдысты бынмæ, рæхджы кæй æрбабон уыдзæн, цыма уый æнкъардтой æмæ уымæй тарстысты, уыйау.

Æнцад уыдис алцыдæр арвыл дæр æмæ зæххыл дæр, адæймаджы зæрдæ сæууон куывды сахат куыд æнцад вæййы, афтæ, æрмæст-иу хаттæй-хатт хурыскæсæнырдыгæй æрбакодта уазал дымгæ æмæ-иу йæ сæрыл систа бæхты халасæвæрд барцытæ.

Мах рараст стæм нæ фæндагыл; стыр зынтæй нын фондз æрдæгмард бæхы ластой нæ уæрдæттæ гакъон-макъон фæндагыл Хъуды хохы сæрмæ; мах цыдыстæм сæ фæстæ фистæгæй, цæлхытæм фæстейы цæлхдуртæ æвæргæ, бæхтæ-иу куы бастадысты, уæд; афтæ нæм касти, цыма фæндаг арвмæ арæзт уыд, уыйхуызæн, уый тыххæй æмæ йæ цæст кæйонг ахста, уыйонг уый цыди иудадзыгдæр хæрдмæ, æмæ йæ кæрон ныгъуылди холынхъæл уарийау, æхсæв-бонмæ Хъуды хохы сæр йæ фæллад чи уагъта, уыцы æврагъы мидæг; мит хъыс-хъыс кодта нæ къæхты бын; уæлдæф куыдфæстæмæ афтæ тæнæггæнгæ цыдис, æмæ зынæй улæфыдыстæм; туг минутæй-минутмæ бадти сæры; фæлæ уæддæр цавæрдæр æнахуыр циндзинад хъардта кæрæй-кæронмæ мæ тугдадзинтæн се ’ппæты мидæг, æмæ мæ зæрдæ уыди куыддæр хъæлдзæг — дунемæ афтæ уæлвонгæй кæй фæлгæсыдтæн, уый тыххæй: сывæллон ма фæхъуыды кæны афтæ, сæттын ыл, фæлæ адæймаг æхсæнады царды æгъдæуттæй куы адард вæййы æмæ æрдзмæ куы фæхæстæгдæр вæййы, уæд бар-æнæбары дæр свæййы сывæллонау: цыдæриддæр ссары адæймаг, цыдæриддæр исбон æм вæййы, уыдон йæ удæй азгъæлынц, ахицæн вæййынц, æмæ та уд свæййы фæстæмæ, раджы кæддæр куыд уыдис æмæ та, æвæццæгæн, искæд куыд уыдзæн, афтæ. Мæ хуызæн ма чи фæхатти афтид æдзæрæг хæхты сæрты æмæ уыдон диссаджы рæсугъд уындмæ йæ фаг бæстон чи фæкаст, уыдон, кæмттæ дзаг цы удхос уæлдæфæй сты, уымæй йæ фаг зыд æлвæстæ чи фæкодта, уый, айгъай, бамбардзæн, мæн куыд тынг фæнды радзурын, нывæвдыст ракæнын уыцы нæртоны рæсугъд хуызтæ, уый. Уалынмæ цæмæйдæрты схылдыстæм Хъуды хохы сæрмæ, æрлæууыдыстæм æмæ алырдæм афæлгæстытæ кодтам: йæ уæлæ æрзæбул и цъæх æврагъ æмæ йæ уазал комытæфæй æртхъирæн кодта, рæхджы уад кæй ракæндзæн, уымæй; фæлæ хурыскæсæн уыдис афтæ ирд æмæ сызгъæринхуыз, æмæ нæ дыууæйæ дæр, ома, мæн æмæ штабс-капитанæй, уыцы æврагъ бынтондæр ферох ис... О, штабс-капитанæй дæр зæгъын: уый тыххæй æмæ хуымæтæджы адæмы зæрдæ æрдзы рæсугъддзинад æмæ стырдзинад сæдæ хатты тыхджындæр æмæ арфдæр æнкъары махæй, дзыхы ныхæстæй æмæ гæххæттæй сыл нæртоны рæсугъд уацтæ чи хæссы, уыдонæй.

Ды, æнхъæлдæн æмæ, сахуыр дæ ам æрдзы рæсугъддзинæдтæм кæсын? — загътон ын æз.

О, нæмыджы цъуых-цъуыхыл дæр ма куы сахуыр вæййы лæг, ома йæ зæрдæйы æнæбары гуыпп-гуыпп æмбæхсыныл дæр.

Æз та уæдæ афтæ фехъуыстон, цыма зæронд æфсæддонтæй иуæй-иутæн уыцы музыкæ æхсызгон дæр ма вæййы, уыйау.

О, раст дын куы зæгъон, уæд æхсызгон дæр у, уæд та æрмæст уымæн, æмæ зæрдæ тынгдæр кæй фæцæвы. Акæс-ма, — зæгъгæ, фæкодта уый хурыскæсæнырдæм амонгæйæ, — цы диссаджы бæстæ у, цы!

Æмæ æцæг, ахæм рæсугъд, ахæм райдзаст ран, æвæццæгæн æмæ мæ къухы фенын мæнæн æппындæр никуыуал бафтдзæн: нæ бынмæ уыди Къайсауырты астым, кæцыйыл дыууæ æвзист хæрдгæ тагау згъордтой цæхгæрмæ Арагви æмæ ноджыдæр иу къаннæг цæугæдон; цъæхбын мигъ бырыд астымыл æмæ райсомы хъарм хуры тынтæй лыгъдис æмæ æмбæхста йæхи æввахсдæр кæмтты нарджыты; рахизырдыгæй æмæ галиуырдыгæй мит æмæ къудзитæй æмбæрзт хæхты къахыр цъуппытæ ныддаргъ сты уæлдæр-дæлдæртæй, кæрæдзийы цæхгæрмæ лыггæнгæ; дæрддзæф дæр гъеуыцы хæхтæ, фæлæ дзы, мара-зæгъай, æмæ дыууæ къæдзæхы æмхуызон уой; æмæ утæппæт миттæ æгасæй дæр сыгъдысты сырхбын æрттывдæй афтæ хъæлдзæг, афтæ ирд, æмæ загътаис, тæхуды ’мæ мыггагмæ дæр ам цæргæйæ баззай; хур йæ был цъус сдардта тарбынцъæх хохы чъылдымæй; æрмæст дæсны, фæлтæрд цæст раиртæстаид уыцы хохы саха уарыны мигъæй, фæлæ хуры сæрмæ лæууыди тугдæлм, æмæ ме ’мбал йæ каст æгасæй дæр скодта гъеуымæ. «Æз дын куы дзырдтон, — загъта уый, — абон æвзæр бон уыдзæнис, зæгъгæ; фæтагъд кæнын хъæуы, кæннод нæ, чи зоны ’мæ Дзуары ’фцæгыл куы раййафа. Гъæй зæгъут!» — зæгъгæ, фæхъæр кодта уый бæхтæрджытæм.

Бакодтам цæлхыты бын рæхыстæ бырæнты бæсты, цырын куыд нæ кодтаиккой, уый тыххæй, бæхтæн ныххæцыдыстæм сæ рохтыл æмæ фæуырдыг кодтам: рахизырдыгæй уыдис айнæг къæдзæхæй ахæм дæлджинæг, æмæ дзы бынæй цы æнæхъæн ирон хъæу цардис, уый зынди æгасæй зæрватыччы ахстоныйас; æз тæссæй срызтæн, ацы ран арæх, æхсæв æнафоны айхуызæн фæндагыл, дыууæ уæрдонæн фæзилæн кæм нæй, уым цавæрдæр къулер афæдз иу-дæс хатты кæй рацæуы, йæ уыргæфтæн уæрдонæй æддæмæ нæ рахизгæйæ, уый куы ахъуыды кодтон, уæд. Нæ бæхтæрджытæй иу уыди уырыссаг, ярославаг музуккаг, иннæ та — ирон: ирон ласта астæуыккаг бæхы йæ рохтæй хъавгæ-хъавгæ, арæхстгай цæугæйæ, уырдыджы зын уромæн чи уыдис, уыдон раздæр феуæгъд кодта, афтæмæй, — нæхи стырзæрдæ, æнæмæт уырыссаг та йæ бадæнæй хизгæ дæр нæ ракодта! Æз ын куы загътон, мæ чумæданы тыххæй дæ уæддæр иучысыл бамæт кæнын хъуыди, кæннод мæ далæ уыцы æнæбынмæ бырын æппындæр нæ фæнды, зæгъгæ, уæд мын хуыздæр дзуаппæн загъта: «Уæ ме ’лдар, тæрсгæ ма кæн! Хуыцауы куы фæнда, уæд мах уыдонæй æвзæрдæр нæ ныццæудзыстæм: фыццаг хатт мын куы нæ у, мыййаг», — æмæ бæгуыдæр, уый раст дзырдта: чи зоны ’мæ, æцæг, мах æвыдæй нæ ныйирвæзтаиккам, фæлæ цыдæриддæр уыдис, уæддæр ныххæццæ стæм; æмæ адæм сегас дæр фылдæр хъуыды куы кæниккой, уæд сæ бауырнид, цардыл мæт цас кæнынц, уый аргъ кæй нæу, уый...

Фæлæ уæ кæд, мыййаг, Бэлæйы хабар цæмæй ахицæн, уый базонын фæнды? Фыццаджыдæр у, æмæ æз таурæгъ нæ фыссын, фæлæ фыссын фæндаггон цаутæ, æмæ уымæ гæсгæ мæ бон нæу штабс-капитаны ныхасыл домын, цалынмæ йæхæдæг ныхас кæнын райдыдта æцæг, уæдмæ. Æмæ уæдæ иучысыл багæдзæ кæнут, науæд та, кæд уæ фæнды, уæд иукъорд фарсы афæлдахут; æцæг уын афтæ бакæнын æз нæ уынаффæ кæнын, уый тыххæй æмæ Дзуары хохыл (кæнæ йæ ахуыргонд Гамба куыд хоны, le Mont St.-Chrisophe10) ахизыны хабар хъуамæ диссаг кæса уæ алкæмæ дæр. О, гъемæ æрцæйцыдыстæм Хъуды хохæй Арæны астыммæ... Уый тыххæй, æмæ уыцы ран раджы кæддæр уыдис Гуырдзыстоны арæн. Уыцы астым уыдис миты хъæпæнтæй дзаг. Тынг бæлвырдæй мын лæууын кодтой мæ зæрдыл Саратов, Тамбов æмæ нæ фыдыбæстæйæн йæ иннæ уарзон, зæрдæйæн адджын рæттæ.

«Уæлæ дын уый та Дзуары хох!» — зæгъгæ мын загъта штабс-капитан, Арæны астыммæ куы ’рхызтыстæм, уæд, йæхæдæг мын ацамыдта йæ къухæй митын хæрвæй æмбæрзт къуыбырмæ. Къуыбыры сæр сау-сауид дардта дурын крест, йæ фæрсты та цыди чысыл, зына-нæзына бæрæг чи дардта, ахæм фæндаг; уыцы фæндагыл фæцæуынц, иннæ фæндаг зæйты бын куы ныввæййы, æрмæст уæд; нæ бæхтæрджытæ нын загътой, нырма зæйтæ нæма ’рцыдысты, зæгъгæ, æмæ сæ бæхтыл куыд ауæрстой, уымæ гæсгæ нæ аластой фæрсвæндагыл. Фæзилæнмæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл амбæлдис иу-фондз ироны. Фæкæсæм уæм, зæгъгæ, ныххæцыдысты нæ цæлхытыл æмæ хъæр æмæ ахстгæнгæ байдыдтой нæ уæрдоны размæ ласын æмæ ирхæфсын. Æмæ, æцæгдæр, уый уыдис тас фæндаг: рахизырдыгæй нæ тæккæ сæрмæ ауындзæгæй лæууыдысты æнæхъæн миты рæгътæ, æвæццæгæн æмæ дымгæйы фыццаг æрбафуттæй дæр чи ’рхаудаид æмæ комы чи абадтаид, ахæмтæ; нарæг фæндаг æрдæгмæ уыдис митæй æмбæрзт; уыцы мит-иу ранæй-рæтты ныххауди къæхты бын, иннæ рæтты та хуры тынты хъармæй æмæ æхсæвы уазалтæй кодта их, æмæ йыл нæхуыдтæг дæр цыдыстæм зынæй: бæхтæ кодтой уысмæн фæкæлфæкæл — галиуырдыгæй йæ ком ныххæлиу кодта арф скъуыд; уым згъордта чысыл мæскъ дон, йæхи кæм ихдзары бын æмбæхстытæгæнгæ, кæм та фынккалгæ сау дурты сæрты гæппытæгæнгæ.

Дыууæ сахатмæ бафæрæзтам мах тыхамæлттæй Дзуары хохы фæрсты æрбазилын, — дыууæ сахатмæ — дыууæ верстыл! Уалынмæ мигътæ дæлæмæ сæхи æруагътой, ныккалдта их, мит, дымгæ кæмттæм бырсгæ абухта, къуыззитт кодта Булæмæргъ-Абырæджы хуызæн, æмæ уайтагъд дурын крест фæаууон ис, йæ уылæнтæ иу иннæмæй бæзджындæр æмæ æнгомдæрæй кæмæн згъордтой хурыскæсæнырдыгæй, уыцы тар мигъы мидæг... О, уыцы кресты тыххæй баззад адæмы ’хсæн ахæм æнахуыр, фæлæ иумæйаг таурæгъ, цыма, дам, æй уыцы ран сæвæрдта паддзах Петр 1-æм, Кавказыл куы рацыдис, уæд, фæлæ, фыццаджыдæр, Петр уыдис æрмæст Дагъыстаны, дыккаг та уый, æмæ кресты уæлæ ставд дамгъæтæй уыдис фыст, уый инæлар Ермоловы уынаффæйæ æвæрд кæй æрцыди 1824 азы, уый. Фæлæ йыл кæд афтæ фыст ис, уæддæр уыцы кой адæмы ’хсæн афтæ сфидар ис, æмæ, раст дын зæгъон, дæхæдæг дæр нæ зоныс, кæцыйыл ма дзы æууæндай, уый, уæлдайдæр та уымæн, æмæ мах фыстытыл æууæндын нæ сахуыр стæм.

Хъуыди ма нæ ноджыдæр иу-фондз версты уырдыгмæ цæуын ихдзар къæдзæхтыл æмæ сæдзæн миттыл, Къобы станцæмæ цæмæй ныххæццæ уыдаиккам, уый тыххæй. Бæхтæ гæдыйы лæппынтау сысты, нæхуыдтæг ныргъæвстыстæм; тымыгъ гуыв-гуыв кодта тынгæй-тынгдæр, раст нæхи ныййарæг цæгатон тымыгъы хуызæн; æрмæст йæ сонт, йæ хъæддаг хъæлæсы хатт уыди æнкъарддæр, æнтъыснæгдæр. «Ды та, хæтæнхуаг, — хъуыды кодтон æз мæхинымæр, — дзыназыс сыгъдæгæй дæр дæ уæрæх, дæ тыгъд быдыртæ мысгæйæ! Уым дын ис дæ уазал базыртæн фаг айтындзæн, фæлæ дын ам у æнуд, къуындæг, йе ’фсæн къалатийы фæрстыл йæхи хъæргæнгæ чи хойы, уыцы цæргæсы хуызæн».

Хъуыддаг æвзæр у! — дзырдта штабс-капитан, — акæсут-ма, алырдыгæй куыд ницы зыны, айдагъ мигъ æмæ мит; фæллойаг у дæлджинæгмæ асхъиуынæй, кæнæ искуы хохы цъассы фæбадынæй, далæ уым, дæлдæр та, чи зоны ’мæ Байдарæ афтæ раивылд, æмæ йыл хъуамæ æппындæр ахизæн ма уа. Ох, ацы Ази, уæвгæйæ та! Цы йæ адæмæй, цы йæ дæттæй загъдæуа — æууæнк сыл ницы ’гъдауæй ис!

Бæхтæрджытæ хъæр æмæ ахстгæнгæ алывыд калгæ, надтой сæ бæхты, фæлæ ма уыдон æрмæст хуыррытт кодтой, сæ къæхтæ иу ран ныццавтой æмæ, мара-зæгъай, кæд ма размæ истæй тыххæй цæуой, ехсытæ сыл алы ’взагæй кæд уасыдысты, уæддæр. — Дæ уæздандзинад, — зæгъгæ дзы загъта фæстагмæ иу, — уый зон, æмæ абон мах Къобмæ нæ ныххæццæ уыдзыстæм; нæ дæ фæнды, цалынмæ ма гæнæн ис, уæдмæ галиуырдæм фездахын? Да-алæ уым, къуыбырыл цыдæр сау дары, — æвæццæгæн, хæдзæрттæ сты: уым цæуджытæ кæддæриддæр ныллæууынц, хорз рæстæг куы вæййы, уæд; мæнæ уый афтæ зæгъы, ныххæццæ дæ кæндзынæн, зæгъгæ, арахъхъы аргъ ын куы радтай, уæд, — загъта уый, иронмæ йæ къухæй амонгæйæ.

Зонын, æфсымæр, зонын æнæ дæу дæр! — загъта штабс-капитан: — Ацы фæлитойтæ нозтмондагæй тона цæмæй нæ кæнынц, иу ахæм нæй.

Уæддæр ыл сæтгæ бакæн, — загътон æз, — уыдон нæ куы нæ уыдаиккой, уæд нын фыддæр уыдаид.

О, о, афтæ у, уæдæ цы, — зæгъгæ, бахъуырхъуыр кодта уый йæхинымæр. — Хорз фæндагамонджытæ сты, цæргæ кæнæнт! Смагæй зонынц, асдæринаг кæм ис, уый, хæрзаг зæгъынц æнæ уыдон фæндаг ссарæн нæй.

Баздæхтыстæм галиуырдæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ куыддæртæ цæмæйдæрты бахæццæ стæм нæ мæгуыр фысымтæм, уым уыдис æгасæй дыууæ хæдзары къæйтæй æмæ дондурæй амад, сæ алыварс дæр ахæм быру. Нæ гом-æгæрццæг фысымтæ нæ зæрдиагæй бауазæг кодтой. Æз уыйфæстæ базыдтон, къæвда-тымыгъ кæй æрæййафы, уыцы бæлццæттæн фысым цæмæй уой, уый тыххæй сын хицауад фидгæ кæй кæны æмæ сæ хæсгæ кæй кæны, уый. — «Цы нæ ’рцæуа — хуыздæрæн! — загътон æз къонайыл арты фарсмæ æрбадгæйæ, — ныр мын Бэлæйы тыххæй дæ хабар æххæст йæ кæронмæ радзурдзынæ; æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн ис».

Ау, æмæ цæй тыххæй афтæ æнхъæл дæ? — зæгъгæ мын дзуапп радта штабс-капитан, йæхæдæг мæм йæ цæст ныкъулгæйæ мидбылты хинхудт бакодта.

Уый тыххæй æмæ афтæ никуы вæййы: æнахуыр хъуыддагæн йæ кæрон дæр хъуамæ уа кæддæриддæр йæ райдайæны хуызæн.

Цæй хорз æй базыдтай...

Æхсызгон мын у.

Дæуæн хъазын у, фæлæ мæнæн, раст дын зæгъон, мæ зæрдæ афтæ нынкъард вæййы, куы йæ ахъуыды кæнын, уæд, æмæ дын куыд зæгъон. Дзæбæх чызг уыди, мæгуыр, Бэлæ! Фæстагмæ йыл æз сахуыр дæн раст мæхи чызджы хуызæн, йæхæдæг дæр мæ уарзта. Хъуамæ уын æз зæгъон мæ хабар — бинонтæ мын нæй: мæ фыд æмæ мæ мад кæм сты æмæ цы сты, уымæн ныр иу-дыууадæс азы дæр æппын ницы зонын, ус ракурын та раздæр мæ зæрды не ’рæфтыд — ныр ма исты бачындæуид, бæргæ, фæлæ гъа, цы цæсгомæй: гъемæ цинæй мардтæн, кæуыл узæлон, кæй буц кæнон, æгайтма ахæм ссардтон, зæгъгæ. Уый нын-иу куы заргæ, куы тыбыл кафт кодта... Æмæ кафгæ дæр кафæгау æнхъæл дæ! Федтон æз нæ губернæйаг чызджыты, иухатт та Мæскуыйы дæр фæдæн иу уæздан æмбырды, уæдæй нырмæ цæудзæн иу-дыууын азы, — фæлæ кæм! Йæ рыджы дæр нæ зынынц уыдон!.. Григорий Александрович æй арæзта раст къæцæлын чындзау, хаста æмæ йæ дардта хæрзбуц, æмæ нæм афтæ дзæбæх, афтæ рæсугъд ссис æмæ диссаг; йæ цæсгом æмæ йæ къухты хурсыгъд цыдæр фæцис, йæ уадултæ туджы зылдысты... Уæд йæ хъæлдзæгæн æмбал та æппын нæ уыдис, æмæ æппынæдзух дæр мæнæй хынджылæг кодта... Хуыцау ын бахатыр кæнæд!..

Йæ фыды марды тыххæй йын куы загътат, уæд та йæ хабар куыд уыдис?

Уыцы хабар дзы мах бирæ фембæхстам, цалынмæ йæ ног царды уагыл нæ фæцахуыр ис, уæдмæ; фæлæ йын æй куы загътам, уæд иу-дыууæ боны акуыдта, стæй дзы ферох ис. Иуцыппар мæйы бæрц нæ хъуыддæгтæ иууылдæр цыдысты, хуыздæр нæ хъæуы, афтæ. Григорий Александрович, æнхъæлдæн æмæ ма дын æй дзырдтон, — тынг уарзта цуан: йæ уды быцъынæг æдзух скъуыдта хъæдмæ цæуыныл хъæддаг хуытæ ’мæ сæгуыттæ марынмæ, — ныр та фидары быруйæ æддæмæ йæ къах уæддæр куы равæрид! Фæлæ кæсын, æмæ та лæг ногæй сагъæсы бацыдис, уаты къуымты дыууæрдæм рацу-бацу кæны йæ къухтæ йæ синтыл æвæрдæй; стæй иухатт, æнæ искæмæн исты зæгъгæйæ, фæраст ис гæрæхтæ кæнынмæ, — æнæхъæн райсом нал фæзынд; иу хатт, дыккаг хатт, стæй арæхæй-арæхдæр цæуын байдыдта. «Ай хорз хъуыддаг нæу, — загътон æз мæхинымæр, — сыгъдæгæй дæр» сæ мыды къæм бахаудис».

Иурайсом дын сæм бацыдтæн — абоны хуызæн мæ цæстытыл уайы: Бэлæ бадти сынтæгыл сау дари куырæты, фæлурс æмæ ахæм æнкъардæй, æмæ дзы тæрсгæ дæр ма фæкодтон.

Печорин та кæм ис? — бафарстон æз.

Цуаны.

Абон ацыдис? — уый ныхъхъус ис, цыма йын зын уыдис сныхас кæнын, уыйау.

Нæ, знон, — æрæджиау мæм сдзырдта уый, уæззау ныуулæфыд, афтæмæй.

Мацы фыдбылыз ыл æрцæуæд?

Знон æз бонсауизæрмæ уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодтон, — загъта уый йæ цæстысыгтæ згъалгæйæ, — цы нæ фыдбылызтæ ауадис мæ цæстытыл: куы загътон, афонмæ йæ хъæддаг хуы скъуыхтæ кодта, куы та — цæцæйнаг æй хохмæ аскъæфта... Абон та мæм афтæ кæсын байдыдта, æмæ мæ, цыма, нæ уарзы, уыйау.

Раст дын зæгъон, мæ хур, уымæй фыддæр исты æрхъуыды кæнын дæ бон нæ бауыдаид! — Чызг скуыдта, стæй йæ сæр хъалгомау, хиуыл æрвæсгæйæ уæлæмæ систа, асæрфта йæ цæстысыгтæ æмæ райдыдта дарддæр ныхас кæнын:

Кæд мæ нæ уарзы, уæд æй чи нæ уадзы мæн мæ цæгатмæ арвитын? Мæхи йыл тыххæй куы нæ бæттын. На уый нæй, дарддæр афтæ куы кæна, уæд æз мæхæдæг ацæудзынæн: æз ын цагъар нæ дæн, мыййаг, æз дæн кънйазы чызг!..

Æз ын дзурын систон, — «Æрбайхъус-ма, Бэлæ, мæ хур, уымæн æнусмæ нæй ацы ран, дæ фарсмæ бадæн, цыма дæ къабайыл хуыд у, афтæмæй: уый лæппулæг у — уарзы сырддзуаны ауайын, арацу-бацу кæндзæн, стæй та йæ ардæм нæ хъæуы, мыййаг; фæлæ ды йæ фæстæ афтæ куы хъыг кæнай, уæд дæ уайтагъддæр сфæлмæцдзæн, йæ зæрдæ дæ фæхаудзæнис».

Æцæг, æцæг! — фæлтау хъæлдзæг уыдзынæн, — загъта Бэлæ. — Æмæ кæл-кæлгæнгæ фæлæбурдта йæ дайрамæ, райдыдта цæгъдын, зарын, кафын æмæ мæ алыварс гæппытæ кæнын; фæлæ та уыцыхуызæнæй дæр бирæ нæ ахаста, йæ хуыссæны та бахауд æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй бамбæрзта.

Цæй, цы ма йын акодтаин? Раст дын зæгъон, сылгоймагимæ мæ æппын хъуыддаг никуы уыдис; рахъуыды-бахъуыды фæкодтон, уæдæ йын йæ зæрдæ цæмæй фæлæууын кæнон, æмæ ницы æрхъуыды кодтон; иудзæвгар нæ дыууæ дæр гобийæ, æнæсдзургæйæ аззадыстæм... Æвзæрдæр ма цы раны фæуа лæг!

Фæстагмæ йын æз загътон: «Фæнды дæ, уæд цом уæртæ быруйы æддемæ, иучысыл тезгъо акæнæм! замманайы бон у!» — Уый уыдис сентябры мæйы. Æмæ æцæгдæр бон уыдис диссаджы хорз, ирд, афтæмæй æнтæф дæр нæ уыд; хæхтæ цы уыдысты, уымæй зындысты рæсугъд, армытъæпæныл зынæгау. Ацыдыстæм, фидары æмбонды уæлæ дыууæрдæм арауай-бауай кодтам æнæдзургæйæ, фæстагмæ уый æрбадтис нæууыл, æз дæр йæ фарсмæ æрбадтæн. Иудзырдæй, худæг у, куы ахъуыды кæнын, уæд: раст цыма сывæллонгæс уыдтæн, уыйау цъил фестадтæн йæ фæдыл.

Нæ фидар уыдис бæрзонд ран, æмæ æмбонды сæрæй кæстæйæ нæ алфамбылай æгасæй дæр зындис тынг рæсугъд, иуырдыгæй — фæтæн æрдуз, цалдæр æрхæй къæхтытæ, йæ кæрон æндзæвыди хъæдыл, Суанг хæхты хæрз рагъмæ чи æххæссыд, ууыл, ранæй-рæтты дзы фæздæг цыди чысыл хъæутæй, рацу-бацу дзы кодтой рæгъæуттæ; иннæрдыгæй згъордта тæнæг цæугæдон, йе ’мбуар — бæзджын цъыхыры, уый æмбæрзта, Кавказы хæхты ахъаззагдæр рагъимæ иу чи кодта, уыцы схондур бæрзæндтæ. Мах бадтыстæм бастионы тигъыл, æмæ нын уыдис дыууæрдæм алцыдæр уынæн. Кæсын, æмæ дын мæнæ рацæуы хъæдæй чидæр цъæх бæхыл бадгæ, кæны хæстæгæй-хæстæгдæр, уалынмæ доны фаллаг фарс ныллæууыдис, уыдаид нæм афтæ иу-сæдæ сардзинмæ ’ввахс, æмæ, гъæйдæ-мардзæ, цыма хæйрæджджын уыд, уыйау райдыдта йæ мидбынат цъилау зилын. Ай цы диссаг уа! — «Кæс-ма, Бэлæ, — зæгъгæ йæм дзурын æз, — дæуæн лæппын цæстытæ ис, уый цавæр къæнт барæг уа, кæй хъæлдзæг кæнынмæ æрбацыд цымæ?..»

Уый фæкастис æмæ фæцъæхахст кодта:

«Уый Казбич у!»

— У-у, абырæг! Уый нæм ардæм хынджылæг кæнынмæ æрбацыдис? — Кæсын æдзынæг æмæ, бæгуыдæр — Казбич йæхæдæг: йæ саулагъз фыдуыд цæсгом, скъуыдтæ, чъизи, кæддæриддæр куыд вæййы, афтæ. — «Уый мæ фыды бæх у», — загъта Бэлæ, йæхæдæг мын мæ цонгмæ фæлæбурдта. Раст сыфтæрау рызтис æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. — «А-гъа! — загътон мæхинымæр, æнцад куы нæ лæууы, куы нæ, мæ удыгага, абырæджы туг дæ буары дæр!»

Ардæм-ма рацу, — зæгъгæ, фæдзырдтон æз хъахъхъæнæгмæ, — фен дæ топп æмæ мын æрис йæ бæхæй уартæ уыцы лæггаджы, — бакусдзынæ æвзист сом. — «Хъусын дæм, дæ бæрзонддзинад; æрмæст иу ран нæ лæууы...» «Æмæ йын зæгъ!» — загътон ын æз худгæйæ... «Гъе, мæ хæлар, — зæгъгæ, фæхъæр кодта хъахъхъæнæг, йæ къух æм фæтылдта, афтæмæй, — æнцад æрлæуу иучысыл, цъилау цы зилыс? — Казбич æцæг дæр фæлæууыд æмæ йæм дзæбæхдæр хъусын байдыдта: йæ зæрдæйæ загъта, йемæ ныхасыл сбæндæн уыдзæнис, зæгъгæ, — фæлæ куыд нæ!.. Мæ гренадер æм фæхъавыд... гæрах!.. æмæ нæмыг йæ фæрсты афардæг, — топпыхос æрмæст хъусыл ныттæпп кодта; Казбич бæхы фесхуыста, æмæ бæх фæрсырдæм асæррæтт ласта. Йæхæдæг æгъдынцæйттыл алæууыд, сæхирдыгонау æм цыдæр ныхъхъæр кодта, ныттылдта йæм ехс æмæ адымдта.

Гъæ, уайых фæуай! — загътон æз хъахъхъæнæгæн.

Дæ бæрзонддзинад! мæлынмæ фæцæуы, — загъта хъахъхъæнæг, — ахæм æлгъыст адæм кæм ис, æвиппайды йæ ницæй тыххæй фæмард кæндзынæ.

Сахаты цыппæрæм хай фæстæдæр Печорин цуанæй æрыздæхтис; Бэлæ йæм йæхи баппæрста æмæ йе ’фцæджы ныттыхстис, иу хъаст, иу уайдзæф ын нæ ракодта, æрæгмæ кæй æрцыди, уый тыххæй... Афтæмæй ма йæм æз дæр смæсты дæн. — «Уый цы хъуыддаг у, — дзырдтон ын æз, — мæнæ ныртæккæ ам уыдис доны фале Казбич, æхсгæ дæр æй фæкодтам; куы дыл æрæмбæлдаид, уæд та? А хæххон адæм фыдзæрдæ, мастисаг адæм сты: афтæ ’нхъæл дæ, æмæ не ’мбары, ды дæр кæй æххуыс кодтай Азæмæтæн, уый? Æз та хæснаг кæнын, уый абон Бэлæйы кæй базыдта, ууыл. Æз æй зонын, иу афæдзы размæ йæ зæрдæмæ тынг кæй цыдис, уый, — йæхæдæг мын дзырдта, — æмæ дзæвгар ирæд æрæмбырд кæныныл йæ зæрдæ куы дардтаид, уæд æй, æвæццæгæн æмæ, ракуырдтаид...» — Уыцы ныхæстæм Печорин сагъæсы фæци. «О, — дзуапп радта уый, — хи хъахъхъæнын хъæуы бæлвырд... Бэлæ, абонæй фæстæмæ фидары æмбондмæ макуыуал ацæуай».

Изæры фæкодтон йемæ дæргъвæтин ныхас; мæнæн хъыг уыдис, афтæ тагъд кæй аивта йæ зæрдæ уыцы мæгуыр чызгыл, уый; боны ’мбис цуаны кæй хаттис, уымæй уæлдай ма йыл стырзæрдæ дæр ссис, узæлыд ыл стæм хатт, æмæ чызг райдыдта цæстæй уынгæйæ уæлхъæдæй хус кæнын, йæ гыццыл цæсгом: ныддаргъ ис, дынджыр цæстытæ ныттар сты. Куы-иу æй бафарстаис: «Цæуыл ныуулæфыдтæ, Бэлæ? истæуыл æнкъард дæ?» — уæд-иу йæ дзуапп: «Нæ!» — «Дæ зæрдæ исты зæгъы?»

«Нæ!» — «Дæ хæстæджыты мысыс, мыййаг?» — «Мæнæн нæй хæстæджытæ». — Афтæ-иу уыд, æмæ бонсауизæрмæ дзы «о» æмæ «нæ» йеддæмæ æндæр ницы фехъуыстаис.

Гъеуый тыххæй йын æз райдыдтон дзурын изæры.

«Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч, — зæгъгæ мын загъта уый, — мæ зæрдæйы конд æмæ хатт сты стыр æнамонд; ме схъомыл, ме схасты аххосæй афтæ дæн, æви мæ Хуыцау афтæмæй сфæлдыста — нæ зонын; æрмæст уый зонын, æмæ кæд исчи мæ сæраппонд æнамонд у, уæд мæхæдæг дæр къаддæр æнамонд нæ дæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыдонæн хорз зæрдæнцойы хос нæу — фæлæ хъуыддаг афтæ кæй у, уый бæлвырд у. Мæ лæппуйы фыццаг бонтæй фæстæмæ, мæ хæстæджытæн цæстдаринаг цы минутæй фæстæмæ нал уыдтæн, уæдæй нырмæ райдыдтон æз, æхцайæ ссарæн кæмæн ис, уыцы дзæбæхдзинæдтæй цæрддзуйæ мæ фарчы хай тонын æмæ, ай-гъай, мæ зæрдæ сæ фæтахтис, сæнад мын сты. Уыйфæстæ мæхи байстон стыр адæмты ’хсæнмæ æмæ та уайтагъд адæмæй дæр схъыг дæн; бауарзтон-иу уæздан рæсугъдты, сæхуыдтæг дæр мæ-иу уарзтой, фæлæ мын сæ уарзондзинад уыдис æрмæст бузныджы хос мæхицæй, мæ зæрдæ та афтидæй баззадис... Æз райдыдтон чингуытæ кæсын, ахуыр кæнын — наукæтæй, ахуырæй дæр схъыг дæн; æз федтон, кад дæр æмæ амонд дæр æппындæр уыдоныл баст кæй не сты, уый, уый тыххæй æмæ адæмæн сæ тæккæ амондджындæртæ сты æнахуыргондтæ, кад та у сарæхстæй, æмæ къухы цæмæй бафта, уый тыххæй хъæуы æрмæст сæрæндзинад, дæсныдзинад. Уæд райдыдтон хъыг кæнын... Уайтагъд мæ Кавказмæ раивтой: уый уыдис мæ цардæн йæ тæккæ амондджындæр рæстæг. Мæ зæрдæ дардтон æз, цæцæйнаг нæмгуыты æхситмæ хъыг нал кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ ницы: мæймæ æз афтæ сахуыр дæн сæ цъуых-цъуыхыл æмæ адзалы æмхицдзинадыл æмæ, раст дын зæгъон, къогъоты фылдæрмæ дардтон, — æмæ та фыццагæй тынгдæр хъыг кæнын байдыдтон, уый тыххæй æмæ æз фæдæн æнæхай мæ фæстаг ныфсы цъырттæй. Æз куы федтон Бэлæйы мæхи хæдзары, æппæты фыццаг хатт ын мæ уæрджытыл даргæйæ йæ сау къæбæлдзыг хилтæн батæ куы кодтон, уæд, æрра мæхæдæг, афтæ фенхъæлдтон, æмæ уый у зæд, тæригъæдгæнаг, фæлмæнзæрдæ хъысмæт мын кæй рарвыста, уый... Æз та ноджыдæр фæрæдыдтæн: хъæддаг, æнæфенгæ сылгоймаджы уарзондзинад чысыл йеддæмæ хуыздæр нæу уæздан, номдзыд æхсины уарзондзинадæй;

иуы æнахуыргонддзинад æмæ зæрдæхæлардзинад куыд фæлмæцын кæнынц, иннæйы зæрдæмæцæуæн митæ дæр афтæ фæлмæцын кæнынц. Раст куы зæгъон, уæд ма йæ æз уарзын ныр дæр, æз дзы бузныг дæн, йемæ фаг адджынæй цы къорд минуттæ арвыстон, уыдон тыххæй, æз уый сæрыл æрхæсдзынæн мæ цард, æрмæст йемæ хъыг кæнын... Æдылы дæн æви фыдгæнæг, уымæн ницы зонын; æрмæст уый æцæг у, æмæ æз дæр тынг тæригъæддаг кæй дæн, чи зоны æмæ уымæй дæр ма тынгдæр: мæ уды мын фехæлдта уæздан дуне, мæ зонд у æнæнцой, зæрдæ кæрæф-æнæфсис; мæнæн алцыдæр чысыл у: хъыгдзинадыл фæцахуыр вæййын рогæй, — æхсызгондзинадыл куыд фæцахуыр вæййын, афтæ, æмæ мæ цард кæны бонæй-бон афтиддæр; баззадис ма мын иу фæрæз: балцы цæуын. Куыддæр мын гæнæн фæуа, афтæ араст уыдзынæн, — æрмæст Европæмæ нæ, Хуыцау бахизæд! — Ацæудзынæн Америкæмæ, Аравимæ, Индимæ, — кæд æппын æмæ искуы фæндагыл амæлин! Æппын ницы, фæлæ мæн тынг уырны, а фæстаг ныфс мæнæн тагъд кæй не сихсийдзæн уадты æмæ фыдвæндæгты руаджы, уый». Афтæмæй фæныхас кодта бирæ, æмæ йæ ныхæстæ арф бахызтысты мæ сæрмæ, уый тыххæй æмæ фыццаг хатт фехъуыстон æз ахæм хабæрттæ дыууынфондзаздзыд лæппуйæ, æмæ сæ Хуыцау фæстаг хатт фæкæнæд... цы диссаг уа! Зæгъ-ма; табуафси, — ныхас кодта дарддæр штабс-капитан мæнырдæм раздæхгæйæ, — мæнæ ды, æнхъæлдæн, уыдтæ столицæйы къорд хатты, стæй ныр æрæджы дæр: ау, уымы фæсивæд иууылдæр афтæ сты?

Æз ын дзуапп радтон, бирæ дзы ис, афтæ чи дзуры, ахæм адæймæгтæ; ис дзы, æвæццæгæн, ахæмтæ дæр, æмæ раст чи дзуры; фæлæ уæддæр цардыл стырзæрдæдзинад, къухауыгъд, модæтæ се ’ппæт дæр куыд вæййынц, афтæ адæмы бæрзонддæр, уæлдæр фæлтæртæй райдайгæйæ æрцыдис дæлæмæ — бинæгтæм, æмæ йæ уыдон дарынц, цалынмæ фæуа, уæдмæ, æмæ ныр, æппæтæй тынгдæр æмæ бæлвырд хъыг чи кæны, уыдон архайынц уыцы æнамонддзинад æмбæхсыныл, аипп кæй у, уымæ гæсгæ. — Штабс-капитан нæ бамбæрста уыцы лыстæг ныхæстæ, банкъуыста йæ сæр æмæ мидбылты хинæйдзаг худт бакодта:

Уæддæр, æвæццæгæн, францусæгтæ рауагътаиккой хъыг кæныны модæ, æндæр чи?

Нæ, англисæгтæ.

А-гъа, афтæ у, уæдæ!.. — загъта штабс-капитан, — æмæ уыдон рагæй-æрæгмæ дæр расыггæнæгтæ куы уыдысты!..

Уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрбалæууыд иу мæскуыйаг æхсин, афтæ чи дзырдта: Байрон уыди дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр расыггæнаг лæг, æндæр ницы, зæгъгæ. Уæвгæ, штабс-капитаны ныхæстæ æнцондæр ныббарæн уыдысты: нуазгæ цæмæй нæ кодтаид, ууыл архайдта уый, ай-гъай, дунейыл цы фыдбылызтæ цæуы, уыдон иууылдæр нозты фæдыл вæййынц, зæгъгæ, уыцы зонд йæхицæн æмбарын кæныныл.

Уыйфæстæ та райдыдта йæ ныхас дарддæр кæнын афтæ:

— Казбич уæдæй фæстæмæ нал зындис. Æрмæст мæхæдæг дæр нæ зонын, цæмæн уыд, нал æмæ нал фæрæзтон мæ сæрæй иу хъуыды раппарын — уый нæм хуымæтæджы не ’рцыдис, исты фыдбылыз нын аразы сыгъдæгæй дæр, зæгъгæ.

Иухатт куы уыдис, уæд та мæ Печорин нал уагъта — цом мемæ хуыдзуаны, зæгъгæ. Исдугмæ йын нæ разы кодтон: цæй, цанæбæрæджы диссаг мын уыд хуы! Фæлæ, мара-зæгъай, æмæ мæ ныууадза — аласта мæ йемæ. Айстам немæ иу-фондз салдаты æмæ сæумæраджы араст стæм. Дæс сахатмæ кæм хъæзы, кæм хъæды фæраныгъуыл-баныгъуыл, фæрабыр-бабыр кодтам — сырд зынæг нæй. «Гъæй, нæхимæ цæуынæй цы зæгъут? — дзурын æм æз, — цы ныффæрск стут? Бæрæг куы у, ай нын æнамонд бон кæй скодта, уый!» — фæлæ, кæд цыфæнды æнтæф уыд, æмæ фæллад уыдыстæм, уæддæр Григорий Александровичы нæ фæндыд æнæ амæттагæй нæхимæ здæхын... Ахæм лæджы мыггаг уыд уый: цы сфæнд кодта, уый йын æри; бæрæг уыд, чысылæй йæ нана къулбадæгахуыр кæй скодта, уый... Фæстагмæ, æмбисбон куы уыд, уæд ссардтам уыцы налат хуыйы — гæрах! гæрах!.. зæгъгæ, фæлæ... никуы ’мæ ницы: хъæзбыны афардæг... ахæм æнамонд бон кæм уыдис!.. Уыйфæстæ цъус нæ фæллад суагътам æмæ рараст стæм нæхимæ.

Мах цыдыстæм фæрсæй-фæрстæм, æнæдзургæйæ, нæ бæхтæн сæ рохтæ суагътам, афтæмæй, æмæ уадидæгæн дæр уыдыстæм тæккæ фидары раз; æрмæст ма йæ пыхс аууон дардта махæй. Æвиппайды гæрах фæцыдис... Мах бакастыстæм кæрæдзимæ: нæ зæрдæйы смидæг уыцы иухуызон æнæууæнкдзинад... Сонт тахт акодтам мах топпы гæрахмæ — кæсæм æмæ æмбонды уæлæ салдæттæ лæууынц дзыгуырæй æмæ амоныц быдырмæ, уым та фатау уадсурæй фæтæхы барæг æмæ хæцы урс цæуылдæр саргъы уæлæ. Григорий Александрович, цыфæнды цæцæйнагæй дæр фыддæр нæ уыдаид, афтæ сцъæхахст кодта; топп агъудæй фелвæста — æмæ уырдæм; æз йæ фæстæ.

Нæ амондмæ гæсгæ, нæ цуан рæстмæ кæй нæ фæцис, уый тыххæй нæ бæхтæ нæ уыдысты фæлмæцыд: æмæ саргъы бын сæ гæндзæхтæ размæ тыдтой, æмæ алы цæстыныкъуылдмæ дæр кодтам æввахсæй-æввахсдæр... Æмæ, фæстагмæ, æз базыдтон Казбичы, æрмæст нæ фæрæзтон раиртасын, йæ размæ цæуыл хæцыд, уый. Æз уæд баййæфтон Печорины æмæ йæм хъæр кæнын: «Уый Казбич у!..» — Уый мæм фæкаст, йæ сæр æркъуырдта æмæ бæхы ныцъцъыкк кодта ехсæй.

Мæнæ йæ уалынмæ баййæфтам топпæхсты бæрцмæ; фæлмæцыд уыдис Казбичæн йæ бæх, æви махонтæй цауддæр уыд, нæ зонын, æрмæст ын цы нæ кодта, уæддæр ын размæ уанæбæрæг нал æнтыст. Æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ уыцы минут йæ Карагйоз йæ зæрдыл æрбалæууыдаид...

Казбич и Бэлла, иллюстрацияКæсын: Печорин уыцы уайгæ-уайын топпæй ныхъхъавыдис... «Ма фехс! — зæгъгæ йæм хъæр кæнын, — дæ æхстыл ауæрд; æнæуый дæр æй баййафдзыстæм». — Бæллæх сты ацы фæсивæд! æдзух та æнæхъуаджы тæвд кæнынц... фæлæ гæрах ацыдис, æмæ нæмыг бæхæн йæ фæстаг къах фæмур кодта; уый ма йæ тæвдæй акодта иу-дæс гæппы, стæй уæд фæкалдис æмæ æрхаудис йæ зонгуытыл. Казбич рагæпп кодта, æмæ уæд ауыдтам, йæ цæнгтыл æмбæрзæны тыхт сылгоймаг кæй уыдис, уый... Уый уыдис Бэлæ... мæгуыр Бэлæ! — Уый нæм цыдæр ныхъхъæр кодта сæхирдыгонау æмæ Бэлæйы сæрмæ хъама бахаста... фæстиат гæнæн нал уыдис: æз дæр фехстон, цы уа, уый уæд, зæгъгæ; æвæццæгæн, нæмыг бацыд йе уæхсчы, уый тыххæй æмæ æвиппайды йæ къух æруагъта дæлæмæ... Фæздæг фæйнæрдæм куы апырх ис, уæд зæххыл дæргъæй лæууыд цæф бæх æмæ йæ цуры Бэлæ, Казбич та йæ топп аппаргæйæ, къудзитыл хæцгæ, гæдыйау бырыдис хæрдмæ къæдзæхмæ: фæндыд мæ уый уырдыгæй æрисын — фæлæ мæм æхст цæттæ нал уыдис. Мах нæ бæхтæй рагæппытæ кодтам æмæ Бэлæмæ фестæм. Уый, мæгуыр йæ бон, лæууыдис æнæзмæлгæйæ, æмæ йæ цæфæй туг сæх-сæхæй калдис... Хуыцауы налат: уæд та йын йæ зæрдæ куы бацавтаид — гъа, нал уыдис гæнæн, уæд ын уыцы иу хаттæй цы хъуыди, уый куы бакодтаид, кæннод фæсонты... Хæрзхæрам абырæджы цæф! Æмбаргæ ницыуал кодта. Мах ын йе ’мбæрзæн аскъуыдтæ кодтам æмæ йын йæ цæф, гæнæн цас уыд, уыйбæрц æнгомдæр бабастам; Печорин ма йын дзæгъæлы батæ кодта йæ уазал былтæн, — нæй, йе ’муд æрцæуынæн ын ницыуал амал уыдис.

Печорин сбадтис бæхыл; æз æй систон зæххæй æмæ йын æй цæмæйдæрты сæвæрдтон йæ саргъыл; уый йыл йæ къухæй æрбахæцыд йæхимæ æмæ рацыдыстæм фæстæмæ. Цалдæр минуты ныл ацыд æнæдзургæйæ, стæй мын уæд Григорий Александрович загъта: «Æрбайхъус-ма, Максим Максимыч, мах æй ацы хуызæнæй удæгасæй бынатмæ нал фæхæццæ кæндзыстæм». — «Бæгуыдæр!» — загътон æз, æмæ нæ бæхты сæ тых-сæ бонæй ауагътам. Махмæ фидары кулдуары цур æнхъæлмæ кастис бирæ адæм; арæхстгай бахастам цæфы Печорины уатмæ æмæ арвыстам хосгæнæгмæ. Уый расыг кæд уыд, уæддæр æрцыд; федта хъæдгом æмæ загъта, иу бонæй фылдæр ын фæцæрæн нал ис, зæгъгæ; æрмæст уый фæрæдыдис...

Сдзæбæх ис? — афарстон æз штабс-капитаны, мæхæдæг ын йæ цонгмæ фæлæбурдтон æмæ куыддæр сцин кодтон.

Нæ, — загъта уый, — фæлæ хосгæнæг фæрæдыдис уымæй, æмæ ма Бэлæ ацардис дыууæ боны.

Бамбарын мын кæн, куыд æгъдауæй йæ аскъæфта Казбич?

Мæнæ куыд уыдис уый: Печорин æй кæд нæ уагъта, уæддæр Бэлæ рæдыдис фидарæй доны былмæ. Уыди тынг æнтæф бон; уый æрбадтис дурыл æмæ йæ къæхтæ доны ауагъта. Уалынмæ Казбич æрбахъуызыдис — фæлæбурдта йæм, йæ дзых ын балвæста, къудзийы астæумæ йæ бадавта, уым бæхмæ сгæпп кодта æмæ, гъæйтт, зæгъгæ, тæхгæ! Фæлæ ма Бэлæйæн ныхъхъæр кæнын йæ къухы бафтыдис; хъахъхъæнджытæ схъомпал сты, фæгæрах кодтой, фæлæ иувæрсты, уæдмæ мах дæр бахæццæ стæм.

Æмæ йæ уæддæр цæмæн скъæфта Казбич, дæ хорзæхæй?

Цæмæн, куы зæгъай, уæд ацы черкестæ сты номхæссæны къæрных адæм: уæлæнгай цы ссарой, уымæн сын нæй æнæ ассивгæ: иуæй-иу хатт æй хъæугæ дæр нæ фæкæны, уæддæр æй адавы... уый тыххæй сæ рихи даст у! Ноджы — йæ зæрдæмæ дæр рагæй цыд.

Æмæ Бэлæ амардис?

Амардис; æрмæст бирæ фæудхар кодта, æмæ йемæ мах дæр дзæвгар фæхъизæмар кодтам. Изæры дæс сахатмæ ’ввахс уый йе ’муд æрцыдис; мах бадтыстæм йæ хуыссæны раз; куыддæр йæ цæстытæ райгом кодта, афтæ уайтагъд дзурын байдыдта Печоринмæ. «Æз ам дæн, дæ цуры, мæ хуры хай» — зæгъгæ йæм сдзырдта уый, йæхæдæг ын ныххæцыд йæ къухыл. «Æз амæлдзынæн!» — сдзырдта Бэлæ. Мах ын райдыдтам зæрдæтæ æвæрын, дзырдтам ын, хосгæнæг дзырд радта, æнæмæнг дæ сдзæбæх кæндзæнис, зæгъгæ; уый банкъуыста йæ чысыл сæр æмæ йе ’ргом къулырдæм аздæхта: нæ йæ фæндыд мæлын!..

Æхсæвы байдыдта сæнттæ цæгъдын; йæ сæр арт уагъта, хатгай-иу йæ буар æгасæй дæр ихæнриз скодта; дзæгъæл, æнæбаст ныхас ыл бафтыд йæ фыд, йе ’фсымæры тыххæй: фæндыди йæ хохмæ, сæхимæ... Стæй кодта уый Печорины кой дæр, хуыдта йæ алы буц нæмттæй, кæнæ йын кодта бустæ, нал мæ уарзыс, зæгъгæ...

Уый дæр æм æнцад хъуыста, йæ сæр йæ къухтыл æруагъта, афтæмæй; æрмæст ын æгас рæстæджы дæргъы йæ цæстыхаутыл иу цæстысыджы ’ртах абадгæ æз никуы федтон: кæуын æцæг нæ фæрæзта, æви йæхи уромын фæрæзта — нæ зонын; мæхицæй куы зæгъон, уæд уымæй тæригъæддагдæр æз никуыма ницы федтон.

Райсоммæ йæ сæнттæ цæгъдынæй æрæнцадис; иу сахаты бæрц фæлæууыд æнæзмæлгæйæ, фæлурсæй æмæ афтæ лæмæгъæй, æмæ зын зæгъæн уыдис, улæфы ма æви нæ, уый; уыйфæстæ фенгæсдæр ис æмæ та ныхас кæнын байдыдта, æрмæст куыд æнхъæл стут, цæй тыххæй ома?.. Ахæм хъуыды кæй сæрмæ ’рцæудзæн, мæлæг адæймаджы йеддæмæ!.. Райдыдта хъыг кæнын, тыхсын, чырыстон кæй нæ уыд, уый тыххæй, æмæ уыцы дунейыл, Мæрдгы бæстæйы йæ уд Григорий Александровичы удимæ кæй никуыуал сæмбæлдзæн, æмæ æндæр сылгоймаг кæй уыдзæн дзæнæты йе ’мбал, уый тыххæй. Мæнæн æрбафтыд мæ зæрды, мæлæты размæ йыл донæй саргъауын: æз ын æй загътон; уый мæм куыддæр гуырысхо ’нгæсæй ракастис æмæ мæм иудзæвгар ныхас скæнын нæ бафæрæзта; фæстагмæ загъта: нæ, цы дины райгуырдтæн, уыцы дины хъуамæ амæлон, зæгъгæ. Æгас бон афтæмæй аивгъуыдта. Уыцы бон уый куыд æрбаивта! Йæ фæлурс уадултæ бахаудысты, йæ цæстытæ ныддынджыртæ сты, — йæ былтæ сыгъдысты. Æмбæрста, йæ хуылф кæй сыгъдис, уый, йæ риуы сырх зынг æфсæйнаг цыма лæууыд, уыйау кæй уыди, уый.

Ралæууыд иннæ ’хсæв, нæ цæстытæ не ’рцъынд кодтам, йæ хуыссæны разæй æддæмæ нæ цыдыстæм. Кодта тынг удхар, хъæрзыдис, æмæ-иу рыст æнцайын куыддæр байдыдта, афтæиу райдыдта Григорий Александровичы æууæндын кæнын, æнцондæр мын у, нал-иу æй уагъта — хуыссæнмæ ацу, зæгъгæ, батæ йын кодта йæ къухæн, нал ын-иу æй уагъта йæ къухтæй уæгъд. — Райсоммæ ’ввахс ыл йæ адзалы хъыг бафтыдис, райдыдта йæхи алырдæм раппар-баппар кæнын, йæ бæттæн раппæрста, æмæ та туг ногæй фемæхстис. Йæ цæф ын куы бабастам, уæд та минутмæ фенцаддæр ис æмæ райдыдта Печоринæй курын, аба мын кæн, зæгъгæ. Уый сынтæджы раз йæ зонгуытыл æрлæууыд, йæ сæр ын базæй уæлæмæ систа æмæ йæ былтæ нылхъывта, Бэлæйæн уазал кæнын цы былтæ райдыдтой, уыдонмæ; йæ ризгæ цæнгтæй йын уый дæр йæ бæрзæй хъæбæр æрбалвæста йæхимæ, цыма йын уыцы ныббайæ йæ уд раттынмæ хъавыдис, уыйау... Нæ, уый хорз бакодта, кæй амардис, уымæй! Цæй-ма, цы фæуыдаид, Григорий Александрович æй куы ныууагътаид, уæд?! Уый та уæвгæ уыдаид, раджы уыдаид, æрæджы, уæддæр...

Уыйфæстæ бонæн йе ’мбисмæ уыдис æнцад, ницы дзырдта, коммæ касти, кæд æй нæ хосгæнæг цъатайы тæвдтæй æмæ нуазгæ хосæй йæ хъуырмæ кодта, уæддæр. — «Дæ хорзæхæй, — дзырдтон ын æз, — ды дæхæдæг куы загътай, æнæмæнг амæлдзæн, зæгъгæ, уæд ма дын цæмæн сты атæппæт хостæ?» — «Хуыздæр у уæддæр, Максим Максимыч, цæсгом сыгъдæг цæмæй уа, уый тыххæй», — загъта уый. Хорз цæсгом ма цы уа!

Æмбисбоны фæстæ йыл мæрдоны дойны бафтыдис. Мах рудзгуытæ байгом кодтам, фæлæ æддейы тæвддæр уыдис мидæг уатæй, сынтæджы раз сæвæрдтам их — нæй, ницы æххуыс кодта. Æз зыдтон, уыцы æбыхсгæ дойны кæй у мæлæг адæймагæн йæ кæроны нысан, æмæ загътон уый Печоринæн. «Дон, дон!..» — дзырдта уый фæсус хъæлæсæй, йæ хуыссæны рабадгæйæ.

Печорин ныффæлурс ис кæттаджы хуызæн, фæлæбурдта агуывзæмæ, æркодта дзы дон æмæ йæм æй бадардта. Æз мæ цæстытæ амбæрзтон мæ къухтæй æмæ райдыдтон цавæрдæр куывд кæсын, кæцы уыд, уый нал хъуыды кæнын... О мæ хур, федтон æз бирæ, куыд мæлынц адæм рынчындæтты æмæ хæсты быдырты, фæлæ уыдон æмæ уый иу не сты, æппындæр нæ!.. Ноджы, раст ма дын зæгъон, мæ хъыджы хай тынгдæр ууыл у, æмæ йæ мæлыны размæ уый иу хатт дæр мæ кой кæй не скодта; афтæмæй та йæ æз уарзтон фыды хуызæн... Цæй, Хуыцау ын ныххатыр кæнæд!.. Æмæ, уæвгæ, раст зæгъын хъæуы: Цы дæн æз, мæлæты размæ мæ цæй тыххæй мысыдæуа?..

Дон куыддæр ахуыпп кодта, афтæ йын фенцондæр ис, иуæртæ минуты фæстæ та мæлгæ акодта. Æрæвæрдтам ын йæ былты айдæн — лæгъз!.. Æз ракодтон Печорины уатæй æддæмæ æмæ ацыдыстæм иумæ фидары æмбонды сæрмæ; бирæ фæрацу-бацу кодтам мах фæрсæй-фæрстæм иунæг ныхас не скæнгæйæ, нæ къухтæ нæ синтыл æвæрдæй, йæ цæсгом уæлдай хъуыддагæй ницы ’вдыста, æмæ мæм æркастис хъыг: уый бынаты æз мæтæй амардаин. Фæстагмæ æрбадтис зæххы, аууоны, æмæ райдыдта лæдзæгæй цыдæртæ хæххытæ кæнын змисыл. Æз, зоныс, фылдæр æфсæрмæй, райдыдтон уымæн зæрдæтæ æвæрын, ныхас кæнын; уый схæцыд йæ сæрыл æмæ бахудтис... Мæ буар ихæнриз скодта уыцы худтæй... Æз ацыдтæн чырын аразын кæнынмæ.

