Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 8

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Хатыр тæригъæдджын сылгоймагæн

1 Йесо та ацыд Елеоны хохмæ.

2 Райсомæй раджы ногæй æрцыд Кувæндонмæ, æмæ æппæт адæм цыдысты Уымæ. Уый æрбадт æмæ сын райдыдта амонын.

3 Уæд динамонджытæ æмæ фарисейтæ æрбакодтой, хæзгулимæ кæй баййæфтæуыд, уыцы сылгоймаджы, æрлæууын æй кодтой адæмы раз,

4 Æмæ загътой Йесойæн: «Ахуыргæнæг, ацы сылгоймаджы баййæфтæуыд хæзгулимæ.

5 Моисей нын Æгъдауы ахæм сылгоймæгты дуртæй марын бафæдзæхста. Ды та цы зæгъдзынæ?»

6 Афтæ Йæ ракъахыны тыххæй фарстой, цæмæй Йæм исты ссарой фæзылын кæнынæн. Йесо та æргуыбыр кодта æмæ Йе ’нгуылдзæй фыста зæххыл.

7 Фæлæ Йæ куы нал æмæ куы нал уагътой, уæд сæм скаст æмæ загъта: «Сымахæй тæригъæды æфтыд чи нæу, уый йыл фыццаг ныццæвæд дур».

8 Æмæ та ногæй æргуыбыр кодта æмæ фыста зæххыл.

9 Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд уыдонæн се ’фсарм райдыдта тæрхон кæнын æмæ, хистæртæй райдайгæйæ, иу иннæйы фæдыл сæхи айстой. Уым ма баззад æрмæстдæр Йесо æмæ сылгоймаг Йæ разы.

10 Йесо скаст æмæ сылгоймагæн загъта: «Хорз ус, цы фесты уыцы адæм? Тæрхон дын ничи рахаста?»

11 Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Æз дæр дын тæрхон нæ хæссын. Ацу æмæ нырæй фæстæмæ тæригъæд мауал ракæн».]

Йесо — дунейæн рухс

12 Йесо дарддæр дзырдта адæмæн: «Æз дунейæн рухс дæн. Мæ фæдыл чи рацæуа, уый талынджы нæ цæрдзæн, фæлæ йæм уыдзæн царды рухс».

13 Уæд Ын фарисейтæ загътой: «Дæхи тыххæй Дæхæдæг дзурыс, æмæ Дæ ныхас æцæг нæу».

14 Йесо сын дзуапп радта: «Кæд Мæхи тыххæй Мæхæдæг дзурын, уæддæр Мæ ныхас æцæг у, уымæн æмæ кæцæй æрцыдтæн æмæ кæдæм цæуын, уый Æз зонын. Сымах та нæ зонут, Æз кæцæй æрцыдтæн æмæ кæдæм цæуын, уый.

15 Сымах тæрхон кæнут адæймаджы цæстæй кæсгæйæ. Æз та никæмæн тæрхон кæнын.

16 Фæлæ кæд Æз тæрхон кæнын, уæддæр Мæ тæрхон раст у, уымæн æмæ Æз иунæг нæ дæн — Мæ рарвитæг Фыд Мемæ ис.

17 Æмæ уæ Æгъдауы дæр фыст ис, дыууæ адæймаджы æвдисæнад раст у, зæгъгæ.

18 Æз дзурын Мæхи тыххæй, Мæн тыххæй зæгъы Мæ рарвитæг Фыд дæр».

19 Уæд Æй бафарстой: «Кæм ис Дæ Фыд?» Йесо дзуапп радта: «Сымах нæдæр Мæн зонут, нæдæр Мæ Фыды. Мæн куы зониккат, уæд Мæ Фыды дæр зониккат».

20 Йесо ацы ныхæстæ загъта, Кувæндоны хæзнавæрæны цур куы амыдта, уæд. Фæлæ Йæ ничи æрцахста, уымæн æмæ Йæ рæстæг нæма æрцыд.

21 Йесо сын ногæй загъта: «Æз цæуын, агурдзыстут Мæ, фæлæ амæлдзыстут уæ тæригъæдимæ. Æз кæдæм цæуын, уырдæм æрцæуын уæ бон нæ бауыдзæн».

22 Уæд иудейтæ дзырдтой: «Ау, Йæхи амардзæн, афтæ куы зæгъы: „Æз кæдæм цæуын, уырдæм æрцæуын уæ бон нæ бауыдзæн“?»

23 Йесо сын загъта: «Сымах дæллæгтæй стут, Æз та — уæллæгтæй. Сымах ацы дунейæ стут, Æз та ацы дунейæ нæ дæн.

24 Гъе, Æз уын уымæ гæсгæ загътон, сымах амæлдзыстут уæ тæригъæдтимæ, зæгъгæ. Уымæн æмæ ÆЗ ДÆН1, æмæ ууыл куы нæ баууæндат, уæд амæлдзыстут уæ тæригъæдтимæ».

25 Уæд Æй бафарстой: «Ды чи дæ?» Йесо сын загъта: «Æз Чи дæн, уый тыххæй уын райдианæй дзурын.

26 Мæ бон у сымах тыххæй бирæ зæгъын æмæ уын тæрхон кæнын. Фæлæ Мæ Рарвитæгыл ис æууæндæн, æмæ Æз Уымæй цы фехъуыстон, æрмæст уый дзурын дунейæн».

27 Йесо сын Йæ Фыды тыххæй кæй дзырдта, уый нæ бамбæрстой.

