Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ирон поэт Калоты Хазбийы (1921-1943) фыстæг фронтæй, 1941-æм азы сентябрь.

Байрай, Н...!

Калоты Хазби

Æз тынг бафæлладтæн æмæ мæ зæхх йæхимæ ласы. Абон сæумæцъæхтыл науæй рахызтыстæм Камышины горæты цур æмæ та ам дæр æрæнцадыстæм, ацы бынат нын хъуамæ уа фæстаг бынат.

Нæ балцы хабар уыд афтæ: фæссихор рараст стæм лагертæй Сталинградмæ. Фыццаг уыди сатæг, мигътæ бамбæрзтой хуры æмæ уазал уддзæф ныгуылæнæй улæфыд. Хъуамæ боныцъæхтæм ацыдаиккам 53 километры æмæ бахæццæ уыдаиккам Сталинградмæ. Изæрырдæм, куы фæталынг, уæд къæртайæ калæгау нызгъæлдта уарын. Куыдфæстæмæ бæстæ сызмæст цъыфæй, лæг йæ развæндаг нал уыдта æмæ, кæм быргæ, кæм хилгæйæ лæстыстæм размæ. Цыдыстæм нæхи дарæсты, æфсæддон формæ нын нæма радтой æмæ нæ уæлæ иу æндах дæр хус нал уыд. Æртæхтæ куыд хаудтой, афтæ згъордтой фадхъултæй зæхмæ. Куы ‘рæмбисæхсæв, уæд рызтыстæм уазалæй, фæлæ ма кæй хъуыдыйы уыд! Æз ахæм зындзинад никуыма федтон нырма, стæй дис кæнын, куыннæ фæрынчын дæн ууыл.

Райсомæй, уый дын дзыртон, æхсæвыцъæхæй тыхтæй-фыдтæй æрбахæццæ стæм Сталинградмæ. Уыцы хъулæттæй æмæ æргъæфстхуызæй (чи бæгъæввадæй, чи гомсæрæй) араст стæм Сталинграды уынгты.

Горæты ныл исдугмæ иугай адæймагтæ æмбæлдысты æмæ кæуындзастæй кастысты нæ фæдыл. Мах кæд хуылыдз уыдыстæм æмæ мæлæтдзаджы фæллад бакодтам, уæддæр нæ хъæлæсы дзаг зарыдыстæм (æнæбары, кæй зæгъын æй хъæуы). Уалынмæ æрлæууыдыстæм наулæууæны цур æмæ цалдæр сахаты фæстæ аленк кодтам Камышины ’рдæм.

Науы фæцыдыстæм суанг боныцъæхтæм æмæ æрцардыстæм нæ нæуæг бынаты. Æнахуыр рæсугъд мæм фæкаст Идылы дон. Райсомæй нау цыд сабыргай, чысыл æмæ фыдуаг уылæнтæ здыхгæ фæсте задысты. Доны былты сæ кæсагахсæн хызтимæ дыууæрдæм кодтой чысыл бæлæгътæ. Идыл айтыгъта йæ рæсугъд уырынгтæ риу нæ чысыл науæн æмæ гакъон-макъон ивæзт æнæкæрон быдырты.

Изæр. Куы ’рталынг, уæд мигътæ ныллæг æрцыдысты, доны былтæ бамбæхстысты фæлмы, æрттывтой ма иуæй-иу рæтты маяктæ. Иу хатт фæзынд мæй мигъты скъуыдæй, йæ рухс мингай æвзæгтæй срызт уылæнтимæ æмæ чысыл фæстæдæр бамынæг. Уый уыди, лæг стæм хатт кæй фены, ахæм рæсугъд ныв. Æз лæууыдтæн палубæйы. Науы тохынайæ зынджы æртхутджытæ хауыдысты æмæ, æртивгæ, сындæггай цыдысты донмæ. Уыцы æртхутджытимæ банымадтон æз дæр царды бонты цыд. Кæмдæр цæхæры æвзæрдысты уыдон дæр, мæгуырæг, ссыдысты тохынайыл, фæхицæн сты фæздæгæй æмæ, цалынмæ донмæ хаудтой, уæдмæ æрттывтой – уый уыд сæ цард. Кæд хуылыдз уыдтæн, уæддæр мæм нæ цыд мидæмæ бацæуын æмæ зæрдæйы фаг кастæн донмæ.

Уыцы ‘хсæв æз мæхи схуыдтон демон, æцæг æххæст демон нæ. Хæрзбон, Н.

Салæмттимæ дæхи Хазби.

Н., фысгæ куы нæ кæнай, уæд хорз нæ уыдзæн нæ хабар. Фысс æппæтдæр, кæд мæ нæ тыхсыс уæд. Æнхъæлмæ кæсын, æнхъæлмæ, æнхъæлмæ… Къам, къам, къам… Хъоппæг! Ехх!

1941 азы сентябр.



Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.