Раст куы зæгъон, уæд уыцы хъуыддаджы бацыдтæн æз мæхи ирхæфсыны тыххæй дæр. Уыди мæм хъулон дари, уымæй скодтон чырынæн цъар æмæ йыл бахуыдтон фидауцы тыххæй, Григорий Александрович Бэлæйæн йæхицæн кæй фелхæдта, уыцы черкесаг хæрдгæбыдтæ.

Иннæ бон æй райсомæй раджы мах баныгæдтам фидары æддейы, доны был, фæстаг хатт ма кæм бадтис, уырдæм хæстæг; йæ ингæны алфамбылай ныр зайы стыр урс акъаци æмæ фæдæгъды къудзитæ. Æз ын хъавыдтæн чырыстон цырт ныссадзын, фæлæ кæд, мыййаг, не ’мбæлы, зæгъгæ, фæкъуылымпы дæн: цыфæнды у, уæддæр, чырыстон нæ уыд...

Уæд Печорин та? — зæгъгæ йæ бафарстон æз.

Печорин бирæ фæцис нæфæразгæ, сцола ис, мæгуыр; æрмæст нæм уæдæй фæстæмæ Бэлæйы тыххæй ныхас иикуыуал уыдис; æз уыдтон, уый йын хъыг кæй уыдзæн, уый, æмæ уæд йæ кой цæмæн хъæуы? — Иу-æртæ мæйы фæстæ йæ аивтой Е-йы полкъмæ, æмæ ацыдис Гуырдзыстонмæ. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзиуыл нал сæмбæлдыстæм... О, æрхъуыды йæ кодтон, чидæр мын æрæджы дзырдта, фæстæмæ Уæрæсемæ аздæхти, зæгъгæ, фæлæ корпусыл цы приказтæ уыди, уым йæ кой нæ уыди. Уæвгæ, махты онг хабæрттæ æрæгмæ хæццæ кæнынц.

Уыйфæстæ уый ахæцыд даргъ ныхæстыл, хабæрттæ афæдз фæстæдæр хъусын куыд хъыг вæййы, уый тыххæй, — æвæццæгæн, уыцы зæрдæриссæн койтæ фæмынæг кæныны тыххæй.

Æз æм дзырдæппарæн нæ кодтон, хъусгæ дæр æм нæ кодтон.

Сахаты фæстæ нын цæуыны фадат фæци; тымыгъ фæсабыр, арв асыгъдæг, æмæ рараст стæм. Фæндагыл та æнæбары байдыдтон æз Бэлæ æмæ Печорины тыххæй ныхас кæнын.

Уæд Казбич цы фæцис, уый нæ фехъуыстай? — зæгъгæ йæ бафарстон æз.

Казбич? Раст дын зæгъон, нæ зонын... фехъуыстон æз, рахиз фланджы, дам, шапсугтæм ис цавæрдæр Казбич, хъæбатыр лæг, уый, дам, сырх куырæты мидæг æнцад къахдзæфтæгæнгæ рацу-бацу кæны нæ топпы гæрæхтæм æмæ йæ сæрæй алырдæм буцгомау кувы, нæмыг æм хæстæг цъуых-цъуыхгæнгæ куы атæхы, уæд; фæлæ, æвæццæгæн æмæ, уый уыцы Казбич нæу!..

Къобы мах Максим Максимычимæ кæрæдзийæ фæхицæн стæм, æз рацыдтæн посты бæхтыл, уый та, уæззау ласинаг æм кæй уыд, уый тыххæй нæ фæрæзта мæ фæстæ цæуын. Мах æнхъæл никуыуал уыдыстæм кæрæдзийыл сæмбæлын, фæлæ уæддæр сæмбæлдыстæм, æмæ уæ кæд фæнды, уæд уын æй радзурон; уый у æнæхъæн истори... Фæлæ басæттут, Максим Максимыч аргъ кæнинаг, нымаинаг кæй у, ууыл?.. Ууыл куы басæттат, уæд уый уыдзæн, чи зоны ’мæ, ме ’гæр даргъ радзырдæн йæ хуыздæр аргъ.

II. Максим Максимыч

Максим Максимычимæ кæрæдзийæ куы фæхицæн стæм, уæд æз уайтагъддæр фæдæле дæн Терчы æмæ Дайраны кæмттæй, аходæн скодтон Сæнайы, цай бацымдтон Ларсы, æхсæвæрмæ та Дзæуджыхъæумæ батагъд кодтон. Нæ уæ бафæлмæцын кæндзынæн хæхты кой кæнынæй, чи ницы зæгъæг у, ахæм цымыдис хъæртæй, чи ницы ’вдисы, ахæм нывтæй, уæлдайдæр, хæхты чи никуы уыдис, уыдонæн, æмæ статистикон бæрæггæнæнтæй, æппындæр кæсгæ кæй ничи кæндзæнис, уыдонæй.

Æз ныллæууыдтæн фысымдоны, цæуджытæ се ’ппæт дæр кæм лæууынц, афтæмæй та хъæддаг карк кæмæн сфизонæг кæнын чындæуа, кæнæ туаг бас сфыцын, ахæм адæймаг кæм нæй, уым, уый тыххæй æмæ фысымдон кæуыл фæдзæхст у, уыцы æртæ сахъатджын лæджы афтæ æдылы сты, афтæ расыг вæййынц, æмæ дын ныхас адæмы хуызæн нæ бамбарын кæндзысты.

Мæнæн фехъусын кодтой, ам ма мæ ноджыдæр æртæ боны цæрын кæй бахъæудзæнис, уый, уый тыххæй æмæ Запачъейæ — Екатериноградæй — окази нæма ссыдис, æмæ йын уымæ гæсгæ фæстæмæ ацæуæн нæ уыдис. Ай дын окази, гъе!.. Фæлæ æвзæр дзырд фæлхатæн хъазт ныфс нæу уырыссаг лæгæн, æмæ æз мæхи ирхæфсыны тыххæй сфæнд кодтон фыссын Максим Максимычы радзырд Бэлæйы тыххæй, мæ радзырдты даргъ рæхысæн уый йæ фыццаг цæг кæй уыдзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уæвгæйæ; уынут, хаттæй-хатт чысыл ницæйаг хъуыддаг цы стыр фыдбылызтæ расайы, уый!..

Сымах хъуамæ нæ зонут, окази цы у, уый? Уый у, Кæсæджы зæххыл Дзæуджыхъæуæй Екатериноградмæ цы чырæтæ ласынц, уыдонимæ æд сармадзан цы фистæг салдæтты ирхæфсæг æмбисротæ фæцæуы, уый.

Фыццаг бон æз арвыстон тынг æнкъардæй; дыккаг бон райсомæй раджы кæртмæ æрбацыди иу уæрдон... А, Максим Максимыч куы дæ!.. Кæрæдзийыл сæмбæлдыстæм рагон хæлæрттау. Æз ын загътон, мæ уатмæ рацу, зæгъгæ. Уый уæлдай ракæ-бакæтæ нал фæкодта, ме уæхск дæр ма мын æрхоста æмæ йæ дзых фæзылын кодта, мидбыл худæгау. Ахæм диссаджы лæг кæм уыдис!..

Максим Максимыч тынг дæсны уыдис хæринаг кæнынмæ: уый æмбисонды хорз сфизонæг кодтæ хъæддаг карк, ауагъта йыл, цас æмбæлд, уыйас джитъриты цæхдон æмæ йыл хъуамæ басæттон, уый куы нæ уыдаид, уæд æз хус хæринаджы ’вджид кæй баззадаин, ууыл. Къахетаг сæны авг нын ферох кæнын кодта нæ хæринæгты чысыл хыгъд; нæ разы уыдис æрмæст иунæг хæринаг, æмæ лулæтæ ссудзгæйæ мах æрбадтыстæм, æз — рудзынджы раз, уый та судзгæ пецы фарсмæ, уый тыххæй æмæ бон уыдис уымæл æмæ уазал. Мах ницы дзырдтам. Æмæ уæвгæ дзургæ дæр цæй тыххæй кодтаиккам?.. Уый мын фæдзырдта, йæхи тыххæй йæм зæрдæдзуагæй цы уыдис, уыдон иууылдæр, мæнмæ та дзуринагæй ницы уыдис. Æз кастæн рудзынгæй æддæмæ. Фæйнæрдæм фæтæнæй фæтæндæрæй чи згъоры, уыцы Терчы был бирæ ныллæг хæдзæрттæ хæлиутæй фæзын-фæзын кодтой бæлæсты аууонæй, дарддæр та цъæх дардтой хæхтæ къахыртæ сисау, уыдон чъылдымæй та кастис Сæнайы хох йæ урс кардиналы худы. Æз сын мæхинымæры дзырдтон хæрзбон: æвгъау мæм фæкастис сæ ныууадзын...

Уыцыхуызæнæй мах фæбадтыстæм бирæ. Хур байдыдта йæхи æмбæхсын уазал хæхты цъуппыты фæстæ, æмæ урсбон мигъ райдыдта пырх кæнын астымты фæйнæрдæм, уынджы фæндаггон мыр-мырæджы дзыгъал-мыгъул куы ссыдис, æмæ бæхтæрджыты хъæр куы фехъуыстис, уæд. Цалдæр уæрдоны, сæ мидæг бадти чъизи сомихæгтæ, афтæмæй æрбацыдысты фысымдоны кæртмæ, уыдон фæстæ та — афтид фæндаггон цъæтджын уæрдон; йæ рог цыд, йæ рæвдз арæзт æмæ йæ хъал бакастæй уыдис цыдæр фæсарæйнаг æрмдзæфы хуызæн. Йæ фæстæ цыди, стыр боцъотæ йын, иу ахæм лæг, венгераг дарæсы, фæсдзæуинæн хуыздæр ма нæ хъæуы; афтæ арæзтæй цы кусæг уыди, уый зын базонæн нæ уыдис, йæ лулæйы фæнык куыд цагъта æмæ бæхтæрæгыл куыд хъæртæ кодта, уыцы митæм гæсгæ. Уый комкоммæ уыдис зивæггæнаг хицауы къулæттаг æххуырст, — мæнæ уырыссаг Фигаройы хуызæн цыдæр.

«Зæгъ-ма, хæлар, — зæгъгæ йæм ахъæр кодтон æз рудзынгæй, — уый циу, — окази ссыдис, æви цы?» Уый мæм фæкодта фаг къæйных каст, адзæбæх кодта йæ хъуырбос æмæ иннæрдæм аздæхтис; йæ фæрсты цы сомихаг æрбацæйцыди, уый мын мидбылты худгæйæ радта уый бæсты дзуапп, окази, дам, æцæг ссыдис æмæ, дам, райсом раджы фæстæмæ ацæудзæнис. «Хуыцауæй бузныг!» — загъта Максим Максимыч, уыцы сахат рудзынджы цурмæ æрбацæугæйæ. — Ахæм ма рæсугъд уæрдон уыдзæнис! — бафтыдта уый йæ ныхæстыл, — сыгъдæгæй дæр дзы истыхуызон чиновник цæуы Калакмæ слест кæнынмæ. Æвæццæгæн, нæ хæхты ахаст нæ зоны! Нæ, хъазгæ кæныс, мæ лымæн лæг: уыдонмæ дзæгъæл хатыртæ нæй, англисаг дæр фестæд, сцæгъддзысты йæ! «Æмæ цымæ уæддæр чи уа уый — цом-ма базонæм æй...» Мах рацыдыстæм тыргъмæ. Тыргъæн йæ кæроны уыдис дуар гом, йе ’мбуар цы уат уыдис, уырдæм. Фæсдзæуин бæхтæрæгимæ хаста уырдæм чумæдантæ.

Æрбайхъус-ма, æфсымæр, — зæгъгæ, йæ бафарста штабс-капитан, ацы диссаджы уæрдон та кæй у?.. и?.. Иттæг рæсугъд уæрдон у!..

Фæсдзæуин æм фæстæмæ дæр нæ ракаст, афтæмæй хъуырхъуыр кодта йæхинымæр цыдæртæ чумæдан халгæйæ. Максим Максимыч æм рамæсты ис; уый бавнæлдта æнæуæздан лæгæн йе уæхскмæ æмæ йын загъта: «Æз дæумæ куы дзурын, лымæн...»

Кæй уæрдон у, зæгъыс?.. мæ господины...

Æмæ дæ господин чи у?

Печорин...

Куыд? куыд? Печорин, зæгъыс?.. Уæуу, мæнæ диссаг!.. æмæ Кавказы нæ куыста цымæ!.. — зæгъгæ, фæхъæр кодта Максим Максимыч, йæхæдæг мын мæ дыс айвæзта. Йæ цæстытæ фырцинæй æрттывтой.

Æнхъæлдæн æмæ куыста, — уæвгæ сæм æз æрæгæй ардæм дæн.

А-гъа, афтæ!.. афтæ!.. Григорий Александрович?.. Афтæ йæ хонынц, нæ?.. Дæ господинимæ мах хæлæрттæ уыдыстæм, — загъта уый, йæхæдæг буцгомау афтæ æркъуырдта фæсдзæуинæн йе уæхск, æмæ уый ныццудыдта...

Стæ-ма, хорз лæг; ма мæ хъыг дар, — зæгъгæ йæм сдзырдта уый, йæхи схъуынтъызтæ кæнгæйæ.

Кæс-ма йæм!.. Ды зоныс, дæ господинимæ мах стыр лымæнтæ кæй уыдыстæм, иумæ кæй цардыстæм?.. Æмæ уæд йæхæдæг та кæм баззадис?..

Фæсдзæуин загъта, Печорин баззадис æхсæвæр хæрынмæ йæ фысыммæ булкъон Н-мæ, зæгъгæ...

Æмæ изæры цымæ ардæм не ’рбацæудзæн? — афарста йæ Максим Максимыч, — кæнæ йæм, мæ хæлар, ды ницæмæ цæудзынæ?.. Куы йæм ацæуай, мыййаг, уæд ын-иу зæгъ, Максим Максимыч ам ис, зæгъгæ; гъе, афтæ йын-иу зæгъ... уый йæхæдæг зоны... Мæнмæ дын цыппар абазийы арахъхъæн...

Фæсдзæуин фæкодта йæ цæсгом æнæрвæссон æлхынцъ, æгæр чысыл ын кæй ныббаста, уый тыххæй, фæлæ уæддæр зæрдæ бавæрдта Максим Максимычæн йæ ныстуан сæххæст кæнынæй.

Гъе, ныртæккæ æрбатæхдзæн!.. — загъта мын цинæй мæлгæ Максим Максимыч, — цон дæлæ кæрты дуармæ, уым æм банхъæлмæ кæсон... Эх! æвгъуаг, Н-имæ зонгæ кæй нæ дæн...

Максим Максимыч æрбадтис кулдуары æдде бандоныл, æз та мæ уатмæ рацыдтæн. Раст дын зæгъон, æз дæр куыддæр æнæхъæцгæйæ æнхъæлмæ кастæн уыцы Печорины æрбацыдмæ; штабс-капитаны ныхæстæм гæсгæ уый кæд мæ цæсты уыйас нал ахадыдта, уæддæр йæ удыхъæды цы миниуджытæ уыдис, уыдонæй мæм иуæй-иутæ фæкастысты тынг диссаг. Сахаты фæстæ инвалид æрбахаста фыцгæ самовар æмæ цайдан. — «Максим Максимыч, цай нæ цымыс?» — зæгъгæ йæм ахъæр кодтон æз рудзынгæй.

Арфæгонд у; ницы бæрæг мæ хъæуы.

Уæ, ма кæн, бацым фæлтау! Акæс-ма, æнафон куы у, ноджы уазал.

Ницы кæны; арфæгонд у...

Цæй, уæдæ, бар дæу! — Æз байдыдтон цай цымын мæхæдæг, иунæгæй; иу-дæс минуты фæстæ æрбалæууыд мæ зæронд дæр æмæ мæм дзуры: «Раст загътай: уаддæр хуыздæр у цай бацымын, — фæлæ, æмæ-гъа, дæлæ æнхъæлмæ кастæн æмæ... йæ кусæг æм кæд æмæ кæд ацыдис, фæлæ йæ, æвæццæгæн æмæ исты бакъуылымпы кодта!»

Уый тагъд-тагъд иу цай ахуыллыппытæ кодта, дыккаг нал бакуымдта, æмæ та кулдуары æддемæ акодта уыцы зæрдæхсайгæ уад: бæрæг уыдис, Печорин æй кæй ницæмæ дары, уый йын хъыг кæй уыдис, уый, уæлдайдæр та мын æрæджы сæ лымæндзинады кой кæй кодта æмæ мын сахат раздæр афтæ кæй загъта, куыддæр мын мæ ном фехъуса, афтæ мæм згъордзæнис, зæгъгæ, уый тыххæй.

Уыдис æнафон æмæ мæйдар, æз та ногæй рудзынг куы айгом кодтон æмæ та Максим Максимычмæ куы дзырдтон, хуыссын афон у, уæд: уый цыдæр хъуыр-хъуыр скодта йæ дæндæгты æхсæнæй; æз та йæм адзырдтон ноджыдæр, фæлæ мын уый фæстæмæ дзуапп нал радта.

Æз æрхуыссыдтæн диваныл, мæхи цинелы батыхтон, цырагъ ныууагътон пецы сæр æмæ уайтагъд арæдзæ-мæдзæ кодтон æмæ фæхуыссыдаин æнцад, Максим Максимыч мæм бынтон æнафоны уатмæ куы нæ ’рбацыдаид æмæ мæ куы нæ райхъал кодтаид, уæд. Уый æрбаппæрста йæ лулæ стъолмæ, систа уаты къуымты дыууæрдæм рацу-бацу кæнын, райдыдта пец къахын, фæстагмæ схуыссыдис, фæлæ ма уыйфæстæ дæр бирæ фæхуыфыд, фæтутæ кодта рафæлдæх-бафæлдæхгæнгæйæ...

Хъæды сыстытæ дæ ма хæрæнт, мыййаг? — зæгъгæ йæ бафарстон æз.

О, хъæды сыстытæ... — загъта уый, йæхæдæг уæззау ныуулæфыдис.

Дыккаг бон райсомæй æз райхъал дæн тынг раджы, фæлæ уæддæр Максим Максимыч мæнæй фæраздæр ис. Æз æй аййæфтон кулдуары æдде бандоныл бадгæ. «Мæн комендантмæ цæуын хъæуы, — загъта уый, — фæлæ, дæ хорзæхæй, Печорин куы ’рбацæуа, уæд-иу мæм искæй сæрвит...»

Æз ын зæрдæ бавæрдтон. Уый азгъордта, йе уæнгты цыма ногæй лæппуйы хъару æмæ рогдзинад бацыди, уыйау.

Райсом уыдис уазал æмæ тынг рæсугъд. Сызгъæринхуыз æврæгътæ цæндтæй лæууыдысты хæхты уæлæ, уæлдæфон хæхты ног рæнхъы хуызæн; кулдуары размæ уыди фæтæн фæз; уый æдде базар кодта адæмæй æмызмæлд, уый тыххæй æмæ уыдис хуыцаубон: ирон лæппутæ бæгъæввадæй, се ’ккæйтты фæзгъæр мыды дзæкъултæ, афтæмæй мæ алыварс цъил фестадысты, æз сын калдтон алывыд: уыдоныл нæ уыдтæн, уый тыххæй æмæ зæрдæхæлар штабс-капитаны сагъæсæй æз дæр уыдтæн сагъæсджын.

Дæс минуты дæр нæма рацыдаид, афтæ кæсын, æмæ дын уæртæ фæзы кæронæй æрбазындис, нæ цæстытæ кæмæ ныуурс сты, уый. Æрбацæйцыдис булкъон Н-имæ... Фысымдоны онг æй куы ’рбахæццæ кодта, уæд кæрæдзийæн загътой хæрзбон, æмæ уый баздæхти фидармæ. Æз уыцы минут арвыстон инвалиды Максим Максимычмæ.

Печоринæн йæ размæ рацыд йæ фæсдзæуин æмæ йын загъта, ныртæккæ ифтындздзысты, зæгъгæ; бадаргъ æм кодта сигарæты къопп æмæ дзы иукъорд уынаффæйы райсгæйæ фездæхт фæстæмæ æмæ ацыд йæхи рæвдз кæнынмæ. Йæ хицау ссыгъта сигарæ, иу-дыууæ хатты ныззæмбыдта æмæ æрбадтис бандоныл кулдуары иннæ фарс. Ныр уын æз хъуамæ равдисон уымæн йæ сурæт, йæ хуыз.

Уый асæй уыдис рæстæмбис; йæ хæрзконд нарæг гуыр æмæ йæ фæтæн, базыхъ уæхсчытæй бæрæг уыдис, йæ уæнгты ’вæрд фидар кæй уыдис, йæ хæтгæ царды зындзинæдтæн се ’ппæтæн дæр æмæ бæсты хъæдты раив-баивæн дæр уымæ гæсгæ кæй быхсыд, стыр горæты æнæуаг цард æмæ зæрдæнизы уылæнтæ йæ уымæ гæсгæ кæй нæ бадомдтой, уый; рыгæйдзаг хъæдабæ сюртукæн æрмæст йæ бинаг дыууæ цæппæры кæй уыдысты æвæрд, уымæ гæсгæ уынæн. уыд, мидæгæй йыл, фырирдæй цæст кæмæ нæ лæууыд æмæ æгъдауджын лæджы бæрæггæнæн чи у, ахæм сыгъдæг дзауматæ кæй уыдис, уый; йæ чъизи æрмкъухтæ йæ гыццыл уæздан къухы аккаг цыма барæй карст æмæ хуыд уыдысты, зындысты уыйау, æмæ уый йæ иу æрмкъух куы раппæрста, уæд æз дисæй амардтæн йæ фæлурс æнгуылдзты цолайыл. Кодта æнæсæрæн, уæзбын цыд, фæлæ йæ æз бафиппайдтон, цæугæ-цæуын йæ цæнгтæ змæлын кæй нæ кодта — æхгæд-зæрдæ адæймаджы æргом бæрæггæнæн. Уæвгæ, уый æз мæхи зондæй зæгъын, царды мидæг цы федтон, уыдонмæ гæсгæ, æмæ уæ куырмæджы уырнæнт, зæгъгæ, уæ ууыл домæг æппындæр нæ дæн. Уый бандоныл йæхи куы ’руагъта, уæд йæ раст гуыр æркъæдз и, йæ астæуы иунæг стæг дæр цыма нæ уыдис, уыйау; йе ’гас буары æвæрд дæр æвдыста цыдæр хуызæн нуарон лæмæгъдзинад; уый бадти, Бальзачы æртыназдзыд кокеткæ фæсхъазт фæлладæй йæ бумбули бандоны куыд бада, афтæ. Йæ цæсгомы фыццаг бакастæй йын нæ загътаин, дыууын æртæ азæй фылдæр ыл цæуы, зæгъгæ, кæд мæм уыйфæстæ æртын азы зæгъындæр чысыл нæ фæкастаид, уæддæр. Йæ мидбылхудты уыдис сывæллоны ахастæй цыдæр. Йæ царм уыдис сылгоймаджы цармы хуызæн, куыддæр фæлмæн; йæ фæлурс бур сæрыхъуынтæ, æрдзæй къæбæлдзыг чи уыдис, уыдон тынг рæсугъд æрзылдтой уымæн йæ фæлурс уæздан ных, кæцыйыл, бирæ йæм куы фæкастаис, æрмæст уæд уыд бафиппайæн, кæрæдзийы сæрты чи хызтис, уыцы æнхъырдты фæд, мæсты кæнæ мæты сахат, æвæццæгæн, бирæ æргомдæр чи зындис, уыдон фæд. Йæ сæрыхъуынтæ ирд кæд уыдысты, уæддæр йæ рихитæ æмæ йе ’рфгуытæ уыдысты сау — адæймагæн йæ хæрзмыггаг туджы нысан, уый тыххæй æмæ сау барц æмæ сау дымæг вæййы урс бæхæн. Цæмæй уын йæ сурæт æххæстæй фæуон, уый тыххæй ма уын хъуамæ зæгъон уый, æмæ йæ фындз уыдис иучысыл схъæл, йæ дæндæгтæ митау сæнтурс, йæ цæстытæ — тарбын; йæ цæстыты тыххæй та уын æз хъуамæ зæгъон ноджыдæр иукъорд ныхасы.

Æппæты фыццаг, уыдон худгæ нæ кодтой, йæхæдæг-иу куы худтис, уæд. Ахæм æнахуыр диссаг никуы бафиппайдтат æппын иуæй-иу адæмтæм?.. Уый у — кæнæ фыд-зæрдæ, кæнæ æдзухон арф æнкъарддзинады нысан. Йе ’рдæгуагъд цæстыхауты аууонæй уыдон æрттывтой цавæрдæр фосфорон рухсæй, кæд афтæ зæгъæн ис, уæд. Уыцы рухс нæ уыдис йæ зæрдæйы цæхæры кæнæ йæ хъазгæ зонды фæстæмæ æппæрст рухс: уый уыдис лæгъз æндоны æрттывды хуызæн, цæстытæ кæмæ нæ лæууыдысты, фæлæ уазал чи уыд, ахæм тæмæн; йæ цæсты бакаст уыдис цыбыр, фæлæ цыргъ, арф хизгæ æмæ уæззау, уагъта йæ фæстæ, æнæфсæрм фарстау, æнæаддзинад æмæ адæймагмæ кастаид къæйных, афтæ стырзæрдæ ’нцад куы нæ уыдаид, уæд. Ацы фиппаинæгтæ иууылдæр мæ хъуыдыйы, æвæццæгæн, æрмæст уымæн æрцыдысты, æмæ йын æз зыдтон йæ царды лыстæг хъуыддæгтæй иуæй-иутæ æмæ, чи зоны, мæ бæсты йæ æндæр адæймаг куы федтаид, уæд æм фæкастаид бынтон æндæрхуызон; фæлæ сымах йæ кой мæнæй фæстæмæ кæй никæмæй фехъусдзыстут, уымæ гæсгæ уæм бар-æнæбары дæр хъуамæ æгъгъæд кæса, æз æй куыд æвдисын, уый. Фæстагмæ ма уын зæгъын, уый æнæуынд лæг кæй нæ уыдис æмæ сылгоймæгты зæрдæмæ уæлдай цыд чи кæны, ахæм хицæн цæсгомы ’вæрд ын кæй уыдис, уый.

Бæхтæ лæууыдысты ифтыгъдæй; мыр-мырагæн-иу афонæй афонмæ йæ дзинг-дзинг ссыдис дугайы бынæй, æмæ фæсдзæуин дыууæ хатты бацыдис Печоринмæ, цæуынæввонг стæм, зæгъгæ, фæлæ Максим Максимыч нæма зындис. Хуыцау хорз, æмæ Печорин афардæг хъуыдыты мидæг Кавказы дæндагхуыз цъæх хæхтæм кæсгæйæ, æмæ, æнхъæлдæн, æппындæр нæ тагъд кодта цæуыныл. Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон: «Иучысыл ма дæ лæууын куы бафæнда, уæд фендзынæ æхсызгонæй дæ зæронд лымæны...»

— Æцæг куы зæгъыс! — загъта тагъдгомау уый, — знон мын дзырдтой; фæлæ цымæ кæм ис? — Æз фæзылдтæн фæзырдæм æмæ ауыдтон Максим Максимычы йæ тых-йæ бонæй æрбацæйзгъоргæйæ... Иукъорд минутмæ нæ уæлхъус æрбалæууыдис, тыххæй ма улæфын фæрæзта; йæ хид ихау гæр-гæр кодта цæсгомæй; хидæйдзаг урс сæрыхъуыны бындзгуытæ худы бынæй рахаугæйæ баныхæстысты йæ ныхыл: йæ зæнгты зыр-зыр цыдис... уый хъавыди Печорины ’фцæджы ныттыхсынмæ, фæлæ йæм уый æнæбары, æцæг худæндзастæй, йæ къух адаргъ кодта. Штабс-капитан иу минут сагъдæй аззадис, фæлæ йын уыйфæстæ фæлæбурдта йæ къухмæ йæ дыууæ къухæй; уый уæддæр дзурын нæма фæрæзта.

О, мæнæ мын цы ’хсызгон у, мæ зынаргъ Максим Максимыч! Гъы, куыдтæ цæрыс? — загъта Печорин.

Ды... та?.. сымах та?.. — бахъуыр-хъуыр кодта зæронд лæг, йæ цæстытæ доны разылдта, афтæмæй... цал азы... цал боны... гъы, кæдæм уæддæр?..

Цæуын Персмæ — æмæ дарддæр...

Ау, ныртæккæ?.. Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй!.. Ау, ныртæккæ нын æнæ ахицæн хос нæй?.. Кæдæй ардæм нал федтам...

Мæнæн цæуын афон у, Максим Максимыч, — уыдис йæ дзуапп.

Оххай, гъе! Омæ уæддæр кæдæм афтæ тагъд кæныс?... Уыйбæрц дын зæгъынмæ хъавыдтæн... уыйбæрц фæфæрсын... Гъы, цы? Æфсадæй суæгъд дæ, и? Куыд?.. Цы митæ кодтай?..

Хъыг кодтон! — дзуапп ын радта Печорин йæ мидбылты худгæйæ.

Хъуыды-ма кæныс нæ цард, нæ уаг фидары мидæг?.. Замманайы бæстæ у цуан кæнынæн!.. Куыд тынг уарзтай æхсын... Æмæ Бэлæ та?..

Печорин зына-нæзына фæфæлурс ис æмæ иннæрдæм аздæхтис...

О, хъуыды ма йæ кæнын! — загъта уый æмæ уайтагъд барæй йæхи ныззæмбын кодта...

Максим Максимыч ын лæгъстæ кæнын систа, йемæ ма иудыууæ сахаты цæмæй баззадаид, уый тыххæй. «Мах иумæ тынг дзæбæх бахæрдзыстæм сихор, — дзырдта уый, — мæнмæ ис дыууæ хъæддаг карчы; къахетаг сæн та ам у тынг хорз... Гуырдзыстоны хуызæн кæм уыдзæнис, фæлæ уæддæр у сæ хуыздæр мыггæгтæй... Иумæ фæныхæстæ кæндзыстæм... Ды мын радзурдзынæ, Бетъырбухы дæ цард куыд уыдис, уыдæттæйедтæ... И?..»

Раст дын зæгъын, ницы дзуринаг мæм ис, мæ зынаргъ. Максим Максимыч... Цæй, хæрзбон у, афон мын у... тагъд кæнын... Бузныг, кæй мæ нæ ферох кодтай... — бафтыдта уый, йæ къух ын райста, афтæмæй.

Зæронд лæг ныттар кодта йе ’рфгуытæ... Уый уыдис æнкъард æмæ мæсты, кæд йæ басусæг кæныныл архайдта, уæддæр.

«Ферох кæнын! — бахъуыр-хъуыр кодта уый, — æз бæргæ ницы ферох кодтон... — Цæй, Хуыцауы æвджид у... Демæ афтæ сæмбæлинаг бæргæ нæ уыдтæн...»

Цæй, æгъгъæд, æгъгъæд! — загъта Печорин, йæхæдæг ын хæлары хъæбыс ныккодта, — ау, цы уыдтæн, уый нал дæн?.. Цы гæнæн ис?.. Алкæмæн дæр йæ фæндаг хицæн... Кæрæдзийыл ма сæмбæлдзыстæм æви нæ — хуыцау зоны! — Адон куы дзырдта, уæд уый бадти уæрдоны æмæ бæхтæрæг райдыдга бози æмбырдтæ кæнын.

Фæлæуу, фæлæуу! — зæгъгæ, фæхъæр кодта æвиппайды Максим Максимыч уæрдоны дуарыл ныффидар уæвгæйæ, — бынтон мæ фæцæйрох кодта... Мæнмæ баззадысты дæ гæххæттытæ. Григорий Александрович... æз сæ ралас-балас кæнын мемæ... æнхъæл уыдтæн Гуырдзыстоны дæ ссардзынæн, ныр нæ Хуыцау мæнæ кæм сæмбæлын кодта... Цы сын бакæнон?..

Цы дæ фæнды, уый! — дзуапп радта Печорин. — Хæрзбон...

Уæдæ Персмæ цæуыс, нæ?.. æмæ кæд раздæхдзынæ?.. — хъæр ма кодта фæстейæ Максим Максимыч...

Уæрдон дзæвгар адард ис; фæлæ Печорин акодта йæ къухæй нысан, афтæ бамбарæн кæмæн уыдис: æвæццæгæн, нал; стæй цæмæн!..

Рагæй нал хъуыстис нæ — мыр-мырæджы хъæр, нæ — уæрдоны цæлхыты гыбар-гыбур схондур надыл, фæлæ ма мæгуыр зæронд лæг лæууыдис уæддæр уыцы ран, стыр сагъæс кæнгæйæ.

Уæдæ, — загъта фæстагмæ, йæхи стырзæрдæ хуызæй æвдисыныл архайгæйæ, кæд-иу масты цæстысыг рæстæгæйрæстæгмæ йæ цæсты хаутыл ферттывта, уæддæр, — ай-гъай, мах уыдыстæм хæлæрттæ, фæлæ цы у хæлар дæр ацы заманы!.. Цы йын ис мæнмæ? Æз бонджын нæ дæн, цин мæм нæй, стæй карæй дæр æппындæр йе ’мдæндаг нæ дæн... Кæсыс, цыхуызæн хъал ссис, Бетъырбухы та куы ацард, уæд... Цы уæрдон ын ис!.. цас дзаума йæм ис!.. йæ фæсдзæуин дæр уыцы фыдхъалæй лæууы! — Ацы ныхæстæ загъта æфхæргæ худæнбылæй. — Зæгъ-ма, — ныхас кодта уый дарддæр мæнырдæм раздæхгæйæ, — гъы, уæддæр куыд æнхъæл дæ?.. цы хæйрæг æй хæссы ныр Персмæ? Худæг у, хуыцауыстæн, худæг!.. Æз кæддæриддæр зыдтон, рог лæг кæй у, æмæ йыл æууæндæн кæй нæй, уый... Фæлæ йын уæддæр тæригъæд кæнын, йæ фæстаг æвзæрмæ кæй цæуы, уый тыххæй... æмæ йын уæвгæ æнæ афтæ дæр хос нæй!.. Æз кæддæриддæр афтæ дзырдтон: йæ зæронд лымæнты рох чи кæны, уымæ хорздзинадмæ æнхъæлмæ ма кæс, зæгъгæ!.. — Ацы ныхæстæ кæнгæйæ уый йе ’ргом иннæрдæм аздæхта йæ зæрдæйы тыхст басусæг кæныны тыххæй æмæ кæрты йæхи рацу-бацугæнæг скодта йæ уæрдоны цур, йæ цæлхытæ йын цыма уыдта, афтæмæй та йæ цæстытæ уымæн айдзагайдзаг кодтой цæстысыгæй.

Максим Максимыч, — загътон æз, бацыдтæн æм, афтæмæй, — уый дæм Печорин цавæр гæххæттытæ ныууагъта?

Æмæ сын чи цы зоны! Цавæрдæр фыстытæ сты...

Æмæ сæ цы кæнынмæ хъавыс?

Цы? Гилдзытæ сæ фæкæнын кæндзынæн.

Фæлтау сæ мæнæн ратт.

Уый мæм æрбакаст дисгæнгæ, йæ дæндæгты аууонæй цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта æмæ райдыдта йæ чумæдан къахын; систа дзы иу тетрад æмæ йæ зæхмæ зынæрвæссон æппæрст æркодта; уыйфæстæ дыккаг, æртыккаг æмæ дæсæм дæр уый фæндагыл ацыдысты; йæ масты мидæг уыдис сывæллоны митæй цыдæр; мæнмæ, иуæй, худæг кастис, иннæмæй — тæригъæд.

Мæнæ гъе, иууылдæр ам сты, — загъта уый, — райгæ у дæ арæггагæй...

Æмæ сыл уæдæ мæ бар дæр цæуы, æмæ мæ цы фæнды, уый кæнын сын мæ бон у?

Фæнды сæ газетты дæр мыхуыр кæн. Мæн цы хъуыддаг ис?.. Цы, исты йæ хæлар мыййаг дæн, кæнæ йæ хæстæг?.. Æцæг, мах фæцардыстæм бирæ иу цары бын... Æмæ цы, гæзæмæ искæйтимæ куы нæ цардтæн æз?..

Æз фæлæбурдтон гæххæттытæм æмæ сæ тагъдгомау рахастон, штабс-капитанмæ фæсмон куы ’рцæуа, уый тæссæй. Уыйфæстæ нæм уайтагъд æрбацыдысты æмæ нын фехъусын кодтой, сахаты фæстæ окази фезмæлдзæнис, зæгъгæ, æз загътон, ифтындзгæут, зæгъгæ. Штабс-капитан æрбацыдис уатмæ, æз мæ худ мæ уæлæ куыд кодтон, афтæ; уый йæхи цыма цæуынмæ нæ цæттæ кодта, афтæ зындис: уыдис куыддæр æвæндон, уазал хуыз.

Æмæ ды та, Максим Максимыч, нæ цæуыс, цы?

Нæ-æ.

Цæуылнæ, уæд?

Цæмæй зонын, коменданты нæма федтон, афтæмæй мын ам раттын хъæуы цыдæр къазнайы дзауматæ...

Æмæ йæм куы уыдтæ?

Уыдтæн æм, бæгуы, — загъта уый къуызгæйæ, — фæлæ сæхимæ нæ уыдис... æз та йæм лæугæ нал фæкодтон.

Æз æй бамбæрстон: мæгуыр зæронд лæг йæ цæрæнбонты, чи зоны ’мæ, фыццаг хатт аппæрста йе службæйы хуыддæгтæ сæрмагонд йæхи хъуыддаг бакæныны тыххæй, гæххæтты æвзагæй куыд фæзæгъынц, — æмæ уыныс, цас ын фæрæстмæ ис!

Тынг хъыг мын у, — загътон ын æз, — тынг хъыг, Максим Максимыч, æмгъуыдæй раздæр мах кæрæдзийæ хицæн кæнын кæй хъæуы, уый.

Кæм ис махæн, æнахуыргонд зæрæдтæн, сымах фæстæ уайын!.. Сымах стут уæздан, хъал фæсивæд: цалынмæ ма черкесаг нæмгуыты бын вæййут, уæдмæ гъа, афтæ уæддæр... фæлæ уыйфæстæ куы сæмбæлут, уæд æфсæрмы фæкæнут уæ къух мах хуызæттæм радаргъ кæнын дæр...

Æз уыцы уайдзæфтæ аккаг нæ дæн, Максим Максимыч.

Æмæ æз афтæ, æрмæст дзырдæн зæгъын; уæвгæ, цæй, амондджын у æмæ хъæлдзæг фæндæгтыл фæцу.

Мах загътам кæрæдзийæн сур хæрзбон. Хæларзæрдæ Максим Максимыч ссис хивæнд, хылгæнаг штабс-капитан. Цымæ цæмæн? Печорин æм æнæрхъуыдыйæ, кæнæ, чи зоны, цæмæ гæсгæ, йæ къух кæй адаргъ кодта, уый йе ’фцæджы ныттыхсынмæ куы хъавыд, уæд, уый тыххæй. Зæрдæниз у, лæппуйæн йæ хуыздæр ныфсытæ æмæ сæнттæ куы фесæфынц, уæд уымæ кæсын, адæймаджы хъуыддæгтæм æмæ æмбарæнтæм цы хъæлдзæг, цы розæхуыз флеры11 аууонæй фæкæсы, уый йæ разы куы ’рхауы, куы байгом вæййы, уæд, кæд ма йæм ныфс вæййы зæронд рæдыдтæ ногтæй, æнæивгъуийгæдæр чи нæ уыдзæнис, фæлæ уыйхыгъд сæ ад цауддæр кæмæн нæ уыдзæнис, ахæм ног рæдыддзинæдтæй раивын, уæддæр... Фæлæ ма сæ цæмæй аивдзынæ Максим Максимычы карæнæй? Зæрдæ бар-æнæбары ныхъхъæбатыр уыдзæнис, уд бар-æнæбары бахгæндзæнис йæ дуæрттæ...

Æз ацыдтæн иунæгæй.

Печорины журнал

Раздзырд

Æрæджы æз базыдтон, Печорин Персæй æрцæйздæхгæйæ кæй амардис, уый. Уыцы хабарыл æз тынг бацин кодтон: уый мын лæвæрдта ацы фыстытæ мыхуыр кæныны бар, æмæ æз дæр, уымæ гæсгæ, кæйдæр уацмысы сæрмæ æввонгæй сæвæрдтон мæхи ном. Хуыцауы бафæндæд, æмæ ацы фыстытæ чи кæса, уыдон мæ мæ чысыл фæлывд мийы тыххæй куыд нæ бафхæрой!

Ныр æз хъуамæ иучысыл бамбарын кæнон, æппындæр кæй никуы зыдтон, уыцы лæджы зæрдæйы сусæгдзинæдтæ адæмæн цæмæ гæсгæ расидтæн, уый. Æмæ ма йын хæлар дæр куы уыдаин, уæддæр ма иу хъуыддаг у: æцæг хæлары гадзрахат ми цы у, уый алчидæр æмбары; фæлæ йæ æз федтон æрмæст иунæг хатт мæ цæрæнбонты, стыр фæндагыл; уымæ гæсгæ мын нæй уымæ ахæм æнæрадзургæ хæрам зæрдæ дарын, кæцы, хæлардзинады хæрвы æмбæхсгæйæ, æрмæст æнхъæлмæ кæсы, кæй уарзы, уымæн йæ мæлæтмæ кæнæ йæ фенамондмæ, йæ сæр ын уайдзæфты, уынаффæты, хынджылæг æмæ хъыгты бын цæмæй фæкæна, уый тыххæй.

Ацы фыстытæ кæсгæйæ мæн бауырныдта, йæхи лæмæгъдзинæдтæ æмæ йæхи аиппытæ йæхæдæг афтæ æнæхатырæй æддæмæ чи ’вдыста, уый æргомдзинад. Адæймаджы уды истори, хæрзницæйаг уд фæуæд, уæддæр æнæцымыдисагдæр æмæ æнæпайдадæр нæу æгас адæмы историйæ, уæлдайдæр та уый, рæгъæд, фидарзонд адæймаг, йæхи цардмæ кæсгæйæ цы раиртæста, цы рахæсса, уыцы истори куы уа æмæ хиппæлыны тыххæй кæнæ, адæм ыл сæ цæст цæмæй æрæвæрой, уый тыххæй фыст куы нæ вæййы, уæд. Руссойы хиуыл расидтмæ ис уыцы аипп, æмæ йæ уый йæ лымæнтæн кæй кастис.

Уæдæ афтæ, адæмæн пайда уа, зæгъгæ мын æрмæст уыцы иу хъуыддаг ныммыхуыр кæнын кодта, мæ къухы æнæнхъæлгæ цы журнал бафтыд, уый скъуыддзæгтæ. Хи нæмттæй дзы цы уыдис, уыдон се ’ппæт дæр кæд æндæртæй аивтон, уæддæр дзы кæй кой ис, уыдон, æвæццæгæн, сæхи базондзысты æмæ, ныронг зылын цы адæймаджы кодтой, нырæй фæстæмæ та — а дунеимæ иумæйагæй кæмæн ницыуал ис, уый митæн, чи зоны мæ, ссардзысты хатырдзинад: мах, зæгъæн ис, кæддæриддæр барæм, цы фембарæм, уый.

Ацы чиныджы æз рауагътон, Печорин Кавказы кæй уыдис, æрмæст уый хабæрттæ. Мæ къухы ма баззадис ноджыдæр, йæ дарды хабæрттæ уый æгасæй дæр кæм фыссы, уыцы иу бæзджын тетрад. Искуыбон уый дæр фæзындзæн, дуне йын тæрхон цæмæй рахæссой, уый тыххæй; фæлæ нырма уыцы хъуыддаджы бæрны цæуын нæ уæндын бирæ ахъаззаг æфсæнттæм гæсгæ.

Чи зоны ’мæ чиныгкæсджытæй искæйты бафæнда, Печорины зæрдæйы ахастмæ æз цы цæстæй кæсын, уый базонын. Мæ дзурын — ацы чиныгæн йæ сæр. «Хынджылæг скъæрыс!» — зæгъдзысты уыдон. — Нæ зонын.

Тамань

Тамань у Уæрæсейы денджызы был лæууæг горæттæн сæ тæккæ æвзæрдæр горæт. Иухатт дзы æз, чысыл ма бахъæуа, стонгæй ма амæлон, ноджы мæ дзы кæд хъавыдысты доны баппарынмæ. Æз æрцыдтæн посты цæугæ бæхтыл æхсæв æнафоны. Бæхтæрæг баурæдта фæллад тройкæ, горæтæн йæ тæккæ бацæуæны цы иунæг дурын хæдзар уыдис, уый дуармæ. Дуаргæс, сауденджызаг хъазахъхъаг, мыр-мырæджы хъæр куы айхъуыста, уæд хуыссæгхъæлдзæгæй тызмæг хъæр ныккодтæ: «Чи ’рбацæуы?» Рацыдысты урядник æмæ десятник. Æз сын бамбарын кодтон, афицер кæй дæн, къазнайы хъуыддæгты тыххæй хæцæг æфсæддон балмæ кæй цæуын, уый, æмæ сæ райдыдтон мæхицæн къазнайы фатер курын. Десятник нæ акодта горæты уынгты. Цы хæдзары дуармæ нæ баздæхæм — иууылдæр ахст. Уыдис уазал, æз æртæ ’хсæвы нæ бахуыссыдтæн, хъизæмарæй ныммардтæн æмæ райдыдтон мæсты кæнын. «Кæнгæ мæ искæдæм, къæрных! фæнды хæйрæгмæ, бынатмæ мæ фæхæццæ кæн уыййеддæмæ!» — фæхъæр кодтон æз. — Ис ма ноджыдæр иу фатер, — дзуапп радта десятник йæ къæбут ныхгæйæ, — æрмæст дæ уæздандзинады зæрдæмæ нæ фæцæудзæнис: сыгъдæг нæу! — Йæ фæстаг ныхас бæлвырд цы нысан кодта, уый нæ бамбаргæйæ та йæ æз мæ фыццаг скодтон æмæ араст стæм. Бирæ фæрацу-бацу кодтам цъыф цæхгæрмæ уынгты. Уынгты фæйнæфарс æз уыдтон æрмæст зæронд бырутæ. Фæстагмæ баздæхтам иу чысылгомау хæдзары дуармæ, денджызæн йæ тæккæ былыл.

Мæй йæ цалхыдзагæй кастис мæ ног цæрæндоны хъамыл сæрмæ æмæ урс къултæм; уирагдурæй амад быруйы мидæгæй уыдис кæрты, иуырдæм чи ныкъкъул, æндæр ахæм хæдзар, фыццагæй къаддæр æмæ зæронддæр. Денджызы был уыцы сæрфт къардиуæй ныххаста бынмæ хæдзары сисы хæдцур, æмæ бынæй, сæ хъуыр-хъуырæй не ’нцайгæйæ, кæрæдзи цавтой тарбынцъæх уылæнтæ. Мæй æнцад касти фыдæнцой, фæлæ коммæгæс æрдзы тыхмæ, æмæ уый рухсмæ мæ цæст дзæбæх ахста, доны былæй дæрддзæф, сæ сау бæндæнтæ хæлуарæджы тынау арвы фæлурс дæлбазырæй æнæзмæлгæ кæмæн зындысты, ахæм дыууæ науы. «Наулæууæны ис наутæ, — ахъуыды кодтон æз, — райсом ацæудзынæн Геленджикмæ».

Лæггадгæнæг мын уыдис æфсæддон хаххыл цæрæг хъазахъхъаг. Чумæдан ын куы райсын кодтон æмæ йын бæхтæрæджы куы ауадзын кодтон, уæд дзурын байдыдтон хæдзары хицаумæ — зынæг нæй; хойын дуар — уæддæр нæй... ай цы уа? зæгъгæ, дисы бацыдтæн. Æппынæрæджиау мæм тыргъæй ралæст, 14 азы йыл цыдаид, иу ахæм лæппу.

«Хицау кæм ис?» — «Нæй». — «Куыд? æппындæр нæй?» «Æппындæр». — «Уæд æфсин та?» — «Слабодкæмæ ацыдис». — «Уæдæ мын дуар чи бакæндзæнис?» — загътон æз, мæ къахæй йæ нытътъæпп ластон, афтæмæй. Дуар йæхæдæг байгом ис; хæдзары уымæлы тæф мын мæ фындз ныццавта. Æз асыгътон сондон спичкæ æмæ йæ лæппуйæн йæ фындзы бынмæ бахастон: спичкæйы рухсмæ ауыдтон дыууæ урс цæсты. Уый уыдис куырм, бынтон куырм æрдзæй. Уый лæууыдис мæ разы æнæзмæлгæйæ æмæ йын æз райдыдтон йæ цæсгомы арæзтытæм бæстон кæсын.

Сæттын ыл, æз тынг гуырысхогæнаг дæн куырмытыл, зылындзæстытыл, къуырматыл, гобитыл, æнæкъæхтыл, æнæкъухтыл, къуыпрæгътыл æмæ æнд. ахæмтæн се ’ппæтыл дæр. Æз иртæстон кæддæриддæр, адæймагæн йæ фæлгонц æмæ йæ уды ’хсæн цыдæр æнахуыр бастдзинад кæй ис, уый: адæймагæй истыхуызон уæнг куы фæхъæуы, уæд цыма удæй дæр исты æнкъарæн фесæфы, уыйау.

Гъемæ райдыдтон æз куырмы цæсгоммæ кæсын; фæлæ цæй, цы мын иртасын кæныс куырм къодахы цæсгомыл?.. Бирæ йæм фæкастæн, бар-æнæбары йын тæригъæдтæ фæкодтон, уалынмæ æвиппайды йæ тæнæг былтыл рахъазыдис зына-нæзына мидбылхудт, æмæ, нæ зонын, цæмæн, фæлæ мын уый уыди тынг хъыг. Мæ сæры фегуырдис гуырысходзинад — а куырм, куыд зыны, æвæццæгæн, афтæ куырм нæу, зæгъгæ; мæхи дзæгъæлы æууæндын кодтон, цæсты урсытæн скæнæн нæй, стæй сæ кæнгæ дæр цæмæн счындæуа? Фæлæ цы чындæуа? Ахæм гуырысходзинæдтæ мæм арæх вæййы...

«Ды хæдзары хицауы фырт дæ?» — зæгъгæ йæ бафарстон æз фæстагмæ. «Нæ». — «Уæдæ чи дæ?» — «Сидзæр, гæвзыкк». «Æфсинæн та сывæллæттæ ис?» — «Нæй, чызг ын уыдис æмæ тæтæйрагимæ фæсденджызмæ афардæг ис». «Цавæр тæтæйрагимæ?» — «Хæйрæг йæ зонæг у! хъыримаг тæтæйраг, бæлæгътæрæг, Керчæй».

Æз бацыдтæн хæдзармæ; дыууæ даргъ бандоны æмæ стъол, стæй дынджыр чырын пецы фарсмæ уыдысты æгасæй дæр хæдзарæн йæ дзаума. Къулыл иу дзуары ныв дæр нæ — хорз нысан нæ уыдис! Саст авгæй бырста мидæмæ денджызы дымгæ. Æз сластон мæ чумæданæй мыдадзын цырагъы сыгъдон, ссыгътон æй æмæ райдыдтон мæ дзауматæ сæ бынæтты æвæрын, къуымы сæвæрдтон мæ кард æмæ мæ топп, дамбацатæ æрæвæрдтон стъолыл, æрытыдтон мæ нымæт бандоныл; хъазахъхъаг та йæ нымæт æрытыдта иннæ бандоныл; дæс минуты фæстæ уымæн йæ хуыр-хуыр ссыдис, фæлæ æз бафынæйæн ницы фæрæзтон: мæ разы талынджы уыцы зилдух кодта урсцæст лæппу.

Афтæмæй мыл ацыдис иу сахаты бæрц. Мæй касти рудзынгæй мидæмæ, æмæ йæ тын хъазыдис хæдзары сыджытбыныл. Сыджытбыныл цæхгæрмæ цы рухсы уадздзаг уыдис, ууыл æвиппайды аууон фæсенк ласта. Æз рабадтæн æмæ ракастæн рудзынгæй: чидæр та дыккаг хатт йæ фæрсты ауадис æмæ цы ’рбацис, Хуыцау зоны. Мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, уыцы удгоймаг æмуырдыг къардиуыл дæлæмæ ныууайа, уый; фæлæ йын æндæр та фæуæн ничердæм уыдис. Æз фестадтæн, акодтон мæ куырæт, æрбабастон мæ хъама æмæ æнцад-æнцад рацыдтæн хæдзарæй; кæсын, æмæ дын мæнæ мæ размæ уыцы куырм лæппу. Æз æрныгъуылдтæн бырурæбын, æмæ уый ныфсджын, фæлæ хъавгæ къахдзæфтæгæнгæ раивгъуыдта мæ рæзты. Йæ дæларм хаста цавæрдæр баст, æмæ наулæууæнырдæм фæзилгæйæ байдыдта нарæг æмæ уырдыг къахвæндагыл дæлæмæ цæуын. «Уыцы бон æгомыгтæ сдзурдзысты æмæ куырмытæ ракæсдзысты», — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр йæ фæстæ гурæй-гурмæ цæугæйæ, куыд ничердæм мын фæуыдаид, афтæ.

Уалынмæ мæй райдыдта йæхи саувадыгтæй æмбæрзын, æмæ денджызы сæрмæ сбадтис мигъ; хæстæгдæр науы бырынкъæй мигъы мидæг цъус зынди фанары рухс; денджызы былгæрон æрттывдтытæ калдта чысыл фынк æмæ алы минут дæр тас уыдис, йæ быны куы фæуа, уымæй. Зынтæй мæхи дæлæмæ уадзгæйæ æз цыдтæн уыцы уырдыджы æмæ кæсын: куырм фæлæууыдис, стæй фæзылдис дæлæты рахизырдæм; донмæ уый афтæ хæстæг цыдис, æмæ загътон, уылæн æй ныртæккæ дæр йæхимæ баскъæфдзæнис æмæ йæ аласдзæнис, зæгъгæ; фæлæ, æвæццæгæн æмæ фыццаг хатт нæ тезгъо кодта уый уыцы ран, дурæй дурмæ куыд ныфсджын хызт кодта æмæ дзыхъхъытæй йæхи куыд хызта, уымæ гæсгæ. Фæстагмæ уый ныллæууыдис, цыма истæмæ хъуыста, уыйау, æрбадтис зæххыл æмæ баст йæ фарсмæ æрæвæрдта. Æз кастæн йе змæлдтытæм, доны былæй æддæмæ цы къæдзæх рацыдис, уый аууон æрæмбæхсгæйæ. Рацыдаид цалдæр минуты, афтæ иннæ фарсæй æрбазындис урс æндæрг; уый бацыдис куырммæ æмæ æрбадтис йæ цуры. Дымгæ мæм-иу хатгай æрхаста сæ ныхас.

Гъы, цы зæгъыс, куырм? — загъта сылгоймаджы хъæлæс, — уад тыхджын у; Янко нæ уыдзæн.

Янко уадæй нæ тæрсы, — дзуапп радта уый. Мигъ бæзджынæй бæзджындæр кæны, — загъта та йын фæстæмæ сылгоймаджы хъæлæс æнкъардæй.

Мигъы æнцондæр у хъахъхъæнæг науты фæрсты ацæуын, — уыди куырмы дзуапп.

Æмæ доны бын куы фæуа, уæд та?

Уæд цы? хуыцаубоны аргъуанмæ æнæ ног лент ацæудзынæ!

Сæ ныхасæй фенцад сты; æз иу хъуыддагыл стыр дис фæкодтон: куырм мемæ дзырдта малороссаг здæхтæй, ныр та ныхас кодта сыгъдæг уырыссагау.

Уыныс, æз раст загътон, — загъта та куырм йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццæгъдгæйæ. — Янко нæ тæрсы — нæ денджызæй, нæ дымгæйæ, нæ мигъæй, нæ былгæстæй; дзæбæх-ма хъус; уый доны пæллахъ нæу, нæ мæ афæливдзынæ — уыдон сты уый даргъ фыййæгтæ.

Сылгоймаг зæххæй фæгæпп ласта æмæ стыхсгæйæ райдыдта дардмæ кæсын.

Куырм, ды сыгъдæгæй дæр сæнттæ цæгъдыс! — загъта уый, — уæдæ æз æппын куы ницы уынын.

Сæттын ыл, цасдæриддæр нæ фæцархайдтон дардмæ бæлæгъы хуызæнæй исты раиртасыныл, ницы бафæрæзтон. Афтæмæй ацыдаид иу-дæс минуты; уалынмæ кæсын, æмæ уæртæ уылæнты хæхты астæуæй æрбазынд иу сау æндæрг: уый-иу куы стырдæр фæцис, куы та къаддæр. Æнцадгай, уылæнты хизгæйæ, стæй уайтагъд йæхи фæстæмæ уадзгæйæ, æрбацæйхæстæг кодта былмæ бæлæгъ. Хъазуат гуырд уыдис, уыйхуызæн æхсæв донкъуба-лæгыл ахизын æмæ дыууын версты ацæуын йæ ныфс чи бахаста, уыцы бæлæгътæрæг, стæй йæ афтæ цы бакæнын кодта, уый дæр, æвæццæгæн, стыр хъуыддаг уыдис! Афтæтæ хъуыды кæнгæйæ, æз мæ зæрдæйы æнæбары цавдимæ кастæн мæгуыр бæлæгъмæ; фæлæ-иу уый бабызы хуызæн аныгъуылди, стæй та-иу фыййæгтæ хæрдмæ базыртау æваст фехсгæйæ рагæпп ласта дæлджинæгæй фынк-пырхæндæджы астæуæй, æмæ æз æнхъæлдтон, уæдæ гъеныр, уыцы иу рауадæй ныццæвдзæн йæхи былыл æмæ фæйнæрдæм лыстæг фæрчытæ фæхаудзæн, зæгъгæ, фæлæ уый рæвдз зылд фæкодта фæрсмæ æмæ сгæпп кодта чысыл бухтæмæ æнæхъæнæй. Уырдыгæй рацыдис рæстæмбис даргъ лæг, уæлдзарм тæтæйраг худ йæ уæлæ; уый фæтылдта йæ къух, æмæ се ’ртæ дæр февнæлдтой бæлæгъæй æддæмæ цыдæр ласынмæ; чырæ афтæ стыр уæззау уыди, æмæ æз абоны онг дæр не ’мбарын, бæлæгъ доны бын куыд нæ фæцис, уый. Алчидæр дзы йæ уæхскыл авæрдта фæйнæ басты, афтæмæй фæраст сты доны былты дæлæмæ, æмæ сæ уайтагъд мæ цæст дæр нал ауыдта. Хъуыди мæ фæстæмæ нæхимæ здæхын; фæлæ, сæттын ыл, уыцы æнахуыр æмбисæндтæ мæн æнцад нæ уагътой, æмæ ма мыл тыххæй-фыдæй сбон ис.

Мæ хъазахъхъаг тынг дис фæкодта, куы райхъал ис æмæ мын мæ дзауматæ æгасæй дæр мæ уæлæ кондæй куы федта, уæд; фæлæ йын æз нæ загътон, мæ уæлæ цæмæн уыдысты, уый. Рудзынгæй иудзæвгар мæ зæрдæйы дзæбæхæн куы фæкастæн бырæгътæ æврагъы цъуппытæй дзаг арвмæ, Хъырымы дард былмæ, цъæх тагау чи ныддаргъ ис, йæ кæрон та айнæг кæмæн у æмæ маячы мæсыг йæ цъуппыл урс кæмæн дары, уымæ, уæд æз араст дæн Фанагорийы фидармæ, Геленджикмæ цы сахатыл ацæудзынæн, уый бæрæг комендантæй базонынмæ.

Фæлæ ницы! комендантæн йæ бон нæ уыдис мæнæн цæхгæр ныхас зæгъын. Наулæууæны цы наутæ лæууыдис, уыдон уыдысты иууылдæр кæнæ гæс наутæ, кæнæ сæудæджергæнæг наутæ, æвæрын дæр кæм ницы ма райдыдтой, ахæмтæ. «Чи зоны ’мæ æртæ-цыппар боны фæстæ æрбацæудзæн постласæг нау, — загъта комендант, — æмæ уæд мах фендзыстæм». Æз раздæхтæн нæ хæдзармæ æнкъард æмæ мæстджынæй. Дуарыл мæ хъазахъхъаг мæ размæ фæци удаистæй.

Æвзæр у хъуыддаг, дæ уæздандзинад! — загъта мын уый.

Ай-гъай, æфсымæр, Хуыцау зоны, ардыгæй кæд ацæудзыстæм! — Ацы ныхæсты фæстæ уый ноджыдæр тынгдæр скатай ис æмæ мæм йæхи æркъулгæнгæйæ сындæггай сдзырдта: «Ам сыгъдæг нæу! Æз сæмбæлдтæн абон сауденджызаг урядникыл; мемæ зонгæ у, — уыди фарон балы; куыддæр ын загътон, кæм ныллæууыдыстæм, уый, афтæ дын мын уый: «Ам, æфсымæр, сыгъдæг нæу, хорз адæм дзы нæй!..» Æмæ куыд нæ, цавæр куырм у уый! цæуы алыранмæ дæр иунæгæй, — дзулмæ, базармæ дæр æмæ донмæ дæр... бæрæг у, ам ууыл кæй сахуыр сгы».

Гъемæ уæддæр куыд? Йæхи æвдисгæ уæддæр нæ ракодта æфсин?

Абон æнæ дæу æрбацыдис зæронд ус æмæ йæ чызг дæр йемæ.

Цæй чызг? Уымæн чызг нæй.

Æмæ Хуыцау зоны, уæдæ чи у, кæд йæ чызг нæу, уæд; æмæ зæронд ус ныр дæр уæртæ йæ хæдзары куы бады.

Æз бацыдтæн кæркдоны хуызæн æвзæр, чысыл къуыммæ. Пецы арт гуыпп-гуыппæй сыгъдис, æмæ дзы фыхтис, мæгуыртæн æгæр хорз дæр ма чи уыдис, ахæм сихор. Зæронд ус мын мæ фæрстытæн се ’ппæтæн дæр дзуапп лæвæрдта — къуырма дæн, нæ хъусын, зæгъгæ. Цы йын акодтаин? Æз аздæхтæн куырмырдæм; уый бадтис пецы раз æмæ дзы пыхсытæ æндзæрста. «Цæй-ма, куырм хæйрæг, — загътон æз, йæ хъусыл ын ныххæцыдтæн, афтæмæй, — дзур, æхсæвыгон уыцы бастимæ кæдæм лекка кодтай, и?» Мæ куырм æвиппайды скуыдта, схъæр кодта, йæхи хъæрзæг скодта: «Кæдæм цыдтæн?.. никæдæм ацыдтæн... бастимæ?.. цæй бастимæ?» — Зæронд ус ацы хатт фехъуыста æмæ райдыдта хъуыр-хъуыр кæнын: «Куыд мысынц, ноджы кæуыл, — гæвзыккыл! Ды йæ цæй тыххæй... Цы дын ракодта?» Æз сфæлмæцыдтæн уыцы ныхæстæм хъусынæй æмæ рацыдтæн, уыцы кæлæны дæгъæл ссарын зæрдиагæй сфæнд кæнгæйæ.

Æз нымæты мæхи æрбатыхтон æмæ æрбадтæн бырурæбын дурыл, дардмæ кæсгæйæ; мæ размæ адаргъ ис, æхсæвы уад кæй сфæйлыдта, уыцы денджыз, æмæ мын йæ уыцы иухуызон хъæр, фынæйгæнæг горæты хъуыр-хъуырау чи уыдис, уый æрæфтын кодта мæ зæрдыл зæронд, ивгъуыд азтæ, фæхаста мын мæ хъуыдытæ цæгатмæ, нæ уазал столицæмæ. Мысинæгтæй тыхсгæйæ æз мæхицæй айрох дæн... Афтæмæй мыл аивгъуыдта сахаты бæрц, чи зоны ’мæ фылдæр дæр... Æвиппайды зарыны хуызæн цыдæр æрцыдис мæ хъустыл. Æнæмæнг, уый уыдис зарын æмæ сылгоймаджы лæппын хъæлæс, — фæлæ кæцæй?.. Хъусын — зард лæгъз, æнгом: куы дæргъæлвæс æмæ æнкъард, куы та — рог æмæ хъæлдзæг. Ракæс-бакæс кæнын — мæ алыварс ничи ис; хъусын та ногæй — хъæр цыма уæларвæй цыдис, уыйау. Æз мæ цæстытæ уæлæмæ систон: мæ хæдзары сæр лæууыдис чызг дæргъытæ къабайы, йæ дзыккутæ хæлд — раст сыгъдæгæй дæр донычызг. Йæ цæстытæ хуры тынтæй йæ къухы аууон бакæнгæйæ, уый æдзынæг кастис дардмæ æмæ куы худгæйæ йæхæдæг йæхиимæ ныхас кодта, куы та-иу ногæй зарын райдыдта.

Æз мæ зæрдыл бадардтон уыцы зарæг йæ сæрæй йæ кæронмæ:


Уæгъд? сæрибарæй —

Цъæх денджызыл

Наутæ ’дзух цæуынц —

Урс кæттагджынтæ.

Уыцы науты хсæн

Мæ чысыл бæлæгъ,

Бæлæгъ æнæнывæст,

Дыууæфыййагон.

Уад куы рахъаза —

Зæронд наутæ уæд

Сисдзысты сæ базыртæ,

Денджызыл фæлидздзысты.

Денджызæн кувдзынæн

Æз ныллæггомау:

«Уæ, мæсты денджыз,

Хъыг-иу ма бадар

Ды мæ бæлæгъы:

Ласы мæ чысыл бæлæгъ

Бирæ зынаргъ дзаума,

Тæры мæйдар æхсæв

Уый хъазуат сау лæппу».


Æз æнæбары фæхъуыды кодтон, æхсæвы дæр гъеуыцы хъæлæс кæй фехъуыстон, уый; иу минуты бæрц асагъæс кодтон æмæ та ногæй уæлхæдзармæ куы скастæн, уæд чызг уым нал уыдис. Æвиппайды уый мæ фæрсты æрбазгъордта æндæр цыдæр заргæ æмæ йе ’нгуылдзтæй къæрццытæнгæнгæ смидæг ис зæронд усмæ, æмæ райдыдтой уым быцæу кæнын. Зæронд ус мæсты кодта, уый та кæл-кæл кодта хъæрæй. Уалынмæ кæсын, æмæ та уæртæ гæппытæгæнгæ æрбазгъоры мæ донычызг; мæ комкоммæ куы рбахæццæ, уæд ныллæууыдис æмæ мын æдзынæг æрбакастис мæ цæстытæм, æз уым кæй уыдтæн, ууыл цыма дис кодта, уыйау; стæй æнæрвæссон здæхт фæкодта æмæ æнцадгай ацыдис наулæууæнмæ. Хъуыддаг ууыл нæ ахицæн ис: бон-изæрмæ уый разил-базил кодта мæ фатеры алыварс: йæ зарын, йæ гæппытæй иу минут дæр нæ банцадис. Æнахуыр адæймаг! Йæ цæсгомыл æнæзонды нысæнттæй æппын ницы уыдис; уый нæ, фæлæ ма йæ цæстытæ уæлдай цырд æмбаргæ каст дæр кодтой мæнмæ, æмæ уыцы цæстытæм цыма цавæрдæр магниты тых хæццæ кодта æмæ алыхатт дæр бафæрсын æнхъæлмæ цыма кастысты, уыйау уыдысты. Фæлæ-иу куыддæр æз дзурын райдыдтон, афтæ-иу уый алыгъдис йæ мидбылты хин худт кæнгæйæ.

Æппындæр уыйхуызæн сылгоймаг æз никуы федтон. Уый рæсугъд нæуыдис, фæлæ мæнмæ рæсугъддзинадмæ дæр ис хицæн цæстæнгас. Уымæ бирæ цы уыдис, уый — мыггаджы хъæд... бæхæн куыд у, сылгоймагæн дæр афтæ, стыр хъуыддаг у йæ мыггаг; уый сбæлвырд кодта æвзонг Франци. Уый, ома мыггаг, æвзонг Франци нæ, фæлæ бæрæг у адæймагæн йæ цыдæй, йæ къухтæй æмæ йæ къæхтæй; уæлдайдæр, тынг бирæ зоны фындз. Раст фындз Уæрæсейы стæмдæр у чысыл къахæй. Мæ зарагыл, мæнмæ гæсгæ, 18 азæй фылдæр нæ цыдис. Йæ гуыры диссаг таст, йæ сæры æнахуыр фæкъул, даргъ бур сæрыхъуынтæ, йæ бæрзæй æмæ уæхсчыты рог хурсыгъд цармы цавæрдæр сызгъæринхуыз æрттывд æмæ уæлдайдæр йæ раст фындз — уыдон æппæт мын ластой мæ зæрдæйы уидæгтæ. Кæд йæ æхст фæкастыты æз уыдтон цавæрдæр хъæддагдзинад æмæ æнæууæнкдзинад, кæд йæ мидбылхудты уыдис æнæбæрæг цыдæр, фæлæ рагæй хæст цы уырнындзинæдтыл стæм, уыдон тых афтæ у: йæ раст фындз мын мæ зонд фæлидзын кодта, — афтæ мæм фæкастис, цыма æз Гётейы Миньонæйыл, йæ раст немыцаг зонды уыцы диссаг сфæлдисоныл фæхæст дæн, уыйау, æмæ æцæг бирæ цæмæйдæрты уыдысты уыдон кæрæдзи хуызæн: нæртон фыдæнцойæ æваст бынтон æнæзмæлгæ абадынæй зæгъай, сæрæмбæрст ныхæстæй, гæппытæй, æнахуыр зарджытæй, зæгъай...

Дыууæизæрастæу æй æз фæурæдтон къæсæрыл, æмæ не’хсæн æрцыдис ахæм ныхас:

Зæгъ-ма мын, рæсугъд, — бафарстон æй æз, — абон та уæлхæдзары цы ми кодтай?

Кастæн, дымгæ чердыгæй кæны, уымæ.

Æмæ дæ уый цæмæн хъæуы?

Дымгæ чердыгæй кæны, амонд дæр уырдыгæй цæуы.

Æмæ уæдæ зарæгæй амонд дæхимæ хуыдтай?

О, зард кæм вæййы, амонд дæр уым вæййы.

Æмæ, куыд вæййы, цы вæййы, дæхицæн маст куы разарай, уæд та?

Уæд цы? хуыздæр кæм нæ уа, уым уыдзæнис фыддæр, фыдæй хорзы ’хсæн дæр бирæ зæхх нæй.

Æмæ дын уæддæр уыцы зарæг чи бацамыдта?

Ничи мын æй бацамыдта; куы мæ бафæнды, уæд ныззарын; хъусгæ кæмæн уа, уый йæ фехъусдзæн; хъусгæ кæмæн нæ уа, уый та йæ нæ бамбардзæн. — Уæд дæ ном та цы хуины, мæ булæмæргъ? — Донæй мыл чи саргъуыдта, уый йæ зоны.

Æмæ дыл чи саргъуыдта?

Цæмæй зонын.

Гъеуый дын æхгæд-зæрдæ; æмæ уæдæ æз дæу тыххæй цыдæртæ куы базыдтон (уый цæсгом æндæрхуызон нæ фæкодта, былтæ нæ фезмæлын кодта, цыма уымæй нæ загътон, уыйау). Æз базыдтон, дысон æхсæвыгон ды денджызы былмæ кæй ацыдтæ, уый. — Æмæ йын ацы ран æз тынг хъуыддагхуызæй фæдзырдтон, цы федтон, уыдон иууылдæр, фæкъæмдзæстыг æй кæндзынæн, зæгъгæ; фæлæ — бæгуы! Уый йæ хъæлæсы дзаг ныккæлкæл кодта.

Бирæ федтай, фæлæ зонгæ чысыл кæныс; цы зоныс, уый та гуыдырæвæрдæй дар.

Æмæ, дзырдæн зæгъæм, æз комендантæн фехъусын кæнынвæнд куы скæнин, уæд та? — æмæ ацы ран æз мæ цæсгом тынг фецæгхуыз, суанг тызмæгхуыз дæр ма фæкодтон. Уый æвиппайды уыциу гæпп аласта, ныззарыдис æмæ, тарст цъиу къудзийæ куы атæха, уыйау фæтар ис. Мæ фæстаг ныхæстæ æппындæр сæ бынаты нæ уыдысты; æз сын уæд афтæ ахадын æнхъæл нæ уыдтæн, фæлæ мæ уыйфæстæ бахъуыдис уыдоныл фæфæсмон кæнын.

Куыддæр фæталынггæрæттæ ис, афтæ мæ хъазахъхъагæн атæвд кæнын кодтон цайдан хæстмæ цæуæгау, ссыгътон цырагъ æмæ æрбадтæн стъолы раз, фæндаггон лулæйæ тамако дымгæ. Дыккаг цайы агуывзæ фæуынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ æвиппайды дуар фæхъинц кодта, æмæ мæ чъылдыммæ айхъуыстон къабайы æмæ къæхты рог сыр-сыр, — æз фестъæлфыдтæн æмæ фæстæрдæм фæзылдтæн, — уый уыдис мæ донычызг! Уый æрбадтис мæ комкоммæ æнцад, æнæдзургæйæ, æмæ йæ цæстытæ ныццавта мæнмæ, æмæ, нæ зонын, цæмæн, фæлæ мæм уыцы цæстæнгас ацы хатт фæкастис диссаджы фæлмæн; уый мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæронд азты мын мæ цардæй афтæ хивæнд хъазт чи кодта, уыцы цæстæнгастæй иу. Уый мæм цыма æнхъæлмæ кастис бафæрсынмæ, фæлæ æз, зæгъæн куыд нæй, афтæ къæмдзæстыг уæвгæйæ мæхи ныхъхъус кодтон. Йæ цæсгом афæлдæхт тарфæлурс, бæрæг уыдис, йæ туг змæнтæгау кæй кодта, уый; йæ къухæй æнæсæрбæрæг асæрф-асæрф кодта стъол, æмæ æз бафиппайдтон, чызг йæхимидæг рог кæй рызтис, уый; йæ риу-иу куы бæрзонд систа йæхи, куы та-иу, цыма йæ улæфт урæдта, уыйау фæцис. Уыцы комедийæ райдыдтон фæлмæцын, æмæ æз цæттæ уыдтæн мæ гоби бадтæн кæрон скæнын хуымæтæджы ныхасæй, ома мæ зæрды уыдис зæгъын: иу цайы агуывзæ бацым, зæгъгæ, фæлæ уый æвиппайды фæгæпп ласта, йæ цæнгтæ ме’фцæджы æртыгъта æмæ йæ уымæл, судзгæ пъайы хъæр мæ былтыл фæцыдис. Мæ цæстытæ атартæ сты, мæ сæр разылдис, æз æй мæ хъæбысы нылхъывтон, лæппуйы мондагдзинады тых цасдæриддæр у, уымæй, фæлæ уый калмау уыциу цъыввытт фæкодта мæ къухты æхсæнæй, мæ хъусы мын сабыр афтæ æрбадзургæйæ: «Ахсæв иууылдæр куы бафынæй уой, уæд-иу рацу доны былмæ», — йæхæдæг фатау уатæй ратахтис. Тыргъы уый афæлдæхта цайдан æмæ, зæххы чи лæууыдис, уыцы цырагъ. — «Гъеуый дын хæйрæг-чызг!» — зæгъгæ, фæхъæр кодта хъазахъхъаг, хъæмпы уæлæ чи хуыссыдис æмæ ма, цайæ чи баззайа, уымæй йæхи схъарм кæнынмæ æнхъæлмæ чи кастис, уый. Æрмæст гъеуæд æрæмбæрстон æз мæхи.

Иу-дыууæ сахаты фæстæ, наулæууæны хъæр-цъистæй куы ницыуал хъуыстис, уæд æз мæ хъазахъхъаджы райхъал кодтон. «Дамбацайæ куы фехсон, — загътон ын æз, — уæд-иу згъоргæ денджызы былмæ». Уый йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта æмæ уыцы æнæрхъуыдыйæ сдзырдта: «Хъусын, дæ уæздандзинад». — Æз ныссагътон мæ дамбаца мæ фæсрон æмæ рацыдтæн. Чызг мæм æнхъæлмæ кастис уырдыджы былыл; йæ уæлæдарæс уыдис рогæй дæр рогдæр, чысыл кæлмæрзæн уыдис ронбаст йæ тасаг гуырыл.

«Мæ фæстæ цу! — загъта уый, мæ къухыл мын фæхæцыд, афтæмæй, æмæ райдыдтам уырдыджы дæлæмæ цæуын. Не’мбарын, мæ бæрзæй куыд нæ асастис, уый; бынæй мах базылдыстæм рахизырдæм æмæ байдыдтам цæуын, уыйразмæ æхсæв æз куырмы фæстæ цы фæндагыл фæцæйцыдтæн, уыцы фæндагыл. Мæй нæма скастис, æмæ æрмæст дыууæ гыццыл стъалыйы ирвæзынгæнæг дыууæ маячы хуызæн æрттывтой тарбын-цъæх арвы къуырфыл. Уæззау уылæнтæ æмхуызон æмæ раст тылдысты иу иннæйы фæстæ, былгæрон цы иунæг бæлæгъ банцадис, уый сæ сæрыл гæзæмæ исгæйæ. «Бæлæгъмæ бахизæм», — загъта ме ’мбæлццон. Æз сдызæрдыг дæн — æз разæнгард нæ дæн денджызы ахæм уарзондзинады фæдыл тезгъо кæнынмæ, фæлæ фæстæмæ здæхын афон нал уыдис. Уый багæпп кодта бæлæгъмæ, æз йæ фæстæ æмæ ме ’муд дæр æххæст нæма ’рцыдтæн, афтæ бафиппайдтон, ленк кæй кæнæм, уый.

— Ай цы хабар у? — загътон æз мæстыйæ. «Уыцы хабар, — дзуапп радта чызг мæн бандоныл бадын кæнгæйæ æмæ мæ гуырыл йæ къухтæ æрбатухгæйæ, — уыцы хабар, æмæ æз дæу кæй уарзын...» — Æмæ йæ рус æрбанцад мæ русыл, æмæ æз банкъардтон мæ цæсгомыл йæ судзаг улæфт. Æвиппайды доны цыдæр нытътъыллупп кодта: æз фæлæбурдтон мæ ронмæ — дамбаца нал ис. О, гъеуæд стыр æнæууæнкдзинад бацыдис мæ зæрдæйы, мæ туг мæ сæры абадтис! Фæкастæн — былæй радард стæм иу-фæндзай сардзины, ленк кæнын та æз нæ зонын! Мæхицæй йæ ассонынмæ хъавын, фæлæ уый гæдыйау ныффидар мæ дзауматыл æмæ мæ æвиппайды тыхджын схуыст, чысыл ма бахъæуа, денджызы мæ ма стæлфын кæна. Бæлæгъ ныдздзойдзой кодта, фæлæ æз фæрæвдз дæн, æмæ нын æвирхъау хъæбысхæст бацайдагъ и; агъуыддзинад мын лæвæрдта тых, фæлæ æз уайтагъд бафиппайдтон, арæхстæй ме знаджы кæй не ’ййафын, уый...

Цы дæ хъæуы? — зæгъгæ, фæхъæр кодтон æз йæ гыццыл къухтæ йын тынг нылхъивгæйæ; йе ’нгуылдзты къæр-къæр ссыдис, фæлæ, мара-зæгъай, хъыпп-сыпп скæна: йæ калмы уаг ныббыхстис уыцы хъизæмарæн дæр.

Ды федтай, — зæгъгæ, дзуапп радта уый, — ды банымудздзынæ! — æмæ мæ цыдæр нæртон хъæддыхдзинадæй бæлæгъы фарсы æдде æрфæлдæхта; мах нæ дыууæ дæр нæ астæуты онг бæлæгъæй æддæмæ æрцауындзæг стæм; уымæн йæ сæрыхъуынтæ æндзæвыдысты доныл; уыдис стыр тохы минут. Æз ныббыцæу кодтон мæ уæраг бæлæгъы бынмæ, иу къухæй йын фæлæбурдтон йæ дзыккумæ, иннæмæй йæ хурхмæ, уый феуæгъд кодта мæ дзаума, æмæ йæ æз цæстыныкъуылдмæ доны уылæнты цæппæрстон.

Уыдис дзæвгар талынг; йæ сæр ма мæм иу-дыууæ хатты фæзындис денджызы фынчы астæуæй, æндæр æз ницыуал федтон....

Бæлæгъы быныл æз ссардтон иу зæронд фыййаджы æрдæг æмæ уымæй куыддæртæй, бирæ фæхъизæмар кæныны фæстæ бæлæгъ наулæууæнмæ батардтон. Былты-былты нæхимæ уайгæйæ-иу æз æнæбары фæкастæн, айразмæ ’хсæв куырм æхсæвон ленкгæнæджы æрбацыдмæ æнхъæлмæ цы ран кастис, уыцырдæм; мæй тылдис арвыл, æмæ мæм афтæ зындис, цыма чидæр урс дарæсы мидæг доны был бадтис, уыйау; æз цымыдисæй бахъуызыдтæн æмæ æрхуыссыдтæн кæрдæджы мидæг доны был, къардиуы сæрмæ; сæр чысыл æддæмæ радаргæйæ мæнæн хорз уынæн уыдис айнæгæй, бынæй цы ми чындæуыдис, уыдон иууылдæр, æмæ тынг дис нæ фæкодтон, фæлæ ма цин дæр бакодтон мæ донычызджы базонгæйæ. Уый лæмæрста денджызы фынк йæ даргъ сæрыхъуынтæй; хуылыдз хæдон нывæвдыст кодга уымæн йæ тасаг гуыр æмæ йæ бæрзонд риу. Уалынмæ дардæй æрбазындис бæлæгъ, уайцъусдуг æрбахæстæг ис; рацыдис дзы, уыйразмæ ’хсæвы хуызæн, иу лæг, йæ уæлæ тæтæйраг худ, фæлæ æлвыд уыдис хъазахъхъаджы хуызæн æмæ йæ гæрз роны тъыст уыдис дынджыр къулгард.

«Янко, — загъта чызг, — бабын стæм!» — Уыйфæстæ сын ныхас бацайдагъ ис, фæлæ афтæ сабыр дзырдтой, æмæ сын сæ ныхæстæй фехъусын мæ бон ницы ссис. «Æмæ куырм та кæм ис?» — загъта фæстагмæ Янко хъæрæй. — «Æз æй арвыстон», — радта йын дзуапп. Цалдæр минуты фæстæ æрбалæууыдис куырм дæр.йе ’ккойы голлаг æмпъухгæйæ, æмæ голлаг цæвæрдтой бæлæгъы.

«Гъе, куырм, æрбайхъус-ма! — загъта Янко, — ды хъахъхъæн уыцы бынат... зоныс? уым зынаргъ базайрæгтæ ис... зæгъ (йæ ном ын нæ фехъуыстон), æз ын кусæг нал дæн; хъуыддæгтæ ацыдысты æвзæр, нал мæ фендзæнис, ныр тас у; цæуын куыстагур æндæр ранмæ, фæлæ уый ахæм сæрæнгуырдыл нал фæхæст уыдзæнис. Ноджы йын зæгъ, фæллойы мызд хуыздæр куы фыстаис, уæд дæ, зæгъ, Янко дæр нæ ныууагътаид; мæнæн та алыран дæр — фæндаг, дымгæ кæмдæриддæр дымы æмæ денджызы уынæр кæмдæриддæр хъуысы, уым!» — Иуцасдæр хъусæй абадыны фæстæ та Янко райдыдта дзурын: «Чызг ацæудзæнис мемæ; уымæн ам баззайæн нæй; зæронд усæн та зæгъ, мæлынафон дын у, æгæр фæцардтæ, кад, рад зонын хъæуы, зæгъгæ. Мах та уынгæ дæр нал фæкæндзæнис».

Æмæ æз та? — загъта куырм тæригъæддаг хъæлæсæй.

Æмæ дæ цы кæнын? — радта йын дзуапп уый.

Уалынмæ мæ донычызг бæлæгъмæ сгæпп кодта æмæ йе’мбалмæ йæ къух фæтылдта: уый куырмы къухы цыдæр авæрдта: «Гъа, дæхицæн пряниччытæ балхæн» — «Гъендæр нæ?» — загъта куырм. — «Цæй, гъа, мæнæ ма дын ноджыдæр», — æмæ згъæр æхцайы зыланг дуртыл фæцыдис. Куырм æй нæ систа. Янко сбадтис бæлæгъы, дымгæ кодта былырдыгæй, уыдон систой чысыл кæттаг æмæ асхуыстой размæ. Мæйрухсмæ бирæ фæзын-фæзын фæкодта урс кæттаг тар уылæнты ’хсæнæй: куырм уыцы бадтæй бадтис доны был, æмæ мæм æрбайхъуыстис цыдæр æрдиаджы хуызæн: цыма куырм лæппу куыдта æцæгæй, æмæ фæкуыдта бирæ, бирæ... Мæ зæрдæ суынгæг ис. Æмæ нæ зонын, мæ хъысмæт мæ цæмæн бахаста æууæнкджын контрабандистты æхсæнмæ, уый? Лæгъз суадоны æппæрст дурау æз бахъыгдардтон уыдонæн се’нцойад, æмæ дуры хуызæн, чысыл-ма бахъæуа, мæхæдæг дæр доны бынмæ ма ацæуон!

Æз раздæхтæн нæ хæдзармæ. Тыргъы къæрццытæ кодта, чи басыгъдис, уыцы цырагъ хъæдын тæбæгъы мидæг, æмæ мæ хъазахъхъаг, кæд ын фæдзæхст уыдис, ма-иу бафынæй у, зæгъгæ, уæддæр хуыссыдис тарф фынæйæ топпыл йæ дыууæ къухæй хæцгæйæ. Æз æй æнцад ныууагътон, систон цырагъ æмæ хæдзармæ бацыдтæн. Мæ зынаргъ дзауматæ кæм æвæрд уыдысты, уыцы чысыл чырын, ме’взист арæзт æхсаргард, дагъыстайнаг хъама, — мæ хæлары лæвар — иууылдæр æрбадæлдзæхх сты. Гъеуæд æз фæхъуыды кодтон, цавæр дзауматæ хаста уыцы æлгъыст куырм, уый. Райхъал кодтон хъазахъхъаджы фаг æнæуæздан схуыстæй, фæхæцыдтæн æм, фæмаст кодтон, фæлæ гæнæн ницыуал уыдис! Æниу худæг нæ уыдаид хицæуттæм хъаст кæнын, куырм лæппу мæ фæкъахта, æстдæсаздзыд чызг та мæ, чысыл ма бахъæуа, доны ма цæппара, зæгъгæ? Табу Хуыцауæн, райсомæй мын фæцис цæуыны фадат, æмæ æз ныууагътон Тамань. Цы фесты зæронд ус æмæ мæгуыр куырм — нæ зонын. Æниу мæн цы хъуыддаг ис адæмы циндзинæдтимæ æмæ уынгæгдзинæдтимæ, мæн, хæтæг афицеры, ноджы, къазнайы хъуыддæгты тыххæй цæуы, зæгъгæ, фæндаджы чиныг кæмæ ис, уый!..

Фыццаг хайы кæрон


ДЫККАГ ХАЙ

Печорины журналы кæрон

II. Кънйазы чызг Мери

11-æм майы

Знон æз æрцыдтæн Пятигорскмæ, баххуырстон фатер горæтгæрон, тæккæ бæрзонддæр ран, Машучы рæбын: тæрккъæвда афон-иу æврæгътæ сæхи æруадздзысты суанг мæ уæлхæдзары онг. Абон райсомæй фондз сахатыл æз мæ рудзынг куы байгом кодтон, уæд мæ уат байдзаг ис, мæгуырау разцæхæрадоны цы дидинджытæ зайы, уыдон тæфæй. Дидинæг æфтауæг ставд балы цæнгтæ кæсынц мæ рудзынгæй мидæмæ, æмæ дымгæ хатгай хуртуан фестын кæны мæ фыссæн стъол сæ урс дидинсыфтæй. Мæ акæсæнтæ æртæрдыгæй сты диссаджы райдзаст. Ныгуылæнырдыгæй цъæх дары фондзсæрон Бештау12, «пырх уады фæстаг мигъы цъуппау», цæгатырдыгæй йæхи уæлвонг систа Машук, персайнаг хъуынджын худы хуызæн æмæ æмбæрзы арвгæронæн йæ уыцы хай æгасæй дæр; хурыскæсæнырдæм кæсын у хъæлдзæгдæр: бынæй, мæ размæ, хъулон дары хæрзсыгъдæг, дзыхъхъынног горæт, хъæр кæнынц æвдадзы суадæттæ, гуыв-гуыв кæны алывзаг адæмы гуылвæн, — уым, дарддæр та, амфитеатры хуызæн, куыд уæлæмæ цъæхдæр æмæ мигъджындæр хæхтæ, горизонты кæроны та адаргъ ис митджын цъуппыты æвзист рæхыс, Сæнайы хохæй райдайгæйæ æмæ дыууæсæрон Эльбрусæй фæуæвгæйæ... Хъæлдзæг у ахæм зæххыл цæрын! Цавæрдæр æхсызгон æнкъарындзинад пырх у мæ тугдадзинаты се ’ппæты дæр. Уæлдæф у сыгъдæг æмæ ног, сывæллоны байы хуызæн; хур — ирд, арв — цъæх — цы ма хъæуы æндæр? Цæмæн сты ам мондагдзинæдтæ, бæллындзинæдтæ, фæсмондзинæдтæ?.. Фæлæ мын афон у. Цон Елисаветæйы суадонмæ: уым, дам, райсомæй æрæмбырд вæййыц.

Горæты астæумæ мæхи куы ’ристон, уæд ацыдтæн бульварыл; уым сæмбæлдтæн, уæлæмæ æнцадгай чи фæцæйцыдис, ахæм цалдæр æнкъард къордыл; уыдонæн сæ фылдæр уыдысты быдыры цæрæг помещикты бинонтæ: уымæн базонæн уыдис уайтагъддæр мæйттæн сæ ихсыд зæронд модæйыл хуыд сюртуктæй, устытæн æмæ чызджытæн та сæ хæрзуынд фæлыстытæй. Æвæццæгæн æмæ сын дондзау фæсивæд æгасæй дæр хыгъд уыдысты, уый тыххæй æмæ уыдон мæнмæ ракастысты фæлмас цымыдис æнгасæй: мæ сюртук бетъырбухаг карст кæй уыдис, уый сæ фæрæдийын кодта, фæлæ, уайтагъд æфсæддон пъалеттæ базонгæйæ, уыдон фырмæстæй сæ цæстытæ иннæрдæм аздæхтой.

Бынатон хицæутты устытæ, дæтты æфсинтæ кæмæй загъдæуы, уыдысты зæрдæхæлардæр; уыдонмæ ис лорнеттæ, уыдон къаддæр здахынц се ’ргом мундирмæ, уыдон сахуыр сты Кавказы номæрæвæрд цæппæры бын цæхæр зæрдæ æмæ урс тъæпæнхуды бын ахуыргонд зондыл æмбæлын. Уыцы æхсинтæ тынг уарзæгой æмæ дæргъвæтин уарзæгой сты! Алы аз дæр сæ уарзæттæ цæуынц ногæй-ногмæ ивд æмæ, æвæццæгæн, се ’вæлмæцгæ уарзондзинады сусæгад гъеуым æмбæхст ис. Нарæг къахвæндагыл Елисаветæйы суадонмæ сцæйцæугæйæ æз сæййæфтон штатон æмæ æфсæддон нæлгоймæгты къорд, æз уыйфæстæ куыд базыдтон, афтæмæй доны змæлдмæ æнхъæлмæгæсджыты ’хсæн хицæн адæмы фæлтæр чи сты, уыдон. Уыдон нуазынц — фæлæ дон нæ, тезгъо кæнынц чысыл, сылгоймæгты фæдыл зилынц æрмæст афтæ, фæрсты рауайгæйæ; уыдон хъазынц æмæ хъаст канынц, хъыг кæнæм, зæгъгæ. Уыдон сты хъал: быд агуывзæ туагсондон цъайы бынмæ уадзгæйæ уыдон сæ гуыртæн акæнынц академион æвæрд; штатонтæ дарынц ирд — арвхуыз галстуктæ, æфсæддонтæ рауадзынц æфцæгготы мидæгæй брижжæтæ. Уыдон се сæфт уынынц провинциаг æхсинтæй, улæфтытæ кæнынц, цы столицæйаг уæздан уазæгдæттæм сæ нæ уадзынц, уыдон мысгæйæ.

Мæнæ, фæстагмæ, цъай дæр... Уымæ ’ввахс чысыл фæзы иучысыл хæдзар, сырх уæлхæдзар ын ваннæйы сæрмæ, иучысыл æддæдæр та æхгæд тыргъ, уарыны рæстæджы тезгъо кæм фæкæнынц, уый. Цалдæр цæф афицеры бадтис бандоныл сæ лæдзджытæ сæхимæ байсгæйæ, — фæлурс, æнкъардæй. Цалдæр æхсины тындзгæ къахдзæфтæгæнгæ рацу-бацу кодтой фæзы, дæтты байгоммæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уыдонæй дыууæ-æртæйæн уыдис хæрздзæбæх цæсгæмттæ. Машучы фахс цы сæнæфсиры аллейтæ æмбæрзынц, уыдоны бын-иу хатгай фæзындис, дыууæйæ хибарæй цæуын чи уарзы, ахæм сылгоймаджы хъулон худы, уый тыххæй æмæ кæддæриддæр ахæм шляпæйы фарсмæ æз фиппайдтон кæнæ æфсæддон тъæпæнхуд, кæнæ æвидауц тымбыл шляпæ. Айнæг къардиуыл, Эолы арфæ, кæй хонынц, уыцы авджын агъуыст кæм конд ис, уым лæууыдысты, бæстæйы хуызтæ чи уарзы, ахæмтæ, æмæ арæзтой телескоп Эльбрусмæ, уыдонимæ уыдис дыууæ гувернйоры сæ хъомылгæнинæгтимæ; а фæстæгтæ æрцыдысты сæ хæлмæгтæ дзæбæх кæнынмæ.

Æз ныллæууыдтæн хæстулæфт гæнгæ хохæн йæ былыл, æмæ хæдзары фисыныл банцойгæнгæйæ куыд райдыдтон фæлгæсын алырдæм мæ рæсугъд алфамбылæйттæм, афтæ æвиппайды хъусын фæстейæ мæ зонгæ хъæлæс:

— Печорин! рагæй дæ ам?

Фæстæмæ фæкастæн: Грушницкий! Кæрæдзи ныхъхъæбыс кодтам. Æз базонгæ дæн йемæ хæцæг балы. Уымæн йæ къах фæцæф нæмыгæй, æмæ ацыдис хъæрмæдонмæ мæнæй къуыри раздæр.

Грушницкий у юнкер. Уый æрмæст афæдз ис службæйы, йæ фырхъалæй дары бæзджын цинел. Ис æм салдаты Георгийы крест. У хæрзконд, саулагъз, саухил; бакæсгæйæ йыл цæуы 25 азы, кæд ыл, æвæццæгæн, цæугæ 21 азы дæр нæ кæны, уæддæр. Уый йæ сæр аппары фæстæрдæм, ныхас куы фæкæны, уæд, æмæ минутæй-минутмæ здухы йæ рихитæ йæ галиу къухæй, уый тыххæй æмæ рахизæй æнцайы лæдзæгыл. Дзуры уый тагъд-тагъд æмæ къæлæс-мæлæс ныхæстæй: уый у ахæм адæмæй, царды фадæттæн се ’ппæтæн дæр уæлвонг, стыр ныхæстæ цæттæйæ кæмæ лæууынц, хуымæтæджы иттæг рæсугъддзинад кæй не ’ндавы, кæмæ нæ хъары æмæ æнæмбал, æвирхъау æнкъарындзинæдтæй, бæрзонд мондагдзинæдтæй æмæ æнæфенгæ удхардзинæдтæй сæхи чи астæры. Зæрдæйы нуæрттæ змæлын кæнын — се ’хсызгондзинад: уыдон тынг цæуыц романтикон провинциаг сылгоймæгты зæрдæмæ. Зæрондырдæм уыдон свæййыц кæнæ æнцад-æнцой цæрæг помещиктæ, кæннод та расыггæнджытæ, — иуæй-иу хатт та иу дæр æмæ иннæ дæр. Сæ зæрдæйы ис бирæ хорз миниуджытæ, фæлæ дзы æрдуйы бæрц дæр нæй поэзи, Грушницкийæн мацы ратт декламаци кæнынæй æндæр: уый-иу уæ дзырдты бын фæкодта, куыддæр-иу ныхас йæ хуымæтæджы фæткыл æмбарæнты зиллаккæй рахызтис, афтæ; йемæ быцæу кæнын æз никуы фæрæзтон. Уый уын дзуапп нæ дæтты уæ фæстæмæ дзырдæн, уый уæм нæ хъусы. Чысыл дæр уæ ныхас фæурæдтат, зæгъгæ, афтæ райдайы дæргъæлвæс ныхас, зæгъдзыстут, сымах цы загътат, уыимæ се ’хсæн цыдæр бастдзинад ис, афтæмæй, æцæгæй та уый вæййы æрмæст йæхи ныхасы дымæг.

Уый у фаг цыргъæвзаг: йæ эпиграммæтæ вæййынц арæх хъæлдзæг, фæлæ рæстдзæф æмæ мæстæргом нæ вæййынц: уый никæй амардзæн йæ иунæг дзырдæй; уый нæ зоны адæмы æмæ уыдонæн сæ лæмæгъдзинæдтæ, уый тыххæй æмæ йæ цæрæнбонты уый æгасæй дæр архайдта æрмæст йæхиуыл. Йæ хъавд, йæ нысан у романы сгуыхт лæг суын. А дунейы цæрынæн фæлдыст кæй нæу, цавæрдæр сусæг хъизæмæрттæн нывондгонд кæй у, ууыл иннæты афтæ арæх æууæндын кодта, æмæ зæгъæн ис, йæхи дæр бауырныдтой, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ афтæ хъалæй дары уый йæ бæзджын салдатаг цинел. — Æз æй бамбæрстон, æмæ мæ уый тыххæй уый нæ уарзы, кæд, æддейы бакæсгæйæ, тынг лымæнтæ стæм, уæддæр. Грушницкийы хонынц стыр хъæбатыр лæг; æз æй федтон хъуыддаджы мидæг: æхсаргард тилы, хъæр кæны æмæ бырсы размæ, йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ. Уый уырыссаг хъæбатырдзинады хуызæн нæу!..

Æз дæр æй нæ уарзын: мæ зæрдæ мæм дзуры, нарæг фæндагыл йемæ искуы хæрхæмбæлд кæндзыстæм æмæ уæд нæ дыууæйæ иуыл сау бон ныккæндзæнис, зæгъгæ.

Кавказмæ дæр ссыдис уый йæ романтикон хъуытыргъандзинады дымæгмæ; мæн уырны, йæ фыды хъæуæй куы раст кодта, уый размæ йæ сыхы рæсугъдтæй искæмæн уый тар цæсгомæй кæй дзырдтаид, афтæ, хуымæтæджы службæ кæнынмæ нæ, фæлæ адзал агурæг кæй цæуы, уый, уый тыххæй æмæ... ардæм куы ’рхæццæ, уæд, æвæццæгæн, йæ къухæй йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ дарддæр дзуры афтæ: «нæ, сымах (кæнæ ды) хъуамæ уый ма зонат! Уæ сыгъдæг, уæ рæсугъд зæрдæ нырриздзæнис! Æмæ цæмæн? Цы дæн æз сымахæн? Æниу мæ бамбардзыстут?..» æмæ афтæ дарддæр.

Уый мын йæхæдæг дзырдта, К. полкъмæ йæ цы бацæуын кодта, уый мыггагмæ дæр сусæгæй кæй баззайдзæнис йæхицæй æрвты ’хсæн, уый.

Уæвгæ, йæ трагикон пæлæз йæ уæлейæ цы минутты раппары, уыцы минутты Грушницкий вæййы фаг дзæбæх æмæ хъæлдзæг. Фæнды мæ уый сылгоймæгты ’хсæн фенын: уым хæрзаг йæхиуыл æппындæр нал фæауæрды!

Мах кæрæдзиуыл сæмбæлдыстæм рагон лымæнтæй. Æз æй райдыдтон рафæрс-бафæрс кæнын, хъæрмæдоны царды уаг куыд у, æмæ дзы зынгæ адæмæй чи ис, уыдæттæй.

— Мах кæнæм фаг æнæхуыз цард, — загъта уый ныуулæфгайæ, — райсомæй доннуазджытæ сты уæнгуагъд, рынчынтæ æгасæй дæр куыд вæййынц, афтæ, изæрæй сæннуазджытæ та сты фыдæнцой, æбыхсгæ, æнæнизтæ æгасæй дæр куыд вæййынц, афтæ. Сылгоймæгты къордтæ дæр дзы ис; æрмæст сæ зæрдæ бирæ нæ райы. Уыдон хъазынц къамæй, сæ дарæс у æнаив, æмæ францусагау дзурынц тынг цауд! Ацы аз дзы Мæскуыйæ ис æрмæст иунæг кънйазы ус Лиговская йæ чызгимæ; фæлæ æз семæ зонгæ нæ дæн. Мæ салдаты цинел у хъодыйы мыхуыр. Тæригъæд мын кæй кæнын кæны, уый мын у зын, мæгуыргуры лæвары хуызæн.

Уыцы минутыл нæ рæзты цъаймæ сивгъуыдтой дыууæ æхсины: иу ацæргæ, иннæ та æвзонг, хæрзконд. Шляпæты аууонæй сын сæ цæсгæмттæ дзæбæх нæ раиртæстон, фæлæ уыдон дарæсæй арæзт уыдысты аккаг хорз фидауц: уæлдайæ сыл мур ницы уыдис. Дыккагыл уыдис разæхгæд къаба gris de perles13 рог зæлдаг æртæтигъон кæлмæрзæн уыдис тыхт йæ тасгæ хъуыры алыварс. Couler puce14 батинкæтæ йын йæ чысыл цолагомау къахы фадхъул афтæ аив æлвæстой, æмæ рæсугъддзинады сусæгдзинæдтæн чи ницы ’мбары, уый дæр, æнæмæнг, «уæуу», зæгъгæ, фæхъæр кæнид, фырдисæй уæддæр. Йæ рог, фæлæ йæ уæздан цыды уыдис цавæрдæр æнаипп æнæрцæфдзинад, сбæлвырд кæнæн кæмæн нæй, фæлæ цæст кæй æмбары, ахæм. Уый нæ рæзты куы аивгъуыдта, уæд нæм дзы рацыдис, уарзон сылгоймаджы уацфыст иуæй-иу хатт куыд фæтæф кæны, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы хорз тæф.

Уæртæ кънйазы ус Лиговская, — загъта Грушницкий, — æмæ йемæ йæ чызг Мери, англисаг ахастæй йæ уый афтæ хоны. Уыдон ам сты нырма æрмæст æртæ боны.

Афтæмæй йын ныридæгæн йæ ном зоныс?

О, куыддæр æй æнæнхъæлгæ фехъуыстон, — загъта уый, — йæхæдæг фæсырх ис, — раст дын зæгъон, нæ мæ фæнды сæ 6азонын. Ацы хъал уæздан адæм кæсынц махмæ, æфсæддонтæм, цыма хъæддæгтæ стæм, ахæм цæстæй. Æмæ сæ хъуыддаг та цы ис, номæрæвæрд тъæпæнхуды бын, зонд æмæ бæзджын цинелы бын зæрдæ ис æви нæй, уыимæ?

Гъе, мæгуыр цинел, уæвгæйæ та! — загътон æз худгæйæ. — Уæд сын уыцы господин та чи у, сæ размæ чи бацыд æмæ сæм афтæ лæггадгæнгæ агуывзæ чи дæтты, уый?

О! уый у мæскуыйаг хъал Раевич! Уый у къамæй хъазæг: уый уайтагъддæр бæрæг у, йæ æрвхуыз къандзолыл цы стыр сызгъæрин рæхыс здыхтытæ кæны, уымæй. Æниу æм цы ставд лæдзæг ис — дыккаджы Робинзон Крузойы лæдзæг! Уыдонмæ гæсгæ йæ зачъе дæр, йæ сæр дæр a la mougik15 фаст.

Ды хæрам дæ æгас адæмы мыггагмæ дæр.

Æмæ ис, цæй номыл сæм уон, уый.

Ау! æцæг?

Уыцы рæстæджы æхсинтæ цъайæ иуварс рацыдысты æмæ нæ комкоммæ æрхæццæ сты. Грушницкийæн йæ къухы бафтыд йæ лæдзæджы руаджы драмон лæуд акæнын æмæ мын хъæрæй дзуапп радта францусагау:

Mon cher, je hais les hommes pour ne pas les mépriser car autrement la vie serait une farce trop dégoutante.16.

Кънйазы рæсугъд чызг фæстæрдæм фæзылдис æмæ куырыхон лæгæн балæвар кодта дæргъвæтин цымыдис каст. Уыцы цæстæнгас уыдис тынг æнæбæрæг, фæлæ йыл худа, зæгъгæ, ахæм цæстæнгас нæ уыдис, æмæ йын уый тыххæй æз мæхинымæры зæрдиаг арфæ ракодтон.

Ацы кънйазы чызг Мери нæртон рæсугъд у, — загътон ын æз. — Ахæм хъæдабæ цæстытæ йын ис æмæ, о-о, æцæгæй дæр хъæдабæ; æз дын фæнд кæнын уыцы ныхас дæхи схонын, йæ цæстыты кой кæнгæйæ: йæ дæллаг æмæ уæллаг цæстыхаутæ афтæ даргъ сты, æмæ хуры тынтæ нæ хъазынц йæ гагуыты. Æз уарзын уыцы цæстытæ — æнæрттивгæ цæстытæ: уыдон афтæ фæлмæн сты, цыма дæ даугæ кæнынц, уыйау... Уæвгæ, æнхъæлдæн æмæ, йæ цæсгомыл æрмæст гъеуыдон ис хорзæй! Уæд цымæ йæ дæндæгтæ урс сты? Уый стыр хъуыддаг у! Æвгъуаг, кæй нæ бахудтис йæ мидбылты дæ хæмпус ныхæстæм.

Ды хорз сылгоймагæй кæныс, цыма англисаг бæх у, уый ныхæстæ, — загъта Грушницкий хъуыр-хъуыргæнгæ.

Mon cher, — дзуапп ын радтон æз, йæ хъæлæсы хатт ын фæзмыныныл архайгæйæ, — je meprise les femmes pour ne pas, les aimer, car autrement la vie serait un mélodrame trop ridicule17.

Æз фæзылдтæн æмæ дзы мæхи иуварс райстон. Сахатырдæджы бæрц æз фæтезгъо кодтон сæнæфсиры астæувæндæгтыл, чъырдур къæдзæхтыл æмæ, се ’хсæн цы къудзитæ æрзæбул ис, уыдон астæуты. Райдыдта æнтæф кæнын, æмæ æз батагъд кодтон нæхимæ ацæуыныл. Туагсондон суадоны фæрсты фæцæйцæугæйæ æз ныллæууыдтæн æхгæд тыргъы цур, аууоны мæ улæфт суадзон, зæгъгæ, æмæ мын уымæ гæсгæ æрцыдис фаг цымыдисаг сценæ феныны фадат. Архайджытæ мæнæ цыхуызы мидæг уыдысты: кънйазы ус мæскуыйаг фыдхъалимæ бадтис бандоныл æхгæд тыргъы, æмæ дыууæ дæр лæуд уыдысты, æнхъæл дæн, зæрдиаг ныхасыл. Кънйазы чызг, æвæццæгæн, фæстаг агуывзæ нуæзт куыд фæцис, афтæ йæхимæ хъусгæйæ рацу-бацу кодта цъайы фæрсты.. Грушницкий лæууыдис цъайы хæд раз; уымæй æддæмæ фæзы æндæр ничи уыдис.

Æз бацыдтæн хæстæгдæр ’мæ æхгæд тыргъы фисыны аууоны æрæмбæхстæн. Уыцы минутыл Грушницкийæн йæ агуывзæ æрхаудис йæ къухæй змисмæ æмæ йæм сисынмæ æргуыбыр кæныныл амæлттæ кодта: йæ риссаг къах æй хъыг дардта. Мæгуырæг! чердæм нæ архайдта йæ лæдзæгыл æнцæйттæгæнгæ, фæлæ ницы. Йе ’ргом цæсгом æцæгæй дæр æвдыста йæ зæрдæйы рыст.

Кънйазы чызг федта уыдон иууылдæр мæнæй хуыздæр.

Мери и ГрушницкийЦъиуæй рогдæр æм багæпп кодта, йæхи фæгуыбыр кодта, фелвæста агуывзæ æмæ йæм æй авæрдта йæ уæнгтæ, зæгъæн нæй, афтæ рæсугъд базмæлын кæнгæйæ, стæй тынг фæсырх ис, фæкастис фæстæмæ æхгæд тыргъмæ æмæ, йæ мад кæй ницы федта, уый куы базыдта, уæд, æнхъæлдæн æмæ, уайтагъд йæ зæрдæ æрæнцадис. Грушницкий йæ дзых куы байгом кодта, арфæ йын ракæнон, зæгъгæ, уæд дзы чызг уалынмæ адард ис. Минуты фæстæ уый рацыдис æхгæд тыргъæй йæ мад æмæ Раевичимæ, фæлæ Грушницкийы фæрсты куы фæцæйцыдис, уæд йæхи мæлæты æгъдауджын æмæ кадджынхуыз акодта — фæстæмæ дæр нæ ракастис, нæ йын бафиппайдта, цалынмæ хохы сæрæй дæлæмæ æрцæугæйæ бульвары сусхъæд бæлæсты аууон фæцис, уæдмæ йæм уый цы мондаг цæстæнгас фæдардта, уый дæр. Фæлæ уалынмæ йæ шляпæ фæзындис уынджы фале; уый базгъордта Пятигорскы хуыздæр хæдзæрттæй иуы кулдуарæй. Йæ фæдыл бацыдис йæ мад, æмæ кулдуары раз Раевичимæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой.

Æрмæст гъеуæд фæхъуыды кодта мæгуыр мондаг юнкер, æз уым кæй уыдтæн, уый.

Федтай? — загъта уый, мæ къух мын тынг цæлхъывта, афтæмæй, — уый сыгъдæг зæд у!

Цæмæн? — зæгъгæ йæ бафарстон æз тынг æнæхин, сыгъдæгзæрдæхуызæй.

Ау, æмæ нæ федтай?

Куыд нæ федтон: уый дын систа дæ агуывзæ. Ам гæс куы уыдаид, уæд уый дæр афтæ бакодтаид, ноджы ма тагъддæр, арахъхъы аргъ райсын æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уæвгæ, тынг æргом у, тæригъæд дын кæй фæкодта, уый: афтæ тынг ныккæрзыдтæ, ныккатай кодтай, дæ цæф къахыл куы ’рæнцадтæ, уæд, æмæ...

Гъемæ дæм æппындæр ницы бахъардта, йæ удæгасæй дæр йæ цæсгомыл куы ’рттывта, уыцы минут уымæ кæсгæйæ?

Нæ.

Æз сайгæ кодтон; фæлæ мæ фæндыд уый мæстæй марын. Ныхмæ дзурыны низ мæнæн мемæ райгуырдис; мæ цард циу, уымæй æгасæй дæр уыдис æрмæст æнкъард æмæ æнамонд быцæудзинæдты рæхыс мæ зæрдæимæ, науæд та — мæ зондимæ. Ныфсджын лæг, энтузиаст мæ цуры куы вæййы, уæд мыл цыма донскъæфæны уазал æрбакæны, уыйау фæвæййын, æмæ, æз афтæ ’нхъæл дæн æмæ, уæнгуагъд, флегматикимæ арæх куы ’мбæлин, уæд суин диссаджы митæй мæсгуытæ амайæг. Сæттын ноджыдæр ма, æнад, фæлæ мын зонгæ цы æмбудæн уыд, уый зына-нæзына рог уад ракодта уыцы минут мæ зæрдæйыл: уыцы æмбудæн уыдис — хæлæгдзинад; æргом æй зæгъын «хæлæгдзинад», уый тыххæй æмæ æз сахуыр дæн мæхæдæг мæхицæн алцæуыл дæр сæттын; æмæ, æвæццæгæн, ахæм лæппулæг нæ разындзæнис, æмæ уый æвдæлон, ривæд хъусдард йæхи мæчи аздаха, æмæ æвиппайды уый цур æндæр æнæзонгæ лæппуйы æргом буцдæр чи скæна, ахæм рæсугъд сылгоймагыл сæмбæлгæйæ, — æвæццæгæн, зæгъын, ахæм лæппулæг нæ разындзæнис (ай-гъай, стыр адæмты ’хсæн чи фæцардис æмæ йæ сæры кадыл фырнымд чи у, уыдонæй), æмæ уыцы хъуыддаг стыр хъыг кæмæ нæ фæкæса.

Æнæдзургæйæ мах æрцыдыстæм Грушницкиимæ хохы сæрæй æмæ ныйивгъуыдтам бульварыл дæлæмæ, Мери цы хæдзары фæмидæг ис, уый рудзгуыты фæрсты. Уый бадтис рудзынджы раз. Грушницкий, мæ цонг айвазгæйæ, чызгмæ бакасти, сылгоймагмæ афтæ чысыл чи хъары, уыцы змæст-буц цæстæнгастæй иуæй. Æз æм фæцарæзтон лорнет18 æмæ бафиппайдтон, Грушницкийы кастмæ уый йæ мидбылты кæй бахудтис, æмæ йæ мæ къæйных лорнет ахъаззаг кæй смæсты кодта, уый. Æмæ, бæгуыдæр, куыд уæнды кавказаг æфсæддон мæскуыйаг кънйазы чызгмæ авджы саст аразын?..


13-æм майы

Абон райсомæй мæм æрбацыдис дохтыр; йæ ном хуины Вернер, фæлæ у уырыссаг. Уæвгæ ам диссагæй цы ис? Æз зыдтон иу Ивановы, кæцы уыдис немыцаг.

Вернер у диссаджы лæг бирæ цæмæдæртæм гæсгæ. Уый у скептик æмæ материалист, дохтыртæн сæ фылдæр куыд сты, афтæ, афтæмæй та у поэт дæр, — æнæ хъазгæйæ: поэт хъуыддагæй кæддæриддæр, арæх та ныхæстæй дæр, кæд йæ цæрæнбонты дыууæ æмдзæвгæйы рæнхъы никуы ныффыста, уæддæр. Уый бæрæг кодта сæрæй бынмæ адæймаджы зæрдæйы цардæгас тæнтæ, амонæнтæ, мард буары нуæрттæ бæрæггæнæгау, фæлæ никуы зыдта йæ зонындзинадæй спайда кæнын: афтæ-ма хатгай тынг хорз анатомик нæ фæзоны адæймаджы тæфсæгæй сдзæбæх кæнын! Вернерæн йе ’гъдау уыдис сусæгæй йæ рынчынтыл худын; фæлæ йæ æз иухатт федтон, мæлæг салдаты уæлхъус куыд куыдта, уый... Вернер уыдис мæгуыр лæг, фæндыдис æй милуанты хицау суын, афтæмæй га æхцайы тыххæй уæлдай къахдзæф нæ акодтаид; уый мын иухатт афтæ загъта, лымæнæн æфстау раттыны бæсты, дам, фæлтау знагæн ратдзынæн, уый тыххæй æмæ, зæгъы, лымæнæн хæрзиуæг дæттын хæрзиуæг уæй кæнынæй хъауджыдæр нæ уаид, афтæмæй та хæрамдзинад æрмæст тынгдæр фæуыдзæн ныхмæлæууæджы бирæ барындзинад, зæрдæйы парахатдзинад цас уа, уымæ гæсгæ. Уымæн уыдис фыдæвзаг: йе ’лхыскъ ныхасы фæрцы иу æмæ дыууæ раст адæймагыл не сбадтис æдылыйы ном; йæ фыдгултæ, йемæ быцæу чи кодта, уыцы хæлæггæнаг суардоны дохтыртæ йыл атауыс кодтой, цыма йæ рынчынтыл уый карикатурæтæ фыста, уыйау; рынчынтæ йæм тынг смæсты сты, се ’ппæт дæр ыл æвдисæн бакодтой. Йæ лымæнтæ, ома, æцæг адæмы хуызæн адæмæй Кавказы службæ чи кодта, уыдон ма бæргæ архайдтой уымæн йæ ном йæ бынаты сбадын кæныныл, фæлæ ницы.

Йæ бакаст — йæ фæлгонц уыдис, фыццаг фендæй адæмæн тынг æнад чи вæййы, фæлæ уыйфæстæ, цæст куы фæцахуыр вæййы, фыдуынд адæймагæн дæр фæлтæрд æмæ уæздан уд кæй ис, ууыл, уæд зæрдæмæ цæуын чи байдайы, уыдонæй иу. Уыдис-иу афтæ, æмæ-иу сылгоймæгтæ ахæм лæгты сæ удæй фылдæр кæд бауарзтой æмæ сын сæ фыдуынддзинад хæрзног æмæ розæхуыз эндимионты хæрзуынддзинадыл кæд нæ баивтаиккой; раст зæгъын хъæуы сылгоймæгтæй: уыдонмæ ис уды рæсугъддзинады æмбудæн, инстинкт, æвæццæгæн æмæ Вернеры хуызæн адæймæгтæ сылгоймæгты афтæ мондаг уарзт дæр гъеуый тыххæй кæнынц.

Вернер уыдис асæй чысыл, цыбыр лæг, цола æмæ лæмæгъ, сывæллоны хуызæн; йæ иу къах уыдис иннæмæй цыбырдæр Байроны хуызæн, йæ гуырмæ гæсгæ йæ сæр зындис æгæр дынджыр: уый æлвыдта йæ сæрыхъуынтæ сæрвасæнбын æмæ, йæ сæрыкъуыдырыл цы æнæлæгъзадтæ, уæлдæр-дæлдæртæ уыдис æмæ фæсæлвыд дзæбæх чи зындис, уыдон дисæй амæлын кодтаиккой френолоджы кæрæдзийы ныхмæ æвæрд миниуджыты æнахуыр баиуæй. Йæ гыццыл сау цæстытæ, æдзух цырд чи уыдис, уыдон архайдтой адæймаджы хъуыдытæ базоныныл. Йæ дарæсыл зындис йæ аив æмæ йæ хæрзæфснайддзинад; йæ цолабын, нуарджын æмæ гыццыл къухтæ рæсугъд зындысты йæ ирд-бур æрмкъухты мидæг. Йæ сюртук, хъуырбос æмæ жилет æдзухдæр уыдысты сау. Фæсивæд æй схуыдтой Мефистофелъ; уыцы номыл мæсты цыма кодта, йæхи дардта афтæ, афтæмæй та дзы йæхи буц кодта. Мах нæ кæрæдзийы тагъд бамбæрстам æмæ фæлымæн стæм, уый тыххæй æмæ хæлар кæнын мæнæн мæ хъæды нæй: дыууæ хæларæй кæддæриддæр иу вæййы иннæйы цагъар, кæд арæх сæ дыууæйæ иу дæр йæхинымæры уыцы хъуыддагыл нæ фæсæтты, уæддæр; цагъар уæвын мæ бон нæу, искæмæн уынаффæ кæнынæй та адæймаг фæлмæцгæ кæны — уый тыххæй æмæ ма уымæй уæлдай ноджы фæливын дæр хъæуы; стæй мæ уыдæтты сæр дæр цæмæн хъæуы, кæд мæм лакейтæ æмæ æхца ис, уæд! Лымæн та мæнæ куыд баистæм: æз сæмбæлдтæн Вернерыл С...-ы стыр æмæ хъæлдзæг фæсивæды æмбырды мидæг; ныхас ныллæууыдис изæрæн йæ кæронмæ ’ввахс философи-метафизикон æгъдауыл; ныхас кодтой уырнындзинæдты тыххæй; алкæй дæр уырныдта алцытæ.

Мæхицæй уын куы зæгъон, уæд мæн уырны æрмæст иу хъуыддаг... — загъта дохтыр.

Æмæ уый цы у? — зæгъгæ йæ бафарстон æз, уæды онг йæхицæн æнцад, æнæдзургæйæ чи бадтис, уый кæддæра ныр цы зæгъид, зæгъгæ, уый базоныны тыххæй.

Уый, — дзуапп радта дохтыр, — æмæ раджы уа-æрæджы уа, уæддæр мын иу дзæбæх райсом æнæмæлгæ кæй нæй, гъеуый.

Æз дæуæй хъæздыгдæр дæн! — загътон æз, — мæн ма уæдæ, уымæй уæлдай иу хъуыддаг уырны — цавæр куы зæгъай, уæд иу дзæбæх изæр æз æнамонды гуырд кæй ракодтон, уый.

Иууылдæр загътой, ницæйаг ныхæстæ кæнæм, зæгъгæ, афтæмæй дзы, æцæг, уымæй зондджындæр ныхас ничи ракодта. Уыцы минутæй фæстæмæ адæмы дзыгуыры ’хсæн дæр мах иртæстам кæрæдзийы. Мах арæх æмбæлдыстæм кæрæдзийыл æмæ-иу дыууæйæ иумæ ныхас кодтам иппæрд хъуыдыты тыххæй тынг зæрдиагæй, цалынмæ-иу нæ дыууæ дæр, кæрæдзийы кæй сайæм, уый нæ бафиппайдтам, уæдмæ. Уæд-иу, кæрæдзийы цæстытæм зæрдиаг, æмбарæн каст бакæнгæйæ, Цицероны загъдау, ромаг авгуртæ куыд кодтой, афтæ-иу мах райдыдтам кæл-кæлæй худын æмæ-иу нæ фаг куы фæхудтыстæм, уæд-иу фæйнæрдæм ахæлиу стæм, нæ изæрæй разы уæвгæйæ.

Æз хуыссыдтæн диваныл уæлгоммæ, мæ цæстытæ цары цавдæй, мæ къухтæ мæ къæбуты бын, афтæмæй, Вернер мæ уатмæ куы ’рбацыдис, уæд. Уый æрбадти къæлæтджы бандоныл, цæвæрдта йæ лæдзæг къуымы, ныззæмбыдта æмæ загъта, æддейы æнтæф кæнын байдыдта, зæгъгæ. Æз ын дзуапп радтон, бындзытæ мæ тыхсын кæнынц, зæгъгæ, — æмæ нæ дыууæ дæр ныхъхъус стæм.

Уый бахъуыды кæн, уарзон дохтыр, — загътон æз, — æмæ æдылытæ куы нæ уаиккой, уæд дунейыл тынг æнкъард уаид... Æрбакæс-ма, мæнæ мах — дыууæ зондджын адæймаджы; мах зонæм раздæр, алцæй тыххæй дæр быцæу кæнæн кæй ис æнæкæрон, уый, æмæ уымæ гæсгæ быцæу нæ кæнæм; мах зонæм кæрæдзийы сусæг хъуыдытæ æгасæй дæр; иунæг дзырд махæн у æнæхъæн истори; уынæм нæ алы æмбудæны апп æртывар агъуды æддейæ дæр. Æнкъард кæнын цæуыл хъæуы, уый махæн худæг у, худын цæуыл хъæуы, ууыл та хъынцъым кæнæм, иуныхасæй, алцæмæ дæр мах стæм фаг уазалзæрдæ, нæхицæй фæстæмæ. Афтæ уæдæ, æмбудæнтæн æмæ хъуыдытæн ивæн нæй мах æхсæн: мах зонæм, нæ кæрæдзийы тыххæй нæ цыдæриддæр зонын фæнды, уыдон иууылдæр, æмæ нæ фылдæр зонын нæ фæнды; ис ма нын иу фæрæз: ног хабæрттæ дзурын. Зæгъ-ма мын уæдæ исты ног хабар...

Даргъ ныхасæй бафæлмæцгæйæ æз бацъынд кодтон мæ цæстытæ æмæ ныззæмбыдтон.

Уый мын дзуапп радта ахъуыды кæнгæйæ:

Дæ ницæйаг сæнтты мидæг уæддæр идейæ ис.

Дыууæ, — сдзырдтон æз.

Зæгъ мын дзы иу, иннæйы та дын æз зæгъдзынæн.

Хорз, райдай! — загътон æз, цармæ æдзынæг кæсгæйæ æмæ мæхинымæры худгæйæ.

Дæу фæнды, хъæрмæдонмæ чи ’рцыдис, уыдонæй искæй тыххæй исты лыстæг хабæрттæ базонын, æмæ йæ æз æнкъарын, кæй мæт дæ ис, уый, уымæн æмæ дæу тыххæй уым фарстой.

Дохтыр! махæн æппындæр ныхас кæнæн нæй: мах кæсæм кæрæдзийы зæрдæйы.

Ныр иннæ...

Иннæ идейæ мæнæ: мæн фæндыдис дæуæн исты радзурын кæнын; æппæты фыццаг уымæн, æмæ хъусын æвæлмæцгæдæр у; дыккагæй, æнæхъуаджы ныхас сирвæзынæй тас нæу; æртыккагæй, ис базонæн искæй сусæгад; цыппæрæм, уый тыххæй æмæ дæу хуызæн зондджын адæймæгтæ хъусджыты фылдæр уарзынц дзурджытæй. Цæй, ныр хъуыддаджы тыххæй; цы загъта дæуæн кънйазы ус Лиговская мæн тыххæй?

Тынг дæ уырны, уый кънйазы ус кæй уыдис... йæ чызг нæ фæлæ, уый?..

Æххæстæй мæ уырны.

Цæмæ гæсгæ?

Уымæн æмæ кънйазы чызг фарста Грушницкийы тыххæй..

Дæумæ ис хъуыды кæнынмæ стыр курдиат. Кънйазы чызг, загъта, салдаты цинелы цы лæппулæг цæуы, уымæн йæ цин дуэлы тыххæй салдатмæ ивд кæй у, уый мæ уырны, зæгъгæ...

Мæ зæрдæ дыл дарын, уыцы æхсызгон рæдыды мидæг æй кæй ныууагътаис, уымæй?

Кæй зæгъын æй хъæуы...

Æлхынцъ уал ис! — фæхъæр кодтон æз цинæй мæлгæ, — уыцы комеди райхæлдыл мах бакусдзыстæм. Бæлвырд у, æз хъыг куыд нæ кæнон, ууыл хъысмæт кæй ауды, уый.

Æз раздæр æмбарын, — загъта дохтыр, — мæгуыр Грушницкий дæ амæттаг кæй кæндзæнис, уый...

Дарддæр, дохтыр...

Кънйазы ус загъта, дæ цæсгом ын зонгæ у, зæгъгæ. Æз ын загътон, сыгъдæгæй дæр дæ Бетъырбухы фендтытæ кодта, искуы стыр адæмты ’хсæн... æз ын загътон дæ ном... зыдта йæ. Æнхъæлдæн æмæ дæ истори уым бæстæ йæ сæрыл систа... кънйазы ус байдыдта дзурын, сылгоймæгты фæдыл куыд зылдыстут, уæздан адæмы загъта-багътайыл ма, æвæццæгæн, йæхицæй къæдзилтæ дæр æфтаугæйæ... Чызг æм цымыдисæй хъуыста. Йæ зонды мидæг ды сдæ ног уагыл арæзт романы герой, сгуыхт лæг... Æз кънйазы усæн йæ ныхмæ ницы дзырдтон, ницæйаг ныхæстæ кæй кодта, уый кæд зыдтон, уæддæр.

Аккаг лымæн! — загътон æз, мæхæдæг æм мæ къух радтон. Дохтыр æй зæрдиаг æлхъывд ныккодта æмæ дзырдта дарддæр:

Кæд дæ фæнды, уæд дæ æз базонгæ кæндзынæн....

Уанцон нæу! — загътон æз мæ къухтæ кæрæдзийыл ныццæгъдгæйæ, — æмæ сгуыхт лæгты зонын фæкæнын кæнынц? Уыдон æнæуый сæхи нæ зонын кæнынц; æрмæст — сæ уарзон сылгоймаджы æргом адзалæй куы фервæзын кæнынц, уæд афтæмæй...

Æмæ ды зæрдиагæй хъавыс кънйазы чызджы фæдыл рацу-бацу кæнынмæ?..

Æппындæр нæ!.. Дохтыр, фæстагмæ æз уæлахиз кæнын: ды мæ не ’мбарыс!.. Уый мын, уæвгæ, хъыг у, дохтыр, — ныхас кæнын та байдыдтон æз иу минуты бæрц афæстиат уæвгæйæ, — æз мæ сусæгдзинæдтæ мæхæдæг никуы ’ргом кæнын, фæлæ тынг уарзын, исчи мын-иу сæ йæхæдæг цæмæй базона, уый; уый тыххæй æмæ мын сыл бахъуыды сахат афтæмæй æнцондæр у нæ басæттын. Фæлæ мын уæддæр ды хъуамæ сæрæй бынмæ сæ сурæт равдисай мад æмæ чызгæн. Цавæр адæймæгтæ сты?

Фыццаджыдæр, кънйазы ус у 45-аздзыд сылгоймаг, — загъта Вернер, — йæ ахсæн у тынг хорз, фæлæ йæ туг хæлд у; йæ уадултыл — сырх стъæлфытæ. Йæ царды фæстаг æмбис уый арвыста Мæскуыйы æмæ уым æнцад цардæй ныддæнгæл ис. Уарзы цыбæлгæнæн анекдоттæ æмæ дзуры йæхæдæг дæр хаттæй-хатт æнæфсарм ныхæстæ, йæ чызг уаты куы нæ вæййы, уæд. Раргом мын кодта уый, йæ чызг бæлоны хуызæн æнаипп кæй у, уый. Мæн цы хъуыддаг ис?.. Æз ын хъавыдтæн дзуапп дæттынмæ, дæхицæн æнцад у, уыцы хъуыддаг искæмæн зæгъынæй мæ ма тæрс, зæгъгæ! Кънйазы ус йæхи дзæбæх кæны æндыснæгæй, чызг та — Хуыцау зоны, цæмæй; æз загътон сæ дыууæйæн дæр, фæйнæ дыууæ агуывзæйы туагсондон суар нуазут æмæ къуыри дыууæ хатты уæхи хæццæгонд ваннæйы найут, зæгъгæ. Кънйазы ус, æнхъæлдæн, нæ сахуыр искæмæн уынаффæ кæнын; уымæн йæ цæсты кадджын сты йæ чызджы зонд æмæ ахуырдзинад, Байроны англисаг æвзагыл чи кастис æмæ алгебрæ чи зоны: Мæскуыйы, бæрæг у, чызджытæ ахуырырдæм кæй аздæхтысты, уый, æмæ тынг хорз кæнынц, — раст зæгъгæйæ! Махмæ нæлгоймæгтæ афтæ æнæуæздан, афтæ æнæрхъуыды сты æгасæй дæр, æмæ зондджын сылгоймагæн уыдонæн зæрдæмæдзæугæ, æхсызгон митæ кæнын хъуамæ уа зын. Кънйазы ус тынг уарзы лæппулæгты; кънйазы чызг та сæм куыддæр æнæрвæссон, сæрыстыр каст кæны — йæ Мæскуыйаг ахуыр кæм уадзы! Уыдон Мæскуыйы фылдæр ницы уарзынц, дыууиссæдзаздзыд цыргъæвзаг адæймæгты æмбисæндтæм хъусынæй.

Æмæ ды Мæскуыйы уыдтæ, дохтыр?

О, иуцасдæр дзы акуыстон.

Дæ ныхас кæн.

Æмæ æз, æнхъæлдæн æмæ, иууылдæр загътон мæ зæгъинæгтæ... О! цы ма зæгъын, уый: кънйазы чызг, æнхъæлдæн, уарзы ныхас кæнын æнкъарæнты, мондæгты æмæ æнд... ахæмты тыххæй... уый уыдис иузымæг Бетъырбухы æмæ йæ зæрдæмæ нæ бацыдис, тынгдæр та йæ адæм: æвæццæгæн æм уазал цæстæй ракастысты.

Ды сæм никæй федтай абон?

Куыд нæ; уыдис сæм иу адъютант, иу æлвæст гвардион æмæ цавæрдæр æхсин ног æрцæуджытæй, кънйазы усы хæстæг йæ мойырдыгæй, тынг рæсугъд, фæлæ, æнхъæлдæн æмæ, тынг рынчын... Цъайы цур ыл нæ сæмбæлдтæ? — уый у рæстæмбис бæрзонд, бурхил, раст цæсгомы ’вæрд ын, чехоткæхуыз, йæ рахиз русыл сау æрдзон стъæлф: йæ цæсгом мæ дисæй амардта йе ’ргомдзинадæй.

Стъæлф! — зæгъгæ, бахъуыр-хъуыр кодтон æз мæ дæндæгтæ ’лвæстæй. — Ау, æцæг?

Дохтыр мæм æрбакастис æмæ загъта хъæлдзæгæй, йæ къух мын мæ зæрдæйыл сæвæрдта, афтæмæй: — Уый дæ зонгæ у!.. — Мæ зæрдæ æцæг цавта иннæ хæттытæй тынгдæр.

Ныр дæ рад у хъæлдзæг уæвын! — загътон æз, — æрмæст æз дæуыл мæ зæрдæ дарын: ды мыл сайдæй нæ рацæудзынæ. Æз æй нырма нæма федтон, фæлæ мæ уырны, дæ портреты, раджы кæй уарзтон, уыцы сылгоймаджы кæй базондзынæн, уый... Мæн тыххæй йын иунæг ныхас дæр ма зæгъ: куы дæ бафæрса, уæд ын-иу мæн тыххæй æвзæры йеддæмæ мацы зæгъ.

Фод афтæ! — загъта Вернер йе уæхсчытæ фелхъивгæйæ. Уый куы ацыдис, уæд мын тасы æнтъыснæгдзинад мæ зæрдæ æрбалхъывта. Хъысмæт та нæ баиу кодта Кавказы, æви уый барæй ардæм ссыдис, мæныл кæй сæмбæлдзæнис, уый зонгæйæ?.. æмæ æмбæлгæ дæр куыд скæндзыстæм?.. стæй, уый у æви нæ? Ме ’нкъарæнтæ мæ никуы сайдтой. Нæй дунейыл ахæм адæймаг, æмæ ивгъуыд цард мæн хуызæн бар кæмæ дардтаид. Хъыгæй, цинæй цы федтон мæ царды мидæг, уыдонæн сæ алы ской дæр риссаг цæф ныккæны мæнæн мæ зæрдæ æмæ та дзы сласы, сцырын кæны ногæй уыцы иухуызон зæлтæ... Æз дæн æдылы сфæлдыст: ницы рох кæнын — ницы æппындæр!

Фæссихор, иу-æхсæз сахатыл, æз рацыдтæн бульвармæ: уым уыдис адæмы бардз; кънйазы ус æмæ чызг бадтысты бандоныл, сæ алыварс цæлхæмбырдæй лæууыдысты фæсивæд æмæ сын, æзраздæрфæуонæй, кодтой уарзон ныхæстæ. Æз æрбынат кодтон иучысыл æддæдæр иннæ бандоныл, баурæдтон мæ дыууæ зонгæ драгуйнаг афицеры æмæ сын байдыдтон цыдæр дзурын; æвæццæгæн сæм мæ ныхæстæ худæг кастысты, уый тыххæй æмæ худгæйæ артæнхæлдтæ кодтой.

Кънйазы чызджы алыварс чи уыдис, уыдонæй мæм иуæйиутæ æрбакодтой цымыдис уад; стæй йæ чысылгай-чысылгай иууылдæр ныууагътой æмæ мæ къордыл бафтыдысты. Æз нал æмæ нал æнцадтæн: мæ хъæлдзæг æмбисæндтæ уыдысты фырзондджынæй æдылы, нæ фæрсты цæугæ оригиналтыл цы фаутæ æвæрдтон, цы хынджылæг сæ кодтон, уыдон уыдысты æбуалгъ, тъæпхауæн... Æз фæхъæлдзæг кодтон адæмы суанг хурныгуылды онг. Цалдæр хатты кънйазы чызг йæ мадимæ дæларм-уæлармхæцгæ, цавæрдæр къуылых зæронд лæг семæ, афтæмæй рацыдис мæ фæрсты; цалдæр хатты йæ цæстæнгас мæныл амбæлгæйæ æвдыста, йæ зæрдæ мыл кæй худы, æмæ кæй архайы йæхи афтæ равдисын, цыма мæ хъуыды дæр нæ кæны...

Цы уын дзырдта уый? — зæгъгæ, бафарста чызг, фæстæмæ йæм æфсæрмæй цы лæппутæ баздæхтис, уыдонæй иуы, — æвæццæгæн, тынг диссаг хабар — хæсты куыд сгуыхтис, уыдон?.. — Уыцы ныхæстæ уый загъта фаг хъæрæй æмæ, æвæццæгæн, барæй, мæн алхыскъ кæныны тыххæй. «А-гъа! — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр, — дзæгъæлы мæм нæ мæсты кæныс, хорз чызг; багъæц, фæстæдæр фенай!»

Грушницкий йæ хъахъхъæдта хъæддаг сырдау æмæ дзы йæ цæстытæ дæлæмæ нæ иста. Хæснаг кæнын, уый райсом кæй курдзæн, исчи йæ кънйазы усимæ цæмæй базонгæ кæна, уый. Уый чызгæн уыдзæнис тынг æхсызгон, уый тыххæй æмæ хъыг кæны.


16-æм майы

Дыууæ боны дæргъы мæ хъуыддæгтæ размæ мæлæты *цыд акодтой. Кънйазы чызг мæ бынтондæр йе сæфт уыны; мæнæн уадидæгæн рафæзмыдтой, уый мæн тыххæй кæй загъта, цæсты хуынчъытæ чи къахы, фæлæ мæ æппæлгæ дæр чи кæны, ахæм дыууæ-æртæ эпиграммæйы. Уымæ тынг дис кæсы, æз, хорз адæмыл чи сахуыр ис, йæ бетъырбухаг æмхæрæфырт чызджытимæ æмæ мадыхотимæ уымæн афтæ хæстæг чи уыдис, — æз нæ архайын уый базоныныл. Мах алыбон дæр кæрæдзиуыл æмбæлæм цъайы раз, бульвары; æз архайын мæ тых-мæ бонæй, йæ хуыцауы хай кæмæн у — æрттиваг адъютанттæ, фæлурс мæскуыйæгтæ æмæ æндæртæ, уыдон уымæй иуварскæныныл, — æмæ мын уый кæддæриддæр æнтысы. Æз кæддæриддæр уазджытæй ме сæфт уыдтон: ныр сæ мæ хæдзар алыбон дæр у дзаг, хæрынц сихор, æхсæвæр, хъазынц æмæ, — гъæ-гъи! мæ шампайнаг сæн йæ гыццыл магнит цæстыты тыхыл уæлахиз кæны!

Знон ыл æз сæмбæлдтæн Челаховы магазины: уый æлхæдта диссаджы хорз персайнаг гауыз. Чызг лæгъстæ кодта йæ мадæн, æхца ма ’вгъау кæн, зæгъгæ; уыцы гауыз ын афтæ сфидауын кæнид йæ кабинет, æмæ диссаг!.. Æз ыл бафыстон цыппар туманы уæлдай æмæ йæ балхæдтон; уый тыххæй æз райстон лæварæн, стыр зæрдæрухсаг агъуыддзинад кæм хъазыди, ахæм цæстæнгас. Сихормæ ’ввахс æз нылласын кодтон барæй йæ рудзгуыты фæрсты мæ черкесаг бæхы уыцы ’гауызæй æмбæрзтæй. Вернер уыцы сахатыл уыдис уыдонмæ æмæ мын дзырдта, уыцы бæхы фенд сын бынтондæр сæ зæрдæ кæй амардта, уый. Кънйазы чызг сфæнд кодта мæ ныхмæ хæст саразын; æз ма фиппайгæ дæр бакодтон, дыууæ адъютанты мын уый цур тынг хус, æнæбары «æгас цæуай» кæй кæнынц, уый, афтæмæй та мæм алыбон сихор фæхæрынц.

Грушницкий ссис куыддæр æнахуыр; йæ къухтæ йæ синтыл сæвæры, афтæмæй рацу-бацу кæны æмæ никæйуал зоны; йæ къах æвиппайды адзæбæх ис; чысыл зына-нæзына ма дзы чиуы. Уымæн фадат æрцыдис кънйазы усимæ ныхасы бацæуын, æмæ загъта цыдæр комплимент кънйазы чызгæн; чызг, æвæццæгæн, тынг лыстæгæй æвзарæг нæу, уый тыххæй æмæ йын уæдæй фæстæмæ йæ саламæн дзуапп дæтты тынг уарзон мидбылхудтæй.

Дæу цæхгæр нæ фæнды Лиговскийтимæ кæрæдзийы базонын? — загъта мын уый знон.

О, цæхгæр.

Уый та куыд! Æппæтæй адджындæр хæдзар ам — хъæрмæдоны! Ацы ран хуыздæр адæмæй чи ис, уыдон иууылдæр...

Мæ лымæн, ардыгон цы нæ у, æз уымæй дæр тынг схъыг дæн. Æмæ сæм ды вæййыс?

Нырма нæ; æз дзырдтон кънйазы усимæ иу-дыууæ хатты, æндæр нæ. Зоныс, хæдзармæ хи хъарын куыддæр аив нæу, кæд амы адæммæ уыцы ’гъдау ис, уæддæр... Æндæр хъуыддаг уаид, пъалеттæ куы дарин, уæд...

Ныууадз! афтæмæй бирæ зæрдæмæдзæугæдæр дæ! Ды нæ зоныс æрмæст дæ хорз фадатæй пайда кæнын... Æмæ дæ дæ салдаты цинел алы тæнзæрдæ чызджы цæсты дæр сгуыхт лæгæй, хъизæмаргæнæгæй куы ’вдисы...

Грушницкий хирвæссон худт бакодта йæ мидбылты.

Ницæйаг ныхæстæ! — загъта уый.

Мæн уырны, — ныхас кодтон æз дарддæр, — кънйазы чызг дæ ныр дæр тынг кæй уарзы, уый.

Уый ныссырх ис йæ хъусты онг æмæ йæхи ныттар кодта.

О, хиуарзондзинад, дæ бонæй уай! Ды дæ, Архимед зæххы къори сисынмæ цы мæцъисæй хъавыдис, уый!..

Дæуæн та алцыдæр хынджылæг у, — загъта уый йæхи мæстыхуызæй æвдисгæйæ, — фыццаджыдæр у, æмæ мæ уый нырма афтæ чысыл зоны ’мæ...

Сылгоймæгтæ уарзынц, кæй нæ зонынц, æрмæст уыдон.

Æмæ йæ æз æппындæр куы нæ домын, йæ зæрдæмæ цæмæй цæуон, ууыл; мæн æрмæст фæнды зæрдæмæдзæугæ хæдзаримæ зонгæ уæвын, æмæ тынг худæг уаид, мæхицæн дзы исты ныфс куы ’вæрин, уæд... Мæнæ дæхицæй цы зæгъыс, уый хицæн у! — сымах, бетъырбухаг сгуыхт уæлахизонтæ: æрмæст куы бакæсут, уæддæр сылгоймæгтæ æртайынц... Ды зоныс, Печорин, кънйазы чызг дæу тыххæй цы дзырдта, уый?..

Куыд? Æмæ дын уый ныридæгæн мæн тыххæй дзырдта?..

Фæлæ цин ма кæн. Æз куыддæр æгъдауæй бацыдтæн йемæ ныхасы цъайы цур, æнæ ’нхъæлгæ; йе ’ртыккаг дзырд уыдис: «Уыцы господин чи у, афтæ æнад уæззау цæстæнгас кæмæн ис, уый? Уый уыдис демæ, уæд... «Уый фæсырх ис æмæ йæ, цы бон уыдис, уый зæгъын нал фæндыдис, йæ дзæбæх, йæ уарзон ми фæхъуыдыгæнгæйæ. — Цы бон уыдис, уый зæгъын дæу ницæмæн хъæуы, — зæгъгæ йын дзуапп радтон æз, — уый æнусмæ дæр лæудзæнис мæ зæрдыл... — Мæ лымæн Печорин! æз дын арфæ нæ кæнын; ды уымæ дæ фыдцæсты æвæрд... Уый хорз бæргæ нæу, уый тыххæй æмæ Мери у тынг дзæбæх!..

Цæвиттоны хъуыддагæй уый зæгъын хъæуы, æмæ Грушницкий уыдис ахæм адæймæгтæй æмæ, сылгоймагимæ 6азонгæ уæвгæйæ æмæ уымæн йæ кой кæнгæйæ, афтæ чи фæзæгъы, мæхи Мери, мæхи ЗорЫе, кæд уыцы сылгоймаг, йæ амондмæ гæсгæ сæ зæрдæмæ фæцæуы, уæд.

Æз мæхи æцæгхуыз скодтон æмæ йын дзуапп радтон:

— О, æвзæр чызг нæу... Æрмæст дæхи хъахъхъæн, Грушницкий! Уырыссаг чызджытæ фылдæр хатт фæуарзынц æрмæст платоникон уарзтæй, мой скæныны сагъæс сæм нæ вæййы, афтæмæй; платоникон уарзт та у æппæтæй фыдæнцойдæр уарзт. Кънйазы чызг, æнхъæлдæн æмæ у, ирхæфсой йæ, зæгъгæ, чи уарзы, уыцы сылгоймæгтæй; дыууæ минуты фæдфæдыл дæ цуры æнкъардæй куы фæуа, уæд, бабын дæ, уый зон: де ’нцад æнæдзургæйæ бадт ын хъуамæ мондаг кæна йæ цымыдисдзинад, дæ ныхас — хъуамæ æххæст, зæрдæзæгъгæ дзуапп ма куы дæтта йæ цымыдисдзинадæн, ды йæ иу минут дæр хъуамæ æнцад ма уадзай; уый дæс хатты адæмы ’хсæн дæу тыххæй йæ фæндыл сыдæудзæн, суæлдай йæ кæндзæн æмæ йæ скæндзæн дæу бузныггад æмæ, уый тыххæй, цалынмæ йæ мызд фæстæмæ айса, уæдмæ дæ мардзæнис хъизæмарæй, — стæй дын уæд æмраст зæгъдзæн — йе сæфт дæ уыны, зæгъгæ. Афойнадыл ын йæ рохтыл хæст куы нæ фæуай, уæд дын суанг йæ фыццаг ба дæр бар нал ратдзæнис дыккагæн: уый дæуимæ цæстныкъулынджыты йæ фаг фæхъаздзæнис, иу-дыууæ азы фæстæ та æнæуынд, фыдцъылыз мой скæндзæнис нанайы зæрдæ æлхæнгæйæ, æмæ дæ æууæндын кæныныл схæцдзæнис, æнамонд у, æрмæст иунæг адæймаджы, ома, дæу уарзта, зæгъгæ, фæлæ арвы нæ бафæндыдис уый йемæ баиу кæнын, уый тыххæй æмæ ууыл уыдис салдаты цинел, кæд уыцы бæзджын, цъæх цинелы мидæгæй уарзæгой, бæллон уæздан зæрдæ цавта, уæддæр...

Грушницкий ныццавта стъол тымбылкъухæй æмæ систа размæ-фæстæмæ цæуын уаты къуымты.

Æз мæхинымæры кæл-кæл кодтон æмæ ма суанг иу-дыууæ хатты мæ мидбылты дæр бахудтæн, фæлæ мæ уый, мæ амондмæ гæсгæ, нæ фæхъуыды кодта. Æргом у, кæй йæ уарзы, уый, уый тыххæй æмæ ссис фыццагæй ноджыдæр æууæндагдæр, фæзындис æм æвзист сау æвæрд къухдарæн дæр, ардыгон конд: уыцы къухдарæн мæм фæкастис гуырысхойаг. Æз æй райдыдтон рауын-бауын кæнын, æмæ?.. лыстæг дамгъæтæй Мерийы ном къахт уыдис мидæджырдыгæй, æмæ йæ фарсмæ — уыцы номхæссæны агуывзæ чызг зæххæй цы бон систа, уыцы боны нымæц. Æз басусæг кодтон, раргом кæнын мын цы бантыстис, уый; нæ мæ фæнды уымæй басæттындзинад фæлгъауын; мæн фæнды, уый мæ йæхæдæг куыд равзара йæхицæн æууæнкджынæн, сæрылдзурæгæн, уый, — гъеуæд мыл æрцæудзæн æхсызгондзинад, гъе!..

Абон æз сыстадтæн æрæгмæ; ссыдтæн цъаймæ — æмæ дзы ничиуал. Райдыдта æнтæф кæнын; урс хъуынджын мигътæ тагъд-тагъд лыгъдысты митджын хæхтæй тæрккъæвдайæ зæрдæвæргæ; Машучы сæр фæздæг калдта хуыст писи цырагъы хуызæн; йæ алфамбылай зилдух кодтой æмæ йыл кæлмытау уæлæмæ хылдысты донгъуыз æврæгъы цъуппытæ, сæ тагъд уадæй урæд чи ’рцыдис æмæ цыма хохæн йæ хæцæг пыхсыл ацауындзæг сты, уыйау чи зындис, уыдон. Уæлдæф дзаг уыдис электрон рухсæй. Æз арф бацыдтæн, гротырдæм19 цы сæнæфсиры астæувæндаг цыдис, ууыл; уыдтæн æрхæндæг. Æз сагъæс кодтон, æрдзон стъæлф цы ’взонг сылгоймаджы русыл уыдис æмæ мын дохтыр кæй тыххæй дзырдта, уый тыххæй... Уый ам цæмæн ис? Стæй уый у æви нæу? Стæй уый у, уый æнхъæл цæмæн дæн? Æмæ мæ уый афтæ тынг цæмæн уырны? Гæзæмæ ис, сæ рустыл æрдзон стъæлфытæ кæмæн ис, ахæм сылгоймæгтæ? — Афтæ хъуыдыгæнгæ æз бахæццæ дæн тæккæ гротмæ. Кæсын, æмæ йæ къæлæт цары сатæг аууоны, дурын бандоныл бады ус, хъæмпын шляпæйы, сау кæлмæрзæны тыхтæй, йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ; шляпæ йын æмбæрзта йæ цæсгом. Æз фæстæмæ фæзилынмæ куыд хъавыдтæн, йæ сæнттæ йын цæмæй ма фехалон, зæгъгæ, афтæ мæм уый фæкастис.

Верæ! — фæхъæр кодтон æз æнæбары.

Уый фестъæлфтис æмæ ныффæлурс.

Æз æй зыдтон, ды ам кæй дæ, уый, — загъта Верæ.

Æз æрбадтæн йæ фарсмæ æмæ йын райстон йæ къух. Раджы мæ чи ферох ис, уыцы рызт азгъордта мæ нуæрттыл уыцы уарзон хъæлæсы уынæрмæ; уый мын æрбакастис мæ цæстытæм йæ арф æмæ йе ’нцад цæстытæй: уыдон æвдыстой æнæууæнкдзинад æмæ уайдзæфы хуызæн цыдæр.

Мах рагæй нал федтам кæрæдзийы, — загътон æз.

Рагæй, æмæ фендæрхуызон стæм нæ дыууæ дæр, бирæ цæмæйдæрты!

Уæдæ мæ нал уарзыс, и?..

Æз моймæцыд дæн!.. — загъта уый.

Ноджыдæр та? Æниу уыцы æфсон цалдæр азы размæ дæр уыдис, фæлæ уæддæр...

Уый атыдта йæ къух мæ къухæй, æмæ йæ рустæ ссыгъдысты.

Чи зоны, æмæ кæд дæ дыккаг мойы уарзыс?..

Уый дзуапп нæ лæвæрдта æмæ иннæрдæм аздæхтис.

Æви гуырысхогæнæг у?

Нæ дзуры.

Æмæ цы? У лæппулæг, хорз, уæлдайдæр у, æвæццæгæн, хъæздыг, æмæ ды тæрсыс... — Æз æм бакастæн æмæ дзы фæтарстæн: йæ цæсгом æвдыста арф ныфссастдзинад, йæ цæстытыл æрттывтой цæстысыгтæ.

Зæгъ мын, — фæстагмæ загъта уый æнцадæй, — тынг æхсызгон дын у мæн удхарæй марын? Æз дæ хъуамæ ме сæфт уынон. Мах кæрæдзийы куы зонæм, уæдæй нырмæ мын ды фыдæбæттæй фæстæмæ ницы радтай... — Йæ хъæлæс базыр-зыр кодта, йæхи мæм æркъул кодта æмæ йæ сæр æруагъта мæ риуыл.

«Æвæццæгæн, ды мæн, — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр, — уарзгæ дæр уымæн кодтай: циндзинæдтæ рох кæнынц, фæлæ æнкъарддзинæдтæ никуы...»

Æз æй тынг ныхъхъæбыс кодтон, æмæ уыцыхуызæнæй бирæ баззадыстæм. Фæстагмæ нæ былтæ кæрæдзимæ баввахс сты æмæ баиу сты судзаг, æхсызгон байы; йæ къухтæ уыдысты уазал, ихы къæртты хуызæн, йæ сæр сыгъдис. Ам не ’хсæн æрцыдис, гæххæттыл фыстæй æппындæр чи ницы ахады, рафæзмæн, стæй зæрдыл бадарæн дæр кæмæн нæй, ахæм ныхæстæй иу: дзырдты нысаны бæсты цæуы æмæ йæхицæй æххæст кæны уынæрты нысан, итайлаг оперæйы куыд вæййы, афтæ.

Уый æппындæр нæ фæнды, йæ моимæ, бульвары æхсгæ уынд цы къуылых зæронд лæджы фæкодтон, уыимæ кæрæдзийы цæмæй базонæм, уый: уый йæм ацыдис моймæ йæ фырты тыххæй. У хъæздыг æмæ рынчын у æндыснæгæй. Æз нæ саккаг кодтон мæхицæн ууыл иу хатт дæр схудын: ус æй нымайы йæ фыды хуызæн — æмæ йæ сайдзæнис, мойы куыд фæсайынц, афтæ... Диссаджы дзаума у, æвæдза, адæймаджы зæрдæ, сылгоймаджы зæрдæ та уæлдайдæр!

Верæйы мой, Семен Васильевич Г... — в, у кънйаз Лиговскийы усæн йæ дард хæстæг. Уый цæры йæ фарсмæ; Верæ арæх вæййы кънйазы усмæ; æз ын радтон дзырд, Лиговскийтимæ базонгæ уыдзынæн æмæ кънйазы чызгыл узæлдзынæн, зæгъгæ, Верæ цæсты цæмæй нæ бафта, уый тыххæй. Уыцыхуызæнæй мæ фæндтæ æппындæр нæ фехæлдзысты, æмæ æз уыдзынæн хъæлдзæг...

Хъæлдзæг!.. О, æз фæдæн, ахицæн кодтон мæ уды цардæн, æрмæст амонд куы фæагурынц, искæй тынг æмæ бæллон уарзт кæнын кæй хъæуы, зæрдæ уый æмбудын куы байдайы, уыцы дуг; ныр мæн æрмæст фæнды, уарзæг мæ куыд уа, фæлæ уыцы уарзджытæ бирæ куыд нæ уой, уый; мæнмæ ма афтæ дæр кæсы, иунæг исчи мыл æдзух æнувыд куы уаид, уæд мын уый дæр фаг уаид, зæгъгæ: ницæйаг у зæрдæйы ахæм ахуыр!.. мæгуыр у зæрдæ.

Иу хъуыддаг мæм дис касти кæддæриддæр: æз уарзон сылгоймагæн мæхи никуы кодтон цагъайраг; уый нæ, фæлæ ма-иу сын сæ фæндон, сæ бар æмæ сæ зæрдæйыл мæхæдæг райстон æнæфæтасгæ, æдзудгæ бардзинад, æппындæр-иу ууыл нæ архайдтон, афтæмæй. Уый цæй тыххæй афтæ уыдис? — тынг аргъ кæй никуы ницæмæн кæнын, кæй ницæуыл ауæрдын æмæ мæ сæ къухтæй куы ауадзой, уымæй алы минут дæр кæй тарстысты, уый тыххæй, æви уый у тыхджын организмы магнитон тæваг? æви,. тыхджын зæрдæйы ахаст кæмæн уыдис, ахæм сылгоймагыл никуы сæмбæлдтæн?

Басæттын ыл хъæуы, æз, бæгуыдæр, нæ уарзын, тыхджын зæрдæйы ахаст кæмæн ис, ахæм сылгоймæгты: уый уыдон хъуыддаг мыййаг у!..

Æцæг гъеныр æрлæууыд мæ зæрдыл: иу хатт, æрмæст уыцы иу хатт уарзтон æз фидарзæрдæ сылгоймаджы, басæттын æй никуы бафæрæзтон... Мах ахицæн стæм знæгтæй, — уый дæр, чи зоны ’мæ фондз азы фæстæдæр куы сæмбæлдаиккам, уæд æндæр æгъдауыл уыдаид нæ ахицæн...

Верæ рынчын у, тынг рынчын, кæд ыл йæхæдæг нæ сæтты, уæддæр; æз ын тæрсын, чехоткæ йыл куы уа, кæнæ fièvre lente20 кæй хонынц, уыцы низ — уый æппындæр нæу уырыссаг низ, æмæ йын мах æвзагыл ном дæр нæй.

Тæрккъæвда нæ æрæййæфта гроты мидæг æмæ нæ сахатырдæг уæлдай уым баурæдта. Верæ мын сомытæ, æрдтæ нæ хæрын кодта, уарзын æй æви йæ нæ уарзын, ууыл, нæ мæ фарста, куы фæхицæн стæм, уæдæй фæстæмæ æндæр сылгоймæгты уарзтон æви нæ уарзтон, уымæй... Уый та ногæй йæхи ме ’вджид бакодта фыццаджы хуызæн æнæмæтæй, — æмæ йæ æз нæ фæсайдзынæн: уый у дунейыл иунæг сылгоймаг, асайын мæ бон кæмæн нæ бауид. Æз зонын, мах та рæхджы кæрæдзийæ фæхицæн уыдзыстæм, æмæ, æвæццæгæн, мыггагмæ; нæ дыууæ дæр ацæудзыстæм хицæн фæндæгтыл суанг ингæны онг; фæлæ уæддæр йæ мысынад баззайдзæнис æнæвнæлд, æнæныдзæвдæй мæ зæрдæйы мидæг — æз ын уый дзырдтон æдзухдæр, æмæ мыл уый æууæнды, кæд мын ныхмæ ныхас кæны, уæддæр.

Фæстагмæ кæрæдзийæ фæхицæн стæм; æз æм бирæ фæдардтон мæ цæстызул, цалынмæ йе шляпæ пыхсыты æмæ къæдзæхты аууон нæ фæцис, уæдмæ. Мæ зæрдæ йæхи рисгæ ’лхъывд æрбакодта, фыццаг хатт куы хицæн кодтам, уæды хуызæн. О, куыд бацин кодтон æз уыцы æнкъарæныл! Мæ лæппуйы бонты та ма ’рфæндæд, мыййаг, сæ хæрзæгой уадтимæ мæнмæ фæстæмæ раздæхын, æви ай у мæ лæппудзинадæн æрмæст йæ фæстаг фæкаст, йæ фæстаг лæвар мысынæн, нæ зонын?.. Худæг та куыд нæ у, бакæсгæйæ ма бынтон лæппу кæй дæн, уый куы ахъуыды кæнын, уæд: мæ цæсгом кæд фæлурс у, уæддæр ма у ног, лæппын, ме уæнгтæ — тасаг æмæ хæрзконд; мæ сæрыхъуынтæ — бæзджын, къæбæлдзыг, мæ цæстытæ арт уадзынц, мæ туг фыцы пæлхъ-пæлхъæй...

Нæхимæ куы ’рцыдтæн, уæд абадтæн бæхыл æмæ ныххостон быдырмæ; æз уарзын тæлтæг бæхыл уайын арф кæрдæджы, æдзæрæг быдыры дымгæйы ныхмæ: кæрæфæй ныхъуырын æз хæрздæф уæлдæф æмæ цæвын мæ цæстытæ цъæх дардады, минутæй-минутмæ æргомæй-æргомдæр чи кæны, уыцы дзауматы мигъ æндæргтæ ацахсыныл архайгæйæ. Цыфæнды маст уа зæрдæйы, цыфæнды сагъæс фæлмæцын кæна хъуыдыты, — се ’ппæт дæр минутмæ фæпырх вæйынц; зæрдæ фæрог вæййы, уæнгты фæллад басæтты зонды тас, зонды фæдис. Нæй ахæм сылгоймаджы цæстæнгас, æмæ, хуссайраг хур кæуыл æрттивы, уыцы къæбæлдзыг хæхтæ уынгæйæ, цъæх арв уынгæйæ, кæнæ айнæгæй-айнæгмæ хауæг доны хъæрмæ хъусгæйæ æз кæй нæ ферох кæнон.

Æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ, сæ фæлгæсæн цæджындзты сæр цы хъазахъхъ зæмбыдтой, уыдон мæн бæхыл æнæхъуаджы æмæ æнæсæрфатæй уайгæ куы федтой, уæд сæ сæртæ бирæ фæсастой уыцы диссагыл, уый тыххæй æмæ мæ, мæ дарæсмæ гæсгæ, уыдон хъуамæ хуыдтой черкес. Мæнæн, бæгуы, дзырдтой, черкесаг дарæсы уæлбæхæй æз бирæ кæсгæттæй кæсгонхуыздæр кæй дæн, уый. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, уыцы уæздан хæстон дарæсы æз дæн æххæст, сыгъдæг денди: иу быд дæр ыл уæлдай нæй; мæ хæзна хотыхтæ хуымæтæджы арæзт; худы уæлдзарм — нæдæр æгæр бæрзонд, нæдæр æгæр ныллæг, зæнгæйттæ æмæ дзабыртæ — раст мæхи аккаг, джиппыуагъдау, куырæт — урс, цухъхъа — тар-бур. Æз бирæ фæцахуыр кодтон, бæхыл хохаг бадт кæнын куыд хъæуы, уый; ницæмæй ис мæ зæрдæ тынгдæр балхæнæн, æрмæст мын зæгъ: бæхыл кавказаг бадт кæнынмæ дæсны дæ, зæгъгæ. Æз дарын цыппар бæхы: иу — мæхи, æртæ та мæ хæлæртты тыххæй, быдырты иунæгæй хæтынæй хъыг куыд нæ кæнон, уый тыххæй; уыдон мын мæ бæхты айсынц æхсызгонæй, фæлæ мемæ иумæ никуы фæцæуынц. Æмбисбонæй рацыдис æхсæз сахаты, сихор хæрын афон мын кæй уыд, уый мæ зæрды куы æрæфтыдис, уæд; мæ бæх уыдис æфхæрд, фæлмæст; æз рацыдтæн, Пятигорскæй немыцы колонимæ цы фæндаг ис, æмæ хъæрмæдоны адæм арæх en piquenique21 кæнынмæ кæдæм цæуынц, уырдæм. Фæндаг цæуы гакъон-макъонтæй пыхсы астæуты, бæрзонд кæрдæджы бынты хъæргæнгæ цы дæттæ згъоры, уыдон чысыл мæсчъытæм хизгæйæ; алырдыгæй амфитеатрау уæлвонг лæууынц цъæх уæйгуытæ: Бештау, Калмы-хох, Æфсæн-хох æмæ Гæмæх-хох. Иу ахæм мæскъмæ ныххизгæйæ, уыцы мæсчъыты хонынц ам балкæтæ, æз ныллæууыдтæн мæ бæхæн дон адарынмæ; уыцы рæстæджы æрбазынди фæндагыл хъæлдзæг æмæ тынг арæзт барджыты бал; сылгоймæгтæ уыдысты сау æмæ арвхуыз бæхыл бадæн уæлæдарæсы, нæлгоймæгтæ черкесаг æмæ нижегородаг иумæ хæццæ дарæсты; разæй цыдис Грушницкий кънйазы чызг Мериимæ.

Хъæрмæдоны ма сылгоймæгты уырны, черкестæ бонсихорафон кæй лæбурынц, уый; æмæ, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ, Грушницкий йæ салдаты цинелы æдде æрцауыгъта æхсаргард æмæ дыууæ дамбацайы: уый уыдис фаг худæг уыцы хъæбатыр дарæсы. Бæрзонд къудзи мæн аууон дардта уыдонæй; фæлæ мын йæ сыфтæрты аууонæй уæддæр алцыдæр уыдис дзæбæх уынæн æмæ сæ цæсгæмтты бакастæй бамбарæн, уарзон ныхас сæм кæй уыдис, уый. Фæстагмæ æрбаввахс сты фæуырдыггæнæнмæ; Грушницкий ныххæцыдис кънйазы чызгæн йæ бæхы рохтыл, æмæ сын æз айхъуыстон сæ ныхасы кæрон:

Æмæ дæ цæрæнбонты дæр Кавказы баззайынмæ хъавыс? — дзырдта чызг.

Æмæ мын уæдæ Уæрæсе цы у? — дзуапп радта йæ кавалер. — Мингай адæмтæ кæм ис æмæ, мæнæй хъæздыгдæр кæй сты, уымæ гæсгæ мыл сæрыстыр кæм уыдзысты, уыцы бæстæ, — ам та, ацы ран та мæ ацы бæзджын цинел мур хъыг дæр нæ бадардта дæуимæ кæрæдзийы базонынæн...

Нæ, фæлæ ма... — загъта кънйазы чызг йæхи фæсырх кæнгæйæ. Грушницкийы цæсгомыл раргтывта æхсызгондзинад. Уый дзырдта дарддæр:

Ацы ран мæ цард аивгъуийдзæн хъæлдзæгæй, зонгæ дæр æй нæ бакæндзынæн, афтæ тагъд, хъæддаг адæмы нæмгуыты бын, æмæ ма мын Хуыцау алы аз куы ’рвитид иу рухс, сылгоймаджы цæсты фæкаст, иу уыйхуызæн...

Уыцы сахат, уыдон мæ комкоммæ æрбахæццæ уæвгæйæ, æз мæ бæхы ехсæй æрцавтон æмæ къудзийы аууонæй иуварс рацыдтæн...

Mon dieu, un circassien22 — фæхъæр кодта кънйазы чызг удаистæй.

Цæмæй мыл бынтон баууæндыдаид, уый тыххæй йын æз дзуапп радтон францусагау мæ сæрæй иучысыл æркувгæйæ:

Ne craignez rien, madame, je ne suis pas plus dangereux que votre cavalier23.

Чызг фефсæрмы ис; фæлæ цæмæй? йæхи рæдыдæй, æви йæм мæ дзуапп къæйных кæй фæкастис, уымæй? Мæн фæнды, а фæстаг æнхъæлд æцæг куы уаид, уый. Грушницкий мæм зæрдæхудт каст фæкодта.

Изæрæй æнафоны, ома, иуæндæс сахаты уыдаид, афтæ, æз ацыдтæй тезгъо кæнынмæ бульвары сусхъæд бæлæсты аллейыл. Горæт уыдис фынæй, æрмæст ма иуæй-иу рудзгуытæй зындис рухсытæ. Æртæрдыгæй сау дардтой айнæджыты къахыртæ, Машучы къабæзтæ, йæ сæрыл та бадтис фыдбылызы мигъы цъупп; мæй сцæйцыдис скæсæнырдыгæй; дардæй æвзист хæрдгæхаутау тæмæнтæ калдтой митсæр хæхтæ. Хъахъхъæнджыты хъæртæ рад кодтой, æхсæв уагъд чи уыдис, уыцы тæвд суадæтты хъæримæ. Хатгай-иу фехъуыстис уынджы бæхы къæхты хъæр æмæ та-иу сиу ис ногъайаг уæрдоны хъинц æмæ тæтæйраг æнкъард зардимæ. Æз æрбадтæн бандоныл æмæ хъуыдыйыл фæдæн... Æз æнкъардтон, мæ хъуыдытæ мын хæлары ныхасы мидæг сæргом кæнын кæй хъæуы, уый... Фæлæ кæимæ?.. «Цымæ афонмæ Верæ цы ми кæны?..» — хъуыды кодтон æз мæхинымæр... бирæ бафидин æз ацы минут уый къух цæлхъивыныл.

Æвиппайды хъусын тындзгæ æмæ хæццæ къахдзæфтæ... Сыгъдæгæй уый Грушницкий у... Æцæг у уый!

Кæцæй фæдæ?

Кънйаз Лиговскийы усæй, — загъта уый тынг хъалæй. — Уæддæр Мери куыд зары!..

Цы, уый зоныс? — загътон ын æз, — æз хæснаг кæнын, куыд уый нæ зоны, ды юнкер дæ, уый; уый афтæ ’нхъæл у, æмæ дæуæн дæ цин ист у...

Чи зоны! Мæн цы хъуыддаг ис!.. — загъта уый рохсхæй.

Нæй, уый æз æрмæст афтæ зæгъын...

Зоныс, абон æй ды тынг кæй смæсты кодтай, уый? Уый йæ хоны æнæфехъусгæ къæйныхдзинад; мæнæн тыххæй бацис мæ бон йæ баууæндын кæнын; ды хорз уагыл хъомылгонд кæй дæ æмæ адæмы уыйбæрц хорз кæй зоныс, æмæ дæ хъуыдыйы дæр кæй нæ уыдис йæ бафхæрыны фæнд; уый афтæ зæгъы, йæ каст, дам, у къæйных, йæхицæн, дам, хæрзаг стыр цыдæр æнхъæл у.

Æмæ уый нæ рæдийы... Ды йæ сæрыл дзурынвæнд ма скæн, мыййаг? — Хъыг мын у, уыцы бар лæвæрд мæм кæй нæма ис, уый...

«Мæхæнцъул! — ахъуыды кодтон æз, — æвæццæгæн æм ныфсытæ ис...»

Уæвгæ, дæхицæн фыддæр, — дзырдта дарддæр Грушницкий, — ныр дын зын у уыдонимæ кæрæдзийы базонын, — æвгъау та уæвгæ у! уый у, зæрдæйæн адджындæр, æхсызгондæр хæдзæрттæй иу, æз кæй зонын, уыдонæй...

Æз мæхинымæр бахудтæн.

Æппæтæй æхсызгондæр хæдзар у ныр мæнæн мæхи хæдзар, — загътон æз зæмбгæйæ æмæ сыстадтæн, цæуон, зæгъгæ.

Уæддæр ыл басæтт, фæсмон кæныс?

Æппындæр нæ! Куы мæ бафæнда, уæд тæккæ сомизæр дæр уыдзынæн æз кънйазы усмæ...

Фендзыстæм...

Уый нæ, фæлæ дæуæн æхсызгон цæмæй уа, уый тыххæй райдайдзынæн узæлæнтæ кæнын кънйазы чызгыл...

О, кæд æй бафæнда демæ ныхас кæнын, уæд...

Æз æрмæст банхъæлмæ кæсдзынæн, дæ ныхасæй куы схъыг уа, уыцы минуты онг... Хæрзбон!..

Æз та уæдæ цæуын лекка кæнынмæ, — æз ныр ницæй тыххæй уал бафынæй уыдзынæн... Æрбайхъус-ма, цæуæм фæлтау ресторацимæ, уым хъазынц... мæн хъæуы абон тыхджын æмбудындзинæдтæ...

Æмбылды цæмæй фæуай, уыцы амонд дæ уæд... Æз ацыдтæн мæ хæдзармæ.


21-æм майы

Рацыдис иу къуырийы бæрц, фæлæ æз уæддæр Лиговскийтимæ нæма базонгæ дæн. Æнхъæлмæ кæсын дзæбæх фадатмæ. Грушницкий, цыма йæ аууон у, уыйау цæуы кæмдæриддæр кънйазы чызджы фæстæ; сæ ныхасæн нæй кæрон: кæд дзы схъыг уыдзæн цымæ? Мад сæ хъуыды дæр нæ кæны, уый тыххæй æмæ Грушницкий усгур нæу. Гъеуый дын мадæлты зонд! Æз сæм бафиппайдтон дыууæ, æртæ фæлмæн, буц фæкасты, — уымæн скæнын хъæуы кæрон.

Знон цъайы цур фыццаг хатт фæзындис Верæ... Гроты куы сæмбæлдыстæм, уæдæй фæстæмæ уый хæдзарæй æддæмæ йæ къах дæр нæ равæрдта. Мах уыциу уагъд акодтам нæ агуывзæтæ цъайы æмæ куы ’ргуыбыр кодтам, уæд мын мæ хъусы æрбадзырдта:

Нæ дæ фæнды Лиговскийты базонын? Махæн æрмæст уым ис кæрæдзийы уынæн...

Уайдзæф!.. æнкъарддзинад! Фæлæ мын афтæ хъæуы...

О, хæдæгай: райсом ресторацийы залы æхсæны хардзæй уыдзæнис бал, æмæ æз кафдзынæн кънйазы чызгимæ мазуркæ.


29-æм майы

Ресторацийы зал фестадис уæздан адæмы æмбырдгæнæн бынат. 9 сахатмæ иууылдæр æрæмбырд сты. Кънйазы ус йæ чызгимæ æрбацыдис æппæты фæстæ: сылгоймæгтæй йæм бирæтæ ракодтой хæлæг æмæ æнæцæстуарзон каст, уый тыххæй æмæ Мери цæуы аив дарæсы мидæг. Сæхи ардыгон аристократтæй чи хоны, уыдон æм сæ хæлæгдзинад басусæг кæнгæйæ баластой сæхи. Цы чындæуа? Сылгоймæгты ’мбырд кæм уа, уым уайтагъд фæзыны уæлдæртæ’мæ дæлдæртæ. Рудзгуыты бын, адæмы дзыгуыры ’хсæн лæууыдис Грушницкий йæ цæсгом авгыл сæвæргæйæ, æмæ йæ хуыцауы хай Мерийы йæ цæстытæй цух нæ уадзгæйæ; йæ фæрсты фæцæйцæугæйæ йын Мери зына-нæзына йæ сæрæй акуывта. Грушницкий хурау ныйирд ис... Хъазт райдыдта полякаг кафтæй; уыйфæстæ æрцагътой вальс. Шпорæтæ сдзинг-дзинг кодтой, фаринтæ сфæйлыдтой æмæ ныззылдысты.

Æз лæууыдтæн иу ставд усы фæстæ; йæ сæрыл уыдис розæхуыз систæй рæсугъдтæгонд шляпæ; йæ къабайы хæмпус фæлыстдзинад лæууын кодта зæрдæйыл фижмты дуг, йæ дыркъуым, дæрзæг буары хъулондзинад та — сау дари мушкæты амондджын дуг. Тæккæ стырдæр бызычъи йæ бæрзæйыл æмбæрзт уыдис фермуарæй. Уый дзырдта йæ кавалерæн, драгуйнаг капитанæн:

Ацы Лиговскийты кънйазы чызг цы æнæнтыст у! Уый бахъуыды кæн, фесхуыста мæ æмæ, æгæр-мæгуыр, бахатыр кæн, зæгъгæ, дæр нæ загъта; уый нæ, фæлæ ма мæм фæстæмæ дæр фæкастис æмæ мæм фæцарæзта йæ лорнет... C’est impayble!24 Æмæ-цымæ цæмæй хъал у? Йæ бон ын базонын кæнын хъæуы...

Уый тыххæй нын ницы баззайдзæнис! — дзуапп радта æнæзивæг капитан æмæ рацыдис иннæ уатмæ.

Æз уыцы сахатыл бацыдтæн кънйазы чызгмæ æмæ дзы ракуырдтон йемæ вальс акафыны бар, амы æгъдæуттæ æнæзонгæ сылгоймæгтимæ дæр кафыны бар кæй дæттынц, уымæй спайда кæнгæйæ.

Уый тыххæй бафæрæзта йæ мидбылтыхудт бауромын æмæ йæ циндзинад басусæг кæнын; фæлæ уайтагъддæр фæцарæхстис йæхиуыл фæхæцынмæ, йæхи стырзæрдæ, суанг ма мæстыхуыз фæкæнынмæ дæр. Уый æнæрвæссон уагъд æркодта йæ къух ме уæхскыл, йæ сæр гæзæмæ æркъул кодта фæрсырдæм æмæ айстам кæрæдзийы. Нæ зонын æз уый астæуæй мондагдæр æмæ тасагдæр астæу! Йæ рæууон, сыгъдæг комытæф æндзæвыдис мæ цæсгомыл; хатгай-иу йæ бецыкк вальсы тымыгъы йе’мбæлттæй фæхицæн уæвгæйæ фæселф кодта мæ судзаг уадултыл... Æз акафыдтæн æртæ æрзылды. (Диссаджы хорз кафы вальс). Уый байдыдта хæстулæфт кæнын, йæ цæстытæ фæтар сты, йе ’рдæггом былтæн ма сæ бон бацис сабыргай зæгъын: «merci, monsieur»25.

Иу-цалдæр минуты ахъус уæвыны фæстæ йын æз загътон, цыма йын тынг коммæгæс, лæгъстæйаг дæн, мæхи уыйхуызæн скæнгæйæ:

Æз афтæ фехъуыстон, кънйазы чызг, æмæ мæ кæд æппындæр нæ зоныс, уæддæр мæ ныридæгæн, ме ’намондмæ гæсгæ, цыма разы нæ дæ... цыма мæ къæйных хоныс, уыйау... уый, цымæ, æцæг у?

Æмæ мæ хъуыдытæ афтæ цæмæй уой, уый дæ фæнды? — дзуапп радта чызг, йæ цæрдæг цæсгомыл тынг чи фидыдта, ахæм æфхæрæн былысчъил фæкæнгæйæ.

Кæд дæ мæ къæйныхдзинадмæ гæсгæ истæмæй бафхæрдтон, уæд мын бар ратт ноджыдæр къæйныхдæрæй дæуæй хатырдзинад ракурынæн дæр... Æмæ, бауырнæд дæ, фæнды мæ тынг дæуæн мæ рæстдзинад равдисын, мæн тыххæй рæдийгæ кæй кодтай, уый бамбарын кæнын...

Дæуæн зын уыдзæнис уый бакæнын...

Цæмæн уæд?..

Уымæн æмæ нæм ды нæ вæййыс, ацы кафтизæртæ та, æвæццæгæн, арæх нæ уыдзысты.

«Уый уымæ цæуы, — ахъуыды кодтон æз, — æмæ мын сæ дуæрттæ мыггагмæ дæр æхгæд сты».

Зоныс, кънйазы чызг, — загътон æз, иучысыл мæ зæрдæхудгæйæ, — никуы хъæуы æддæссон кæнын фæсмонгæнæг фыдгæнæджы: йæ фырзæрдæсастæй уый хъуамæ дыууæ хатты фылдæр фыдгæнæг суа... æмæ уæд...

Нæ алыварс цы адæм уыдис, уыдоны кæл-кæл æмæ сусубусу мæн фæстæмæ фæкæсын кодтой, æмæ мæ ныхас фæурæдтон. Мæнæй иу-цалдæр санчъехы æддæдæр лæууыдис лæгты къорд; уыдоны æхсæн уыдис драгуйнаг капитан дæр, кънйазы чызгыл хæрамæй цæуынмæ чи хъавыдис, уый; уый уæлдай тынг разы уыдис цæмæйдæр, йæ къухтæ сæрфта кæрæдзийыл, кæл-кæлæй худтис æмæ йе ’мбæлттимæ кæрæдзимæ ныкъуылдтой сæ цæстытæ. Æвиппайды се ’хсæнæй рахицæн ис иу лæг фрачы мидæг, даргъ боцъотæ æмæ йын фыдуынд сырх цæсгом, æмæ йæ лæмæгъ, æнæныфс санчъехтæ сарæзта комкоммæ кънйазы чызгмæ: уый уыдис расыг. Чызг ныфсæрмы ис. Лæг чызджы комкоммæ ныллæугæйæ æмæ йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ тарцъæхбын цæстытæй æдзынæг ныккастис чызгмæ æмæ йæм сдзырдта фæсус дискæнтæй:

Пермете... цæй, гæдымитæ цы сты!.. хонын дæ æрмæст мазуркæ кафынмæ...

Цы дæ хъæуы? — зæгъгæ, фæкодта чызг ризгæ хъæлæсæй, фæйнæрдæм æххуысагурæгау кæсгæйæ. Фæлæ бæллæх! Йæ мад æм уыдис дард, йæ зонгæ кавалертæй дæр йæ цуры ничи уыдис; иунæг адъютант федта, æнхъæлдæн æмæ, цы’рцыдис, уыдон иууылдæр, фæлæ бамбæхстис адæмы ’хсæн, фыдбылызы куы бафта, уый тæссæй.

Цы кæныс? — загъга расыг лæг, алыхуызон нысæнттæй йын ныфсытæ чи æвæрдта, уыцы драгуйнаг капитанмæ йæ цæст фæныкъулгæйæ. — Ау, нæ дæ фæнды? Æз та ноджыдæр мæхицæн кадыл нымайын дæу мазуркæ кафынмæ рахонын... Ды мын, чи зоны, æмæ расыг æнхъæл дæ? Уый хабар дæр нæу!.. Бирæ уæгъдибардæр у афтæмæй, баууæнд мыл...

Æз федтон, чызджы фыртæссæй æмæ фырмæстæй бауадзыгмæ бирæ кæй нал хъуыдис, уый.

Æз бацыдтæн расыг лæгмæ, йæ къухыл ын фидар ныххæцыдтæн, бакастæн ын æдзынæг йæ цæстытæм æмæ йын загътон, дæхи айс, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ, зæгъын, кънйазы чызг мæнæн мазуркæ кафынæй зæрдæ раджы сæвæрдта.

Цæй, амал нæй!.. Æндæр хатт! — загъта уый, йæхæдæг бахудтис æмæ ацыдис йе ’мбæлттæм; уыдон фефсæрмы сты æмæ йæ уайтагъд иннæ уатмæ ахуыдтой.

Æз райстон чызгæй лæварæн арф, рæсугъд цæстæнгас.

Кънйазы чызг бацыдис йæ мадмæ æмæ йын радзырдта хабæрттæ иууылдæр: уый мæ ссардта адæмы ’хсæн æмæ мын райдыдта арфæтæ кæнын. Уый мын радзырдта, мæ мады кæй зыдта æмæ мæ мадыхотæй иу-æхсæзимæ хæларæй кæй цардис, уый.

Æз нæ зонын, цæмæн афтæ рауадис, ныронг дæуимæ зонгæ цæуылнæ стæм, уый, — бафтыдта кънйазы ус йæ ныхæстыл. — Фæлæ басæтт, аххосджын ам иунæг ды кæй дæ, ууыл; ды æмуд куы никæмæ цæуыс æппындæр, уæд уый цыхуызæн хъуыддаг у? Ныфс мæ ис, мæ уазæгдоны уæлдæф дын дæ æрхæндæгдзинад кæй фæсурдзæнис, уымæй... Раст нæ зæгъын?

Æз ын загътон, мæ раны фæуæвгæйæ алкæмæ дæр ахæм рæстæгмæ æвæрæны цы ныхæстæ хъуамæ уа, уыдонæй иу. Кадрильтæ ныйисты æнахуыр даргъ.

Фæстагмæ ацагътой мазуркæ; мах кънйазы чызгимæ æрбадтыстæм.

Æз иу хатт дæр не скодтон, æфсонæй дæр, нæдæр расыг лæджы кой, нæдæр, фыццаг мæхи куыд дардтон, уый кой, нæдæр Грушницкийы кой. Æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддаг дзы цы маст бауагъта, уый чысылгай-чысылгай фæпырх ис, ферох ис; кънйазы чызджы цæсгом йæ хуыз скалдта, сæрттывта; уый кодта тынг дзæбæх хъазæн ныхæстæ; йæ ныхас уыдис цыргъ, худæг, кæд аразгæ ныхасыл нæ архайдта, уæддæр, цырд, æдзæстхиз; йæ фиппайæн ныхæстæ вæййынц иуæй-иу хатт арф, зондджын... Æз ын тынг хылы-мылы ныхасæй бамбарын кодтон, рагæй мæ зæрдæмæ кæй цæуы, уый. Уый йæ сæр æруагъта дæлæмæ æмæ цъус фæсырх ис.

Ды дæ диссаджы адæймаг! — загъта уый, стæй мæм йæ фæлмæн хъæдабæхуыз цæстытæй скæсгæйæ æнæбары бахудтис.

Мæн нæ фæндыдис дæуимæ кæрæдзийы базонын, — дзырдтон æз дарддæр, — уый тыххæй æмæ дæ алыварс ис, аргъ.дын чи кæны, уыдонæй æгæр бæзджын дзыгуыр, æмæ æз тарстæн уыцы дзыгуыры бынтон фесæфынæй.

Дзæгъæлы тарстæ! Уыдон иууылдæр сты тынг æнкъард адæм...

Иууылдæр! Ау, æцæг иууылдæр?

Чызг мæм æдзынæг æрбакастис, цыма йæ зæрдыл исты æрлæууын кæнынмæ хъавыдис, уыйау, стæй та зына-нæзына фæсырх ис æмæ фæстагмæ загъта хъæбæрæй: иууылдæр!

Мæ хæлар Грушницкий дæр?

Æмæ уый дæ хæлар у? — загъта чызг куыддæр гуырысхогæнæгау.

О.

Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæй æнкъард адæмы хыгъды...

Фæлæ æнамондты хыгъды, — загътон æз худгæйæ.

Ай-гъай! Æмæ дæм худæг кæсы? Мæн фæнды, ды уый бынаты куы уаис, уый...

Æмæ цы? æз кæддæр мæхæдæг дæр уыдтæн юнкер, æмæ, раст дын зæгъон, гъеуый уыдис мæ цардæн йæ тæккæ хуыздæр рæстæг!

Ау, æмæ уый юнкер у?.. — загъта тагъдгомау, стæй бафтыдта, — уæдæ йын æз та æнхъæл уыдтæн...

Цы ’нхъæл уыдтæ?..

Ницы!.. Уыцы сылгоймаг чи у?

Ацы ран ныхас йæ арæзт аивта, æмæ йæм фæстæмæ нал раздæхтæн.

Уалынмæ мазуркæ фæцис, æмæ мах кæрæдзийы ныууагътам феныны онг. Сылгоймæгтæ фæйнæрдæм фæцыдысты... Æз ацыдтæн æхсæвæр хæрынмæ æмæ сæмбæлдтæн Вернерыл.

А-гъа! — загъта уый, — кæсут-ма уымæ! Куы нæ дæ фæндыдис кънйазы чызджы базонын, цалынмæ йæ æргом адзалæй фервæзын кодтаис, уæдмæ.

Æз хуыздæр бакодтон, — зæгъгæ йын дзуапп радтон æз, — фервæзын æй кодтон уадзыг фæуынæй кафтизæры!..

Уый та куыд? Радзур-ма йæ!

Нæ, дæхæдæг æй базон, — ды цы нæ базондзынæ, дунейыл ахæмæй куы ницы ис!


30-æм майы

Изæры авд сахатмæ ’ввахс æз тезгъо кодтон бульвары. Грушницкий мæ дардæй ауыдта æмæ мæм æрбацыдис: цавæрдæр худæджы циндзинад хъазыдис йæ цæстыты. Уый мын тынг цæлхъывта мæ къух æмæ загъта æнтъыснæг тыхст хъæлæсæй:

Бузныг дæ дæн, Печорин... Æмбарыс мæ?

Нæ, ницы дæ æмбарын; фæлæ уæддæр бузныг аккаг нæ дæн, — дзуапп радтон æз арфæйаг хъуыддагæй мæхимæ ницы зонгæйæ.

Куыд? Æмæ знон та? Ферох дæ нс?.. Мери мын сæ иууылдæр радзырдта...

Ау, æмæ уын ныр алцыдæр иумæйаг ссис? Уæ арфæдзинад дæр?

Æрбайхъус-ма, — загъта Грушницкий йæхиуыл тынг æрвæсгæйæ, — дæ хорзæхæй, мæ уарзондзинад мын хынджылæггаг ма кæн, кæд дæ мемæ лымæнæй баззайын фæнды, уæд. Уыныс! Æз æй уарзын æнæкæрон... æмæ æз æнхъæл дæн, мæ зæрдæ дарын, уый дæр мæ афтæ кæй уарзы... Дæумæ мæм ис курдиат: ды уыдзынæ уыдонмæ абон изæрæй; дзырд мын ратт, алцæмæ дæр дæ цæст кæй дардзынæ: æз зонын — ахæм хъуыддæгты ды фæлтæрд кæй дæ, уый, ды мæнæй хуыздæр зоныс сылгоймæгты... О сылгоймæгтæ, сылгоймæгтæ! Цымæ сæ чи бамбардзæнис? Сæ мидбылхудт дзуры сæ цæстæнгасы ныхмæ, сæ ныхæстæ æвæрынц зæрдæ, сидынц сæхимæ, сæ хъæлæсы зыланг та фæстæмæ схойы, былтæ къуыры... Уæд вæййы, æмæ минутмæ бамбарынц æмæ ацахсынц махæн нæ тæккæ арфдæр, сусæгдæр хъуыды, уæд та æргомдæр койтæ æмæ уадзырæттæ дæр нал фембарынц... Мæнæ, зæгъæм, ныр кънйазы чызгæй: знон йæ цæстытæ фыруарзтæй цъæх пиллон уагътой мæнмæ кæсгæйæ, абон та тар æмæ уазалæй лæууынц...

Уый, чи зоны, æмæ хъæрмæдоны тæфаг уа, — дзуапп ын радтон æз.

Ды алцæм дæр уыныс æвзæрдзинад... материалист! — загъта Грушницкий æнæрвæссонæй. — Æниу, цæй æмæ матери аивæм... — æмæ йе ’взæр каламбурæй разы уæвгæйæ схъæлдзæг ис.

Фарæстæм сахатыл мах ацыдыстæм кънйазы усмæ.

Верæйы рудзгуыты фæрсты фæцæйцæугæйæ йæ æз ауыдтон рудзынджы цур. Мах фæкодтам кæрæдзимæ æхсгæ каст. Уый мах фæстæ уайтагъд æрбацыдис Лиговскийты уазæгдонмæ. Кънйазы ус мæ бавдыста уымæн, куыд йæ хæстæгæн. Цымдтам цай; уазджытæ сæм уыдис бирæ; ныхас уыдис иумæйаг. Æз мæ уды быцъынæг скъуыдтон кънйазы усы зæрдæмæ бацæуыныл, кодтон хъазæн ныхæстæ, цалдæр хатты йæ зæрдиагæй фæхудын кодтон; кънйазы чызджы дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ фæндыдис ахудын, фæлæ уый хæцыд йæхиуыл, цыхуызы, цы ролы бацыдис, уымæй куыд нæ фæцух уыдаид, уый тыххæй: уый афтæ ’нхъæл у, æмæ йыл æнкъардхуыз фидауы — æмæ, чи зоны, нæ рæдийы. Грушницкий, æнхъæлдæн, тынг цин кæны, мæ хъæлдзæгдзинад кънйазы чызгмæ кæй нæ хъары, ууыл.

Цайы фæстæ иууылдæр ацыдыстæм залмæ.

Дæ коммæ кæй бакастæн, уымæй мæ разы нæ дæ, Верæ? — загътон æз йæ фæрсты фæцæйцæугæйæ.

Уый мæм æрбакастис уарзон æмæ бузныг цæстæнгасæй. Æз сахуыр дæн ныр уыцы цæстæнгæстыл; фæлæ кæддæр уыдон уыдысты мæ циндзинад. Кънйазы ус æрбадын кодта йæ чызджы фортепианойы фарсмæ, иууылдæр дзы куырдтой, исты нын азар, зæгъгæ; æз мæхи ныхъхъус кодтон æмæ дзолгъомолгъойæ спайда кæнгæйæ Верæимæ райстон мæхи рудзынджы цурмæ. Уый мын зæгъинаг уыдис, нæ дыууæйæн дæр тынг стыр хъуыддаг чи уыдис, ахæм цыдæр... Фæлæ рацæйрабон, æмæ ахæмæй ницы...

Кънйазы чызгæн хъыг уыдис, рохуаты йæ кæй ныууагътон, уый, йæ мæстыгæр æрттиваг цæсты фæкастæй йын бамбарæн куыд уыдис, афтæмæй... О, æз æмбисонды хорз æмбарын уыцы æгомыг ныхас, æргом, цыбыр, фæлæ тыхджын ныхас!

Мери ныззарыдис: йæ хъæлæс æвзæр нæу, фæлæ заргæ хорз нæ кæны... уæвгæ йæм æз нæ хъуыстон. Фæлæ уыйхыгъд Грушницкий йæ комкоммæ роялыл йæ рæмбыныкъæдзæй æрæнцайгæйæ хордта чызджы йæ цæстытæй æмæ минутæй-минутмæ дзырдта æрдæгхъæлæсæй: «Charmant! deliceux!»26

Æрбайхъус-ма, — дзырдта мын Верæ, — нæ мæ фæнды, мæ моимæ цæмæй базонгæ уай, уый, фæлæ ды, цы амал ис, уымæй хъуамæ фæцæуай кънйазы усы зæрдæмæ; дæуæн уый æнцон кæнæн у, цы дæ бафæнда, æмæ цы нæ бакæндзынæ. Мах æрмæст ацы ран уындзыстæм кæрæдзийы...

Æрмæст?..

Уый фæсырх ис æмæ йæ ныхас кодта дарддæр: — Ды зоныс, æз дæ цагъар кæй дæн, уый, æз никуы фæрæзтон дæ ныхасыл дыууæ зæгъын... æмæ уый тыххæй æз уыдзынæн æфхæрд: нал мæ уарздзынæ! Æппынфæстаг, мæн фæнды мæ ном, мæ кад бахъахъхъæнын... мæхи тыххæй нæ, ды уый тынг хорз зоныс!.. Курын дæ, ма мæ мар хъизæмарæй æмæ æфсоны уазалдзинадæй: æз, чи зоны ’мæ тагъд амæлон; æз æмбарын, бонæй-бон æдыхдæр, лæмæгъдæр кæй кæнын, уый... æмæ уæддæр нæ фæразын фидæн царды мæт кæнын, æз тыхсын æрмæст дæуыл... Сымах, нæлгоймæгтæ, не ’мбарут цæстæнгасы, къухы райсты ад, æхсызгондзинад... фæлæ æз, сомы дын кæнын, æз дæ хъæлæс хъусгæйæ ахæм арф, æнæкæрон æнахуыр æхсызгондзинад фембудын, æмæ цыфæнды судзгæ, тæвд батæ дæр сæ цуры ницы сты.

Уалынмæ кънйазы чызг Мери банцадис йæ зарынæй. Æппæлды хор-хор стынг ис алырдыгæй, æз æм бацыдтæн æппæты фæстæ æмæ йын сæрыстыргомауæй цыдæр загътон йæ хъæлæсы тыххæй.

Уый йæхи фæбылысчъил кодта дæллаг был феддæдæр кæнгæйæ æмæ æркодта тынг æнæрвæссон худæндзаст бадт.

Уый мæнæн уæлдай æхсызгондæр уымæн у, — загъта чызг, — æмæ мæм æппындæр хъусгæ кæй нæ кодтай; фæлæ, чи зоны, ды музыкæ нæ уарзыс?..

Куыд нæ... уæлдайдæр фæссихор.

Грушницкий раст у, афтæ кæй зæгъы: дæумæ хæрзхуымæтæг — прозаикон æмбудæн ис... æмæ æз уынын, музыкæ ды æрмæст цæлы охмæ кæй уарзыс, уый...

Рæдийгæ та кæныс: æз æппындæр цæлуарзаг нæ дæн: мæнæн тынг æвзæр ахсæн ис. Фæлæ музыкæ фæссихор хуыссæг æфтауы, фæссихор хуыссын та у пайда, æнæнизы хос, — гъемæ æз уарзын музыкæ æнæниздзинады охмæ. Изæрæй та æндæр хъуыддаг у, изæрæй мын мæ нуæрттæ æгæр хъыг дары: куы дзы æгæр æнкъард кæнын, куы та æгæр хъæлдзæг. Фырхъæлдзæг æмæ фырæнкъардæй та адæймаг фæлмæцгæ кæны, уæлдайдæр сын бæрæг сæр куы нæ вæййы, уæд; стæй уымæй æддæмæ дæр адæмы ’хсæн æнкъардæй бадын аипп у, фырхъæлдзæг та у æнаив, æвидауц хъуыддаг...

Мери мæ ныхасы фæуынмæ нал фæкастис, ацыдис иуварс, æрбадтис Грушницкийы цур æмæ райдыдта йемæ цыдæр зæрдæ ’нтъыснæггæнæн ныхас: æнхъæлдæн æмæ йын чызг лæвæрдта йæ зондджын ныхæстæн дзуапп фаг рохстæй æмæ дæлдзæф-уæлдзæфæй, кæд æм, цыма зæрдиагæй хъуыста, йæхи афтæ дардта, уæддæр, уый тыххæй æмæ йæм Грушницкий хаттæй-хатт кастис дисгæнгæйæ, йæ тарст цæстæнгасæй бæрæг чи уыдис, уыцы хъуырмæдзинад цæй тыххæй у, уый бамбарыныл архайгæйæ...

Фæлæ нæ, бамбæрстон дæ, хорз кънйазы чызг, дæхи хъахъхъæн! Дæу фæнды мæн дæр уыцы барæнæй абарын, мæ хиуарзондзинад фæрæхойын, — уый дын нæ бантысдзæнис! æмæ мемæ тохыл куы суай, уæд уый зон, уыдзынæн æнæхатыр!

Кафтизæры дæргъы æз иукъорд хатты афæлвæрдтон барæй сæ ныхасмæ дзырдæппарæн акæнын, фæлæ Мери куы ницы бæрæг дардта йæ хъус мæ ныхæстæм, уæд æз дæр цæстмæ мæхи æфхæрдхуыз скæнгæйæ ацыдтæн фæстагмæ уыдонæй иуварс. Мери уыдис иттæг разы йæхицæй; Грушницкий дæр афтæ. Цин уал кæнут, мæ лымæнтæ, гъæй зæгъут... фæлæ бирæ нæ фæцин кæндзыстут!.. Ныр куыд? æз халонау ме уæны кæсын... Сылгоймагимæ базонгæ уон, зæгъгæ-иу куы сфæнд кодтон, уæд-иу æз кæддæриддæр æнæрæдыдæй зыдтон, уарздзæн мæ æви нæ уарздзæн, уый...

Изæрæн йæ иннæ ’мбис æз арвыстон Верæйы фарсмæ бадгæйæ, æмæ мæ фаг фæныхас кодтон йемæ нæ рагон миты тыххæй... Цæмæн мæ афтæ уарзы, уымæн, раст зæгъгæйæ, ницы зонын! Уæлдайдæр уымæн, æмæ уый у, мæ лыстæг аиппытимæ æмæ æвзæр мондагдзинæдтимæ мæн сæрæй бынмæ чи бамбæрста, иунæг ахæм сылгоймаг... Ау, цымæ æвзæрдзинад афтæ зæрдæмæдзæугæ, афтæ химæласаг у?..

Мах рацыдыстæм Грушницкиимæ иумæ, уынджы мыл дæларм хæст ныккодта æмæ æнæдзургæйæ бирæ куы фæцыдыстæм, уæд мын загъта:

Гъы, цы зæгъыс?

«Æдылы дæ», зæгъгæ йын зæгъын мæ зæрды уыдис, фæлæ мæхи ныуурæдтон æмæ æрмæст ме уæхсчытæ фелхъывтон.


6-æм июны

Ацы бонты дæргъы æз иу хатт дæр мæ уагæй нæ фæцух дæн. Кънйазы чызджы зæрдæмæ байдыдта цæуын мæ ныхас; æз ын радзырдтон, мæ цæрæнбонты мыл цы ’нахуыр, цы диссаг хабæрттæ æрцыдис, уыдонæй иуæй-иутæ, æмæ йæм уæдæй фæстæмæ цыдæр æвирхъау адæймаг кæсын байдыдтон. Дунейыл цыдæриддæр ис, алцæуыл дæр æз худгæ кæнын, уæлдайдæр та адæймаджы æнкъарæнтыл; уыцы хъуыддаг дзы тас уадзын байдыдта. Уый мæ цуры нæ уæнды Грушницкиимæ зæрдæрæвдауæн дæргъæлвæс ныхасы цæуын æмæ йын ныридæгæн иу-цалдæр хатты йæ ныхæстæн æмæ йæ митæн дзуапп радта былысчъил худтæй; фæлæ йæм Грушницкий фæцæуы, зæгъгæ, афгæ æз алыхатт дæр сабыр, æнæсæрыстырхуыз скæнын мæхи æмæ ныууадзын сæ дыууæйы иунæгæй; афтæ кæй кодтон, уый йын фыццаг хатт уыдис æхсызгон, кæнæ та архайдта йæхи афтæ æвдисыныл; дыккаг хатт мæм смæсты ис, æртыккаг хатт та смæсты ис Грушницкиймæ.

Дæумæ тынг чысыл ис хиуарзондзинад! — загъта мын знон. — Афтæ ’нхъæл цæмæн дæ, æмæ мæнæн Грушницкиимæ хъæлдзæгдæр у?

Æз ын загътон, ме ’хсызгондзинады хай æз нывонд кæнын мæ хæлары амондæн...

Стæй ма ме ’хсызгондзинады хай дæр, — сдзырдта чызг. Æз æм æдзынæг бакастæн æмæ мæхи фæмæстыхуыз кодтон.

Стæй æгас бон-изæрмæ йемæ иу ныхас дæр нал скодтон... Изæрæй уый уыдис æнкъард, абон райсом цъайы цур та ноджыдæр æнкъарддæр. Æз æм куы бацыдтæн, уæд уый рохстæй лæууыдис æмæ хъуыста Грушницкийы ныхæстæм; уый, æнхъæлдæн, æппæлыд æмæ дис кодта æрдзы рæсугъддзинадыл, фæлæ чызг, куыддæр мæн ауыдта, афтæ райдыдта кæлкæлæй худын (æппындæр ницæмæн хъуыдис), йæхæдæг, цыма мæ хъуыды дæр нæ кæны, йæхи афтæ скодта. Æз мæхи дарддæр раластон æмæ йæм мæ цæстызул дарын байдыдтон: уый йе ’мныхасгæнæгæй йæхи иннæрдæм аздæхта æмæ ныззæмбыдта дыууæ хатты. Æнæмæнг, сфæлмæцыдис Грушницкийæ. Ноджыдæр ма дыууæ боны йемæ нæ дзурдзынæн.


11-æм июны

Æз мæхи арæх афæрсын, цымæ цæмæн афтæ иузæрдионæй, къæйныхæй архайын æз, фæсайын мæ кæй нæ фæнды, кургæ кæй никуы ракæндзынæн, уыцы æвзонг чызг мæ цæмæй уарза, ууыл? Цæмæн хъæуынц мæн сылгоймаджы уыцы зæрдæхалæн митæ? — Верæ мæ уарзы, кънйазы чызг Мери мæ искуы цас уарздзæн, уымæй фылдæр; æнæбасæтгæ рæсугъд сылгоймаг мæм куы кæсид Мери, уæд ма, чи зоны æмæ, мæ тыхтæ афæлварыны тыххæй фæразæнгард уаин...

Фæлæ æппынДæр афтæ нæу! Уæдæ мæ уарзондзинад ахæм тентекк, ахæм фыдæнцой уарзондзинад нæу, æмæ, мах нæ лæппуйы фыццаг азты дæргъы фыдæбонæй чи фæмары, йæ сæфт нæ чи фæуыны, ахæм сылгоймаг цалынмæ ссарæм, уæдмæ нæ иу сылгоймагæй иннæмæ раппар-баппар чи фæкæны: махæн ацы ран райдайы нæ иудадзыгон æнувыддзинад, ныллæууæм нæ фæстаг зондыл — райдайы не ’цæг, не ’нæкæрон мондагдзинад, математикон æгъдауæй стъæлфæй тыгъдæгмæ цы хахх цæуы, уымæй равдисæн кæмæн ис, уый; уыцы æнæкæрондзинадæн йæ сусæгдзинад æрмæст уый у, æмæ адæймаг цæмæ фæхъавы, уымæн къухы бафтæн, ома, æнæкæрондзинадæн йæ кæрон ссарæн кæй нæй.

Уæдæ ма цæй тыххæй у мæ цоппай? — Грушницкиймæ хæлæг кæныны тыххæй? О, мæгуырæг! Æмæ уый хæлæггæнинаг аккаг дæр куы нæ у æппындæр. Æви адæймаджы зæрдæйы цы ’взæр, фæлæ æнæбасæтгæ тæваг ис, ома — хæстæг нæм цы адæймаг у, уый куы фæрæдийы æмæ йæ цæуыл уырнын хъæуы, адæргæй нæ уымæй куы фæфæрсы, уæд нæ æхсызгонæй уымæн ахæм дзуапп чи дæттын кæны, уый у:

— Мæ хæлар, дæ раны æз дæр уыдтæн! фæлæ ныр уыныс, æз хæрын сихор, æхсæвæр, хуыссын тынг æнцад æмæ, æнхъæлдæн, æнæ хъæр, æнæ цæстысыгæй амæлын дæр базондзынæн!

Афтæмæй та куыд æхсызгон у лæппын, цъус чи райхæлы, ахæм удыл фæхæст уæвын, уымæн хицауиуæг кæнын! Уый у дидинæджы уавæрæн, йæ ахъаззагдæр тæф хуры фыццаг тыны размæ кæмæн сивгъуийы; уый ратонын хъæуы уыцы минутыл, æмæ йæ, фаг æм фесмудгæйæ, фæндагыл аппарын: исчи йæ кæд сисид, зæгъгæ. Æз æмбудын мæхимæ уыцы æнæфсис кæрæф, йæ. фæндагыл цы ары, уыдон иууылдæр ныхъуыргæ чи кæны; æз кæсын иннæ адæмы зындзинæдтæм æмæ циндзинæдтæм æрмæст мæхи пайдайы цæстæй, удæнцойы хос мын цас сты, уый цæстæй. Мæхицæн мæ бон нал у мондагдзинады тæфæй æрра кæнын; цы кадуарзындзинад мæм уыдис, уый мын мæ фадæттæ ныссаста, фæлæ йæхи равдыста уый æндæр хуызы, уый тыххæй æмæ кадуарзындзинад у искæуыл хицауад кæнынмæ бæллын, мæнæн та мæ æхсызгондæр хъуыддаг у — мæ алыварс цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр мæ армы дарын, уыдонæн уынаффæ кæнын; искæмæн хи уарзын кæнын, искæйы хиуыл иузæрдион кæнын æмæ искæй тас уадзын хицауадæн йæ фыццагдæр нысан æмæ йе стырдæр уæлахиздзинад нæу, мыййаг? Искæмæн хъиамæтты мæгуирад æмæ циндзинæдты хос у, æппындæр дæм уымæ мацы бар уæд, афтæмæй — нæ хъалдзинадæн уый йæ адджындæр цæл, йæ хуыздæр минас нæу, мыййаг? Уæд амонд та цы у? Æфсæст хъалдзинад. Дунейыл чи ис, уыдонæн се ’ппæтæй хуыздæр, домбайдæр куы хонин мæхи, уæд æз уаин амондджын; адæм мæ иууылдæр куы уарзиккой, уæд æз ссарин мæхимæ уарзондзинады æвидийгæ суадæттæ. Хæрамдзинадæй æвзæры хæрамдзинад; фыццаг рыст æмбарын кæны, иннæйы хъизæмарæй марын цас æхсызгон у, уый; хæрамдзинады идейæйæн адæймаджы сæры бацæуæн нæй, искæмæн фыдбылыз саразын йæ зæрды нæ уæвгæйæ; идейæтæ сты органикон сфæлдисонтæ, загъта чидæр: сæ райгуырд сын йæхæдæг дæтты формæ, æмæ уыцы формæ у архайд, бавнæлд; йæ сæры фылдæр идейæтæ кæмæн сæвзæрдис, уый иннæтæй фылдæр архайы; афтæ кæй у, уымæ гæсгæ чиновничы стъолмæ фидаргонд гений хъуамæ кæнæ мæлгæ акæна, кæннод та æрра суа, домбай буары хицау адæймагæн бадгæ æмæ хæрзуагцард кæнгæйæ туг йæ сæры куыд фæбады, æмæ куыд амæлы, афтæ.

Мондагдзинæдтæ дæр сты, идейæтæ сæ фыццаг рæзгæйæ цы вæййынц, раст гъеуый: уыдон зæрдæмæ вæййынц йе ’взонджы заманы; æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонты уыдон йæ зæрдæйы уылæнтæ кæндзысты, зæгъгæ, æнхъæл чи у, уый у æдылы адæймаг: бирæ æнцад цæугæдæттæ райдайынц æрра, хъæргæнаг æхсæрдзæнтæй, æмæ дзы иу дæр уыцы агъуд æмæ фынккалгæйæ нæ хæццæ кæны суанг денджызы онг. Фæлæ уыцы æнцаддзинад арæх вæййы стыр, домбай, фæлæ æмбæхст тыхы нысан; æнкъарæнты æмæ хъуыдыты дзагдзинад æмæ арфдзинад нæ уадзы æрра футтытæ, сонт митæ кæнын; уд хъизæмар кæнгæйæ æмæ адджын цард кæнгæйæ йæхицæн фæдæтты карз дзуапп æмæ йæ бауырны, афтæ хъуамæ кæй уа, уый; уый зоны, æнæ тæрккъæвдатæ йæм æдзух хуры ’нтæф куы скæса, уæд кæй бахус уыдзæнис, уый; уый свæййы æрмæст йæхи цардыл — рæвдауы æмæ æфхæры йæхи уарзон сывæллонау. Æрмæст гъеуыцы бæрзонддæр хизонындзинады фæрцы адæймаг фæразы аргъ кæнын Хуыцауы раст тæрхондзинадæн.

Ацы фарс ногæй кæсгæйæ æз уынын, кæй адард дæн мæ ныхасы сæрæй, уый... Фæлæ цы чындæуа?.. Ацы журнал æз фыссын мæхицæн æмæ дзы уымæ гæсгæ цыдæриддæр баппарон, уый мын искæд уыдзæнис зынаргъ мысинаг.

Æрбацыди Грушницкий æмæ ме ’фцæджы ныттыхсти, — скодтой йæ афицер. Мах бануæзтам шампайнаг сæн. Дохтыр Вернер æрбацыдис йæ фæстæ.

Æз дын арфæ нæ кæнын, — загъта уый Грушницкийæн.

Цæуылнæ уæд?

Уый тыххæй æмæ дыл салдаты цинел тынг хорз фидауы; æмæ дын, басæтт ыл, ам, хъæрмæдоны цы фистæг æфсæддон мундир бахуийой, уый дын æппындæр ницы фидауцдзинады хос у... Цæвиттоны хъуыддагæй ды ныронг уыдтæ иунæг, дæ дарæсы хуызæн никæуыл уыдис, фæлæ ныр иннæтимæ уыцы иу джиппы ауайдзынæ.

Дзур уал, дзур, дохтыр! уæддæр мæ цин кæнынæй нæ бауромдзынæ. Уый нæ зоны, — æрбадзырдта мын Грушницкий мæ хъусы, — цас ныфс мын радтой ацы пъалеттæ, уый... О пъалеттæ, пъалеттæ! уе стъалытæ — фæндагамонæг стъалытæ... Нæ, ныр æз дæн бынтон амондджын.

Цæуыс немæ тезгъо кæнынмæ лæгæтырдæм? — бафарстон æй æз.

Æз? — ницæй тыххæй равдисдзынæн мæхи кънйазы чызгмæ, цалынмæ мæ мундир не сцæттæ уа, уæдмæ.

Радзурон ын дæ циндзинады хабар?

Нæ, табуафси, ма йын зæгъ... Дис куыд фæкæна, æз ын афтæ бакæнынмæ хъавын...

Зæгъ-ма мын уæддæр, дæ хъуыддæгтæ йемæ куыд цæуынц?

Уый фефсæрмы ис æмæ хъуыдыйыл фæцис: уый фæндыдис йæхицæй раппæлын, гæдыныхæстæ ракæнын, — фæлæ йæ цæсгом нæ хъæцыдис, æцæг циу, ууыл басæттын та йæм худинаг кастис.

Куыд æнхъæл дæ, уарзы дæ Мери æви нæ?..

Уарзы мæ? Дæ хорзæхæй, Печорин, цавæр зондыл хæст дæ!.. Афтæ тагъд уанцон нæу? Стæй мæ кæд уарзы, уæддæр æгъдауджын сылгоймаг уый не схъæр кæндзæнис...

Хорз! Æмæ уæдæ, æвæццæгæн, дæуырдыгонау æгъдауджын адæймаг дæр йæ бæллондзинад хъуамæ сусæг кæна?

Ехх, æфсымæр! алцæмæн дæр уаг ис, бирæ цыдæртæ дзургæ не сты, фæсномыгæй сæ æмбарын хъæуы...

Уый раст у... Æрмæст, сылгоймагæн йæ цæстæнгасы цы уарзондзинад кæсæм, уый йæ ницы хæсджын кæны, фæлæ йæ ныхас... Нæ фехъуыстон ма зæгъ, Грушницкий, сайгæ дæ кæны....

Чи, уый?.. — загъта Грушницкий, йæ цæстытæ арвмæ сыздахгæйæ æмæ мидбылты хиуылæрвæсгæ худт бакæнгæйæ. — Æз дын тæригъад кæнын, Печорин!..

Грушницкий рацыдис.

Изæры тынг бирæ адæм фистæгæй ацыди хауæнмæ.

Амы ахуыргæндтæ куыд æнхъæл сты, афтæмæй уыцы хауæн у, чи бахуыссыдис, ахæм вулканы ком; уыцы хауæн ис Машук-хохы лæгъз фахсыл, горæтæй иу верст æддæдæр. Цæуы йæм нарæг къахвæндаг пыхсыты æмæ къæдзæхты ’хсæнты; хохмæ куы фæхæрд кодтам, уæд æз бадардтон Меримæ мæ къух, уый йыл ныххæцыдис æмæ йæ нал суæгъд кодта, цалынмæ тезгъогонд фестæм, уæдмæ.

Нæ ныхас райдыдтам фыдгойæ: æз райдыдтон, немæ чи уыдис, чи нæ уыдис нæ зонгæтæй, се ’ппæты дæр къæмæвзæрст кæнын, фыццаг сын фæдзырдтон сæ худæг митæ, уыйфæстæ та — сæ хъæнтæ, сæ аиппытæ. Мæ маст базмæлыд, сфыхтис. Æз: райдыдтон хъазæгау, фæлæ фæдæн æцæг маст æмæ хæрамæй. Фыццаг æм уый дзæбæхау фæкастис, стæй дзы уыйфæстæ йæ уд ауадис.

Тæссаг адæймаг куы дæ! — загъта мын Мери, — дæ дзыхы бафтынæй тархъæды мидæг абырæджы цыргъаджы амæттаг фæуын хуыздæр у... Æз дæ æнæхъазгæйæ курын: искуы: куы сфæнд кæнай, мыййаг, мæ фыдгой кæнын, уæд-иу фæлтау райс кард æмæ-иу мæ æргæвдгæ акæн, — æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ дын уый тынг зын нæ уыдзæнис.

Ау, æмæ æз марæджы хуызæн дæн?..

Ды фыддæр дæ...

Иу минуты бæрц æз асагъæс кодтон, стæй уæд загътон, цыма мæм йæ ныхæстæ тынг арф бахъардтой, мæхи уыйхуызæн акæнгæйæ.

О, мæ ныв, мæ амонд афтæ уыдис мæ сывæллоны бонтæй нырмæ! Иууылдæр уыдтой, кастысты мæ цæсгомыл, æппын мæм чи нæ уыдис, ахæм æвзæр миниуджыты нысæнттæ; фæлæ мæм сæ æнхъæл уыдысты, æмæ сæвзæрдысты. Æз уыдтæн хæдæфсарм, сабыр — хуыдтой мæ хинæйдзаг, саузæрдæ: æз сдæн æхгæдзæрдæ. Æз тынг арф æнкъардтон хорз дæр æмæ æвзæр дæр; ничи мæ рæвдыдта, иууылдæр мæ кодтой æфхæргæ: æз сдæн мастмысаг: æз уыдтæн æнкъард,. иннæ сывæллæттæ-иу хъæлдзæг, къæбæда куы уыдысты, уæд; æз æмбæрстон, уыдонæй уæлдæр кæй уыдтæн, уый, — мæн кодтой дæлдæр: æз сдæн хæлæггæнаг. Мæн фæндыдис, æгас дунейы дæр куы уарзтаин, уый, — ничи мæ бамбæрста: æмæ æз сахуыр дæн уазал, хæрам зæрдæ дарын. Мæ æнæхуыз лæппуйы бонтæ мыл аивгъуыдтой мæхиимæ æмæ дзыллæимæ тохгæнгæйæ; мæ хуыздæр æнкъарæнтæ худынæй, фауынæй тæрсгæйæ æз æмбæхстон мæ зæрдæйы арфы: уыдон уым амардысты. Æз дзырдтон æцæг — нæ мыл æууæндыдысты: æз райдыдтон сайын; дзыллæ æмæ царды хъандзалтæ хорз базонгæйæ æз сдæсны дæн царды зонд, царды ахуырмæ æмæ федтон, иннæтæ æнæ уыцы дæсныйад дæр куыд амондджын сты, уый, æз афтæ æнæрынцойæ цæмæ тырныдтон, уыцы хорздзинæдтæй уыдон сæ фарчы хай лæвар, æввонгæй кæй исынц, уый. Æмæ гъеуæд сæвзæрдис мæ риуы, мæ зæрдæйы ныфссаст, — дамбацайы дзых йæ хос кæмæн у, уыцы ныфссæфтдзинад нæ, фæлæ уазал, æдых зæрдæлхæнæн æмæ хæлар мидбылхудты бынæй чи кæсы, гъеуыцы ныфссæфтдзинад. Æз сдæн удæй сахъатджын: мæ удæн йæ иу æмбис нал уыдис, бахуыскъ ис, байсыстис, амардис, æз æй ралыг кодтон æмæ йæ аппæрстон мæхицæй, — фæлæ ма йæ иннæ ’рдæг змæлыдис æмæ цардис, алкæмæн дæр лæггад, кæстæриуæг бакæнынæввонгæй, æмæ гъеуый ничи æрхъуыды кодта, ничи бафиппайдта, уый тыххæй æмæ йын йæ сæфт æмбисы хабар ничи зыдта. Фæлæ мын æй ныр ды мæ зæрдæйы мидæг райхъал кодтай, æмæ дын æз бакастæн йæ эпитафи27. Бирæтæм эпитафитæ иууылдæр худæг кæсынц, фæлæ мæнмæ худæг нæ кæсынц, уæлдайдæр та, цырты бын цы ныгæд ис, уый куы ахъуыды кæнын, уæд. Уæвгæ дæ æз нæ курын, мемæ æмзонд цæмæй уай, уый: кæд дæм мæ ми худæг кæсы, уæд — табуафси, худ æмæ худ; хъусын дын кæнын, мур хъыг дæр мын нæ уыдзæнис.

Уыцы минут æз Меримæ фемдзаст дæн, — йæ цæстытæ зылдысты доны; йæ къух мæ къухыл æнцайгæйæ рызтис; йæ уадултæ уагътой арт; кодта мын тæригъæд! Сылгоймæгтæмæ ’ппæтмæ дæр афтæ æмхиц чи у, уыцы тæнзæрдæдзинад ын арф ауагъта йæ дзæмбытæ йе ’вæлтæрд зæрдæйы. Тезгъо кæныны рæстæджы уый æдзухдæр уыдис рохст, кодта джихтæ, зæрдæ рæвдауæн митæ никæимæ кодта, — уый та у стыр хорз нысан!

Мах бахæццæ стæм хауæнмæ; сылгоймæгтæ ныууагътой сæ кавалерты, фæлæ уый уæддæр мæ цонг уæгъд нæ уагъта. Амы дендиты хъæлдзæг ныхæстæм уый нæ худтис; цы къардиуы был лæууыдис, уый цæхгæр уырдытæй нæ фæтарстис, афтæмæй-иу иннæ чызджытæн ссыдис сæ цъæхахст æмæ-иу сæ цæстытæ амбæрзтой фыртæссæй.

Фæстæмæ цæугæйæ æз нал сног кодтон не ’нкъард ныхас; фæлæ мын мæ дзæгъæл фæрстытæн æмæ хъазæн ныхæстæн уый дзуапп лæвæрдта цыбыр æмæ рохстæй.

Искуы искæй уарзтай? — бафарстон æз фæстагмæ Мерийы.

Уый мæм æдзынæг æрбакастис, банкъуыста йæ сæр, — æмæ та ногæй сагъæсыл фæцис: бæрæг уыдис, цыдæр зæгъынмæ кæй хъавыдис, фæлæ йæ ныхас цæмæй райдыдтаид, уый кæй нæ зыдта, уый; йæ риу фæйлыдта... Ныр куыд! кæрдæн дыс цы баурома! æмæ электрон цæхæр мæ къухæй уый къухы афардæг; бæллондзинæдтæ, стæмтæй фæстæмæ, иууылдæр афтæ райдайынц, æмæ мах нæхи арæх тынг фæсайæм, сылгоймаг нæ нæ тых, нæ домбайдзинады, кæнæ нæ уды хорз миниуджыты руаджы уарзы, зæгъгæ, æнхъæл куы вæййæм, уæд; уыдон, айгъай, сцæттæ, спарахат кæнынц сылгоймаджы зæрдæ сыгъдæг цæхæр айсынмæ, фæлæ уæддæр фыццаг бамбæлд — бандзæвд лыг кæны хъуыддаг.

Раст-ма зæгъ, тынг зæрдæхæлар нæ уыдтæн æз абон? — загъта мын кънйазы чызг йæ мидбылты æнæбары бахудгæйæ, тезгъо кæнынæй фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд.

Мах кæрæдзийæ фæхицæн стæм.

Мери разы нæу йæхицæй, уый йæхи азымы дары, уазал цæстæй мæм кæй кæсы, уый тыххæй... О, уый уал у фыццаг, сæйрагдæр уæлахиздзинад! Райсом æй бафæнддзæнис мæ зæрдæ балхæнын. Æз уый хорз зонын — æнтъыснæгдзинад дæр мын гъеуый у!


12-æм июны

Абон æз федтон Верæйы. Уый мæ хурхæй амардта йæ гуырысходзинадæй. Кънйазы чызг, æнхъæлдæн æмæ, сфæнд кодта уымæн йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ æргом кæнын: раст зæгъын хъæуы, хорз базыдта равзарын!

Æз зонын, уымæн йæ фæстаг цæмæ цæуы, уый, зæгъгæ, мын дзырдта Верæ, — фæлтау мын æргом зæгъ гъеныр, кæй йæ уарзыс, уый.

Æмæ йæ кæд нæ уарзын, уæд та?

Уæд та йæ фæдыл цы зилыс, цы йæ хъыг дарыс, йæ зонд ын цæуыл змæнтыс... Ма кæн, æз дæ хорз зонын! Æрбайхъусма, кæд дæ фæнды, цæмæй дыл æууæндон, уый, уæд къуырийы фæстæ рацу Кисловодскмæ; иннæбон мах цæуæм уырдæм. Кънйазы ус баззайдзæн ам фæстæдæрмæ. Баххуырс фатер нæ фарсмæ; мах цæрдзыстæм стыр хæдзары, суадонмæ хæстæг, мезонины; бынæй — кънйазы ус Лиговская, уый фарсмæ ма ис уыцы хицауæн ноджыдæр хæдзар, ахст чи нæма у, ахæм... Рацæудзынæ?..

Æз ын зæрдæ сæвæрдтон — æмæ тæккæ уыцы бон арвыстон уыцы фатер бацахсынмæ.

Грушницкий мæм æрбацыдис изæры æхсæз сахатыл æмæ загъта, райсом йæ мундир цæттæ уыдзæнис, раст кафтизæрмæ, зæгъгæ.

Гъеныр кафдзынæн йемæ æгас изæр... Мæ мондæгтæ суадздзынæн йемæ ныхас кæнынæй! — загъта уый.

Кæд уыдзæнис кафтизæр?

Райсом, æндæр кæд! Ау, нæ йæ зоныс? Стыр бæрæгбон у, æмæ амы хицæуттæ ныллæууыдысты кафтизæр аразыныл...

Цом бульвармæ...

Ницæй тыххæй, ацы æвзæр цинелы...

Куыд, æмæ йæ нал уарзыс?..

Æз рацыдтæн иунæгæй, амбæлдтæн кънйазы чызг Мерийыл æмæ дзы ракуырдтон, кафтизæры мемæ мазуркæ цæмæй скафа, уый. Уый тынг фæдис кодта æмæ бацин кодта.

Мæнæй афтæ ды æнæбары фæкафыс айфыццаджы хуызæн, — загъта Мери йæ мидбылты тынг æхсызгон, уарзон худт бакæнгæйæ...

Уый, æнхъæлдæн, хъуыды дæр нæ кæны, Грушницкий уым кæй нæ уыдис, уый.

Райсом ды тынг бацин кæндзынæ иу цæуылдæр, — загътон æз чызгæн.

Цæуыл?..

— Уый сусæггаг у... кафтизæры йæ дæхæдæг бамбардзынæ. Æз мæ изæр ахицæн кодтон кънйазы усмæ; уазæгæй йæм ничи уыдис, Верæ æмæ иу худæджы зæронд лæджы йеддæмæ. Æз уыдтæн мæ чемы, мæ тæккæ хъæлдзæгæй, хастон сын хихъуыдыгонд алы æнахуыр таурæгътæ: кънйазы чызг бадтис мæ комкоммæ æмæ мæ дзæнгæдамæ афтæ зæрдиагæй, афтæ æдзынæг æмæ адджынæй хъуыста, æмæ æфсæрмы кæнын байдыдтон. Цы фесты йæ цæрдæгдзинад, йæ гæдымитæ, йæ хивæнддзинад, йæ къæйных цæсгом, йе ’нæрвæссон мидбыл худт, йæ рохст цæстæнгас!..

Верæ уыдон иууылдæр бафиппайдта; йæ низджын цæсгом уыд стыр æнкъардхуыз; уый бадтис аууоны, рудзынджы раз, уæрæх къæлæтджыны арф аныгъуылгæйæ... Æз ын фæтæригъæд кодтон...

Уæд æз радзырдтон, уыимæ мах кæрæдзийы куыд базыдтам, куыд бауарзтам, уыцы драмон хабæрттæ æгасæй дæр, — æцæг, фæсномыг, мысгæ нæмттыл таурæгътæ хæсгæйæ.

Æз афтæ рæсугъд, афтæ æргом равдыстон мæ фæлмæстдзинад, мæ мæт, мæ цин; æз ын афтæ хорзæй равдыстон йæ митæ, йæ зæрдæйы ахаст, æмæ уый хъуамæ бар-æнæбары дæр ныббарстаид, кънйазы чызгæн цы зæрдæрæвдауæн митæ кодтон, уыдон.

Верæ сыстадис, æрбадтис нæ фарсмæ, бацæрдæг, бахъæлдзæг ис... æмæ æхсæвæй дыууæ сахаты куы рацыдис, махæн нæ зæрдыл æрмæст уæд æрлæууыдис, дохтыртæ иуæндæс сахатыл хуыссын кæй аМонынц, уый.


13-æм июны

Кафтизæрмæ ма сахатырдæг уыдис, афтæ мæм Грушницкий смидæг ис æрттывдтытæ калгæ, йæ фистæг æфсæддон мундиры. Йе ’ртыккаг цæппæрыл æфтыд уыдис бронзæйæ конд сахаты бос — йæ уæлæ та ауыгъд уыдис дывæр лорнет; йе ’нæгъдау стыр пъалеттæ уыдысты хæрдмæ здыхт амуры базырты хуызæн; йæ цырыхъхъытæ кодтой хъынц-хъынц, йæ галиу къухы уыдис морæ гоградзарм æрмкъухтæ æмæ тъæпæнхуд, рахизæй та уысмæн æвнæлд кодта йе здыхт бецыкмæ æмæ йæ хицæн лыстæг къæбæлдзыг кодта. Хицæй бузныгдзинад æмæ уыимæ иуцъус гуызавæдзинад зындис йæ цæсгомыл; йæ бæрæгбоны фæлгонц, йæ хъал цыд мæ фæхудын кодтаиккой, уыцы хъуыддаг мæ уынаффæтæм гæсгæ куы уыдаид, уæд.

Уый баппæрста йæ тъæпæнхуд æмæ йе ’рмкъухтæ стъолмæ, йæхæдæг райдыдта йæ мундиры фаринтæ ивæзтытæ æмæ йæхи аивтæ кæнын кæсæны раз; стыр сау кæлмæрзæн, йæ хъистæй йын йæ роцъо чи урæдта, уыцы бæрзонд хъуырбосыл фæлдæхтæй, иу версоччы æрдæджы бæрц зындис æфцæгготы бынæй уæлæмæ; Грушницкиймæ уый фæкасти чысыл æмæ йæ сласта ноджыдæр уæлдæр, суанг йæ хъусты онг, уыцы зын куыстæй, уый тыххæй æмæ мундиры æфцæггот уыдис тынг къуындæг æмæ тыхст, — йæ цæсгом туджы разылдис.

Ды, дам, ацы бонты тынг узæлæнтæ кодтай мæ кънйазы чызджы алыварс? — загъта мын уый фаг æнæрвæссонæй, мердæм не ’рбакастис, афтæмæй.

Мах хуызæн æдылытæн та цай цымын — уанцон нæу! — зæгъгæ йын дзуапп радтон æз, Пушкин раджы кæддæр, ивгъуыд рæстæджы æвирхъауты фыдуагдæртæй зарæг кæуыл скодта, уый уарзон æмбисонд фæзмгæйæ.

Зæгъ-ма, хорз мыл фидауы мæ мундир æви нæ?.. У, æлгъыст дзуттаг!.. мæ дæлæрмттæ мæ куыд æлвасынц!.. Духи дæм нæй, мыййаг?

Ау, æмæ ма дæ цы хъæуы? Æнæуый дæр дæ розæ помадæйы тæф куы кæлы!

Ницы кæны. Æри-ма ардæм...

Уый ауагъта авджырдæг йæ галстучы фæстæ, йæ фындзыкæлмæрзæныл æмæ йæ дыстыл.

Ды кафдзынæ? — зæгъгæ мæ бафарста.

Нæ фæнд кæнын.

Æз тæрсын, кънйазы чызгимæ мæ мазуркæ райдайын куы бахъæуа, уымæй; зæгъæн ис, æз нæ зонын иунæг фигурæ дæр, зæгъгæ...

Æмæ йæ ды мазуркæ кафынмæ хуыдтай?

Нæма...

Хъахъхъæн, мачи дын æм фæраздæр уæд...

Æцæг зæгъыс! — зæгъгæ, фæкодта уый йæ ных бакъуыргæйæ. — Хорз байрйай... цон, æз æм дæлæ дуармæ банхъæлмæ кæсон. — Йæ тъæпæн худмæ фæлæбурдта æмæ азгъордта.

Сахатырдæджы фæстæ æз дæр араст дæн. Уынг уыди талынг æмæ афтид; æмбырддоны кæнæ хæрæндоны алыварс, куыдфæнды йæ хон, адæм гуылвæндтæ кодтой; йæ рудзгуытæй калди рухс; полчъы музыкæйы цагъд мæм хаста изæры дымгæ. Æз цыдтæн æнцадгай; мæ зæрдæ кодта æнтъыснæг... Ау, — хъуыды кодтон æз мæхинымæр, — æрмæст иунæг гъеуый тыххæй цæрын зæххыл, æмæ искæй фæндтæ æмæ ныфсытæ халон? Куы цæрын æмæ куы архайын, уæдæй фæстæмæ мæ хъысмæт æдзух кодта искæй драмæйы, искæй хъуырдухæны æлхынцъ халынмæ, цыма æнæ мæн мæлгæ дæр ничи акодтаид, йæ ныфс дæр никæмæн асастаид, уыйау! Æз уыдтæн фæндзæм акты æхсызгон архайæг, æнæбары æз кодтон марæджы кæнæ нымудзæджы æлгъаг ми. Нæ зонын, цы кæнынмæ хъавыд цымæ уымæй хъысмæт? Чи зоны, кæд уый мæн сæвзæрста, снысан кодта мещанты трагедитæ æмæ бинонты романтæ фыссæгæн — науæд «кæсынады чиныгдонæн»... таурæгътæ цæттæгæнæджы æмгусæгæн?.. Цы базындæуа?.. Гæзæмæ ис ахæм адæмтæ, æмæ цард райдайгæйæ æнхъæл чи вæййы, .йæ цард фæуыдзæн стыр Александр кæнæ лорд Байроны царды хуызæн, афтæмæй сæ цæргæ-цæрæнбонты титулярон советниктæй уæлдæр чи не схизы?..

Залмæ куы бацыдтæн, уæд æз бамбæхстæн лæгты къорды ’хсæн æмæ уырдыгæй райдыдтон мæ цæст дарын. Грушницкий лæууыдис кънйазы чызджы цур æмæ йын цыдæр дзырдта тынг зæрдиагæй; уый йæм хъуыста рохстæй, кастис фæйнæрдæм йæ былтыл дымгæгæнæн сæвæргæйæ; йæ цæсгом æвдыста æнæхъæцындзинад; йæ цæстытæ агуырдтой йæ алфамбылай кæйдæр; æз сæм сындæггай бацыдтæн фæстæрдыгæй, сæ ныхасмæ сын байхъусон, зæгъгæ.

Ды мæ хъизæмарæй марыс, кънйазы чызг! — дзырдта йын Грушницкий, — ды тынг аивтай, фендæрхуызон дæ, æз дæ кæдæй нал федтон, уæдæй.

Уæдæ ды дæр афтæ куы аивтай, — дзуапп радта уый, сусæгæй йыл кæй худтис, уый куыд нæ раиртæстаид, æваст æм ахæм каст фæкæнгæйæ.

— Æз? æз аивтон?.. О, уый куыд никуы уыдзæнис! Ды куы зоныс, уый гæнæн кæй нæй, уый! Дæу иунæг хатт чи фена, уый мыггагмæ ахæсдзæнис йемæ дæ хуыцауæнгæсæн сурæт...

Банцай...

Уæдæ дæ ныр цæуылнæуал фæнды, бынтон æрæджыдæр ма, стæй афтæ арæх зæрдæхæларæй цæмæ хъуыстай, уымæ хъусын?..

Уый тыххæй æмæ æз уыцы иу хъуыддагмæ къорд хатты хъусын нæ уарзын, — дзуапп радта уый худгæйæ...

О, уæдæ хæрзрæдыд куы фæкодтон!.. Æз, æдылы къоппа, афтæ æнхъæлдтон, æмæ мын ацы пъалеттæ уæддæр ратдзысты æнхъæлмæ кæсыны, уымæй мæхицæн зæрдæвæрыны бар... Нæ, фæлтау ацы æгад салдаты цинел, чи зоны, дæ зæрдæйы хорзæхард кæй руаджы уыдтæн, уый мыггагмæ дæр ме ’рагъæй куы нæ раластаин...

Æцæг, æцæг, цинел дыл бирæ хуыздæр фидауы... Уыцы сахат сæм æз бацыдтæн æмæ акуывтон кънйазы чызгæн; уый иучысыл фæсырх ис æмæ тагъдгомау сдзырдта:

Æццæй нæ, мсье Печорнн, цъæх цинел бирæ хуыздæр нæ фидауы мсье Грушницкийыл?

Æз демæ разы нæ дæн, — загътон æз, — мундиры мидæг уый ноджыдæр лæппудæр у.

Грушницкий нæ баурæдта уыцы цæф: лæппутæ се ’ппæт дæр куыд сты, уый дæр афтæ, архайы йæхи зæронды бынаты æвæрыныл; уый афтæ ’нхъæл у, æмæ йын бæллондзинæдтæ йæ цæсгомыл цы арф фæд ныууагътой, уыдон ын цæуынц йæ азты фæды ивддзаг. Уый мæм æвиппайды агъуыд каст æрбакодта, йæ къах зæххыл æртъæпп кодта æмæ иуварс ацыдис.

Басæтт, — загътон æз кънйазы чызгæн, — уый æдзухдæр кæд тынг худæг уыдис, уæддæр ма дæм бынтон æрæджы дæр рæсугъд, аив кастис... йæ цъæх цинелы мидæг?..

Уый йæ цæстытæ ныццавта зæххы æмæ ницыуал дзырдта. Грушницкий æгас изæр йæ куыст скодта кънйазы чызджы, кафыди кæнæ йемæ, кæннод та vis-a-vis28 уый йæ хордта йæ цæстытæй, кодта улæфтытæ æмæ йæ тыхсын кодта йæ лæгъстæтæй æмæ йæ уайдзæфтæй. Æртыккаг кадрилы фæстæ дзы чызгæн йæ цæстытæ риссын байдыдтой.

Æз дын уый æнхъæл никуы уыдтæн, — афтæ дзургæ мæм æрбацыдис Грушницкий, æмæ мын ныххæцыдис мæ къухыл.

Цы?

Ды йемæ мазуркæ кафыс? — зæгъгæ мæ афарста уый йæ хъæлæс уæлвонг сисгæйæ. — Уый мын басастис.

Гъемæ цы? Исты сусæггаг у?

Уæдæ циу... Æз хъуамæ рагæй дæр уый æнхъæл уыдаин ахæм къулбадæг... цъыллингдымæг чызгæй... Æз мæ маст райсдзынæн!

Бузныг у дæ цинелæй кæнæ дæ пъалеттæй, фæлæ уый та азымы цы дарыс? Уый аххос цæмæй у, йæ зæрдæмæ кæй нал цæуыс, уый?..

Æмæ йæ уæд цы зæрдæтæ æвæрыны æфсæрм ис?

Æмæ йæм цы æнхъæлмæ кастæ? Истæмæ бæллын æмæ уый къухы цæмæй бафта, уымæ тырнын — уый æз æмбарын; фæлæ ма исчи йæхицæн зæрдæтæ æвæры ахæм хъуыддаджы?

Хæснаг дæу фæцис, æрмæст æххæстæй нæ, — загъта уый йæ мидбылты мæсты худт бакæнгæйæ.

Мазуркæ райдыдта. Грушницкий йæхицæн кафæг æмбалæн æвзæрста æрмæст кънйазы чызджы, иннæ кавалертæ дæр æй æвзæрстой алы минут дæр: уый сын уыдис æргом сусæгвæнд мæ ныхмæ, фæлæ хуыздæр у: чызджы фæнды мемæ дзурын, хъыг æй дарынц, — бафæнддзæнис æй дзурын дыууæ хатты тыхджындæр.

Æз ын иу-дыууæ хатты йæ къух цæлхъывтон; дыккаг хатт æй уый атыдта, иу дзырд дæр не скодта, афтæмæй.

Æвзæр хуысдзынæн æз ахсæв, — загъгæ, мын загъта чызг, мазуркæ куы фæцис, уæд.

Уый Грушницкийы аххос у.

Æппындæр нæ! — Æмæ йæ цæсгом афтæ ’нкъард, афтæ ’нтъыснæг ныццис, æмæ æз дзырд радтон мæхицæн, цыдæриддæр уа, уæддæр ын уыцы изæр йæ къухæн аба кæндзынæн, зæгъгæ.

Адæм сæ хæдзæрттæм цæуын райдыдтой. Кънйазы чызджы къареты куы бадын кодтон, уæд ын тагъдгомау йæ гыццыл къух мæ былтæм балхъывтон. Уыди мæйдар, æмæ мæ ничи федта.

Æз баздæхтæн залмæ мæхицæй иттæг бузныг уæвгæйæ.

Стыр стъолы алыварс бадтысты æмæ æхсæвæр хордтой фæсивæд, Грушницкий дæр семæ. Æз куы бацыдтæн, уæд иууылдæр фæсыпп сты: æвæццæгæн сæм уыдис мæ ныхас. Бирæтæ мæм айфыццаджы кафтизæрæй фæстæмæ кæсынц хъуынтъызæй, уæлдайдæр та драгуйнаг капитан, ныр та мыл, æнхъæлдæн æмæ, бынтондæр сфарс кæнынмæ хъавынц, Грушницкий сæ амонæг, афтæмæй. Уымæн йæ бакаст у диссаджы хъал æмæ хъæбатыр...

Тынг æхсызгон мын у; æз уарзын ме знæгты, кæд сæ чырыстон уарзт нæ кæнын, уæддæр. Уыдон мæ кæнынц ирхæфсын, змæлын мын кæнынц мæ туг. Æдзухдæр цырд, къæрцхъусæй лæууын, алы цæстæнгас, алы ныхасæн йæ нысан ахсын, зæрдæйы фæндтæ æмбарын, фыдвæндтæ халын; цæстмæ æфсонæй хи æвæрын сайды бынаты, стæй æвиппайды, уыциу риуыгъдæй стыр зындзинæдтæй, алы хинтæ æмæ кæлæнтæй арæзт галуан афæлдахын, — æз цард гъеуый хонын, гъе!

Æхсæвæр хæрыны дæргъы Грушницкий нæ банцадис драгуйнаг капитанимæ сусу-бусу кæнынæй æмæ цæстæй амонынæй.


14-æм июны

Абонрайсом Верæ ацыдис йæ моимæ Кисловодскмæ. Æз сын сæмбæлдтæн сæ къаретыл, кънйазы ус Лиговскиймæ куы фæцæйцыдтæн, уæд. Верæ мын акуывта йæ сæрæй; йæ цæстæнгасы уыдис уайдзæф.

Æмæ кæй аххос у? Цæуылнæ мын дæтты йемæ иунæгæй феныны фадат? Уарзондзинад зынджы уавæрæн у, — хойраг ынг куы нæ уа, уæд хуысгæ кæны. Чи зоны, гуырысходзинад бакæна, мæ лæгъстæ бакæнын цы нæ бафæрæзта, уый.

Æз фæбадтæн кънйазы усмæ æнæхъæн сахат. Мери нæ рацыдис, — рынчын у. Изæрæй бульвары дæр нæ уыдис. Фыдгæнджыты ногарæзт бал лорнеттæй гæрзифтонг уæвгæйæ уыдис æцæгæй дæр лæбурæгхуыз. Мæнæн æхсызгон у, кънйазы чызг рынчын кæй у, уый: исты маст ын сарæзтаиккой. Грушницкийæн йæ сæры фаст пыхцыл, йæ бакаст агъуыд; уый, æнхъæлдæн, æцæг у мæсты, уæлдай ссæст у йæ сæры кад; фæлæ куы ис ахæм адæймæгтæ дæр, æмæ мастæй сæ хъуырмæ кæй свæййынц, уый дæр хъазæгау кæмæн у!..

Нæхимæ куы раздæхтæн, уæд бамбæрстон, цыдæр мын кæй нæ фаг кæны, уый. Æз Мерийы нæ федтон! Рынчын у! Кæд æй æцæг бауарзтон, мыййаг? Нæ, уый дзæгъæл хъуыддаг у!


15-æм июны

Райсомæй иуæндæс сахатыл, — кънйазы ус Лиговская Ермоловы ваннæйы хид куы фæкæны, — уæд æз фæцæйцыдтæн йæ хæдзары фæрсты. Кънйазы чызг бадтис сагъæстæгæнгæ рудзынджы раз; мæн куы ауыдта, уæд йæ бынатæй фæгæпп кодта.

Æз бацыдтæн сенæмæ; адæмæй дзы иу змæлæг нæ уыдис, æмæ амы æгъдæутты уæгъдибармæ гæсгæ смидæг дæн æнæ фæрсгæйæ уазæгдоны.

Кънйазы чызджы дзæбæх цæсгом уыдис тар-фæлурс. Уый лæууыдис фортепианойы раз йæ иу къухæй къæлæтджын бандоны чъылдымыл æнцайгæйæ: уыцы къух гæзæмæ рызтис; æз æм бацыдтæн æнцадгомау æмæ йын загътон:

Мæсты мæм кæныс?..

Уый мæм скастис æнкъард, арф цæстæнгасæй æмæ йæ сæр банкъуыста; йæ былтæ хъавыдысты цыдæр зæгъынмæ æмæ нæ фæрæзтой; цæстытæ айдзаг сты цæссыгæй, уый къæлæтджыны æруагъта йæхи æмæ йæ цæсгом бамбæрзта йæ къухтæй.

Цы кæныс? — загътон æз, йæ къух ын райстон, афтæмæй.

Ницы аргъ мын кæныс!.. О, ныууадз мæ!..

Æз ракодтон цалдæр санчъехы... Уый къæлæтджыны мидæг йæхи араст кодта, йæ цæстытæ арт ацагътой...

Æз ныллæууыдтæн дуары хæцæнмæ бавналгæйæ æмæ загътон:

Ныббар мын, кънйазы чызг! Æз бакодтон æнæзонд ми... дыккаг хатт мыл ахæм рæдыд нал æрцæудзæнис: цы хъæуа, уый мæхæдæг бакæндзынæн... Цæмæн хъуамæ зонай ды, ныронг мæ зæрдæйы мидæг цытæ цыдис, уыдон? Уый ды никуы базондзынæ, æмæ уый хуыздæр у дæхицæн. Хæрзбон.

Куы радæйцыдтæн, уæд, афтæ мæм кæсы, цыма йæ кæуын мæ хъустыл æрцыдис.

Суанг изæрмæ æз фæрабыр-бабыр кодтон фистæгæй Машучы алывæрсты, тынг бафæлладтæн æмæ нæхимæ куы ’рцыдтæн, уæд хуыссæны бахаудтон бынтон фæлмæцыдæй.

Æрбацыдис мæм Вернер.

Æцæг у, — бафарста мæ уый, — кънйаз Лиговскийы чызджы курыс, уый?

Æмæ цы?

Æнæхъæн горæт дæр æй цъиутау уасы; мæ рынчынтæ цы сты, уымæй æгасæй дæр сысты уыцы ахъаззаг хабарыл, уыдон та ахæм адæм сты, æмæ алцыдæр зонынц!

«Уыдон иууылдæр Грушницкийы митæ сты!» — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр.

Уыцы тауысы мæнгдзинад дын цæмæй равдисон, уый тыххæй дын сусæгæй зæгъын, дохтыр, тæккæ райсом æз Кисловодскмæ кæй цæуын, уый.

Кънйазы чызг дæр?..

Нæ; уый ма иу къуыри баззайдзæнис ам...

Æмæ йæ уæдæ нæ курыс, нæ?..

Дохтыр, уæ, дохтыр! кæсгæ-ма мæм æрбакæн: усгуры хуызæнæй мæм исты ис, мыййаг?

Æмæ æз афтæ куы нæ зæгъын... фæлæ ды куы зоныс, афтæ дæр рауайы! — загъта уый йæ мидбылты хин худт кæнгæйæ, — æмæ уæздан лæгæн ус ракурын хæс кæд вæййы, стæй ахæм мадæлтæ дæр ис, æмæ уыцы фадæттæ цæмæй не ’рцæуой, уый тыххæй сæ къух уазал доны дæр чи нæ тулы... Гъемæ дын зæгъын, хæлары охмæ, хъахъхъæн дæхи. Ам хъæрмæдоны уæлдæф иттæг тæссаг у: цал æмæ цал амæй ай хуыздæр лæппуйы федтон æз ацы ран, хуыздæр амонд аккаг чи уыдис, афтæмæйиу ардыгæй æмраст аргъауынмæ чи ацыдис... Суанг ма, бауырндзæн дæ, мæнæн дæр ус ракурынмæ куы хъавыдысты! О, йæ чызг тынг фæлурс кæмæн уыдис, иу ахæм уездаг мад. Æз чызгæн фыдбылызау афтæ загътон, мой куы скæна, уæд йæ хуыз йæ бынаты сбаддзæнис, зæгъгæ; уæд мын мад бузныггады цæстысыгтимæ загъта: мæ чызг æмæ мæ исбон æгасæй дæр — æнхъæлдæн, фæндзай удгоймаджы — дæу, зæгъгæ. Фæлæ йын æз загътон, ахæм хъуыддаг бакæнынхъом нæ дæн, зæгъгæ.

Вернер ацыдис, йæхинымæр æнхъæл уыдис, ус ракурынæй мæ бахызта, зæгъгæ.

Йæ ныхæстæй æз бамбæрстон, горæты мæн æмæ кънйазы чызджы тыххæй алы æвзæр хабæрттæ кæй цыдис, уый; уый Грушницкийæн афтæ нæ батайдзæнис!


18-æм июны

Ме ’ртæ боны мæхи фесты, æз Кисловодскы куы дæн, уæдæй нырмæ. Алыбон дæр Верæйы уынын цъайы цур æмæ тезгъо кæнгæйæ. Райсомæй куы райхъал вæййын, уæд сбадын рудзынджы раз æмæ саразын лорнет йæ балкъонмæ; уымæн рагæй сты йæ гæрзтæ йæ уæлæ конд, æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы исты æмбарæн нысанмæ; мах сæмбæлæм кæрæдзийыл, æнæбары цыма вæййы, уыйау, нæ хæдзæрттæй цъаймæ уырдыг чи ахаста, уыцы цæхæрадоны. Царды хос — уæлдæф — та йын сног кодта фæстæмæ йæ цæсгомы хуыз æмæ йæ хъару. Дзæгъæлы нæ хонынц нарзан нæртон дон, уæйгуыты суадон. Ам цæрæг адæм дзурынц, Кисловодскы уæлдæф уарзондзинадмæ здахы, зæгъгæ, Машучы бын, дам, искæд цыдæриддæр романтæ равзæрд, уыдонæн, дам, се’лхынцъ та ацы ран сыхæлы, зæгъгæ. Æмæ æцæг, ам æгасæй дæр у иппæрд, фæсвæд рæттæ; ам алцыдæр у сæрæмбæрзт, сусæгад: цъæх фæлыст хæхты ’хсæн хъæргæнгæ æмæ фынкалгæ, къæйæ-къæймæ гæпгæнгæ æмæ размæ фæд гæрдгæ чи бырсы, уыцы агъуд донмæ чи ’ртасыдис, уыцы сусхъæд бæлæсты тар аууæттæ дæр; ардыгæй фæйнæрдæм къабæзтæй чи цæуы, уыцы тар мигъæй дзаг æгомыг кæмттæ дæр; хуссары бæрзонд кæрдæджыты æмæ урс акъациты тæф кæмæ фæхæццæ, уыцы хæрздæф дымгæйы сыгъдæгдзинад дæр; кæрæдзийыл адаггæрон амбæлгæйæ уайсурæй чи лидзы æмæ фæстагмæ Подкумочы сæхи чи ’ппары, уыцы хæххон уазал дæтты адджынфынæфтауæг æнæнцой хъæр дæр. Ком ацырдыгæй у уæрæхдæр æмæ фесты цъæх лæнк; лæнчы къæдз-мæдзты цæуы рыгкалгæ фæндаг. Уыцы фæндагмæ кæсгæйæ мæнмæ алы хатт дæр афтæ фæкæсы, цыма йыл къарет рацæуы, къареты рудзынгæй та цыма кæйдæр сырхуадул цæсгом æддæмæ кæсы, уыйау. Бирæ къареттæ ацыдис ацы фæндагыл, — фæлæ уый уæддæр никуыма ис. Фидары æддейы цы слабодкæ ис, уый цæрæгæй байдзаг ис; къуыбырыл цы хæрæндон ис, мæ фатерæй цалдæр санчъехы æддæдæр, уым изæрæй рухсытæ гæдыбæлæсты дывæр рæнхъы аууонæй фæзын-фæзын кæнынц; хъæр æмæ агуывзæты дзыгъал-мыгъул хъуысынц æхсæв æнафонмæ.

Къахетаг сæн æмæ суардон амы хуызæн бирæ никуы нуазынц.


Фæлæ уыцы дыууæ дæсныйады æмхæццæ кæнын

Уарзджытæн нæй кæрон — æз уыдон хыгъдæй нæ дæн.


Грушницкий йæ балимæ алыбон хъæр-хъæлæба кæны, абухы хæрæндоны æмæ мæнæн «æгас цæуай» дæр хорз нал кæны.

Уый нырма знон æрхæццæ, афтæмæй ныридæгæн æртæ зæронд лæгимæ фæхыл ис, йæ разæй ваннæйы сбадымæ кæй хъавыдысты, уый тыххæй; цæхгæр — æнамонддзинæдтæ йæ кæнынц хæстæргом.


22-æм июны

Æппынфæстаг, уыдон æрцыдысты. Æз бадтæн рудзынджы раз, сæ къареты хъæр мæ хъустыл куы ауадис, уæд; мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Ай цы хабар у? Ау, æцæг æй уарзын?.. Уæвгæ, æз афтæ æдылы конд дæн, æмæ фæллойаг у, афтæ куы уа, уымæй дæр.

Æз сæм хордтон сихор. Кънйазы ус мæм кастис тынг фæлмæстæй æмæ, мара-зæгъай, йæ чызджы иунæгæй уадза... замана у! — фæлæ уыйхыгъд та Верæ фырмæстæй судзы, кънйазы чызджы уарзыс, зæгъгæ: цы хорз раны бахаудтæн уæдæ! Сылгоймаг цы нæ бакæндзæнис, уæвгæ та, йæ фыдгул сылгоймагæн маст скæныны тыххæй? Хъуыды-ма йæ кæнын, иу сылгоймаг мæ бауарзта, иннæйы кæй уарзтон, уый тыххæй. Сылгоймаджы зондæй æнахуырдæр æппындæр ницы ис: сылгоймаджы тынг зын у истæуыл баууæндын, бауырнын кæнын; уымæн афтæ кæнын хъæуы, æмæ йæхæдæг йæхи куыд баууæндын кæна; йæ æнæууæнкдзинæдтæ, йе’нхъæлындзинæдтæ цы аргументтæй сафы, уыдон сты тынг диссаг, æнахуыр уагыл арæзт; сылгоймаджы диалектикæйыл хи сахуыр кæныны тыххæй хъæуы, скъола логикæйы æгъдæуттæй адæймаджы зонды цы цæвæрдта, уыдон æгасæй дæр бындзарæй афæлдахын. Дзырдæн, зæгъæм, хуымæтæджы фæрæз:

Ацы лæг мæн уарзы; фæлæ æз дæн моймæдзыд: хъуамæ уæдæ æз ацы лæджы ма уарзон.

Сылгоймаджы хъуыды та:

Æз æй хъуамæ ма уарзон, уый тыххæй æмæ æз дæн моймæдзыд; фæлæ мæ уый уарзы, уымæ гæсгæ...

Ацы ран ис цалдæр стъæлфы, уый тыххæй æмæ зонд ницыуал дзуры, фæлæ дзурынц фылдæр: æвзаг, цæстытæ, уыдон фæстæ та зæрдæ, кæд ис, уæд.

Цымæ куыд уыдзæнис, искуы ацы фыстытыл сылгоймаджы цæст куы ’рхæца, уæд? — Хахуырдзинад! — зæгъгæ, мæстыйæ ныхъхъæр кæндзæнис, хæрзаг.

Поэттæ куы фыссынц, æмæ сын сылгоймæгтæ сæ фыстытæ куы кæсынц (уый тыххæй арфæгонд уæнт, фæлæ), уæдæй фæстæмæ сæ уыдон зæдтæ уал хатты схуыдтой, æмæ уыдон дæр, сæ зæрдæйы æргомдзинадмæ гæсгæ, баууæндыдысты уыцы цурон ныхасыл, уыцы поэттæ æхцайыл Нероны æрдæгхуыцау кæй хуыдтой, уый байрох кæнгæйæ.

Аив нæ уаид мæнæн уыдон тыххæй афтæ мæстæргомæй дзурын, — мæнæн, уыдоны йеддæмæ дунейыл æндæр чи ницы уарзы, — мæнæн, уыдон сæрвæлтау кæддæриддæр цæттæ чи уыдис йе ’нцойад, йæ кадуарзондзинад, йæ цард нывондæн раттынмæ... Фæлæ сæ, ома, хъыгзæрдæ кæнæ æфхæрд дæн, уый тыххæй, мыййаг, нæ архайын уыдонæн сæ гамхуд сисыныл, фæлтæрд цæстæнгасы йеддæмæ кæм ницы хизы, уыцы кæлæн æмбæрзæн ратоныныл. Нæ, фæлæ сæ æз цы зæгъын, уыдон иууылдæр сты, æрмæст цы сбæлвырд ис, уыдон.


Зонды уазал цæстдарæнтæй

Æмæ зæрдæйы æнкъард фиппайæнтæй.


Сылгоймæгтæ хъуамæ бæллой, нæлгоймæгтæ сæ æгасæй дæр мæ хуызæн хорз цæмæй зоной, уымæ, уый тыххæй, æмæ сæ æз уарзын сæдæ хатты фылдæр, куынæуал сæ тæрсын æмæ сын сæ лыстæг аиппытæ куы бамбæрстон, уæдæй нырмæ.

Вернер дæр ма айфыццаг сылгоймæгтæй афтæ дзырдта, уыдон, дам, сты, Тасс йæ чиныг «Уæгъдгонд Ерусалимы» цы кæлæнтæгонд хъæдæй зæгъы, уый уавæрæн. «Æрмæст æм дæ къах бавæр, дзырдта уый, — уыййеддæмæ, зæгъы, ахæм тасы бацæудзынæ, алырдыгæй дыл ахæм тæссагдзинæдтæ ныккæлдзæнис,.. æмæ, Хуыцау ма зæгъæд; хæс, сæры кад, æфсарм, адæмы ныхас, фауд, æнæрвæссондзинад... Кæсын нæ хъæуы æрмæст, фæлæ цу размæ; чысылгай уыцы тæссаг цæстылуайæнтæ цыдæр æрбавæййынц, æмæ байгом вæййы дæ размæ æнцад æмæ рухс æрдуз, йæ астæу дидинæг æфтауы цъæх мирт. Фæлæ уыйхыгъд та, додой дæ сæр кæны, фыццаг къахдзæфтæ ракæнгæйæ, дæ зæрдæ куы фæтæрса æмæ фæстæмæ куы фæкæсай, уæд!»


24-æм июны

Абон изæр æрцыдис æваст бирæ хабæрттæ, Кисловодскæй иу-æртæ версты æддæдæр, комы, Подкумок кæм цæуы, уым ис иу айнæг къæдзæх, Цæг, зæгъгæ, йæ ном; уый у æрмæстæй дæр, æрдз кæй сарæзта, ахæм кулдуаргонд хуынкъгом, уый лæууы уæлвонг, бæрзонд къуыбырыл, æмæ хур куы ’рцæйныгуылы, уæд ма фæстаг хатт ныддары уырдыгæй дунемæ йæ судзгæ цæст. Барджыты стыр бал араст ис уырдæм, хур куыд ныгуылдзæнис, уымæ уыцы рудзынгæй акæсынмæ. Раст зæгъын хъæуы, уыдонæй иуы дæр хуры мæт нæ уыдис. Æз цыдтæн кънйазы чызджы фарсмæ; нæхимæ куы раздæхтыстæм, уæд нæ хъуыди Подкумокыл рахизын. Хæххон цæугæдæттæн сæ тæккæ тæнæгдæртæ дæр тынг тæссаг сты, уый тыххæй æмæ сæ бын у æнæмæнгæй калейдоскоп; уылæнты бырстæй алыбон дæр ивгæ кæны: знон дур кæм уыдис, уыцы ран абон — уæрм. Æз ныххæцыдтæн кънйазы чызгæн йæ бæхы рохтыл æмæ йæ донмæ баластон; дон уæрджытæй уæлдæр нæ хæццæ кодта, чысылгай райдыдтам доны зулаив хæрдмæ цæуын. Чидæриддæр зоны, тагъд доны цæугæйæ, донмæ кæсын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй æмæ дзы уайтагъддæр сæр разилы. Мæн ферох ис Мерийæн уый зæгъын.

Уыдыстæм донæн йæ астæу, йæ тæккæ тагъды, афтæ чызг саргъы уæлæ æвиппайды фæцудыдта. «Мæ сæр зилы!» — зæгъгæ, сдзырдта чызг мæллæг хъæлæсæй... Æз æм цырд фæгуыбыр кодтон æмæ йын йæ тасгæ гуырыл мæ цонг æрбатыхтон.

Хæрдмæ кæс! — загътон ын æз сабыргай, — ницы кæны, æрмæст тæрсгæ ма кæн; æз демæ дæн.

Чызг иучысыл йе ’муд æрцыдис; уый фæндыдис йæхи мæ цонгæй феуæгъд кæнын, фæлæ йын йæ буц, фæлмæн гуыр æз ноджыдæр тыгдæр æрбалвæстон мæхимæ; мæ рус чысыл ма бахъæуа ма андзæва йæ русыл; уый пиллон калди.

Цы мын кæныс?.. мæ Хуыцау!..

Æз хъуыды дæр нæ кодтон, уый ризгæ кæй кодта, æфсæрмæй кæй мардис, уый, æмæ мæ былтæ андзæвыдысты йæ буц русыл; чызг фестъæлфыдис, фæлæ дзургæ ницы скодта; мах цыдыстæм æппæты фæстæ: ничи нæ федта. Доны былмæ куы рахызтыстæм, уæд иууылдæр нæ бæхты ауагътам сæпп-сæппæй. Кънйазы чызг фæурæдта йæ бæхы; æз баззадтæн йæ цуры; бæрæг уыдис, кæй ницы дзырдтон, уый тыххæй йæ зæрдæ кæй тыхстис, фæлæ æз сомы бакодтон, иу ныхас дæр куы скæнон, — кæддæра цы кæнид, зæгъгæ. Мæн фæндыдис, уыцы цъысымæй йæхи куыд сласдзæнис, уый фенын.

Дæуæн æз кæнæ æгад дæн дæ цæсты, кæннод та мæ тынг бирæ уарзыс! — загъта чызг фæстагмæ кæуынхъæлæсæй. — Чи зоны, дæу фæнды мæнæй фæхынджылæг кæнын, мæ зæрдæ мын сызмæнтын, стæй мæ уыйфæстæ фæуадзын... Æмæ афтæ куы бакæнис, уæд уый ахæм æбуалгъ, ахæм цъаммар хъуыддаг уаид, æмæ айдагъ йæ койæ дæр... Фæлæ, нæ! — загъта уый фæлмас, æууæнкджын хъæлæсæй, — раст нæу, дæ цæсты æгад цæмæй уон, ахæмтæй мæм кæй ницы ис, уый? Дæ къæйных ми дын... æз хъуамæ, æз хъуамæ ныххатыр кæнон, уый тыххæй æмæ дæ бауагътон... Дзуапп мын ратт, дзур, цæй, мæн фæнды дæ ныхасмæ хъусын!.. — Йæ фæстаг ныхæсты уыдис уыйбæрц нæхъæцындзинад, æмæ æз нал баурæдтон мæ мидбылхудт; мæ амондмæ гæсгæ райдыдта изæрдалынгтæ кæнын... Ницы йæм дзырдтон æз.

Ницы мæм дзурыс? — загъта та дарддæр, — æви дæ уый фæнды, æмæ дын æз раздæр цæмæй зæгъон, уарзын дæ, зæгъгæ?..

Æз ныхъхъус дæн...

Уый дæ фæнды? — дзырдта чызг дарддæр йе ’ргом æвиппайды ме ’рдæм фездахгæйæ... Йæ цæстæнгасы æмæ йæ хъæлæсы хатты цæхгæрдзинады уыдис тæссаг цыдæр...

Цæмæн? — дзуапц радтон æз ме уæхсчытæ фелхъивгæйæ. Чызг ныццавта ехсæй йæ бæхы æмæ нарæг, тæссаг фæндагыл ныххоста дæлæмæ; уый афтæ æнæнхъæлæджы уыдис, æмæ ма йæ тыххæй-фыдæй баййæфтон, уый дæр, иннæ барджытимæ куы баиу ис, æрмæст уæд. Суанг сæ хæдзары онг уый ныхас кодта æмæ худтис алы минут дæр. Йе змæлдтытæ афтæ уыдысты, æмæ йыл цыма ризæг уыдис, уыйау; мæнмæ иунæг хатт дæр нæ ракастис. Иууылдæр бафиппайдтой уыцы æнахуыр хъæлдзæгдзинад. Æмæ кънйазы ус йæхинымæр цин кодта йæ чызгмæ кæсгæйæ, афтæмæй чызг та уыди сыгъдæгæй дæр сонтау йæ нуæртты æнкъуыстæй: уый ахсæв фынæй нæ бауыдзæнис æмæ кæудзæни. Уыцы хъуыды мæнæн у æнæкæрон æхсызгон: вæййы ахæм минуттæ, æмæ æз вампиры куы фембарын... Афтæмæй та адæмы зæрдæйæ æз дæн хæларзæрдæ лæппу æмæ архайын ууыл!

Бæхтæй æрхизгæйæ сылгоймæгтæ бацыдысты кънйазы усмæ; мæ зæрдæ уыдис тыхст, æмæ æз фæцагайдтон хохмæ, мæ сæры уылæн цы алыхуызон хъуыдытæ кодтой, уыдон айрох кæныны тыххæй. Æртæхджын изæр улæфыди æхсызгон уазаладæй. Мæй сцæйцыд хæхты тар цъуппыты фæстейæ. Ме ’дзæфхад бæхы алы къахдзæф дæр æмыр хъæрæй азæлыдис кæмтты æнцойады; æхсæрдзæны бын мæ бæхæн дон бадардтон, зыдгомау баулæфыдтæн мæ риумæ иу-дыууæ хатты хуссайраг æхсæвы сыгъдæг уæлдæф æмæ мæ фæд-фæд ратахтæн фæстæмæ. Æрцæйцыдтæн слабодкæйы астæуты. Рудзгуытæй цы рухсытæ цыдис, уыдон хуыссын байдыдтой; фидары быруйы сæрæй хъахъхъæнджытæ æмæ йæ алфамбылайы пикетты хъазахъхъ дæргъæлвæс хъæр кодтой кæрæдзимæ...

Слабодкæйы, къардиуы тæккæ был цы хæдзæрттæ уыдис, уыдонæй иуæй цыдис æнæгъдау тыхджын рухс, хатгай дзы хъуыстис æмтъеры ныхас æмæ хъæр, бæрæг уыдис, æфсæддон адæм дзы минас кæй кодтой, уый. Æз æрхызтæн бæхæй æмæ рудзынгмæ бахъуызыдтæн; фæрссаг æнгом ссыд кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ æз уыдтон минасгæнджыты æмæ сын хъуыстон сæ ныхæстæ. Кодтой мæ кой.

Драгуйнаг капитан сæнæй сцырындз уæвгæйæ тымбылкъухæй ныццавта стъол æмæ домдта иннæты йæхимæ хъусыныл.

Господа! — загъта уый, — ай цыхуызæн хъуыддаг у! Печорины æрцахуыртæ кæнын хъæуы! Алы бетъырбухаг хъуымыздзыхтæ кæддæриддæр хъалгæнаг сты, цалынмæ сын сæ фындз дзæбæх нæ ныццæвай, уæдмæ! Афтæ ’нхъæл у, æмæ хорз адæмы ’хсæн æрмæст уый цардис, æдзух ыл сыгъдæг æрмкъухтæ æмæ сыгъдæггонд цырыхъхъытæ кæй вæййы, уый тыххæй.

Кæнæ-ма йын кæс йе ’нæрвæссон мидбылхудтмæ! Афтæмæй та, уырны мæ, йæхицæй тæппуддæр скæнæн дæр ма нæй, — о, тæппуддæр!

Уæдæ мæнмæ дæр афтæ кæсы, — загъта Грушницкий. — Уый уарзы ныхас хынджылæгмæ здахын. Иухатт ын æз ахæм æвзæртæ фæдзырдтон, æмæ мæ уый бынаты æндæр лæг лыстæг къуыхтæ скодтаид, фæлæ мын Печорин мæ ныхæстæ иууылдæр худынырдæм аздæхта. Æз æм, кæй зæгъын æй хъæуы, хæстмæ нæ расидтæн, уый тыххæй æмæ уый хъуыддаг уыдис; стæй мæ йемæ сбæндæн дæр нæ фæндыдис...

Грушницкий йæм хæрам у, кънйазы чызджы дзы кæй байста, уый тыххæй, — загъта чидæр.

Æрхъуыды кодта! Æз, æцæг у, иучысыл аузæлæнтæ кодтон кънйазы чызгыл, фæлæ йæ уайтагъд фæуагътон, уый тыххæй æмæ мæ зæрды ус курын нæй, чызджы цæсты ’фтауын та мæнæн мæ хъæды нæй.

О, баууæндут мыл, йæхицæй тæппуддæр уæвгæ дæр ма нæй, æз Печоринæй зæгъын, Грушницкийæ нæ зæгъын, — Грушницкий та саг лæг у, ноджы у мæнæн ме ’нæфæсайгæ хæлар! — загъта та ноджыдæр драгуйнаг капитан. — Господа! ам йæ сæрыл ничи дзуры? Ничи? уый та уæдæ ноджыдæр хуыздæр! Фæнды уæ йæ хъæбатырдзинад бавзарын? Уый уæм худæг фæкæсдзæн...

Фæнды; æрмæст куыд?

Куыд, уымæ æрбайхъусут: Грушницкий йæм у уæлдай хæрамдæр — æмæ ахъаззагдæр хай уый бар! Уый Печорины æдылы митæй иуы дымæгмæ уымæй загъд ракъахдзæнис æмæ йæм расиддзæнис дуэльмæ... Хъусут, йæ замана гъеуый у... Расиддзæнис æм дуэльмæ... хорз! Гъеуыдон иууылдæр: расидын, хи цæттæ кæнын, бадзырды ’гъдæуттæ-йедтæ уыдзысты, гæнæн цас ис, уыйас цæстахадгæдæр æмæ тæссагдæр хуызы мидæг æвæрд; æз уын уый мæхи ’вджид кæнын; æз уыдзынæн дæуæн дæ секундант, мæ мæгуыр хæлар! Хорз! Æрмæст хъуыддагæн йе схæцæн мæнæ ай мидæг ис: дамбацатæ нæмыгæй нæ сифтындздзыстæм. Дзырд уын дæттын, Печорин фæтæрсдзæнис — æхсæз санчъехмæ сæ слæууын кæндзынæн, цы уа, уый уæд! Разы стут, господа?

Афтæ ма æрхъуыдыгæнгæ уыдзæнис! Разы стæм!.. Цæуылнæ уæд? — зæгъгæ, алырдыгæй схорхор кодтой.

Грушницкий, ды та?

Тыхджын зæрдиагæй æнхъæлмæ кастæн æз Грушницкийы дзуапмæ; уазал мастæй мæ зæрдæ айдзаг ис, мæ амонд нæ уæвгæйæ, зæгъгæ, уæд æз уыцы æдылытæн хынджылæггаг кæй кодтон, уый куы ахъуыды кодтон, уæд. Грушницкий куы нæ сразы уыдаид, уæд йе ’фцæгыл мæхи ныттыхтаин. Фæлæ иуцъусдуг ницы сдзургæйæ уый сыстадис йæ бынатæй, йæ къух бадаргъ кодта капитанмæ æмæ йын загъта иттæг сæрыстырæй: «Хорз, уæдæ, æз разы дæн».

Зæгъæн нæй, афтæ тынг сцин кодтой цытджын æмбырды адæм æгасæй дæр.

Æз раздæхтæн нæхимæ дыууæ алыхуызон æнкъарæнæй мæ зæрдæ фæйлаугæйæ. Фыццаг æнкъарæн уыдис æнтъыснæгдзинад. «Цымæ мæ æмхуызонæй дæр се сæфт цæй тыххæй уынынц? — хъуыды кодтон æз мæхинымæр. — Цæй тыххæй? Йе кæд искæй æфхæргæ бакодтон? Нæ. Ау, уæдæ айдагъ сæ уынд, сæ бакаст дæр адæмæн хъыг кæмæн у, уыдонæй уон, мыййаг?» Æмæ æз æмбæрстон, мæ зæрдæ маргджын мастæй чысылгайчысылгай куыд дзаг кодта, уый. Хъахъхъæн дæхи, господин Грушницкий! — дзырдтон æз мæхинымæр уаты къуымты дыууæрдæм рацу-бацугæнгæйæ, — мемæ афтæ хъазæнтæ нæй, уый зон. Де ’дылы æмбæлтты зондыл кæй цæуыс, уый дын хъазар кæй сыстдзæнис, уый зон. Æз дын хъазинаг нæ дæн!

Æз æгас æхсæв дæр нæ бафынæй дæн. Райсомæй мæ цæсгом уыдис померанецы хуызæн бур-бурид.

Райсомæй æз цъайы цур сæмбæлдтæн кънйазы чызгыл.

Рынчын дæ? — зæгъгæ мæ бафарста чызг, æдзынæг мæм ныккастис, афтæмæй.

Æз нæ бафынæй дæн æгас æхсæв.

Æз дæр уæдæ... æз ма дæу аххосджын кодтон... чи зоны ’мæ æнæхъуаджы. Фæлæ мын хъуыддаг бамбарын кæн, æз дын алцыдæр ныббардзынæн...

Алцыдæр уа?..

Алцыдæр... æрмæст дзур æцæгдзинад... æрмæст тагъддæр... Зоныс, æз бирæ фæсагъæс кодтон, фæцархайдтон дæ уаг, дæ митæ бамбарыныл, дæу æнæ азым скæныныл: чи зоны, æмæ кæд исты къуылымпыдзинадæй тæрсыс мæ хæстæджытырдыгæй... уый ницы у... уыдон куы базоной... (йæ хъæлæс базыр-зыр кодта), æз сæ сразы кæндзынæн. Кæнæ дæуæн дæхи уавæр... фæлæ уый зон æмæ, æз кæй уарзын, уый тыххæй алцыдæр ратдзынæн, æвгъау ницы бакæндзынæн... — О, тагъддæр мын дзуапп, фæтæригъæд мын кæн... Æнад дын нæ дæн, раст зæгъ?

Чызг мын фæлæбурдта мæ къухмæ.

Кънйазы ус цыдис нæ разæй Верæйы моимæ æмæ ницы федта; фæлæ нын тас уыдис, тезгъогæнæг рынчынтæ нæ куы федтаиккой, уымæй, уыдон та сты цымыдистæн сæ тæккæ цымыдисдæр дзырддавтæ æмæ загъта-бахтагæнджытæ, æмæ æз тагъдгомау феуæгъд кодтон мæ къух йæ уарзон къухы æлвæстæй.

Æз дын зæгъдзынæн, æцæг æргом, — радтон æз дзуапп кънйазы чызгæн, — мæхи дын рæстытæ нæ фæкæндзынæн, мæ митæ дын æппæт нæ фæдзурдзынæн. Нæ дæ уарзын!

Йæ былтæ зына-нæзына афæлурс сты.

Ныууадз мæ, — загъта чызг йæ ныхас тыххæй хъуысгæйæ. Æз фелхъывтон ме уæхсчытæ, фæзылдтæн æмæ рацыдтæн.


25-æм июны

Æз хаттæй-хатт мæхиуыл не ’рвæссын... цымæ иннæтыл дæр уый тыххæй нæ дæн æнæрвæссон?.. Уæздан тырнындзинæдтæн мæм хъару нал ис; æз тæрсын, мæхæдæг мæхимæ худæг кæсын куы байдайон, уымæй. Мæнæй æндæр чи уаид, уый зæгъид кънйазы чызгæн son coeur et sa fortune29, фæлæ ус курын, зæгъгæ, мын, уыцы ныхас кæны цыдæр кæлæндых: цыфæнды судзаг, цыфæнды мондаг уарзт кæнон сылгоймагæн, уæддæр мын иугæр бамбарын кодта, йæхи мын курын кæны, зæгъгæ, уæд — хæрзбон, уарзондзинад! Мæ зæрдæ дур фесты æмæ йын фæстæмæ схъарм кæнын амал нал вæййы. Æз алы зындзинадыл дæр разы дæн, уыцы хъуыддаг бакæнынæй фæстæмæ; ссæдз хатты мæ цард, суанг мæ сæры кад дæр ма æз сæвæрдзынæн адзалы къахыл... фæлæ мæ сæрибардзинад уæддæр нæ ауæй кæндзынæн. Цымæ мын афтæ хъазар цæмæн у уый? Цы мын дзы ис?.. Кæдæм цæттæ кæнын мæхи? Фидæнмæ цæмæ ’нхъæлмæ кæсын?.. Раст зæгъон, мур дæр ницæмæ. Уый у мемæ райгуыргæ, æрдзæй рахæсгæ цавæрдæр тас, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм сусæг æнкъарындзинад... Ахæм адæймæгтæ нæй, мыййаг, æмæ, сæхуыдтæг дæр æй не ’мбарынц, афтæмæй хæлуарджытæй, хъæбузтæй, мыстытæй чи тæрсы... Басæттон ыл?.. Сывæллон ма куы уыдтæн, уæд мæ мад ацыдис иу зæронд ус-дæснымæ; уый бафарста æмæ загъта: мæнæй уымæн, дам, йæ адзал уыдзæнис фыдсылæй, зæгъгæ, тынг фæдургом дæн уæд æз уыцы ныхæстæй: уæнгæл мын у уæдæй фæстæмæ ус курыны кой... Ноджы ма мын цыдæр афтæ дзуры, дæсныйы ныхас дыл цæудзæнис, зæгъгæ; гъемæ, æндæр ницы, фæлæ архайдзынæн, цы мыл æрцæуинаг у, уый мыл æрæгмæдæр цæмæй æрцæуа, ууыл.


26-æм июны

Знон æрцыдис ардæм фокустæвдисæг Апфельбаум. Хæрæндоны дуарыл фæзындис даргъ хъусинаг, уым цытджын адæмæн хъусын кæнынц — æмбисонды фокустæвдисæг, бæндæныл кафæг, химик æмæ оптик абон изæрæй, аст сахатыл уæздан адæмы æмбырдгæнæн залы (ома — хæрæндоны), æвдисдзæнис диссаджы митæ, зæгъгæ; билеттæ дыгай сомтæ æмæ æрдджытæй.

Иууылдæр сæхи цæттæ кæнынц уыцы æмбисонды фокустæвдисæджы митæ фенынмæ; суанг ма кънйаз Лиговскийы ус дæр, кæд йæ чызг рынчын у, уæддæр райста йæхицæн билет.

Абон фæссихор фæцæйцыдтæн æз Верæйы рудзынджы цурты; уый бадтис балкъоныл зыбыты иунæгæй; мæ къæхты бынмæ æрхаудис уацфыст:

«Абон мæм-иу изæрæй дæсæм сахатыл ссу стыр асиныл: мæ мой ацыдис Пятигорскмæ æмæ ’рбаздæхдзæн æрмæст сомбон. Мæ адæм æмæ мæ фæсдзæуинтæ хæдзары нæ уыдзысты: æз се ’ппæтæн дæр байуæрстон билеттæ, кънйазы усы адæмæн дæр. — Æнхъæлмæ дæм кæсын; æнæ ’рбацæугæ ма фæу».

Гъе-гъе! — ахъуыды кодтон æз мæхинымæр, — уæддæр фæстагмæ мæнырдыгонау рауадис.

Аст сахатыл ацыдтæн æз фокустæвдисæгмæ кæсынмæ. Адæм æрæмбырд сты фарæстæм сахаты фæуынмæ ’ввахс; райдыдта æвдисын. Фæстаг рæнхъы бандæттыл базыдтон æз Верæйы æмæ кънйазы усы фæсдзæуинты. Се ’ппæт дæр уыдысты уыцы ран æнæиуцухæй, Грушницкий бадти фыццаг рæнхъы æд лорнет. Фокустæвдисæг æм дзырдта алыхатт дæр, фындзыкæлмæрзæн, сахат, къухдарæн кæнæ æндæр исты дзаума-иу æй куы бахъуыдис, уæд.

Грушницкий мын «дæ бон хорз» дæр нал кæны иуцасдæр афон, абон та мæм иу-дыууæ хатты фаг къæйныхæй æрбакæстытæ кодта. Уыдон ын æрымысдзынæн, хæс фидæн бон куы æрцæуа, уæд.

Дæсæм сахаты фæуынмæ ’ввахс æз сыстадтæн æмæ рацыдтæн æддæмæ.

Æддейы уыдис мæйдар, фæнды цæсты къух фæтъысс. Уæззау, уазал мигътæ хуыссыдысты алфамбылайы хæхты цъуппытыл; æрмæст-иу стæм хатт мæлæг дымгæ басыф-сыф кодта, хæрæндоны алыварс цы гæдыбæлæстæ уыдис, уыдон цъуппытæй; йæ рудзгуыты раз гуылвæндтæ кодтой адæм. Æз къуыбырæй мæхи æруагътон дæлæмæ æмæ кулдуарырдæм фездæхгæйæ мæ цыд фæцырддæр кодтон. Æвиппайды мæм афтæ фæкастис, цыма чидæр мæ фæстæ цæуы. Æз фæлæууыдтæн æмæ алырдæм аракæс-бакæс кодтон. Мæйдары раиртасæн нæ уыдис; фæлæ уæддæр æз, æдасдæры тыххæй, тезгъо цыма кодтон, уыйау æрзылдтæн хæдзары алыварс. Кънйазы чызджы рудзгуыты цурты фæцæйцæугæйæ æз ногæй айхъуыстон мæ фæстæ кæйдæр къахдзæфтæ: иу лæг, цинелы тыхтæй, разгъордта мæ рæзты. Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта; фæлæ уæддæр тыргъмæ хъуызгæхъуызгæ бацыдтæн æмæ тагъдгомау сызгъордтон талынг асинмæ. Дуар фегом ис: гыццыл къух фæлæбурдта мæ къухмæ...

Ничи дæ федта? — зæгъгæ, мæ афарста сабыргай Верæ, йæхи мæм æрбалхъывта, афтæмæй.

Ничи!

Гъеныр дæ уырны, уарзын дæ, уый? О, æз бирæ фæгуызавæ, бирæ фæхъизæмар кодтон... фæлæ ды мæнæй кæныс, цыдæриддæр дæ фæнды, уый.

Верæйы зæрдæ йæхи хоста къултыл, йæ къухтæ уыдысты уазал ихы къæрттау. Райдыдта уайдзæфтæ, æнæууæнккæгтæ, хъæстытæ кæнын, — фæлгъуыдта мæ, алцæуыл дæр ын куыд басастаин; кæд мыл, зæгъы, фæлывдæй рацыдтæ, уæд дын уымæн дæр ныббыхсдзынæн, уый тыххæй æмæ, зæгъы, æз бæллын æрмæст дæ амондмæ. Уыцы ныхæстæ мæ тынг нæ уырныдтой, фæлæ йæ ардæй, сомытæй æрсабыр кодтон.

Æмæ уæдæ Мерийы нæ ракурдзынæ? Нæ йæ уарзыс?.. Уый та уæдæ афтæ ’нхъæл у æмæ... Зоныс, уый дæу уарзынæй æрра куы кæны, мæгуырæг!..

Æмбисæхсæвæй дыууæ сахаты рацыдаид, афтæ æз бакодтон рудзынг æмæ дыууæ кæлмæрзæны къабазы кæрæдзийыл абæггæйæ æруагътон мæхи уæллаг балкъонæй бинагмæ цæджындзыл хæцгæ. Кънйазы чызгæй ма цыди рухс. Цыдæр мæ уый рудзынгмæ фæкомкоммæ кодта. Рудзынгæмбæрзæн æмбæрзт нæ уыдис, æмæ мын уыдис уаты хуылфыл мæ цымыдис цæст дзæбæх рахæссæн. Мери бадтис йæ хуыссæны йæ къухтæ йæ уæрджытыл дзуарæвæрд скæнгæйæ; йæ бæзджын дзыккутæ уыдысты æмбырд кружеватæй арæзт æхсæвхуыссæн худы бын; сæнтсырх стыр кæлмæрзæн ын æмбæрзта йæ урс уæхсчытæ, æмæ йæ гыццыл къах æмбæхст уыдис персайнаг хъулон туфлиты. Уый бадтис æнæзмæлгæйæ йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ; йæ размæ стъолыл лæууыдис гом чиныг, фæлæ йе ’нæзмæлгæ, йе ’нæзæгъгæ ’нкъард цæстытæ, æвæццæгæн, сæдæймаг хатт разгъор-базгъор кодтой уыцы иу фарсыл, йæ хъуыдытæ та уыдысты дард кæмдæр...

Уыцы минутыл чидæр къудзийы фæстæ базмæлыдис. Æз агæпп кодтон балкъонæй нæумæ. Кæйдæр æнæуынгæ къух мын фæлæбурдта ме уæхскмæ. «А-гъа! — загъта тызмæг хъæлæс, — ахст фæдæ!.. Зилдзынæ мын ныр æхсæвыгон кънйæзты чызджытыл!»

Фидар ыл хæц! — ныхъхъæр кодта иннæ фисыны æддейæ ралиуыргæйæ.

Уыдон уыдысты Грушницкий æмæ драгуйнаг капитан.

Æз тымбылкъухæй ныххафт кодтон фæстагæн йæ сæр, йе’мбудтæ йын зæххы ацæвын кодтон, мæхæдæг къудзитæм мæхи фехстон. Нæ хæдзæртты комкоммæ къулаивы цы цæхæрадон уыдис, уый къахвæндæгтæ мæнæн иууылдæр уыдысты зонгæ.

Къæрныхтæ! Фæдис!.. — хъæр кодтой уыдон; фæцыдис топпы гæрах; топпы къæрмæг фæздæг калгæ æрхаудис мæ тæккæ къæхты бын.

Минутмæ мæ уаты балæууыдтæн, мæ гæрзтæ фелвæстон æмæ ахуыссыдтæн. Мæ фæсдзæуин куыддæр дуар гуыдырæй ахгæдта, афтæ мæм Грушницкий æмæ капитан райдыдтон дуар хойын.

Печорин! хуысгæ кæныс, цы? Ам дæ?.. — зæгъгæ, æрбахъæр кодта капитан.

О, хуыссын, — зæгъгæ сæм мæсты хъæр ракодтон æз.

Уæлæмæ сыст! Къæрныхтæ... Черкестæ...

Æхснырсæг мыл ис, — загътон æз, — æмæ суазалæй тæрсын.

Уыдон раивгъуыдтой. Дзæгъæлы сæм сдзырдтон; иу сахаты бæрц ма мæ уæддæр фæцагуырдтаиккой цæхæрадоны къуымты. Уалынмæ фæдис стынг ис. Фидарæй æртахтис тæргæ бæхæй хъазахъхъаг. Алырдыгæй змæлæг ссис; райдыдтой агурын черкесты алы къудзийы бын дæр — æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цы ссардтаиккой. Фæлæ бирæтæ, æвæццæгæн, зæрдиагæй афтæ ’нхъæлдтой, æмæ гарнизон хъæбатырдæрæй æмæ цырддæрæй йæхи куы равдыстаид, уæд æппынкъаддæр æвзæргæнджытæй иу-дыууын лæджы уыцы ран баззадаид.


27-æм июны

Абонрайсом цъайы цур адæммæ æндæр ныхас нал уыдис, дысон черкестæ æрбабырстой, зæгъгæ, уыййеддæмæ. Мæ агуывзæты хыгъд нарзан куы банызтон, сусхъæд бæлæсты даргъ аллейыл иу-дæс хатты куы арацу-бацу кодтон, уæд сæмбæлдтæн Верæйы мойыл, раст гъеуыцы сахат Пятигорскæй чи ’рбахæццæ ис, ууыл. Уый мын ныххæцыд мæ цонгыл, æмæ ацыдыстæм Хæрæндонмæ аходæн хæрынмæ; лæг тынг мæт кодта йæ усыл. «Уæддæр дысон уый куыд фæтарстис, — дзырдта уый; — ноджы, фыдбылызмæ гæсгæ, хъуыддаг мæ фæсаууон ма ’рцæуа». Мах æрбадтыстæм аходæн хæрыныл, къуымы цы уат уыдис, уый тæккæ раз; мидæгæй уаты та бадтысты фæсивæд иудæс лæгæй, семæ уыдис Грушницкий дæр. Хъысмæт та мын дыккаг хатт радта, Грушницкийы цард цы бауинаг у, уый чи лыг кодта, уыцы ныхæстæм байхъусыны фадат. Уый мæн нæ уыдта, æмæ йын уымæ гæсгæ нæ уыдтæн барæй дзурын æнхъæл, фæлæ йæ уый кодта мæ цæсты ноджы азымджындæр.

Ау, æмæ æцæг уыдысты, цымæ, черкестæ? — сдзырдта чидæр, — исчи сæ федга, мыййаг?

Хъуыддаджы æцæгдзинад уын æз æгасæй дæр радзурдзынæн, — дзуапп радта Грушницкий, — æрмæст, уæ хорзæхæй, æмæ уæ мæн мачи схъæр кæнæд; хъуыддаг мæнæ куыд уыдис: знон мæм иу лæг æрбацыдис, йæ ном уын нæ зæгъдзынæн, æмæ мын дзуры; дæсæм сахат уыдаид, афтæ, зæгъы, æз федтон, Лиговскийгы хæдзармæ чидæр куыд бахъуызыдис æмæ дзы куыд смидæг ис, уый. Уыцы сахатыл та кънйазы ус уыдис ам, йæ чызг та сæхимæ. Гъемæ уыцы лæгимæ араст стæм сæ рудзгуыты бынмæ, уыцы амондджыны размæ бабадæм, зæгъгæ.

Гæды куы нæ зæгъон, уæд æз фæтарстæн, кæд ме ’мдзурой йæ аходæн хæрыны куыст тынг зæрдиагæй кодта, уæддæр: уый фехъуыстаид, тынг хъыг ын чи уыдаид, ахæм ныхæстæ, Грушницкий хъуыддаджы бæлвырддзинад куы базыдтаид, уæд; фæлæ фыруарзондзинадæй куырм уæвгæйæ Грушницкийæн уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ цыдис.

Гъемæ, — ныхас кодта Грушницкий дарддæр, — араст стæм топп айсгæйæ; нæмыгæй ифтыгъд нæ уыди, æрмæст топпыхосæй, тæрсыны тыххæй. Дыууæ сахаты онг фенхъæлмæ кастыстæм цæхæрадоны. Фæстагмæ, — Хуыцау йæ зонæг у, кæцæй фæзындис, æрмæст рудзынгæй нæ уыдаид, уый тыххæй æмæ рудзынг гомгæнгæ нæ уыдис, фæлæ, æвæццæгæн, рацыдис, цæджындзы фæстæ цы авджын дуар уыдис, уырдыгæй, — о, фæстагмæ, зæгъын, кæсæм æмæ чидæр балкъонæй æрхизы... Гъе, мæхæнцъул, кънйазы чызг ма дзы хуыздæр цы вæййы? И? Уæвгæ, раст зæгъгæйæ, ацы мæскуыйаг чызджытæ! Уыйфæстæ ма лæг цæуыл баууæнда? Ацахсынмæ йæ хъавыдыстæм, фæлæ нын уый аирвæзтис æмæ тæрхъусау къудзитæм баппæрста йæхи; æз дæр æй фæстейы фехстон.

Грушницкийыл алырдыгæй æнæууæнкгæнгæ схъуыр-хъуыр кодтой.

Нæ уæ уырны? — ныхас кодта уый дарддæр, — ме ’ууæнкæй уæ бауырнæд, цы зæгъын, уыдон иууылдæр æцæг сты: цæмæй уæ бауырна, уый тыххæй уын, уæдæ, цæй æмæ уыцы господинæн йæ ном зæгъон.

Зæгъ, зæгъ, чи у, уый! — схор-хор кодтой алырдыгæй.

Печорин, — дзуапп радта Грушницкий.

Уыцы минутыл уый йæ цæстытæ систа уæлæмæ: æз лæууыдтæн дуарыл йæ бакомкоммæ; лæг тынг фæсырх ис. Æз æм хæстæг бацыдтæн æмæ йын сындæг æмæ æмбаргæ ныхæстæй загътон:

Тынг хъыг мын у, де ’наккаг хахуыр ныхæстыл баууæндын кæныны тыххæй æууæнчы ныхас куы загътай, æз ардæм уыйфæстæ кæй æрбацыдтæн, уый. Æз афойнадыл дæ цуры куы фæуыдаин, уæд дæ уый бахызтаид уæлдай цъаммардзинадæй.

Грушницкий йæ бынатæй фæгæпп кодта æмæ хъавыдис рамæсты уæвынмæ.

Курын дæ, — дзырдтон æз дарддæр гъеуыцы иу хъæлæсы хаттæй, — курын дæ, æмæ ныртæккæ дæ ныхæстæ фæстæмæ куыд айсай, афтæ; ды тынг хорз куы зоныс, уыдон мысгæ ныхæстæ кæй сты, уый. Æз уый æнхъæл нæ дæн, æмæ дæуæн сылгоймаг де ’рдхæрæны хорз хъарутæ кæй ницæмæ дары, уазалзæрдæйæ сæм кæй кæсы, уый тыххæй дæуырдыгæй уымæн æмбæла ахæм æбуалгъ мастисæн ми бакæнын. Дзæбæх ахъуыды кæн: уыцы æнхъæлындзинадыл куы хæцай; уæд сафыс ды уæздан лæджы ном хæссыны бар æмæ æвæрыс дæхи адзалы къахыл.

Грушницкий лæууыдис мæ разы йæ цæстытæ зæххы ныццæвгæйæ, стыр тыхстхуызæй. Фæлæ йе ’фсæрм æмæ йæ сæры кад, йæ хиуарзондзинад кæрæдзиимæ бирæ нæ фæтох кодтой. Драгуйнаг капитан бадтис йæ цуры æмæ йæ уый йæ рæмбыныкъæдзæй басхуыста; Грушницкий фестъæлфтис æмæ мын уайтагъд дзуапп радта, йæ цæстытыл уæлæмæ дæр не схæцыдис, афтæмæй.

Хорз господин, æз исты куы фæдзурын, уæд хъуыды дæр афтæ фæкæнын æмæ йæ дыккаг хатт зæгъынмæ дæр цæттæ вæййын... Æз уе ’ртхъирæнтæй нæ тæрсын æмæ алцæуыл дæр разы дæн.

Алцæуыл дæр разы кæй дæ, уый æвдисгæ дæр хорз куы ракодтай, — зæгъгæ йын уазал дзуапп радтон æз; мæхæдæг драгуйнаг капитаны дæларм бацæугæйæ рацыдтæн уатæй æддæмæ.

Цы дæ фæнды? — зæгъгæ мæ бафарста капитан.

Ды дæ Грушницкийы хæлар æмæ йын, æвæццæгæн, секундант уыдзынæ?

Капитан йæ сæрæй хъалгомау акуывта.

Хорз æй базыдтай, — загъта уый, — мæнæн ма мæ хæс дæр у уымæн секундант ныллæууын, уый тыххæй æмæ ууыл цы ’фхæрд ауадис, уый хауы мæнмæ дæр: æз дысон уыдтæн йемæ, — бафтыдта уый йæ ныхæстыл йæ гуыбыргомау гуыр рæстытæ кæнгæйæ.

А! уæдæ ахæм æнарæхст цæф дæ сæрæн фæкодтон æз?..

Уый ныббур ис, ныцъцъæх ис; сусæг маст æвиппайды йæ цæсгомыл абадтис.

Мæхицæн кадыл нымайдзынæн абон дæумæ мæ секунданты барвитын, — бафтыдтон æз мæ сæрæй йын тынг уæздан акувгæйæ æмæ, æрра кæй кодта, уый йын хъуыды дæр цыма нæ кæнын, мæхи афтæ даргæйæ.

Хæрæндоны тыргъы æз амбæлдтæн Верæйы мойыл. Æвæццæгæн æмæ мæм уый уым æнхъæлмæ кастис.

Тынг цинимæ мын зæрдиагæй мæ цонгыл ныффидæр ис.

О уæздан лæппу! — загъта уый йæ цæстытæ доны зилгæйæ. — Æз хабæрттæ иууылдæр фехъуыстон. Цæй цъаммар у! æбузн адæймаг!.. Уадз сæ ныр уыйфæстæ уæздан, æгъдауджын хæдзармæ цæуын! Хуыцауæй бузныг, æгайтма мын чызджытæ нæй! Фæлæ ды дæ хæрзиуæг райсдзынæ, дæ цардыл кæй тыххæй н’ ауæрдыс, уыцы сылгоймагæй. Ныфс дæ уæд, рæстæгмæ æз мæхиуыл кæй хæцдзынæн, уымæй, — ныхас кодта уый дарддæр. — Æз мæхæдæг дæр уыдтæн лæппу æмæ куыстон æфсæдты; зонын, уыцы хъуыддæгты хи тъыссæн кæй нæй, уый. Хæрзбон у.

Мæгуырæг, цин кæны, чызджытæ йын кæй нæй, ууыл...

Æз ацыдтæн æмраст Вернермæ, баййæфтон æй сæхимæ æмæ йын радзырдтон хъуыддæгтæ сæрæй бынмæ иууылдæр — Верæ æмæ кънйазы чызгимæ куыд дæн, цы зæрдæ сæм дарын, сусæгæй цы ныхæстæм байхъуыстон, уыдонмæ гæсгæ мæ уыцы господатæ ахъазынмæ куыд хъавынц, афтид, æнæнæмыгифтыгъд дамбацатæй кæрæдзийы æхсын куыд кæнынц. Фæлæ хъуыддаг ныр цыдис хуымæтæджы хъазтæй дарддæр: уыдон, æвæццæгæн, æнхъæл нæ уыдысты, хъуыддагæн йæ кæрон афтæ рауайдзæнис, уый.

Дохтыр сразы ис мæнæн секундант ныллæууыныл; æз ын бацамыдтон иукъорд хъуыддаджы лæгæй-лæгмæ хæсты æгъдауы æмæ фадæтты тыххæй: уый хъуамæ тынгæй ныллæууыдаид, хъуыддаг, гæнæн цас уыдис, уыйас æнæ хъæр-æнæ цъистæй, сусæгдæрæй цæмæй ацыдаид, ууыл, уый тыххæй æмæ æз мæ уд адзалмæ дæттынмæ кæд цыфæнды сахат дæр цæттæ дæн, уæддæр мæм мæ фидæны цард ацы дунейыл бынтон фехалыны зæрдæ æппындæр нæ уыдис.

Уыйфæстæ æз ацыдтæн мæ хæдзармæ. Иу сахат рацыди, афтæ дохтыр дæр æрыздæхтис йæ минæварады балцæй.

Дæ ныхмæ сусæгвæнд ис, æнæмæнг, — загъта уый. — Æз баййæфтон Грушницкиймæ драгуйнаг капитаны æмæ ма ноджыдæр иу лæджы, йæ мыггаг ын нæ хъуыды кæнын. Æз иу минуты бæрц афæстиат дæн сенæйы, мæ къалостæ ласынмæ. Ахæм хъæр æмæ бынæу сæм уыдис, æмæ диссаг... «Нæй, ницæй тыххæй сразы уыдзынæн! — дзырдта Грушницкий, — уый мæ бафхæрдта адæмы ’хсæн; уæд хъуыддаг уыдис бынтон хицæн...» — «Æмæ дæу цы хъуыддаг ис? — зæгъгæ йын дзуапп радта капитан, — æз алцыдæр мæхи ’вджид кæнын. Æз секундант фæдæн фондз дуэлы æмæ зонын, куыд æй хъæуы, уый. Алцыдæр мын хъуыдыгонд у. Æрмæст мæ, дæ хорзæхæй, хъыг ма дар. Фæтæрсын кæнын æвзæр нæу. Æниу цæмæн у адæймагæн йæхи тасы ’фтауын, фервæзæн дзы куы уа, уæд?..» Уыцы минутыл æз бацыдтæн мидæмæ. Уыдон æвиппайды фæхъус сты. Нæ ныхас ныддаргъ ис; фæстагмæ хъуыддаг мæнæ куыд алыг кодтам: ардыгæй иу-фондз версты æддæдæр ис дзæгъæл ком; уыдон ацæудзысты уырдæм райсом цыппар сахатыл, мах та ацæудзыстæм уыдонæй сахатырдæг фæстæдæр; кæрæдзийы æхсдзыстут æхсæз санчъехмæ — ууыл дзырдта Грушницкий йæхæдæг. Мард чи фæуа, уый — черкесты æфсон фæуæд! Ныр ма мæ зæрдæ мæнæ цæуылты къæпп кæны: уыдон, ома секунданттæ, æвæццæгæн, аивтой иучысыл сæ фыццаг пълан æмæ сæ фæнды сифтындзын нæмыгæй æрмæст Грушницкийы дамбаца. Уый у иучысыл лæг амарыны хуызæн хъуыддаг, фæлæ хæсты заманы, уæлдайдæр та ацы азиæгтимæ хæцгæйæ, хин митæ кæнын æмбæлы; æрмæст Грушницкий, æнхъæлдæн æмæ, иучысыл уæздандæр у йе ’мбæлттæй. Куыд дæм кæсы? Зонын сын кæнæм æви нæ, кæй сæ бамбæрстам, уый?

Уый а дунейыл ницæй тыххæй уыдзæнис, дохтыр! Дæ зæрдæ фидар уæд; ком сын нæ ратдзынæн.

Омæ уæдæ цы кæнынмæ хъавыс?

Уый мæ сусæггаг у.

Гъе, ма кæн, сайд дыл ма ’рцæуæд... æхсæз санчъехмæ куы у!

Дохтыр, æнхъæлмæ дæм кæсын райсом цыппар сахатыл; бæхтæ цæттæ уыдзысты... Хæрзбон.

Изæрмæ æз фæбадтæн нæхимæ мæ уаты дуæрттæ мæхиуыл сæхгæнгæйæ. Кънйазы усæй мæм хонæг æрбацыди йæ лакей, æз ын загътон: зæгъ ын, рынчын у, зæгъгæ.

У фæсахсæвæр дыууæ сахаты... хуыссæг мæ нæ ахсы... Бафынæй та уæвгæ хъæуы, райсом мæ къух куыд нæ риза, афтæ. Уæвгæ, æхсæз санчъехмæ зын фæивгъуийæн у. Гъе, господин Грушницкий! дæ хин, дæ сусæгвæнд дын нæ бантысдзæнис... мах нæ рольтæ ивгæ кæндзыстæм: ныр мæн бахъæудзæнис дæ фæлурс цæсгомыл сусæг тасы нысæнттæ агурын. Дæхæдæг дæхи дзыхæй цæмæн стæрхон кодтай уыцы æнамонд æхсæз санчъехы? Афтæ ’нхъæл дæ, æмæ дæм æнцад-æнцойæ æнæ быцæуæй бадардзынæн æз мæ ных... фæлæ нæ, мах хъуамæ хæлттæ сæппарæм!.. æмæ уæд... уæд... цы нæ вæййы, йæ амонд æй, мыййаг, куы ахæсса: ме стъалыйы хай мыл фæстагмæ сайдæй куы рацæуа?.. Уæвгæ, уый цы диссаг у: æнæзæрдæхудтæй мын бирæ, бирæ кæстæриуæг фæкодта, бирæ фæрæвдыдта мæ цыбæлдзинæдтæ, мæ мондагдзинæдтæ.

Цы гæнæн ис? кæд мæлгæ — уæд мæлгæ! дуне дзы дæлбыл нæ фæуыдзæнис, мыййаг; стæй мæхæдæг дæр дзæвгар схъыг дæн. Æз дæн, кафтизæры зæмбгæ чи кæны æмæ, йæ къарет кæй нæма ’рбацыдис, æрмæст уый тыххæй чи нæ цæуы сæхимæ хуыссынмæ, уыцы лæджы хуызæн. Фæлæ къарет цæттæ у... хæрзбон!..

Мæ хъуыдыты мидæг фæлгæсын æз, мæ ивгъуыд царды бонтæ цы сты, уыдоныл æгасæй, æмæ бар-æнæбары дæр фæрсын мæхи: цæмæн цардтæн? Цæй тыххæй райгуырдтæн? Æвæццæгæн, истæй тыххæй, исты сæрæн уыдис мæ райгуырд, æмæ мыл, æвæццæгæн, уыдис бæрзонд хæс æвæрд, уый тыххæй æмæ æз æнкъарын мæхимæ, мæ уды мидæг æнæкæрон тыхтæ... Фæлæ æз нæ бамбæрстон уыцы хæс, æз ацыдтæн афтид, æнæпайда æмæ æбузн бæллындзинæдтæ сайæнты фæдыл; уыдоны куынцгомæй æз рацыдтæн æфсæйнагау фидар æмæ уазалæй, фæлæ мыггагмæ фесæфтон уæздан тырнындзинæдты цæхæр, царды хуыздæр хуыз. Æмæ уæдæй фæстæмæ цал æмæ цал хатты уыдтæн æз марæн фæрæт хъысмæты къухы! Марæн гарзы хуызæн-иу æз æрхаудтæн нысангонд нывондтæн сæ сæрыл, арæх-иу сæм мæ зæрдыл ницы маст, ницы хæрам дардтон, афтæмæй, фæлæ кæддæриддæр æнæхатыр, æнæтæригъæдгæнгæйæ. Мæ уарзондзинад амонд никæмæн æрхаста, уый тыххæй æмæ кæй уарзтон, уыдон сæраппонд мæхицæн зын никуы ницæмæй скодтон; уыдон сæрвæлтау ницы нывонд хастон: æз уарзтон мæхи тыххæй, сæрмагонд мæхи æхсызгондзинады тыххæй; æз æрмæст цыдтæн мæ зæрдæйы фæндоныл, æфсæстон ын йе ’нахуыр хъæуындзинад, кæй уарзтон, уыдон æмбудæнтæ, уыдон фæлмæстдзинад, уыдон циндзинæдтæ æмæ.хъиамæттæ зыдныхъуырдгæнгæ — æмæ мын дзы бафсæдыны хъомыс никуы уыдис. Стонджыйæ мæлæг дæр ма фæлладæй, стадæй афтæ бафынæй вæййы æмæ афтæ фæуыны йæ разы алы буц минас æмæ сæр-сæргæнаг сæнтæ; уый цинæй мæлгæ æмпулы, йæ зонды чи хъазы, йæ цæстыл чи уайы, уыцы лæвæрттæ æмæ йæм фæкæсы æнцондæр; фæлæ куыддæр райхъал вæййы, афтæ йæ дзæгъæл хъуыды фæтары вæййы... йæ фæстæ баззайы дывалыг стонг æмæ ныфссастдзинад.

Æмæ, чи зоны, тæккæ райсом æз амæлон!.. æмæ зæххыл иу змæлæг дæр нал баззайдзæн, мæн æххæстæй, бынтон бæлвырд чи бамбæрста, ахæм. Иутæ мæ кæнынц фыддæр, иннæтæ хуыздæр, æцæг цы дæн, уымæй... Иутæ зæгъдзысты: мæнæй-уый уыдис зæрдæхæлар лæппу, иннæтæ — цъаммар. Уыцы ныхæстæй иу дæр æмæ иннæ дæр уыдзысты мæнг. Уыйфæстæ ма цардыл фыдæбон кæнын исты у? Фæлæ уæддæр цæрыс — къахæгау, цымыдисæй: æнхъæлмæ кæсыс ног цæмæдæр... Худæг æмæ хъыгаг та куыд нæ у!

***

Æз N фидары куы дæн, уæдæй нырмæ рацыди мæй æмæ æрдæг; Максим Максимыч ацыдис цуаны... æз баззадтæн иунæгæй; бадын рудзынджы раз; тар мигътæ бамбæрзтой хæхты сæ рæбыны онг; мигъы аууонæй хур зыны бур стъæлфы хуызæн. Уазал дымгæ æхситт æмæ змæлын кæны фæрссæгтæ... Æнкъард у!.. Цæй, фыссон дарддæр мæ журнал, ауал æнахуыр хабары мын æрдæгфыстæй кæй ныууадзын кодтой, уыцы журнал.

Кæсын та ногæй фæстаг фарс: худæг у! — мæлынмæ хъавыдтæн; нæй, уый гæнæн нæ уыдис; æз нырма йæ бындзарæй нæ асур кодтон хъиамæтдзинæдты нуазæн æмæ ныр æмбуды, бирæ ма кæй фæцæрдзынæн, уый.

Диссаг у, цы федтон, цы аивгъуыдта, уыдон иууылдæр джиппыуагъдау куыд æргом, куыд бæрæгæй бадынц мæ сæры! Иу хахх, иу æнгæсы дзы рæстæг нæ фехæлдта, нæ баихсийын кодта!

Хъуыды ма йæ кæнын: лæгæй-лæгмæ хæст нын цы бон уыдаид, уымæн йе ’хсæвы æз минут дæр нæ бафынæй дæн. Бирæ фыссын нæ фæрæзтон: мæ зæрдæ кодта сусæг тыхст. Сахаты бæрц уаты къуымты фæрацу-бацу кодтон; стæй сбадтæн æмæ рафæлдæхтон мæ разы стъолыл Вальтер Скотты роман «Шотландаг пуритантæ»; фыццаг æй æз кодтон тыхкаст, уыйфæстæ мæ æнахуыр мысгæ таурæгъ æрæлвæста йæхимæ, æмæ æз мæхицæй дæр ферох дæн...

Фæстагмæ срухс ис. Мæ маст æрсабыр. Æз бакастæн айдæнмæ; мæ цæсгом уыдис тарфæлурс, ме ’хсæв тыхстæй, æнæхуыссæгæй кæй арвыстон, уый тыххæй; фæлæ мæ цæстытæ, кæд сæ алыварс морæ аууоны зиллаччытæ хъазыдис, уæддæр кодтой хъал, æнæхатыр æрттывд. Æз баззадтæн мæхицæй бузныгæй. Бæхтыл сæргътæ сæвæрут, зæгъгæ, куы загътон, уæд мæ гæрзтæ акодтон æмæ азгъордтон найæнмæ. Нарзаны уазал фыцгæ доны ныгъуылгæйæ æз æмбæрстон, мæ буар æмæ мæ уды тыхтæ та мæм фæстæмæ куыд цæуынц, уый. Æз ваннæйæ рацыдтæн ногæй æмæ уæнгрогæй, хъазтмæ цæуæджы хуызæн. Гъеуый фæстæ дзурут, буар удæн ницы у, зæгъгæ!..

Куы æрыздæхтæн, уæд æрæййæфтон нæхимæ дохтыры. Йæ уæлæ уыдис цъæх æнгом хæлаф — рейтуз, куырæт æмæ черкесаг худ. Æз мæ дзыхыдзаг ныххудтæн, чысыл лæджы дынджыр хъуынджын худы бын куы федтон, уæд; йæ цæсгом æппындæр хæстонхуыз нæу, фæлæ йын цы даргъ уыд, уымæй ацы хатт ноджыдæр ныддаргъдæр и.

— Афтæ æнкъард цæмæн дæ, дохтыр? — загътон ын æз. — Æви ды иу-сæдæ хатты Мæрдты бæстæм нæ афæндараст кодтай мыййаг, адæмы, æппын æнæ зæрдæрисгæйæ? Зæгъæм, æз дæн рынчын мастнизæй; чи зоны æмæ дзы фервæзон, науæд амæлон; сæ дыууæйæ диссаг иу дæр нæу; йæ низы хабар бæлвырд кæмæн нæма зоныс, ахæм рынчынмæ цы цæстæй фæкæсыс, ахæм цæстæй кæсыныл мæм архай, æмæ дæ уæд иттæг тынг æрфæнддзæнис, æз цы дæн, уый биноныг базонын; ныр дын фадат ис мæнмæ иукъорд ахъаззаг физиологон хъуыддагæй дæ цæст фæдарынæн. Æнæ адзал мæлæтмæ, тыхмард фæуын æнхъæлмæ кæсын цы хоныс ды, — æргом низ нæу, мыййаг?

Уыцы хъуыды стыр дис фæкастис дохтырмæ æмæ тынг схъæлдзæг ис.

Сбадтыстæм нæ бæхтыл; Вернер идоныл ныффидар ис йæ дыууæ къухæй, æмæ фæцагайдтам, — цæстыныкъуылдмæ стахтыстæм фидары фæрсты слабодкæйы уынгты æмæ уайтагъд комы балæууыдыстæм. Комы цыдис къæдз-мæдзы, здыхтытæ фæндаг; уый уыдис æрдæгмæ арф кæрдæгæй æмбæрзт, æмæ йæ минутæй-минутмæ дзæнгæлтæ кодта хъæргæнаг мæсчъы дон; уыцы доны квæнты хъуыдис цæхгæрмæ уайын: уый-иу дохтырæн уыди тынг хъыг, уымæн æмæ-иу йæ бæх алыхатт дæр доны астæу ныллæууыди.

Æз нæ хъуыды кæнын уымæй арвхуызцъæхдæр æмæ сыгъдæгдæр райсом! Хур йæ был чысыл сдардта хæхты цъæх цъуппыты чъылдымæй, æмæ йæ тынты фыццаг хъарм æхсæвы мæлæг уазалимæ кæй иу кодта, уый æфтыдта æнкъарæнтæн се ’ппæтыл дæр цавæрдæр адджын æхсызгон фæлмæстдзинад; коммæ нæма хæццæ кодта лæппын боны зæрдæрухс тын; уый сызгъæрины фæлыста, дыууæрдыгæй нæ сæрмæ ауыгъдæй цы айнæг къæдзæхтæ лæууыдис, æрмæст уыдон цъуппытæ, уыдон арф скъуыдты цы бæзсыф къудзитæ задис, уыдон-иу дымгæйы гæзæмæ баулæфтæй дæр мах фæкодтой æвзист къæвдайы бын. Хъуыды-ма йæ кæнын, — уыцы хатт иннæ хæттытæй бирæ фылдæр æз уарзтон æрдз. Куыд цымыдис каст кодтон æз, сæнæфсиры фæтæн сыфыл зыр-зыр чи кодта æмæ милуан арвы æрдыны хуызæн тынтæй чи хъазыдис, уыцы гыццыл æртæхы муртæй алкæмæ дæр! Куыд зыдæй архайдта мæ цæст фæлмдзыд дард быдыртыл ахæссыныл! Фæндаг уыцы ран кодта нарæгдæр, айнæг къæдзæхтæ цъæхдæр, тæссагдæр, стæй фæстагмæ, цыма кæрæдзийыл ныхæсгæ кодтой æмæ уыцы иу фидар сис фестадысты, афтæ зындысты. Цыдыстæм мах æнæдзургæйæ.

Дæ фæстаг уæсиат ныффыстай? — æвиппайды афарста Вернер.

Нæ!

Æмæ куы фæмард уай, уæд та?..

Мæ бындартæ уæд сæхуыдтæг фæзындзысты.

Ау, æмæ фæстаг хатт «хæрзбон у», зæгъгæ, зæгъын дæ кæмæн фæнды, ахæм лымæнтæ дын нæй?

Æз æм, нæй, зæгъгæ, мæ сæр банкъуыстон.

Ау, æмæ дунейыл ахæм сылгоймаг нæй, æмæ дæ йæ номыл исты ныууадзын кæмæн фæндид?..

Фæнды дæ, дохтыр, — дзуапп ын радтон æз, — мæ зæрдæйы цы ис, уый дын цæмæй раргом кæнон, уый?.. Цæвиттоны хъуыддагæй æз ахызтæн, иуæй-иу лæгтæ сæ уарзон сылгоймаджы ном дзургæйæ æмæ помадæйæ сæрст кæнæ æнæсæрст сæрыхъуынты бындзыг сæ лымæнæн фæдзæхсгæйæ куы амæлынц, уыцы карæй. Рæхджы, стæй мæ, чи зоны, æнæмæнг цы адзал æрæййафинаг у, уый тыххæй сагъæс кæнгæйæ æз кæнын æрмæст мæхи мæт: иуæй-иутæ нæ кæнынц уый дæр. Сомбон мæ чи ферох кæндзæнис, кæнæ, ноджы фыддæр, алыхуызон тугтæ мыл чи ’рымысдзæнис, уыцы хæлæрттæ; иннæйы хъæбыс кæнгæйæ мæныл худгæ чи кæндзæнис, уыцы сылгоймæгтæ, мардæй мыл æнæууæнк ма кæна, зæгъгæ, — хуыцау сын æгъгъæд фæуæд! Царды тыфылæй æз рахастон æрмæст цалдæр идейæйы — æнкъарæн та иунæг дæр нæ. Æз рагæй цæрын зæрдæйæ нæ, фæлæ сæрæй. Æз барын Тæразæй барæгау сæрмагонд мæхи бæллындзинæдтæ æмæ митæ, кæнын сæ къæмæвзæрст, фæлæ искæй цæстæй кæсæгау. Мæ мидæг цæры дыууæ адæймаджы: иу дзы цæры, куыд æмбæлы, афтæ, иннæ та ууыл хъуыды кæны æмæ ууыл тæрхон кæны; фыццаг, хъуамæ, сахаты фæстæ хæрзбон зæгъа дæуæн æмæ æгас дунейæн дæр мыггагмæ, дыккаг та... дыккаг?.. Скæс-ма, дохтыр: уыныс, уалæ къæдзæхыл рахизырдыгæй сау-сауид дарынц æртæ æндары? Уыдон, æнхъæлдæн, нæ фыдгултæ сты...

Нæ бæхты базмæлын кодтам.

Къæдзæхрæбын, къудзийы астæу бастæй лæууыдис æртæ бæхы; мах дæр нæхионты бабастам уыцы ран, нæхуыдтæг нарæг къахвæндагыл уæлæмæ лæгъзмæ ссыдыстæм; уым нæм æнхъæлмæ кастис Грушницкий, драгуйнаг капитан æмæ йæ иннæ секундант, Иван Игнатьевич кæй хуыдтой, уыимæ; йæ мыггаг ын никуы фехъуыстон.

Мах уæм рагæй æнхъæлмæ кæсæм, — загъта драгуйнаг капитан йæ мидбылты зынæрвæссон худт бакæнгæйæ.

Æз систон мæ сахат æмæ йæм æй равдыстон.

Уый хатыр ракуырдта, уæдæ мæ сахат æгæр размæ цæуы, зæгъгæ.

Цалдæр зын минуты ныл ацыдис æнæсдзургæйæ; фæстагмæ дохтыр нал фæлæууыдис æмæ загъта Грушницкийæн:

Мæнмæ афтæ кæсы, господа, æмæ уæ дыууæйæн дæр уæ хæстæввонгдзинад равдисгæйæ æмæ уымæй уæ сæры кад йæ бынаты сæвæргæйæ гæнæн уаид иумæ баныхас кæнын, кæрæдзийы бамбарын, стæй уæд хъуыддаг «а»-’мæ «о»-йæ ахицæн кæнын.

Æз цæттæ дæн, — загътон æз.

Капитан йæ цæст фæныкъуылдта Грушницкиймæ, æмæ уый дæр, йæ зæрдæйæ æз тæрсгæ кæнын, зæгъгæ, йæхи бахъалхуыз кодта, кæд уыцы минуты онг йæ рустæ тар-фæлурс уыдысты, уæддæр. Куы ссыдыстæм, уæдæй фæстæмæ мæм нырма фыццаг хатт скастис йæ цæстытæй; фæлæ йæ каст уыдис куыддæр тыхстхуыз, æвдыста йын йæ зæрдæйы тох, хъуырдухæндзинад.

Бамбарын мын кæн дæ фæндондзинад, — загъта уый, — æмæ мæ бон цыдæриддæр у, уый æз дæу тыххæй бакæндзынæн, бауырнæд дæ...

Мæнæ дын, уæдæ, мæ фæндондзинад: ды тæккæ абон хъуамæ басæттай адæмы раз, фыдном мæ кæй кодтай, ууыл, æмæ мæ ракурай хатыр...

Хорзæхджын æлдар, дис мæм кæсы, ахæм ныхæстæ мæм куыд æрбауæндыдтæ, уый?..

Æмæ дын уæдæ цы загътаин уымæй фæстæмæ?..

Мах хъуамæ фехсæм кæрæдзийы. Æз ме уæхсчытæ фелхъывтон.

Хъуамæ; æрмæст ахъуыды кæн — нæ дыууæйæ иу æнæмæнг уыдзæнис мард.

Мæн фæнды, уый ды куыд уай...

Мæн та тынг фидарæй уырны, — иннæрдæм кæй уыдзæнис, уый...

Грушницкий хорзау нал фæцис, фæсырх ис, стæй æнæбары ныккæл-кæл кодта.

Капитан ын йæ цонгыл ныххæцыдис æмæ йæ иуварс акодта; уым дзæвгар иумæ фæсусу-бусу кодтой. Æз ссыдтæн фаг хæларзæрдæ æмæ фидыдæргомæй, фæлæ йæ митæм æрра кæнын райдыдтон.

Дохтыр мæ цурмæ æрбацыдис.

Байхъус-ма, — загъта уый æргом тыхстхуызæй, — сыгъдæгæй дæр дæ ферох ис, фæнд дыл кæй кодтой, уый?.. Æз нæ зонын, дамбаца куыд сифтындзын хъæуы, уый, фæлæ уыцы хъуыддаджы тыххæй... Диссаджы адæймаг дæ! Зæгъ сын, кæй сын зоныс сæ фæнд, æмæ иу сыпп дæр нал суæнддзысты... Уанцон нæу! Цъиуы мард дын æрбакæндзысты...

Табуафси, дохтыр, мæт ма кæн, стæй уал фæлæуу... Æз хъуыддæгтæ иууылдæр афтæ сараздзынæн, æмæ сын пайда æппындæр ничердыгæй рауайдзæнис. Бауадз сæ асусу-бусу кæнын...

Господа! ай циу, куы бафæлмæцыдыстæм! — загътон æз хъæрæй. — Кæд хæцгæ, — уæд хæцгæ; знон уæ фаг нæ уыдис дзурынæн?..

Мах цæттæ стæм, — дзуапп радта капитан.

Слæуут, господа! Дохтыр, табуафси, абарут æхсæз санчъехы...

Слæуут! — загъта дыккаг хатт Иван Игнатъевич хъысхъысгæнаг хъæлæсæй.

Фæлæуут! — загътон æз, — ноджыдæр ма иу дзырд; адзалы хæст кæй уыдзæнис нæ хæст, уымæ гæсгæ мах хъуамæ цыдæриддæр бакæнæм, хъуыддаг сусæгæй цæмæй баззайа, стæй нæ секунданттæ азымджын цæмæй нæ уой, уый тыххæй. Разы стут æви нæ?..

Тынг разы!

Гъеуæдæ æз мæнæ цы ’рхъуыды кодтон. Уынут мæнæ ацы айнæг къæдзæхы цъуппыл рахизырдыгæй нарæг фæз. Уырдыгæй бынмæ уыдзæнис иу-æртын сардзины æгшынкъаддæр; былæй дзы цыргъ дуртæ. Алчидæр нæ слæудзæнис фæзыл, тæккæ былгæрон; æмæ афтæмæй цыфæнды рог цæф дæр уыдзæнис мæлæтдзаг цæф: уый хъуамæ афтæ уа уæхи фæндонмæ гæсгæ, уый тыххæй æмæ æхсæз санчъехы уæхуыдтæг загътат. Цæф чи фæуа, уый æнæмæнг асхъиудзæнис дæлæмæ æмæ лыстæг пырх ныууыдзæнис; йæ нæмыг ын дохтыр сисдзæнис, æмæ уæд тынг æнцон уыдзæнис йе ’виппайды мард æнарæхст агæппы ’фсон фæкæнын. Мах сæппардзыстæм хæлттæ, раздæр чи æхса, уый тыххæй. Нæ фехъуыстон ма зæгъут, афтæ куы нæ уа, уæд æз нæ хæцын.

Хъуамæ! — загъта капитан Грушницкиймæ æмбарæн каст бакæнгæйæ, уый дæр йæ сæр æркъуырдта, разы дæн, зæгъгæ. Йæ цæсгом кодта уысмæн раив-баив. Æз æй сæвæрдтон зын раны. Æнæуый хуымæтæджы раст уагыл æхсгæйæ уымæн уыдаид хъавæн мæ къахмæ, мæнæн рог цæф фæкæнæн æмæ афтæмæй йæ маст сисæн, мæ тæригъæды æгæр нæ бацæугæйæ, фæлæ ныр уый хъуыдис хæрдмæ ’хсын, кæннод та лæг марын, науæд та, æппынфæстаг, йæ цъаммар фæнд бынтон ныууадзын æмæ мемæ æмхуызон тасы бацæуын. Уыцы минутыл æм æз нæ бабæллыдаин. Уый капитаны иуварс акодта æмæ йын тынг зæрдиагæй райдыдта цыдæр дзуры; æз федтон, йæ былтæ кæй ныцъцъæх сты æмæ зыр-зыр кæй кодтой, уый; фæлæ дзы капитан йæхи иннæрдæм фæзылдта, былысчъил худт бакæнгæйæ. «Ды æдылы дæ! — загъта уый Грушницкийæн фаг хъæрæй, — ницы ’мбарыс!.. Цæй, араст уæм уæдæ, господа!»

Нарæг къахвæндаг цыдис къудзиты ’хсæнты къардиуы сæрмæ, къæдзæхы згъæлæнтæ уыдысты уыцы æрдзон асинæн йæ тæссонд къæпхæнтæ; къудзитыл хæцгæ мах байдыдтам хæрдмæ бырын. Грушницкий цыди разæй, йæ фæстæ — йæ секунданттæ, уыдоны фæстæ та — мах дохтыримæ.

Æз дыл дис кæнын, — загъта дохтыр, йæхæдæг мын мæ къух тынг цæлхъывта. — Æри-ма, дæ пульс дын басгарон!.. О-гъо! афтæ цæвы, цыма дыл ризæг ис!.. фæлæ дæ цæсгомыл ницы бæрæг ис... æрмæст дæ цæстытæ æрттивынц иннæ хæттытæй ирддæр.

Æвиппайды лыстæг дуртæ хъæргæнгæ æргæр-гæр кодтой нæ къæхты бынмæ. Ай циу? Грушницкий фæкалдис; цы къалиуыл ныххæцыди, уый æрсастис, æмæ лæг уæлгоммæ атылдаид бынмæ, йæ секунданттæ йыл куы нæ фæхæцыдаиккой, уæд.

Дæхи хъахъхъæ! — схъæр кодтон æз, — рагагъоммæ ма хау: уый æвзæр нысан у. Юлий Цезæры æрхъуыды кæн!

Уалынмæ схæццæ стæм, æддæмæ сынæгау чи дардта, уыцы айнæджы сæрмæ; йæ фæз уыди лыстæг змисæй æмбæрзт, цыма йæ дуэлæн барæй афтæ ачындæуыдис, уыйау. Алырдыгæй райсомы сызгъæрин мигъы ныгъуылгæйæ гуылвæндтæ кодтой хæхты цъуппытæ æнæнымæц дзугау, æмæ Эльбрус урс уæйыгау хуссарырдыгæй фæлгæсыдис фæйнæрдæм æмæ æлхынцъ кодта, æхгæдта, хурыскæсæнæй æрбалидзæг фæскъауæнгæс мигътæ цы ихсæр бæрзæндты ’хсæн ралæс-балæс кодтой, уыдоны рæхыс. Æз бацыдтæн фæзæн йæ былмæ æмæ акастæн дæлæмæ, чысыл ма бахъæуа мæ сæр ма разила: уыцы ран бынæй зындис ингæнау талынг æмæ уазал; къæдзæхты хъуынавæрд сиучытæ, тæрккъæвдатæ æмæ рæстæг кæй раппæрстой, уыдон æнхъæлмæ кастысты сæ амæттагмæ.

Цы фæзы хæцинаг уыдыстæм, уый уыди раст æртæтигъон тъæпæн. Æддæмæ дзы цы тигъ ацыдис, уымæй абарстам æхсæз санчъехы æмæ бауынаффæ кодтам, знаджы топпы ныхмæ раздæр лæугæ кæмæн æрцæуа, уый хъуамæ слæууа фæзæн йæ тæккæ тигъыл йæ чъылдым былырдæм здæхтæй: кæд уый нæ фæмард уа, уæд знæгтæ аивдзысты сæ бынæттæ.

Æз сфæнд кодтон, алцæмæй дæр Грушницкийæн пайдадæр куыд уыдаид, афтæ бакæнын; фæндыдис мæ йæ бафæлварын; йæ зæрдæйы хъуамæ райхъал уыдаид хатырдзинады цæхæр, æмæ уæд хъуыддæгтæ иууылдæр хуыздæрырдæм ацыдаиккой; фæлæ йæ хиуарзондзинад æмæ йæ зæрдæйы ахасты лæмæгъдзинад хъуамæ фæуæлахиз уыдаиккой... Мæ амонд мæ куы фервæзын кодтаид, уæд мæ зæрды афтæ уыдис æмæ йын æппындæр тæригъæд, хатыр куыд нæ бакодтаин. Ахæм бадзырдтæ чи нæ кодта йæ намыс, йæ цæсгомимæ?

Хæлттæ сæппар, дохтыр! — загъта капитан.

Дохтыр систа йæ дзыппæй æвзист æхца æмæ йæ хæрдмæ сдардта.

Сыхырна! — фæхъæр кодта Грушницкий тагъдгомау, хæлары схуыстæй сонт хъал чи равæййы, уыцы лæджы хуызæн.

Цæргæс! — загъгон æз.

Æхца хæрдмæ зилгæ фæцыдис æмæ, дзинг, зæгъгæ, фæстæмæ æрхаудис; иууылдæр æм сæхи бакалдтой.

Ды амондджын дæ, — загътон æз Грушницкийæн, — фыццаг æхсты бар дæу у! Фæлæ дæ зæрдыл дар, куы нæ мæ амарай, уæд дæ æз кæй нæ фæивгъуийдзынæн, уый, — æууæнк дын дæттын.

Уый ныссырх ис; йæ сæрмæ нæ хаста æнæгæрзтæ лæджы амарын; æз æм кастæн æдзынæг; минуты бæрц мæм афтæ кастис, æмæ мын цыма гъеныртæккæ къахыл кувæг фæуыдзæн, ныббарут мын, зæгъгæ, курдзæн; фæлæ, цæй, куыд басæтта, ахæм æнахъинон фæнд æм кæй ис, ууыл?.. Уыдис ма йын æрмæст иу фæрæз: хæрдмæ фехсын; æз æнхъæл уыдтæн, хæрдмæ фехсдзæнис, зæгъгæ! Афтæ бакæнынæй йæ æрмæст иу хъуыддаг баурæдтаид: дыккаг хатт æй куы хæцын кæнон, уый.

Афон у! — зæгъгæ мын дохтыр æрбадзырдта мæ хъусы, мæ дыс ивазгæйæ, — гъеныртæккæ сын куы нæ зæгъай, сæ фæндтæ сын кæй зонæм, уый, уæд хъуыддаг æгасæй дæр сæфт у. Кæс-ма йæм, уæртæ ифтындзы... ды йын куы ницы зæгъай, уæд æз мæхæдæг...

Æппындæр ницæй тыххæй, дохтыр! — дзуапп ын радтон æз фæстæмæ йæ йæ цонгæй уромгæйæ. — Хъуыддаг æгасæй дæр фехалдзынæ; дзырд мын куы радтай, хъыг мæ кæй нæ дардзынæ, уымæй... цы хъуыддаг дæ ис? Чи зоны, кæд мæ мард фæуын фæнды, уæд та...

Уый мæм æрбакастис дисгæнгæйæ.

О, уый æндæр хъуыддаг у... æрмæст мæ-иу мæрдты ма рахъаст кæн...

Уалынмæ капитан сифтыгъта йæ дамбацатæ, иу дзы радта Грушницкиймæ, худæнбылæй йын йæ хъусы цыдæр загъта, афтæмæй; иннæ та — мæнмæ.

Æз слæууыдтæн фæзæн йæ тæккæ тйгъыл галиу къах дурмæ фидар саразгæйæ æмæ иучысыл размæ æргуыбыргæнгæйæ, рог цæф фæуæвгæйæ уæлгоммæ цæмæй нæ ахаудаин, уый тыххæй.

Грушницкий слæууыдис мæ комкоммæ æмæ, йын нысан лæвæрд куыд уыдис, уымæ гæсгæ райдыдта дамбаца уæлæмæ исын. Йæ уæрджытæ рызтысты. Хъавыдис мын мæ тæккæ ныхмæ...

Мæстæй мæ туг сфыхти.

Æвиппайды дамбацайы дзых дæлæмæ æруагъта æмæ цикъæйæ фæлурсдæр ныууæвгæйæ фездæхтис фæстæрдæм йæ секундантмæ:

Мæн бон нæу, — загъта уый йæ ныхас гæзæмæ хъуысгæйæ.

Тæппуд! — зæгъгæ йын дзуапп радта капитан.

Гæрах фæцыдис. Нæмыг мын фæцъæррæмыгъст кодта мæ уæраг. Æз æнæбары бакодтон размæ цалдæр санчъехы, былæй мæхи тагъддæр байсон, зæгъгæ.

Гъе, ’фсымæр Грушницкий, æвгъуаг у, кæй фæсыкк дæ, уый! — загъта капитан, — ныр дæ рад у, слæуу! Раздæр уал мæ дæ хъæбысы акæн: кæрæдзийы нал фендзыстæм! — Уыдон кæрæдзийы ахъæбыс кодтой; капитан тыххæй урæдта йæ худæг. — Тæрсгæ ма кæн, гоnлекк, — бафтыдта уый йæ ныхæстыл, йæхæдæг æм хин каст бакодта, — дунейыл алцыдæр мæнг у!.. Æрдз — æдылы, хъысмæт — сылгогыз, цард та — капекк у!

Уыцы æнтъыснæг, фæлæ куыд æмбæлд, афтæ барджынæй загъд ныхæсты фæстæ уый айста йæхи йæ бынатмæ; Иван Игнатъевич дæр йæ цæстысыгтæ калгæйæ йæ хъæбысы ныккодта Грушницкийы, æмæ уый аззадис иунæгæй мæ комкоммæ. Æз ныронг архайsн, мæ риуы цыхуызæн æнкъарæн фыхтис, уый мæхицæн бамбарын кæныныл: иуæй мæм кастис хъыг мæ сæры кады, мæ хиуарзондзинады æфхæрд, иннæмæй, кодтон хæрам æмæ мæсты, ныр, афтæ фидарæй, æнцад къæйныхдзинады каст мæм чи кæны, уыцы лæг дыууæ минуты размæ, йæхицæн ницы тас уæвгæйæ, мæн куыдзы мард акæнынмæ кæй хъавыдис, уымæн æмæ мæ уæраг тынгдæр куы фæцæф уыдаид, уæд мын къæдзæхæй æнæмæнг æнæ асхъиугæ нæ уыд, уый-иу куы ахъуыды кодгон, уæд.

Æз ын иу-цалдæр минуты æдзынæг фæкастæн йæ цæсгоммæ, кæд æппын ыл фæсмондзинады рог фæд уæддæр раиртасин, зæгъгæ. Фæлæ мæм афтæ фæкасти, цыма уый йæ мидбылхудт уромгæ кодта, уыйау.

Æз дын фæнд кæнын дæ мæлæты размæ Хуыцауæн бакувын, — загътон ын уæд æз.

Мæ уды мæт ма кæн дæхи удæй фылдæр. Иунæг хъуыддаг дæ курын: æхсгæ тагъддæр.

Гъемæ уæдæ сæттыс, хахуыр мыл кæй бакодтай, ууыл?.. Хатыр мæ нæ курыс?.. Ахъуыды кæн дзæбæх; дæ цæсгом, дæ намыс дæм æппын ницы дзуры?

Господин Печорин! — фæхъæр кодта драгуйнаг капитан, — ды ам уый тыххæй нæ дæ, æмæ искæмæн йæ тæригъæдтæ æргом кæнын кæнай, бахатыр кæн, фæлæ... Цæй, тагъддæр фæуæм; кæннод, афтæ нæу, комы исчи рацæудзæнис — æмæ нæ фендзæнис.

Хорз. Дохтыр, ардæм-ма рацу.

Дохтыр мæм æрбацыдис. Мæгуыр дохтыр! Уый уыдис, Грушницкий дæс минуты размæ цы фæлурс уыд, уымæй фæлурсдæр.

Айфæстæ цы ныхæстæ ис, уыдон æз загътон барæй уæззаугомау, фæлæуу-фæлæугæнгæ, хъæрæй æмæ æмбаргæ, мæлæты тæрхон кæсæгау.

Дохтыр, ацы господаты, æвæццæгæн, фыртагъдæй ферох ис мæ дамбацайы нæмыг цæвæрын: курын дæ, æмæ мын æй ног сифтындз, — æрмæст хорз!

Афтæ нæ уыдзæн! — хъæр кодта капитан, — нæ уыдзæн афтæ! Æз сифтыгътон дыууæ дамбацайы дæр; дæууонæй нæмыг кæд фæстæмæ тулгæ ракодта, уымæн ницы зонын... Уый мæ аххос нæу! — Дæуæн та дæ бон нæу дамбаца ногæй ифтындзын... дæ бон нæу æппындæр... уый у бынтондæр уагæвæрды æваст хъуыддаг; нæ дæ бауадздзынæн...

Хорз! — загътон æз капитанæн, — кæд афтæ у, уæд нæ дыууæ дæр фехсæм кæрæдзийы раст гъеуыцы ’гъдауыл...

Уый баджис-къус кодта.

Грушницкий лæууыдис йæ сæр риуыл уагъдæй, къæмдзæстыг æмæ тарæй.

Ныууадз сæ! — загъта уый фæстагмæ капитанæн, мæ дамбаца дохтыры къухæй ратонынмæ чи хъавыдис, уымæн... — Дæхæдæг куы зоныс, уыдон раст кæй сты, уый.

Дзæгъæлы ма йын æмбарын кодта капитан алы нысæнттæй, — Грушницкийы сæм кæсын дæр нал фæндыдис.

Уалынмæ дохтыр дамбаца сифтыгъта æмæ йæ радта мæнмæ.

Уый ауынгæйæ капитан нытту кодта æмæ æркъуырдта зæххыл йæ къах: «Фаг æдылы дæ, æфсымæр, — загъта уый, — æнæуаг æдылы!.. Дæхи ме ’вджид бакодтай, уæд мæм хъус алцæмæй дæр... Цы аккаг дæ, гъеуый дын! Ныххæдмæл у бындзы хуызæн ныр уым...» йæхæдæг фездæхта йæ чъылдым æмæ рацыдис хъуырхъуыргæнгæ: «Фæлæ уæддæр уый у бынтондæр уагæвæрдты æваст хъуыддаг».

Грушницкий! — загътон æз, — рæстæг ма дын ис; дæ хахуырыл басæтт, æмæ дын алцыдæр барст. Дæуæн нæ бантыстис мæн æдылыйы бынаты сæвæрын, æмæ æз мæ сæры кадæн, мæ хиуарзондзинадæн гъеуый кæнын æгъгъæд; æрхъуыды кæн, — мах кæддæр цардыстæм демæ хæларæй...

Йæ цæсгом ссыгъдис, йæ цæстытæ ферттывтой.

Æхс! — дзуапп радта уый. — Æз мæхиуыл æлгъ кæнын, дæуæй та ме сæфт уынын. Куы нæ мæ амарай, уæд дæ æхсæвыгон фæскъуымæй æргæвдгæ кæндзынæн. Нæ дыууæйæн иумæ зæххыл бынат нæй...

Æз фехстон, уæдæ цы уыдаид...

Фæздæг фæйнæрдæм куы фæпырх ис, уæд Грушницкий фæзы нал уыдис. Æрмæст ма рыджы рог цæджындзгонд зылдис къардиуы былгæрон.

Æмхуызонæй дæр уыциу хъæр фæкодтой.

Finita la comedia!30 — загътон æз дохтырæн.

Уый ницы сдзырдта æмæ удаистæй иннæрдæм аздæхтис.

Æз ме уæхсчытæ фелхъывтон æмæ загътон хæрзбон Грушницкийы секунданттæн.

Къахвæндагыл дæлæмæ куы ’рцæйцыдтæн, уæд æз къæдзæхы скъуыдты ’хсæн ауыдтон тугæрхæмттæй Грушницкийы мард. Мæ цæстытæ ацъынд сты...

Мæ бæхы баст райхæлдтон æмæ йæ æнцад цыдæй ауагътон нæхирдæм. Мæ зæрдæйы лæууыдис уазал дур. Хур мæм зындис тарæй, йæ тынтæ мæ нæ тавтой.

Слабодкæмæ нæма бахæццæ дæн, афтæ æз фæзылдтæн рахизырдæм комы. Адæймаджы уынд мын уыдаид зын: фæндыди мæ иунæгæй фæуын. Бæхæн йæ идон йæхи бар ауадзгæйæ, мæ сæр мæ риуыл æруадзгæйæ æз фæцыдтæн бирæ; фæстагмæ фестадтæн бынтон æнæзонгæ ран; æз бæхы фæстæмæ фездæхтон æмæ райдыдтон фæндаг агурын; хур ныгуылын байдыдта, æз бастайгæйæ мæ фæллад бæхыл Кисловодскмæ куы бахæццæ дæн, уæд.

Мæ лакей мын загъта, Вернер мæм æрбацыдис, зæгъгæ, æмæ мæм æрбалæвæрдта дыууæ уацфысты; иу Вернерæй, иннæ та... Верæйæ.

Æз райхæлдтон фыццаджы; уыди дзы афтæ фыст:

«Алцыдæр конд æрцыд, хуыздæр куыд уыдис, афтæ: мард æрластой, базонæн æй нал уыдис, афтæмæй, нæмыг риуæй систой. Иууылдæр ын йæ адзал кæнынц æнæнхъæлгæ фыдбылызы аххос, æрмæст комендант, æвæццæгæн уын уæ хылы хабар чи зыдта, уый батылдта йæ сæр, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Дæу цæмæй базылын чындæуа, ахæмæй хъуыддаджы æппындæр ницы ис, æмæ дын ис амал дæхицæн æнцад-æнцойæ хуыссæн... кæд, фæразыс, уæд... Хæрзбон»...

Æз иудзæвгар нæ хастон мæ ныфс дыккаг уацфыст райхалынмæ... Цы мæм хъуамæ фыстаид уый?.. Уæззау сусæг æнкъарындзинад мын цоппай кодта мæ зæрдæ.

Мæнæ гъеуыцы уацфыст, йæ алы дзырд дæр мæ зæрдæйы арф кæмæн ныххызтис æмæ ферох кæнæн кæмæн нæй:

«Æз фыссын дæумæ, æппындæр кæрæдзийы никуыуал фендзыстæм, зæгъгæ, уый æнхъæлæй. Цалдæр азы размæ дæр ма дæуимæ хицæнгæнгæйæ æз афтæ ’нхъæл уыдтæн; фæлæ арвы бафæндыдис мæн дыккаг хатт бафæлварын; æз нæ бафæрæзтон уыцы фæлварындзинад бауромын, мæ лæмæгъ зæрдæ та ногæй фæтасыд, басаст йæ зонгæ хъæлæсæн... ды мыл сæрыстыр нæ кæндзынæ уый тыххæй, раст нæ зæгъын? Ацы уацфыст уыдзæнис фæстаджы, дæуæн хæрзбон зæгъыны æмæ мæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ æргом кæныны уацфыст: æз дын хъуамæ зæгъон, мæ зæрдæ дæу кæдæй уарзы, уæдæй нырмæ дзы цы сгуппар, уыдон иууылдæр. Дæу азымы дарæг мæхи æз не скæндзынæн — ды мын бакодтай, алы æндæр нæлгоймаг дæр мын цы ми бакодтаид, уый; ды уарзтай мæн сæрмагонд хи исы хуызæн, кæрæдзийы ивгæ чи цæуы, æмæ æнæ уыдон цард æнкъард, иухуызон кæй тыххæй уаид, — цин, катай æмæ хъыг — гъеуыдон æвзæрæн, уыдон суадон æз цыма уыдтæн, афгæ. Æз уый бамбæрстон райдианы... Фæлæ ды уыдтæ æнамонд, æмæ дын æз мæхи снывонд кодтон, ныфс мæ уыдис, искуы мын мæ нывондæн аргъ скæндзынæ, искуы бамбардзынæ, æппын æнæ истæмæ гæсгæ дæм стыр фæлмас зæрдæ кæй дардтон, уый. Ацыдис уæдæй нырмæ бирæ рæстæг: æз дын базыдтон дæ уды, дæ сусæгдзинæдтæ æгасæй дæр... æмæ мæ бауырныдта, мæхицæн дæ дзæгъæл ныфс кæй æвæрдтон, уый. Стыр маст мын уыдис уыцы хъуыддаг! Фæлæ мæ уарзондзинад у тугныхæст мæ удыл, уый батар ис, фæлæ хуысгæ нæ бакодта.

Мах кæрæдзийæ цух кæнæм мыггагмæ; фæлæ дæ уырнæд, æндæры кæй никуы уарздзынæн, уый: мæ уд дыл сихсийын кодта йæ хæзнатæ æгасæй дæр, йæ цæстысыгтæ æмæ йæ ныфсытæ. Дæу иу хатт чи уарзта, уымæн нæй иучысыл æнæ сæрыстырæй иннæ нæлгоймæгтæм кæсæн, уыдонæй хуыздæр дæ, уый тыххæй, мыййаг, æппындæр нæ! фæлæ де’рдзы ис хицæн цыдæр, иунæг дæумæ цы ис, ахæм хъал, сæрæмбæрзт цыдæр; дæ хъæлæсы хатты, цыфæнды дæр дзур, ис æнæбасæтгæ барад: ничи зоны дæуæй æддæмæ, æдзухдæр æй цæмæй уарзой, уымæ афтæ бæллын; мæстыдзинад афтæ дзæбæх, афтæ аив никæуыл фидауы; никæй цæстæнгас æвæры зæрдæ уыйбæрц тæхудиагдзинæдтæй; ничи арæхсы хуыздæр пайда кæнын йæ уæлдай хъарутæй, æмæ хъуамæ мачи уа дæ хуызæн æцæг æнамонд, уый тыххæй æмæ дæу бæрц ничи архайы, уыдон афтæ не сты, зæгъгæ, йæхи ууыл баууæндын кæныныл.

Ныр дын хъуамæ æз бамбарын кæнон, афтæ тагъд цæмæ гæсгæ цæуын, уый; мæ цыд дæумæ фæкæсдзæнис ницæйаг хъуыддаг, уый тыххæй æмæ у иунæг мæхи уды хъуыддаг.

Абон мæм райсомæй æрбацыди мæ мой æмæ мын радзырдта, Грушницкиимæ кæй фæхыл дæ, уый хабар, æвæццæгæн, æмæ мæ цæсгом тынг афæлывта, уый тыххæй æмæ мын уый бирæ æмæ æдзынæг фæкастис мæ цæстытæм, æз, чысыл ма бахъæуа, ма ’рхауон уадзыгæй, абон дæ хæцын кæй хъæудзæнис æмæ уæ хæст мæ аххосæй кæй у, уый куы ахъуыды кодтон, уæд; афтæ мæм кастис, æмæ сæрра уыдзынæн... Фæлæ ныр мæ зонд мæхимæ куы ’рцыдис, куы æрæмбæрстон, уæд мæ уырны, ды æгас кæй баззайдзынæ, уый: нæй дæуæн æнæ мæн амæлæн! Мæ мой бирæ фæрацу-бацу кодта уаты иу ранæй иннæ ранмæ; æз нæ зонын, цы мын дзырдта, уый, нæ хъуыды кæнын, цы дзуаппытæ йын лæвæрдтон, уый... æвæццæгæн ын загътон, дæу кæй уарзын, уый... Æрмæст ма уый хъуыды кæнын — ныхасгонд куы фестæм, уæд мæ æвзæр, æнаккаг ныхасæй кæй бафхæрдта æмæ æддæмæ кæй ацыдис. Æз фехъуыстон, къарет куыд ифтындзын кодта, уый... Ныр мæнæ æртæ сахаты у, æз рудзыджы раз куы бадын æмæ дæ раздæхынмæ æнхъæлмæ куы кæсын, уæдæй нырмæ... Фæлæ ды æгас дæ, дæуæн амæлæн нæй!.. Къареты ма чысыл хъæуы цæттæмæ... Хæрзбон у, хæрзбон... Æз фесæфтæн, — фæлæ цæмæн хъæуын æз?.. Мæн куы уырнид, æдзухдæр мæ дæ зæрдыл кæй дардзынæ, — уарздзынæ, зæгъгæ, нæ зæгъын, — нæ, æрмæст мæ дæ зæрдыл кæй дардзынæ, уый... Хæрзбон; æрбацæуынц... æз хъуамæ уацфыст бамбæхсон...

Æцæг нæ зæгъын, ды Мерийы нæ уарзыс, зæгъгæ? Нæ йæ ракурдзынæ? — Байхъус-ма, ды хъуамæ гъеуыцы нывонд æрхæссай мæн тыххæй: æз ацы дунейыл — дæу тыххæй фесæфтон алцыдæр...»

Фæлхæрсты хуызæн тыргъмæ ралиуырдтон, фæгæпп кодтон мæ Черкесмæ, кæрты ралас-балас кæй кодтой, æмæ мæ тых-мæ бонæй фæцагайдтон Пятигорскы фæндагыл. Æз æнауæрдон тард кодтон мæ фæлмæцыд бæхы, уый дæр мæ хуыр-хуыргæнгæ æмæ фынккалгæ скъæфта дурджын фæндагыл дæлæмæ.

Хур бамбæхстис, ныгуылæн хæхты рагъыл йæ фæллад чи уагъта, уыцы сау мигъы мидæг; комы уыдис талынг æмæ уымæл. Подкумок дуртыл згъоргæйæ кодта уыцы иухуызон æмыр хъæр. Æз уадтæн, мæ фыртагъдæй, ме ’нæхъæцынæй æнудгæнгæ. Пятигорскы йæ куы нæ баййафон, зæгъгæ мын уый мæт дзæбугау хоста мæ зæрдæ. Иу минут, æрмæст иунæг минут ма йæ уæддæр фен, хæрзбон ын зæгъ, йæ къухыл ын фæхæц... Æз куывтон, æлгъыстон, куыдтон, худтæн... нæй, уыдонæй иу дæр фаг нæу, мæ тыхст, мæ ныфссастдзинад зæгъынæн!.. Мыггагмæ йæ куы фесафон, уый тасæй мын Верæ ссис, дунейыл цы ис, уыдонæй æппæтæй дæр зынаргъдæр, — о, зынаргъдæр мæ цардæй, мæ кадæй, мæ амондæй! Хуыцау зоны, цыхуызæн æнахуыр, цыхуызæн æрра хъуыдытæ гуылвæндтæ кодтой мæ сæры... Фæлæ уæддæр æз мæ уады кой кодтон, бæхы æнауæрдон тард кæнгæйæ. — Æмæ æз фиппайын байдыдтон, мæ бæх уæззаудæр кæй улæфыдис, уый; иу-дыууæ хатты мын кæлгæ дæр фæкодта лæгъз раны... Хъуыдис ’ма мæ фондз версты хъазахъхъы станицæ Ессентукмæ — уым мын уыдис æндæр бæхыл сбадыны амал.

Хъуыддæгтæ иууылдæр арæзт уыдаиккой, мæ бæхæн ма йæ хъару иу-дæс минуты фаг уæддæр куы суыдаид, уæд. Фæлæ æвиппайды хохæй рахизгæйæ чысыл æрхы куы фæхæрд кодтон, уæд цæхгæр фæзилæны бæх уыциу гуыпп нылласта зæххыл. Æз цырд рагæпп кодтон, архайын ыл сыстын кæныныл, ивазын идон — ницы: йæ хъæрзын ма гæзæмæ райхъуыстис йе ’ндæгъд дæндæгты æхсæнæй: цалдæр минуты фæстæ амардис; æз баззадтæн быдыры иунæгæй мæ фæстаг ныфсæй бавдæлон уæвгæйæ; афæлвæрдтон фистæгæй цæуыныл — мæ уæрджытæ фæдыдагъ сты; боны цоппайæ æмæ æнæхуыссæгæй фæлмæцыд уæвгæйæ æз æрхаудтæн уымæл кæрдæгыл æмæ сывæллонау ныккуыдтон.

Æз бирæ фæхуыссыдтæн зæххыл æмæ зæрдæбынæй куыдтон, мæ цæссыг æмæ мæ богъ-богъ бауромыныл нæ архайгæйæ;

æз æнхъæл уыдтæн, мæ риу фæйнæрдæм атондзæнис, зæгъгæ; мæ зæрдæфидардзинад, мæ хиуылхæцгæдзинад атар сты фæздæджы хуызæн, мæ зæрдæ æрлæмæгъ, мæ зонд ныкъкъуырма, æмæ мæ уыцы сахат чи федтаид, уый мæм æлгъгæнгæ разылдтаид йæ къæбут.

Æхсæвы æртæх æмæ мын хæххон дымгæ мæ судзгæ сæр куы æруазал кодтой, æмæ мæ хъуыдытæ сæ бынаты куы æрбадтысты, уæд æз бамбæрстон — чи фесæфтис, уыцы амонд мын фæсте сурын кæй у æнæпайда хъуыддаг æмæ æнæзонддзинад. Цы ма мæ хъæуы! — йæ фенын? — цæмæн? не ’хсæн куы ницыуал ис. Фæндарасты иунæг ба не схъæздыг кæндзæни мæ мысинæгты, йæ фæстæ ма нын ноджы зындæр уыдзæни кæрæдзийæ фæхицæн.

Фæлæ мын æхсызгон у, мæ бон кæуын кæй у, уый. Æниу, чи зоны, кæд уый у мæ карз маст, æнæхуыссæг æхсæв, дыууæ минуты дамбацайы дзыхмæ фæлæуды æмæ афтид гуыбыны аххос.

Алцыдæр хуыздæрæн у! Уыцы ног хъизæмар мын, æфсæддон адæм куыд акæнынц, фæци амондджын диверсийы хос. Кæуын у æнæнизы хос, стæй, æвæццæгæн, бæхыл куы нæ аратæх-батæх кодтаин, æмæ мын фæстæмæ фынддæс версты цæугæ куы нæ ’рцыдаид, уæд мын уыцы ’хсæв дæр хуыссæг мæ цæстытæ не ’рцъынд кæнын кодтаид.

Æз Кисловодскмæ бахæццæ дæн райсомæй фондз сахатыл, хуыссæны мæхи баппæрстон æмæ бафынæй дæн, Наполеон Ватерлоойы фæстæ куыд бафынæй ис, афтæ.

Куы райхъал дæн, уæд æддейы уыдис талынг. Æз сбадтæн гом рудзынджы раз, сæфтыдтон мæ куырæты æгънæджытæ, — æмæ мын хæххон дымгæ сног кодта мæ риу, фæсвæллад уæззау хуыссæг кæй нæма æрæнцайын кодта, уый. Дард, цæугæдоны æддейы, аууон æй чи дардта, уыцы бæзджын сусхъæд бæлæсты цъуппыты æхсæнтæй фæзын-фæзын кодтой рухсытæ фидары æмæ слабодкæйы агъуыстытæй. Махæн нæ кæрты алцыдæр уыдис æнцад, кънйазы усы хæдзары уыдис талынг.

Æрбацыди дохтыр, йæ ных уыди тар; иннæ хæттытæй уæлдай мæм йæ къух дæр нæ радта.

Кæцæй фæдæ, дохтыр?

Кънйазы ус Лиговскийæ; йæ чызг рынчын у — йæ нервытæ слæмæгъ сты. Уæвгæ, уый ницы у, фæлæ дын цы зæгъон: хицæутты зæрдæ дæм æхсайы, æмæ хъуыддагæй кæд æргом равдисæн ницы ис, уæддæр дын зæгъын — дæхи хъахъхъæн. Кънйазы ус мын абон дзырдта, йæ чызджы тыххæй кæй æхстат кæрæдзи, уый кæй зоны, уый. Уымæн сæ иууылдæр уыцы зæронд лæг радзырдта... бæрæг цыдæр хуындис. Уый дæ цуры уыдис, хæрæндоны Грушницкиимæ куы фæбыцæу дæ, уæд. Æз дæм æрбацыдтæн гъеуыцы хабар зæгъынмæ. — Райгæ рау. Чи зоны æмæ кæрæдзийы нал фенæм, дæу арвитдзысты искæдæм.

Къæсæрыл фæлæууыдис; фæндыд æй мæ къух айсын... æмæ йын æз чысыл дæр мæ фæндондзинад куы равдыстаин уымæй, уæд уый йæхи ме ’фцæджы æрбаппæрстаид; фæлæ йæм æз баззадтæн дуры хуызæн уазалæй, — æмæ уый дæр ацыдис.

Гъеуый дын адæм! Æгасæй дæр афтæ сты: адæймагæн раздæр фæзонынц йæ ми, йæ раконды æвзæрдзинæдтæ иууылдæр, фæкæнынц ын æххуыс, уынаффæ, йæ мийæ ма суанг æппæлгæ дæр, æндæр фæрæз нæй, уый æмбаргæйæ, — стæй уæд сæ къухтæ цæхсынц, æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ сæ чъылдым фездахынц, азымы уæз æгасæй дæр уæндонæй йæхимæ чи райсы, уымæй. Уыдон иууылдæр афтæ сты, суанг сæ тæккæ хæларзæрдæдæртæ, сæ тæккæ зондджындæртæ дæр!

Уымæн йæ дыккаг бон райсомæй N фидармæ ацæуыны тыххæй хистæр хицæуттæй дзырд райсгæйæ æз бацыдтæн кънйазы усмæ хæрзбон зæгъынмæ.

Уый фæдис кодта, исты уанæбæрæг æхсызгон хъуыддаг зæгъинаг мын дæ, зæгъгæ мæ куы афарста, æмæ йын æз — хорз амондмæ дын бæллын, зæгъгæ, æмæ æндæртæ куы загътон, уæд.

Æмæ уæдæ мæн демæ тынг зæрдиагæй аныхас кæнын куы хъæуы.

Æз æнæдзургæйæ æрбадтæн.

Бæрæг уыдис, йæ ныхас цæмæй райдыдтаид, уый кæй нæ зыдта, уый; йæ цæсгом сырххъулон афæлдæхтис, йæ нарст æнгуылдзтæ сæхи хостой стъолыл; фæстагмæ уый райдыдта фæлæуу-фæлæугæнгæ афтæ дзурын:

Æрбайхъус-ма, мсье Печорин; æз æнхъæл дæн, æмæ ды уæздан лæг дæ.

Æз ын мæ сæрæй акуывтон.

Мæн уый уырнгæ дæр кæны, — дзырдта ус дарддæр, — кæд мæм дæ уаг, де ’ууæлтæ чысыл гуырысхойаг кæсынц, уæддæр, фæлæ дын уымæн хъуамæ уа исты æфсæнттæ, æз кæй нæ зонын, ахæмтæ, æмæ ды хъуамæ ныр гъеуыдон мæнæн æргом зæгъай. Ды мын мæ чызджы баиргъæвтай хахуырæй, — марын кодтай уый сæрыл дæхи — иуныхасæй, лæууыдтæ адзалы къахыл... Мацы сдзур, æз зонын, нæ йыл басæтдзынæ, уый тыххæй æмæ Грушницкий фæци мард (йæхиуыл дзуар бафтыдта).

Хуыцау ын бахатыр кæндзæнис, стæй, æнхъæлдæн, дæуæн дæр афтæ!.. Уый мæ хъуыддаг нæу, æз нæ уæндын дæу азымы дарын, уый тыххæй æмæ мæ чызг кæд аххосджын нæ уыдис, уæддæр хъуыддаг æрцыдис уый сæраппонд. Уый мын уæ хабæрттæ æгасæй дæр радзырдта... æнхъæлдæн, æгасæй дæр: ды йын фæдзырдтай, уарзыс æй, зæгъгæ... Уый дæр дын басастис, кæй дæ уарзы, ууыл (ацы ран кънйазы ус уæззау ныуулæфыдис). Фæлæ уый у рынчын, æмæ æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ йæ низ хуымæтæджы низ нæу! Сусæг маст æй мары. Уый йыл нæ сæтты, фæлæ мæн уырны, уый дæ аххосæй кæй у, уый... Хъус-ма... чи зоны æмæ ды афтæ ’нхъæл уай, æмæ æз цинтæ, стыр хъæздыгдзинæдтæ агурын, — нæ, уый æнхъæл ма у: мæн фæнды æрмæст, мæ чызг амондджын цæмæй уа, уый. Дæ ныры фадат тынг бæллиццаг нæу, фæлæ йын ис хуыздæр суæвæн: дæумæ ис мулк; мæ чызг дæ уарзы, уый афтæ ахуыр, афтæ хъомылгонд у, æмæ йæ мойæн уыдзæнис амонды хос. Æз дæн бонджын, уый та мын у зыбыты иунæг... Зæгъ мын, цы дæ уромы? Адон æппæт мæнæн хæс нæ уыдис дæуæн дзурын, фæлæ æз æууæндын дæ зæрдæйыл; — æрхъуыды кæн, иунæг мын у... иунæг чызг...

Ус скуыдта.

Æхсин, — загътон æз, — нæй мын дæуæн дзуапп дæттæн; бар мын ратт дæ чызгимæ хибарæй баныхас кæнынæн...

Уый никуы уыдзæнис! — фæцъæхахст кодта ус, йæхæдæг бандонæй фестадис тынг тыхстæй.

Бар дæхи, — зæгъгæ йын дзуапп радтон æз, мæхи цæуынæввонггæнгæйæ.

Уый асагъæс кодта, йæ къухæй мын ацамыдта, фæлæуу, зæгъгæ, йæхæдæг æддæмæ ауадис.

Рацыдис иу-фондз минуты, мæ зæрдæ йæхи хоста къултыл, фæлæ мæ хъуыдытæ уæддæр уыдысты æнцад, сæ бынаты, мæ сæр уазал; цы нæ кодтон, дзæбæх Меримæ уарзондзинады цæхæрæй мæ риуы иу мур уæддæр ссарынæн, фæлæ... ницы.

Уалынмæ дуар байгом ис, æмæ Мери æрбацыдис. О Хуыцау! мæнæ цыхуызæн ссис, куы йæ нал федтон, уæдæй нырмæ, — афтæмæй цыма раджы уыдис?

Уаты астæумæ куы ’рбахæццæ ис, уæд фæцудыдта; æз фæгæпп кодтан, мæ къух æм авæрдтон æмæ йæ къæлæтджын бандонмæ бакодтон.

Æз лæууыдтæн йæ комкоммæ. Бирæ фестæм æнæдзургæйæ, йæ хъоппæг цæстытæ уыдысты, зæгъæн нæй, афтæ ’нкъард, æмæ цыма ме ’нгасы сæхицæн ныфсы хуызæн исты агуырдтой, уыйау зындысты; йæ фæлурс былтæ дзæгъæлы архайдтой фæхудыныл; йæ буц къухтæ йæ уæрджытыл æвæрдæй уыдысты афтæ цола æмæ ирд, æмæ йын кодтон тæригъæд.

Кънйазы чызг, — загътон æз, — зоныс, æз дыл худгæ кæй кодтон, уый?.. Ды мæ хъуамæ дæ сæрмæ ма хæссай.

Чызджы уадултæ низхуыз сырх аисты.

Æз дзырдтон дарддæр: — Уымæ гæсгæ, уæдæ, дæуæн нæй мæнуарзæн...

Уый аздæхтис иннæрдæм, æрæнцад йæ рæмбынкъæдзæй стъолыл, бамбæрзта йæ цæстытæ йæ къухæй, æмæ мæнмæ афтæ фæкастис, цыма сыл цæстысыг ферттывта, уыйау.

О мæ Хуыцау! — сдзырдта чызг йæ ныхас гæзæмæ хъуысгæйæ.

Зæрдæ йæм хæлди фæйнæрдæм: иу минут ма, — æмæ йæ къæхты бын æрхаудаин.

Гъеуæдæ, афтæ, ды дæхæдæг уыныс, — загътон æз, куыд фæрæзтон, афтæ фидардæр хъæлæсæй æмæ æнæбары худгæйæ, — ды дæхæдæг уыныс, ракурæн мын дæ кæй нæй, уый. Уый дæ ацы сахат куы фæндид, уæддæр ыл рæхджы фæсмон фæкæнис. Дæ мадимæ нæм ныхас кæй уыдис, æз уымæ гæсгæ дзурын демæ афтæ æргом æмæ афтæ схуыстæй. Æз æнхъæл дæн, æмæ рæдийгæ кæны: дæуæн æнцон у уымæн йæ рæдыд бамбарын кæнын. Ды уыныс, æз дæ цæсты тынг ницæйаг, тæригъæддаг æмæ тынг æвзæр бынаты æвæрд кæй дæн, уый, æз ма ууыл дæр куы сæттын; æндæр ницы мæ бон у дæу тыххæй бакæнын. Цыфæнды æвзæр куы уон дæ цæсты, уæддæр ыл разы... Уыныс, куыд ныллæг, куыд æгад дæн дæ разы... Æцæг нæ зæгъын, кæд мæ ныронг уарзтай, уæддæр мæ ацы минутæй фæстæмæ дæ сæрмæ дæр кæй нал хæссыс, уымæй?..

Чызг раздæхтис ме ’рдæм мраморы хуызæн фæлурсæй, æрмæст йæ цæстытæ кодтой диссаджы æрттывд.

Æз дæ уынын ме сæфт... — загъта уый.

Æз ын арфæ ракодтон, буцгомау ын акуывтон мæ сæрæй æмæ рацыдтæн.

Сахаты фæстæ мæ тагъд тройкæ гъæйттæй скъæфта Кисловодскæй. Ессентукмæ ма цалдæр версты уыдис, афтæ æз базыдтон фæндагмæ ’ввахс мæ саулох бæхы мард: йæ саргъ уыдис ист — æвæццæгæн æй систа, ууылты чи цыдис, ахæм хъазахъхъаг, æмæ саргъы бæсты йе рагъыл бадтис дыууæ халоны. Æз ныуулæфыдтæн æмæ ме ’ргом иннæрдæм аздæхтон...

Æмæ ныр ам, ацы ’нкъард фидары, мæ хъуыды, мæ цæст ивгъуыд рæстæгыл ахæсгæйæ æз арæх афæрсын мæхи: цымæ мæ цæуылнæ фæндыдис ныллæууын, хъысмæт мын мæ размæ цы фæндаг байгом кодта, зæрдæрухсдзинад æмæ удæнцой кæм федтаин, уыцы фæндагыл?.. Нæ, нæ бафæрæзтаин æз уыцы нывы цæрын. Æз дæн, абырджыты науы уæлхæдзары чи райгуырдис æмæ схъомыл ис, уыцы матросы хуызæн: уымæн йæ уд сахуыр ис, æмцард кæнын байдыдта уад æмæ тохимæ, æмæ доны былмæ æппæрст уæвгæйæ уый хъыг кæны æмæ фæлмæцы, цыфæнды сайд æй куы кæна йæхимæ аууонджын сатæг къох, цыфæнды рухс ын куы кæна æнцад хурзæрин, уæддæр; уый рацу-бацу кæны йæхицæн æгас бон-изæрмæ доны былы змисыл, йæ хъус дары, кæрæдзийы чи суры, уыцы уылæнты иухуызон хъуыр-хъуырмæ æмæ æдзынæг кæсы мигъдзыд дардмæ: цымæ нæ фæзына уым, цъæх, æнæбыны æмæ донхуыз асæсты цъуппытæ кæрæдзийæ чи хицæн кæны, уыцы фæлурс хаххы уæлæ науы бæллицаг кæттаг, фыццаг денджызы чайкæйы базыры ’нгæс чи вæййы, фæлæ чысылгайчысылгай чысы фынкæй чи фæхицæн вæййы æмæ уыцы иухуызон лæгъз згъордæй æдзæрæг наулæууæнмæ чи ’ввахс кæны, уый...

III. Фаталист

Иухатт мæ дыууæ къуырийы бахъуыдис цæрын хъазахъхъаг станицæйы, галиу флангыл, уыцы ран лæууыдис фистæг æфсады батальон дæр; афицертæ-иу æрæмбырд сты кæрæдзимæ радыгай æмæ-иу изæрæй хъазыдысты къамæй.

Иухатт, бостонæй31 хъазынæй куы схъыг стæм, уæд бакалдтам нæ къамтæ стъолы бынмæ, æмæ нын бадт бацайдагъ, æмæ фæбадтыстæм тынг бирæ, майор С-мæ; иннæ хæттытæй уæлдай уыцы ’хсæв нæ ныхас уыдис æхсызгондæр. Ныхас кодтам, пысылмон адæмы куыд уырны, ома, адæймагæн йæ хъысмæт — уæлæон царды йыл цы ’рцæуинаг у, уый фыст у уæларвы, зæгъгæ, — уый кæй уырны, ахæмтæ мах æхсæн дæр бирæ ис, зæгъгæ, уый тыххæй; алчидæр нæ хаста ныхасы сæрыл кæнæ йæ ныхмæ алыхуызон æнахуыр хабæрттæ.

— Уыдон иууылдæр ницы сты, господа, мур ницы ’вдисынц, — загъта зæронд майор, — сымахæй иу дæр йæхи цæстæй нæ федта, уæ ныхæсты æцæгдзинады фидарæн цы æнахуыр хабæрттæ хæссут, уыдон.

Ай-гъай, ничи, — загътой бирæтæ, — фæлæ фехъуыстам æууæнкджын адæймæгтæй...

Уыдон иууылдæр сты ницæйаг ныхæстæ! — загъта чидæр:

кæм сты, кæм, уыцы æууæнкджын адæймæгтæ, нæ адзалы сахат фыст кæм ис, уыцы чиныг чи федта, уыдон?.. Стæй адæймаг йæ хъысмæт кæд æцæг зоны рагацау, уæд ма нын уæдæ зонд æмæ ныфс та цæй тыххæй лæвæрд сты? Нæ ракæндты тыххæй ма науæд дзуапп дæттын та цæмæн хъæуы?

Уæд сыстадис иу афицер, уæды онг къуымы чи бадтис, æмæ стъолмæ сындæггай бацæугæйæ ахаста йе ’нцад æмæ хъæлдзæг цæстæнгас не ’ппæтыл дæр. Йæ номæй бæрæг уыд, уый сербиаг кæй уыдис, уый.

Поручик Вуличæн йæ бакаст уыдис алцæмæй дæр раст йæ зæрдæйы ахастмæ гæсгæ. Бæрзонд æмæ саулагъз, саухил, адæймаджы иннæрдæм чи хызтис, ахæм сау цæстытæ йын, стыр, фæлæ раст фындз, йæ адæмы хатт бæрæггæнæн, æдзух йæ былтыл чи хъазыд, ахæм æнкъард æмæ уазал мидбылхудт, уыдон ыл иууылдæр иумæ афтæ дзæбæх цыма уымæн фидыдтой, æмæ йыл бæрæг уа, уый иннæты хуызæн адæймаг кæй нæ у, цавæрдæр хицæн уæвæг кæй у; хъысмæт ын æмбалæн кæй радта, уыдонæн йæ хъуыдытæ æмæ йæ бæллицтæ æргом кæнын йæ хъæды кæмæн нæй, ахæм кæй у, уый.

Уый уыдис хъæбатыр, дзырдта чысыл, фæлæ цæхгæр; никæмæн хъæр кодта йæ зæрдæйы æмæ йæ бинонты царды сусæгдзинæдтæ; сæн стæм хатт йеддæмæ нæ нуæзта; сæ дзæбæхдзинад хи цæстæй нæ фенгæйæ сæ рæсугъддзинад зын бамбарæн кæмæн у, уыцы æрыгон хъазахъхъаг сылгоймæгты фæдыл нæ хаттис. Афтæмæй та дзы дзырдтой, йе ’мбаргæ цæстытæ булкъоны усы зæрдæмæ тынг цæуынц, зæгъгæ; фæлæ-иу уый æцæг рамæсты ис, исчи йын-иу чысыл дæр уый кой куы скодта, уæд.

Уыдис æмхиц æрмæст иунæг хъуыддагмæ, — æмæ йæ сусæг дæр нæ кодта — къамæй хъазынмæ. Кæрдæгхуыз стъолы фарсмæ бадгæйæ-иу дзы алцыдæр ферох ис, æмæ та-иу уайтагъд æмбылды фæцис; фæлæ йæ хъуыддаг æппынæдзух рæстмæ кæй нæ цыдис, уый йын мæстæй мардта æмæ цыргъдæр кодта йæ хивæнддзинад. Афтæ дзы дзырдтой, иухатт, дам, экспедицийы уæвгæйæ, æхсæвыгон уый базы уæлæ æрæвæрдта банк; тынг хорз цыдис йæ хъуыддаг. Æвиппайды фехъуыстис гæрæхтæ; фæцыди фæдисы хъæр, иууылдæр фæгæппытæ кодтой, æмæ гæрзтыл сæхи ныццавтой. «Æрæвæр æгас банк!» — хъæр кодта Вулич æнæуæлæмæстгæйæ йæ сонтдæр æмхъазджытæй иумæ. «Цæуы æвдæм», — дзуапп радта уый згъоргæ-згъорын. Уыцы хъомпалы мидæг Вулич уæддæр иу зылд хъазт фæцис.

Æфсæддон рæхысæвæрдмæ куы бахæццæ ис, уæд уым топпы гæрæхтæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл. Вуличы нæ уыдис цæцæнæн нæ сæ нæмгуыты, нæ сæ кæрдты мæт: уый агуырдта æрмæст йæ амондджын æмхъазæджы.

Æвдæм лæвæрд у! — ныхъхъæр кодта Вулич æппынфæстаг, хъæдæй æддæмæ знаджы тæрын чи райдыдта, уыдонимæ йæ æмхъазæджы куы ауыдта, уæд; стæй йæм хæстæгдæр бацыдис, систа йæ чыссæ æмæ йе ’хцадон æмæ сæ радта амондджынæн, кæд ын уый дзырдта, ам æхца фидæн ран нæу, зæгъгæ, уæддæр. Уыцы æнад, æнæбары хæс сæххæст кæныны фæстæ уый абырста размæ, салдæттæ йæ фæстæ, афтæмæй, æмæ хъуыддаг цалынмæ бынтон нæ ахицæн ис, уæдмæ цæцæнимæ кæрæдзийы фæгæрæхтæ кодтой, æдæрсгæ, хъуыды дæр сæ нæ кодта, афтæмæй.

Поручик Вулич стъолы размæ куы ’рбацыдис, уæд иууылдæр фæхъус сты, æнхъæлмæ йæм кастысты исты æнахуыр хъуыддаг равдисынмæ.

Господа! — загъта уый (йæ хъæлæс уыдис æнцад, иннæ хæттытæй уæлдай, кæд чысыл ныллæгдæр уыдис, уæддæр), — господа, дзæгъæлы быцæу цы у? Сымах хъæуы æвдисæндзинæдтæ; æз уын зæгъын, бафæлварут-ма уæдæ уæхиуыл, адæймагæн йæ бон у барвæндонæй, куыд æй фæнды, афтæ йæ цардæн уынаффæ кæны, æви нæ алкæмæн дæр йæ адзалы сахат раздæр бæрæг, нывгонд у... Кæй уæ фæнды?

Мæн нæ, мæн нæ! — зæгъгæ, схор-хор кодтой фæйнæрдыгæй. — Уый уын худæджы лæг, гъе! ахæм хъуыды ма искæй сæрмæ ’рцæудзæнис!..

Хæснаг кæнын, — загътон æз хъазгæйæ.

Цæуыл?

Фидарæй лæууын, хъысмæт кæй нæй, ууыл, — загътон æз, мæхæдæг иу-ссæдз червонецы æркалдтон стъолмæ, мæ дзыппы цы уыдис, уыдон æгасæй дæр.

Æз кæнын, — дзуапп радга Вулич æмыр хъæлæсæй. — Майор, ды уыдзынæ нæ тæрхоны лæг; мæнæ дын ай фынддæс червонецы, иннæ фондз та мæ дарыс ды, лымæны хатыр бакæн — æмæ сæ адоныл бафтау.

Хорз, — загъта майор, — æрмæст, гæды дын ма зæгъон, не ’мбарын, цы хабар у, уый, — стæй дæ хæснаг куыд алыг кæндзынæ?..

Вулич æнæсдзургæйæ рацыдис майоры хуыссæнуатмæ; мах дæр йæ фæстæ рацыдыстæм. Уый бацыдис, хæцæнгæрзтæ ауыгъд цы къулыл уыдысты, уымæ æмæ, цæй, кæцыфæнды уæд, зæгъгæ, райста рагъæнæй алыкалиброн дамбацатæй иу. Ныр, цы кæны, уымæн мах ницыма æмбæрстам, фæлæ йын йæ цæукъа куы сæргъæвта æмæ йын йæ хъусы топпыхос куы бавгæдта, уæд бирæтæ удаистæй æнæбары фæхъæр кодтой æмæ йын йæ къухтæм фæлæбурдтой.

Цы кæнынмæ хъавыс? Хъус-ма, уый æрра ми у! — ныхъхъæр кодтой алырдыгæй.

Господа! — загъта уый сындæггай йæ къухтæ уæгъд гæнгæйæ, — кæй фæнды мæ сæрыл ссæдз червонецы бафидын?

Иууылдæр ныхъхъус сты æмæ иуварс ацыдысты.

Вулич рацыдис иннæ уатмæ æмæ стъолы раз æрбадтис, иууылдæр йæ фæдыл рацыдыстæм. Уый нын ацамыдта, стъолы алыварс æрбадут, зæгъгæ. Мах æнæдзургæйæ йæ коммæ бакастыстæм: уыцы минут æм уыдис лæвæрд махыл цавæрдæр æнæмбаргæ, сусæг бардзинад. Æз ын йæ цæстытæм æдзынæг бакастæн; фæлæ уый æнцад æмæ æнæзмæлгæйæ касти мæ къахæн цæстæнгасмæ, æмæ йæ фæлурс былтæ рог худт бакодтой; фæлæ, кæд йæхи фидар дардта, уæддæр мæм афтæ касти, цыма йын адзалы мыхуыр йæ фæлурс цæсгомыл уыдтон, уыйау. Æзиу фиппайдтон, стæй зæронд æфсæддон адæмæй дæр бирæтæ дзырдтой, æцæг афтæ у, зæгъгæ, — иукъорд сахаты фæстæ йæ адзал кæмæн вæййы, уыцы адæймагæн фылдæр хатт йæ цæсгомыл вæййы, хъысмæт æнæфæивгъуийгæ кæй у, уый æнахуыр бæрæггæнæн, æмæ йын дæсны фæлтæрд цæстæн æнæ базонгæ нæ вæййы.

Ды абон амæлдзынæ! — загътон ын æз. Уый мæм тагъдгомау фездæхтис, фæлæ мын сындæг æмæ æнцадæй дзуапп радта:

Чи зоны æмæ — о, чи зоны æмæ — нæ...

Стæй майорырдæм аздæхтис æмæ йæ бафарста, дамбаца ифтыгъд у æви нæу. Майор æй йæ гыхстæй хорз нал хъуыды кодта.

Цæй, æгъгъæд у, Вулич! — фæхъæр кодта чидæр, — æвæццæгæн, ифтыгъд у, нывæрзæнырдыгæй ауыгъд кæм уыдис, уым; ай чердыгон хъазт у!..

Æдылы хъазт! — фæрæвдз æм ис иннæ.

Хæснаг æвæрын фондз туманы фондз сомы ныхмæ, дамбаца ифтыгъд кæй нæу, ууыл! — фæхъæр кодта æртыккаг.

Райдыдтой та ног хæснæгтæ.

Æз схъыг дæн уыцы æнæхъуаджы æрхæц-схæцæй. «Хъусма, — загътон æз, — кæнæ дæхиуыл дамбаца ныццæв, кæнæ та йæ йæ бынаты сауындз, æмæ цом хуыссынмæ».

Афтæ, афтæ, — схъæр кодтой бирæтæ, — цомут хуыссынмæ.

Господа, курын уæ, æмæ уæ йæ бынатæй мачи фезмæлæд! — загъта Вулич дамбацайы дзых йæ ныхыл сæвæргæйæ. Иууылдæр цавддуртау фесты.

Господин Печорин, — загъта уый, — сис къам æмæ йæ хæрдмæ сæппар.

Æз систон стъолæй, абоны хуызæн ма йæ хъуыды кæнын, — червиты тъузы æмæ йæ хæрдмæ фехстон: се ’ппæт дæр сæ улæфт фæурæдтой; се ’ппæты цæстытæ дæр тас æмæ цавæрдæр æнæбæрæг цымыдисæй седзаг уæвгæйæ разгъор-базгъор кодтой дамбацайæ фыдбылызы тъузмæ, уæлдæфы зырзыргæнгæ сындæггай дæлæмæ чи ’рцæйцыдис, уымæ: куыддæр къам стъолыл æрæндзæвыдис; афтæ Вулич цæукъа æруагъта... дамбаца фæсыкк ис!

Хуыцауæй бузныг! — фæхъæр кодтой бирæтæ, — ифтыгъд нæу.

Фенæм æй уæддæр, — загъта Вулич. Сæргъæвта та цæукъа, ныхъхъавыдис рудзынджы сæрмæ ауыгъд тъæпæн худмæ; гæрах фæцыд — уат фæздæгæй айдзаг ис; фæздæг куы апырх ис, уæд тъæпæн худ райстой, нæмыг ахызти йæ тæккæ астæу æмæ арф бацыди къулы.

Иу-æртæ минуты бæрц ныхас скæнын никæйуал бон уыдис, Вулич æнцад-æнцойæ нывгæдта мæ червонецтæ йе’хцадоны.

Байдыдтой алы ныхас кæнын, дамбаца фыццаг хатт кæй не схæцыдис, уый тыххæй; иутæ дзырдтой, æвæццæгæн, йæ хъус сыгъдæг нæ уыдис, зæгъгæ, иннæтæ хъус-хъусæй дзырдтой, æвæццæгæн æмæ топпыхос фыццаг уымæл уыдис, стæй дзы уыйфæсгæ Вулич ног топпыхос бавгæдта, зæгъгæ; фæлæ сын æз та дзырдтон, фæстаг ныхас уын раст нæу, уый тыххæй æмæ кæрæй-кæронмæ дæр дамбацайæ мæ цæстытæ æз дæлæмæ не ’руагътон, зæгъгæ.

Хъазты мидæг амондджын дæ! — загътон æз Вуличæн.

Мæ цæрæнбонты фыццаг хатт, — дзуапп мын радта уый йæхицæй ныббуц уæвгæйæ æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ, — уый банкæй дæр æмæ штоссæй32 дæр хуыздæр у.

Фæлæ уыйхыгъд та чысыл тæссагдæр у.

Ау, æмæ дæ хъысмæт уырнын байдыдта?

Уырны; æрмæст гъеныр не ’мбарын, абон дын æнæамæлгæ нæ уыдзæнис, зæгъгæ, ’нхъæл цæмæн уыдтæн, уый...

Æмæ, бынтон æрæджы дæр ма æнцад-æнцойæ йæ ныхмæ чи хъавыдис, уыцы лæг ныр æвиппайды йæхи мидæг сфыхтис æмæ фефсæрмы ис.

— Цæй, æгъгъæд фæуæд! — загъта уый стгæ-стын, — мæ хæснаг ахицæн, æмæ ныр цы дзурыс, уыдонæн бынат нал ис, мæнмæ гæсгæ, — йæ худ райста æмæ ацыди. Уыцы хъуыддаг мæм диссаг фæкастис — æмæ уый хуымæтæджы нæ уыд.

Уалынмæ се ’ппæт дæр сæ хæдзæрттæм ахæлиу сты. Вуличы æвирхъау миты тыххæй алы койтæ кæнгæ æмæ, æвæццæгæн, мæн æмдзыхæй хиуарзаг хонгæйæ, уый тыххæй æмæ æз кодтон хæснаг, йæхи топпæй марынмæ чи хъавыдис, ахæм лæгимæ, цыма æнæ мæн йæхи марынæн дзæбæх фадат не ссардтаид, уыйау!..

Æз æрцæйцыдтæн нæхимæ станицæйы афтид цæхгæрмæ уынгты дæлæмæ; мæй уыдис йæ цалхыдзаг æмæ сыгъди пиллоны сырххъулонæй, сцæйкасти хæдзæрттæй къахыртæ горизонты фæстейæ; стъалытæ сæхицæн æнцад æрттывтой арвы тарбын-цъæх къуырфæй, æмæ мæм худæг кæсын байдыдта, раджы кæддæр, дам, ахæм хæрздæсны адæймæгтæ уыдис, æмæ, дам, афтæ чи ’нхъæлдта, зæххы гæппæлы кæнæ æндæр ницæйаг мысгæ барты тыххæй цы ницæйаг быцæутæ вæййы зæххыл, уыцы быцæуты, дам, æрвон рухсгæнæгтæ дæр лæуд вæййынц, зæгъгæ, уыцы ныхас мæ зæрдыл куы ’рбалæууыдис, уæд. Æмæ цы? сæ зæрдæйæ æмæ уыцы рухсгæнæгтæ æрмæст сæ тохтæм æмæ сæ уæлахиздзинæдтæм рухс дарыны тыххæй сыгъд сты; фæлæ уыдон, судзынц, фыццаджы хуызæн, уыцы ирдæй, сæхи мондæгтæ, сæхи æмхицдзинæдтæ æмæ ныфсытæ та семæ раджы ахуыссыдысты, æнæмæт фæндаггон хъæды дымгæмæ цы чысыл арт акæны, уый куыд ахуыссы, афтæ. Фæлæ сын уыйхыгъд та цас тых æмæ цас хъæбатырдзинад лæвæрдта, æнæхъæн арв дæр сæм йæ æнæнымæц цæрджытимæ æгомыгæй, фæлæ æнæ сайдæй аудæндзастæй дæлæмæ кæй фæлгæсы, уый сæ кæй уырныдта, уый!.. Мах га, уыдонæн сæ мæгуыр байзæддæгтæ, уæлæуыл рахау-бахау чи кæны æнæ уырнындзинад æмæ æнæ сæрыстырæй, æнæ æхсызгондзинад æмæ æнæ тасдзинадæй, зæрдæ адзалы тасæй чи ’лвасы, уыцы æнæбары тасæй фæстæмæ, — мах нал стæм стыр нывæндтæ хæссынхъом, нæхицæн стыр зынтæ кæнынхъом нæ — адæмы хорздзинады, нæ — сæрмагонд нæхи амонды тыххæй, уымæн æмæ зонæм, амонд ссаргæ кæй нæу, æмæ стырзæрдæйæ хизæм гуырысхойæгуырысхомæ, нæ фыдæлтæ иу рæдыдæй иннæмæ сæхи раппарбаппар куыд кодтой, афтæ, уыдонау нæм нæ ныфс нæ, æгæр- мæгуыр, адæмимæ кæнæ хъысмæтимæ тохы бацæугæйæ, уд кæддæриддæр цы тыхджын, фæлæ æнæбæрæг æхсызгондзинад ары, уый ис, афтæмæй...

Æмæ ноджыдæр бирæ æндæр ахæм хъуыдытæ цыди мæ сæры; æз сæ уромгæ нæ кодтон, уый тыххæй æмæ æз истыхуызон иппæрд хъуыдыйыл фæстиат кæнын нæ уарзын; æмæ уымæн йæ кæрон цæмæ цæуы?.. Мæ лæппуйы бонты райдианы æз уыдтæн мæхицæн мæнг ныфсытæ æвæрæг — митæй мæсгуытæ амайæг; æз уарзтон мæхи радыгай рæвдауын, куы тар, æнкъард, куы та зæрдæйæн æхсызгон, хъæлдзæг нывтæй, мæ тыхст æмæ æнæфсис зонды чи ’взæрдис, уыдонæй. Фæлæ мын уымæй цы баззадис? — ницы. Æз бафæлладтæн, æхсæв-бонмæ цыма цæстылуайæгимæ фæтох кодтон, уыйау, цы федтон, уыдон мысын ныр фынфенæгау æмæ зæрдæрисгæйæ. Уыцы æнæхъуаджы тохы æз скуынæг кодтон мæ уды цæхæр дæр æмæ æцæг царды мидæг æдзух хъæугæ ныфс дæр; æз бацыдтæн уыцы царды, рагагъоммæ йæ мæ хъуыдыйы, мæ зонды мидæг куы ахицæн кодтон, уæд, æмæ райдыдтон хъыг кæнын æмæ тыхсын, рагæй хорз цы чиныг зонай, уый æвзæр фæзмдæй куы кæсай, уыйау.

Уыцы изæр цы хабар æрцыдис, уый ме уæнгты арф ахъардта æмæ мын сагайдта мæ нервытæ. Нæ зонын бæлвырдæй, уырны мæ ныр хъысмæт æви нæ, фæлæ мæ уыцы æхсæв тынг уырныдта: йе ’вдыстæг уыдис æгæр æргом, æмæ æз, кæд нæ фыдæлтыл æмæ се’нæзивæг астрологийыл ахудтæн, уæддæр мæхæдæг æнæбары сæ цæлхвæдты бахаудтæн; фæлæ æз афойнадыл мæхи баурæдтон уыцы тас фæндагыл, æмæ, бынтондæр мæ ницы уырны, кæнæ, куырмæджы мæ алцыдæр уырны, зæгъгæ, уыцы зондыл хæст кæй нæ уыдтæн, уымæ гæсгæ фехстон иуварс метафизикæ æмæ райдыдтон кæсын мæ размæ, мæ къæхты бынмæ. Мæхи афтæ кæй хъахъхъæдгон, уый мын гынг сбæззыди: æз, чысыл ма бахъæуа, ма бахауон, мæ къæхты бын чи уыдис, ахæм ставд æмæ фæлмæн, æвæццæгæн, мард цæуылдæр мæхи скъуыргæйæ. Æргуыбыр кодтон — мæй дарын байдыдта йæ рухс æмраст фæндагмæ — æмæ цы? мæ тæккæ размæ лæууыдис хуы, æхсаргардæй дыууæ дихы кондæй... Куыддæр æй ауыдтон, афтæ æрбайхъуыстис кæйдæр къæхты хъæр: дыууæ хъазахъхъаджы рацæйцыдысты цæхгæрмæ уынгæй; сæ иу мæм æрбауад æмæ мæ афарста: ам расыг хъазахъхъаджы нæ федтай хуыйы фæстейы сургæ. Æз сын загътон — хъазахъхъагыл нæ амбæлдтæн, зæгъгæ, æмæ сын ацамыдтон уымæн йе æрра хъæбатырдзинады хъуыддагмæ.

Гъеуый дын абырæг! — загъта иннæ хъазахъхъаг, — чихир33 куы нынцъухы, уæд, гъæйдæ-гъа, къуыхтæ кæнын сисы, цæуыл амбæлы, уыдон. Цæуæм йæ фæстæ, Еремеич; сбæттын æй хъæуы, кæннод...

Уыдон адард сты, æз та мæ цыды кой кодтон мæхи фыццагæй ноджы тынгдæр хъахъхъæнгæйæ æмæ фæстагмæ æнæфыдбылызæй схæццæ дæн мæ фатермæ.

Æз цардтæн иу зæронд урядникмæ, йæ хæрзæгъдау, фæлæ тынгдæр та йæ рæсугъд чызг Настяйы тыххæй кæй уарзтон, уымæ.

Чызг мæм, йæ ахуырмæ гæсгæ, æнхъæлмæ кастис кæрты дуары цур, йæ чысыл кæрцы тыхтæй; мæй хъазыдис, æхсæвы уазалæй йын чи ныцъцъæх ис, уыцы гыццыл, рæсугъд былтыл. Куы мæ базыдта, уæд йæ мидбылты бахудтис, фæлæ æз ууыл нæ уыдтæн. — Цæй, райгæ рау, Настя! — зæгъгæ йæм сдзырдтон æз цæугæ-цæуын. Уый мын хъавыд цыдæр зæгъынмæ, фæлæ ма æрмæст ныуулæфыдис.

Æз мæ уаты дуар мæхиуыл бассыдтон, цырагъ ссыгътон æмæ мæ хуыссæны мæхи баппæрстон; фæлæ мæ хуыссæг, иннæ хæттытæй хъауджыдæр, ацы хатт æрцахста. æрæгмæдæр. Хурыскæсæн фæлурс кæнын райдыдта, æз куы бафынæй дæн, уæд, фæлæ, æвæццæгæн æмæ, уæларвы фыст уыдис, ацы ’хсæв æз хуыссæгæй кæй нæ бафсæддзынæн, уый. Райсомæй мын цыппар сахатыл дыууæ тымбылкъухы æрбахостой мæ рудзынг. Æз фæгæпп кодтон: циу, цавæр у?..

Уæлæмæ сыст, дæ гæрзтæ кæнгæ! — зæгъгæ мæм хъæр кодта мидæмæ цалдæр хъæлæсы. Æз цырд акодтон мæ гæрзтæ æмæ сæм рауадтæн. — Зоныс, цы ’рцыдис, уый? — зæгъгæ мæ уыциу фарст акодтой, чи мæм æрбауадис, уыцы æртæ афицеры; уыдон уыдысты мардау фæлурс.

Цы хабар у?

Вулич фæмард ис.

Æз сагъдæй аззадтæн.

О, фæмард ис! — дзырдтой уыдон, — цомут тагъддæр.

Уæд кæдæм?

Фæндагыл æй базондзынæ.

Ацыдыстæм. Радзырдтой мын, цыдæриддæр æрцыдис, уыдон иууылдæр, йæ мæлæты агъоммæ йæ сахатырдæг раздæр æргом мæлæтæй цы диссаджы хъысмæт фервæзын кодта, уый тыххæй алы койтæ кæнгæйæ. Вулич фæцæйцыдис иунæгæй талынг уынджы; амбæлдис ыл, хуыйы чи скъуыхтæ кодта, уыцы расыг хъазахъхъаг, æмæ, чи зоны, хъуыды дæр æй не ’ркодтаид, афтæмæй йæ фæрсты аивгъуыдтаид, фæлæ Вулич æвиппайды фæлæууыдис æмæ йæ афарста: «Кæй агурыс, æфсымæр?»

Дæу! — зæгъгæ, фæкодта хъазахъхъаг, ныцъцъыкк æй кодта æхсаргардæй æмæ йæ йе уæхскæй йæ зæрдæйы онг æрфаста... Мæныл цы дыууæ хъазахъхъаджы амбæлдис æмæ марæджы фæдыл чи зылдис, уыдон бахæццæ сты, систой лæджы, фæлæ уый уыдис йæ уд исыныл æмæ ма загъта æрмæст: «уый у раст!»

Æрмæст иунæг æз æмбæрстон уыцы ныхæстæн сæ сусæг нысан, уыдон уыдысты мæн тыххæй загъд; æз раздæр æнæбары загътон мæгуырæн йæ хъысмæт, йæ адзал, мæ зæрдæ мæ нæ фæсайдта, æз ын æргом бакастæн йæ ивд, йе ’ууад цæсгомыл, уый рæхджы кæй амардаид, уый нысан.

Марæг сæхгæдта йæхиуыл афтид хæдзары дуæрттæ станицæйы кæрон: мах цыдыстæм уырдæм. Згъордта уыцырдæм бирæ устытæ дæр кæугæ-кæуын; хатгай-иу рагæпп кодта уынгмæ, чи афæстиат ис, ахæм хъазахъхъаг, æмæ-иу уайгæ-уайын йæ хъама бæтгæ нæ разæй фæцис. Бæстæ змæлд ссис.

Уалынмæ бахæццæ стæм; кæсæм, æмæ хæдзар — дуарæй, фæрссагæй — мидæгæй фидар æхгæд; йæ алфамбылай адæм лæууынц дзыгуырæй. Афицертæ æмæ хъазахъхъ бацыдысты иумæ зæрдиаг ныхасы; устытæ ниуынц хъарæггæнгæйæ. Уыдоны æхсæнæй мæм фæзындис æрхæндæг, зæрдæсаст зæронд усы бæрæгдаргæ цæсгом. Уый бадтис ставд хъæды уæлæ, йæ рæмбыныкъæдзтæй йæ уæрджытыл æнцайгæйæ æмæ йæ къухтæ йæ сæрмæ быцæу æвæрдæй: уый уыдис марæджы мад. Йæ былтæ хатгай змæлыдысты... кувгæ кодта цымæ уый йæхинымæры æви æлгъитгæ?

Афтæмæй та исты амал кæнын хъуыдис фыдгæнæджы æрцахсынæн. Фæлæ йæм йæ ныфс ничи хаста æппæты разæй бабырсынмæ.

Æз бацыдтæн рудзынгмæ æмæ йæм бакастæн фæрссаджы зыхъхъырæй: фæлурсæй хуыссыдис уый зæххыл, йæ рахиз къухы дамбаца, афтæмæй; тугæйдзаг æхсаргард лæууыдис йæ фарсмæ. Йæ цæстытæ алырдæм код гой сонт дзагъултæ; хатгай-иу фестъæлфыдис æмæ-иу йæ сæрмæ фæлæбурдта, цыма йе зноны раконд йæ зæрдыл æнæбæрæг лæууын байдыдта, уыйау. Æз нæ бафиппайдтон уыцы знæт цæстæнгасы мидæг стыр ныфс æмæ уæндондзинад æмæ загътон майорæн: дзæгъæлы нæ загътай хъазахъхъæн, дуар басæттут æмæ хæдзармæ бабырсут, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ хуыздæр уыдис уый ныртæккæ бакæнын, фæстæдæр, бынтон куы æрæмбара йæхи, уæд бакæнынæй.

Уыцы рæстæджы зæронд есаул бацыдис дуары цурмæ æмæ йæм йæ номæй бадзырдта, уый йын дзуапп радта.

Тæригъæды бацыдтæ, æфсымæр Ефимыч, — загъта есаул, — фæлæ гæнæн нал ис, æмæ дæхи ратт!

Нæ ратдзынæн! — дзуапп радта хъазахъхъаг.

Хуыцауæй фæтæрс! æлгъыст цæцæйнаг куы нæ дæ, мыййаг, æууæнкджын чырыстон лæг куы дæ. Цæй, кæд дæ дæ тæригъæд фæрæдийын кодта, уæд ма уымæн цы хос ис: адæймагæн йæ хъысмæты цы фыст уа, уымæй йын аирвæзæн нæй!

Нæ ратдзынæн мæхи! — тызмæг хъæр ракодта мидæгæй хъазахъхъаг, æмæ фæцыдис æргъæвд цæукъайы къæпп.

Гъæй, усай! — загъта есаул зæронд усæн, — дæ фыртæн зæгъ; чи зоны, кæд дæумæ байхъусид... Хуыцауы йæхимæ цæмæн мæсты кæны. Акæс-ма, ацы господатæ дæр æм ныр дыууæ сахаты æнхъæлмæ куы кæсынц.

Зæронд ус æм æдзынæг бакастис æмæ йæ сæр банкъуыста.

Василий Петрович, — загъта есаул майоры цурмæ бацæугæйæ, — уый йæхи нæ ратдзæнис — æз æй зонын; дуар куы басæттæм, уæд та нын нæхицæй бирæ ныццæгъддзæнис. Фæлтау нын йæ амарыны бар куы раттаиккат? Фæрссаджы ис стыр зыхъхъыр.

Уыцы минутыл мæ сæрмæ æрцыдис æнахуыр хъуыды: Вуличы хуызæн æз дæр сфæнд кодтон мæ хъысмæт бавзарын.

Фæлæуут-ма, загътон æз майорæн, — æз æй удæгасæй æрæхсдзынæн. — Есаулæн загътон, ды йемæ дæхи ныхасгæнæг скæн, зæгъгæ, мæхæдæг слæууын кодтон дуары раз, чи йæ ратыдтаид æмæ, мæ нысанмæ гæсгæ мæнæн æххуыс кæнынмæ чи ’рбагæпп кодтаид, ахæм æртæ хъазахъхъаджы, мæхæдæг хæдзары алыварс æрзылдтæн æмæ бахæстæг дæн фыдбылызы рудзынгмæ: мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ ссыдис.

О æлгъыст! — хъæр кодта есаул. — Хынджылæг нæ цы кæныс, уый бæрæг дын нæй? Æви афтæ ’нхъæл дæ, æмæ дæ фаг не суыдзыстæм? — Æмæ райдыдта йæ тых-йæ бонæй дуар хойын; æз сæвæрдтон мæ цæст фæрссаджы зыхъхъырыл æмæ кастæн хъазахъхъагæн йæ алы змæлдмæ дæр; уый æнхъæл нæ уыдис, йæ фыдбылыз уыцырдыгæй фегуырдзæнис, уый, æмæ æз æвиппайды фæрссаг уыциу рæмыгъд ракодтон æмæ, мæ сæр бынмæ, афтæмæй балиуырдтон рудзынгæй. Гæрах фæцыдис мæ тæккæ хъусы цур, нæмыг мын атыдта мæ пъалет. Фæлæ уат айдзаг ис фæздæгæй, æмæ уый нæ бауагъта, ме знагæн йæ разы чи лæууыдис, уыцы æхсаргард ссарын амал. Æз ын фæлæбурдтон йæ цæнгтæм; хъазахъхъ æрбагæпп кодтой, æмæ æртæ ми- нуты дæр нæ рацыдис, афтæ фыдгæнæджы абастой, æмæ йæ къанвой акодта. Адæм ахæлиу сты, афицертæ мын кодтой арфæтæ — æмæ, бæгуыдæр, арфæ мын цæй тыххæй кодтаиккой, уый уыдис.

Гъе, утæппæт хъуыддæгты фæстæ адæймаг куыд нæ суа фаталист — хъысмæт кæй уырны, ахæм? Фæлæ бæлвырдæй чи зоны, исты йæ æцæг æнæгуырысхойæ уырны æви нæ, уый?.. Æмæ куыд арæх фенхъæл вæййæм нæ æнкъарæнты кæнæ нæ зонды чиудæй, уый фидар уырнындзинад у, зæгъгæ!.. Æз уарзын алцæуыл дæр гуызавæ, дызæрдыг кæнын: уыцы миниуæг мур ницы хъыг дары адæймагæн йæ зæрдæхасты ныфсхастдзинадæн; нæ фæлæ ма мæхицæй куы зæгъон, уæд æз кæддæриддæр уæлдай ныфсджындæрæй цæуын размæ, цы мыл æрцæудзæнис, уый куы нæ фæзонын, уæд. Мæлæтæй фыддæр адæймагыл куы ницы æрцæудзæнис, — мæлæтæй та аирвæзæн нæй!

Фидармæ куы раздæхтæн, уæд радзырдтон Максим Максимычæн, цы мыл æрцыдис æмæ цы федтон, уыдон иууылдæр æмæ мæ бафæндыдис, хъысмæты тыххæй уымæ та цы зонд ис, куыд æнхъæл у, уый базонын. Уый фыццаг не ’мбæрста, хъысмæт рагагъоммæ æрцæуын цы у, уый, фæлæ йын æй æз бамбарын кодтон, куыд зыдтон афтæ, æмæ уæд уый загъта йæ сæр æмбарæн тылд бакæнгæйæ:

О, бæгуыдæр! Уый у фаг зын бамбарæн цыдæр!.. Уæвгæ, ацы азиаг цæукъатæ æнæуый дæр сыкгæнаг сты, æвзæр сæрст куы вæййынц, кæнæ дывæдæг де ’нгуылдзæй дзæбæх куы нæ ’рбалхъивæй, уæд. Раст дын зæгъон, нæ уарзын æз черкесаг топпытæ дæр; махæн уыдон куыддæр æвидауц сты: йæ къæдз æгæр чысыл у, — тæрс дзы, дæ фындз дын куы асудза, уымæй. Фæлæ уыйхыгъд та се ’хсаргæрдтæн — кæм ис уыдон æмбал!

Стæй загъта иучысыл ахъуыдыгæнгæйæ:

О, æвгъау уыдис, мæгуырæг... Цы хæйрæг æй сбæндæн кодта æхсæвыгон расыг лæгимæ ныхасыл! Æниу, æвæццæгæн, æмæ, йæ нывы афтæ фыст уыдис!..

Уымæй уæлдай дзы, мара-зæгъай, æмæ мæ бон исты ныхас рафæлгъауын бауа: уæвгæ, уый æнæуый дæр метафизикон быцæутæ нæ уарзы.

Кæрон

1 Хæрæндоны.

2 Ермоловы.

3 Æнæ фæкъуылымпыйæ.

4 Махсымæ.

5 Хорз бæх, тынг хорз бæх.

6 Йок — нæ (тæтæйрагау).

7 Гурда — кæрдтæн сæ тæккæ хуыздæр мыггаг.

8 Чиныгкæсджытæй курын хатыр, Казбичы зарæг прозæйæ æмдзæвгæтæм кæй раивтон, уый тыххæй, — ахуыр у дыккаг натурæ. (Лермонтовы фиппаинаг).

9 Кунак — хæлар. (Лермонтовы фиппаинаг).

10 le Mont St.-Chrisophe — сыгъдæг Христофоры (дзуары) хох.

11 Тæнæг дари хъуымац.

12 Бештау — тæтæйрагау «Фондз хохы», Пятигорск æмæ Железноводскы цур.

13 gris de perles — цъæхбын-цыкура хуыз.

14 Couleur puce — тар-морæ хуыз.

15 Музуккагау фаст.

16 Мæ хæлар, æз адæмæй уымæн ме сæфт федтон, æмæ сыл зынæрвæссон ма кæнон, уый тыххæй æмæ уæд цард суаид хæрзæнад фарс (хъæлдзæг пьесæ).

17 Сылгоймæгтæм æз æнæрвæссон цæстæй уымæн кæсын, цæмæй сæ уарзгæ ма кæнон, уый тыххæй æмæ цард уæд суаид иугуыр худæг мелодрамæ.

18 Хæцæнджын кæсæнцæст.

19 Грот — лæгæт.

20 fièvre lente — адæймаджы тынг чи сихсийын кæны, ахæм тæфсæг.

21 Пикникмæ — (цæл) кæнынмæ.

22 Mon dieu, un circassien! — æллæх, черкес!

23 Тæрсгæ ма кæн, хорз чызг, æз дæ кавалерæй тæссагдæр нæ дæн.

24 Уый зын фæразæн у!

25 Бузныг, мсье.

26 Дзæбæх! иттæг рæсугъд!

27 Эпитафи — цыртыл фыст.

28 Кæрæдзи комкоммæ.

29 Мæ зæрдæ ’мæ мæ мулк.

30 Комеди ахицæн ис!

31 Къамæй хъазт.

32 Сонт хъазт къамтæй.

33 Ногдыгъд сæн.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.