28 Уæд сын Йесо загъта: «Адæймаджы Фырты уæлæмæ куы сисат, уæд базондзыстут: ÆЗ ДÆН, Мæхи номæй ницы кæнын, фæлæ зæгъын, Мæ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.

29 Мæ Рарвитæг Мемæ ис, иунæгæй Мæ нæ ныууагъта, уымæн æмæ Йын фæндон цы у, Æз кæддæриддæр уый кæнын».

30 Йесо ацы ныхæстæ куы загъта, уæд Ыл бирæтæ баууæндыдысты.

Æцæг сæрибардзинад

31 Уæд Ыл цы иудейтæ баууæндыд, уыдонæн Йесо загъта: «Мæ ныхасмæ гæсгæ куы цæрат, уæд æцæг Мæ ахуыргæнинæгтæ уыдзыстут,

32 Æмæ базондзыстут æцæгад, æмæ уæ æцæгад ссæрибар кæндзæн».

33 Йесойæн загътой: «Мах Авраамы байзæддаг стæм æмæ цагъартæ никуы никæмæн уыдыстæм. Уæд Ды куыд зæгъыс: „Ссæрибар уыдзыстут“?»

34 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: тæригъæды чи æфты, уый тæригъæды цагъар у.

35 Цагъар йæ хицауы хæдзары мыггагмæ нæ цæры, фырт дзы цæры мыггагмæ.

36 Уæдæ Фырт сымах куы ссæрибар кæна, уæд уыдзыстут æцæг сæрибар.

37 Æз зонын, Авраамы байзæддаг кæй стут, уый. Уæддæр Мæ хъавут амарынмæ, уымæн æмæ уæм Мæ дзырд нæ хъары.

38 Æз Мæ Фыдмæ цы федтон, уый дзурын. Сымах дæр уæ фыдæй цы фехъуыстат, уый кæнут».

39 Дзуапп Ын радтой: «Нæ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уæд Авраамы хъуыддæгтæ кæниккат.

40 Сымах та Мæн, Хуыцауæй æцæгад фехъусæг æмæ уын æй радзурæг Адæймаджы, амарынмæ хъавут. Авраам афтæ нæ кодта.

41 Сымах уæ фыды хъуыддæгтæ нæ уадзут». Уæд Ын загътой: «Мах дзæгъæлзад не стæм. Иу Фыд нын ис — Хуыцау».

42 Йесо сын загъта: «Хуыцау уæ Фыд куы уаид, уæд Мæ уарзиккат, уымæн æмæ Æз Хуыцауæй рацæугæ дæн æмæ ардæм æрцыдтæн. Æз Мæхи номæй не ’рцыдтæн, фæлæ Мæ Уый рарвыста.

43 Æз цы зæгъын, уый цæуылнæ æмбарут? Уымæн æмæ Мæ ныхасмæ хъусын нæ фæразут.

44 Уæ фыд хæйрæг у, æмæ уæ фыды зæрдæ цы зæгъы, уый кæнын уæ фæнды. Уый райдианæй лæгмар уыди, æцæгад æм нымады дæр нæ уыд, уымæн æмæ йæм æцæгад нæй. Уый мæнг куы фæзæгъы, уæд йæ кæнон фæкæны, уымæн æмæ у мæнгард æмæ мæнгарддзинады фыд.

45 Æз та æцæг кæй зæгъын, уый тыххæй Мыл не ’ууæндут.

46 Сымахæй Мын Мæ цæстмæ тæригъæд чи бадардзæн? Фæлæ кæд Æз æцæг зæгъын, уæд Мыл цæуылнæ æууæндут?

47 Хуыцауæй чи у, уый Хуыцауы ныхæстæм хъусы. Сымах та Хуыцауæй кæй не стут, уый тыххæй нæ хъусут».

«ÆЗ ДÆН»

48 Иудейтæ Йын загътой: «Ды самариаг æмæ хæйрæджджын кæй дæ, уымæй раст нæ зæгъæм, æви?»

49 Йесо дзуапп радта: «Æз хæйрæджджын нæ дæн, фæлæ Мæ Фыды нымайын, сымах та Мæ æгад кæнут.

50 Фæлæ Æз Мæхицæн намысмæ нæ тырнын. Ис Мæнæн намысмæ Тырнæг — Уый тæрхонгæнæг у.

51 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Мæ ныхас чи сæххæст кæна, уый мыггагмæ дæр мæлæт нæ фендзæн».

52 Иудейтæ Йын загътой: «Ныр мах зонæм, Ды хæйрæджджын кæй дæ, уый. Авраам дæр æмæ пехуымпартæ дæр амардысты, Ды та зæгъыс: „Мæ ныхас чи сæххæст кæна, уый мыггагмæдæрмæлæтнæфевдзæн“.

53 Ау, нæ фыдæл Авраам дæр ма куы амард, уæд Ды уымæй уæлдæр дæ? Æмæ пехуымпартæ дæр куы амардысты. Дæхицæй цы аразыс?»

54 Йесо дзуапп радта: «Кæд Мæхæдæг Мæхицæн дæн намысгæнæг, уæд Мæ намыс ницы у. Сымах уæ Хуыцау Кæй хонут, Мæнæн Мæ уыцы Фыд у намысгæнæг.

55 Сымах Æй нæ базыдтат, Æз та Йæ зонын. Æмæ Йæ нæ зонын, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд сымахау фæлитой уыдзынæн. Фæлæ Йæ Æз зонын æмæ æххæст кæнын Йæ дзырд.

56 Уæ фыдæл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон кæй фендзæн, ууыл. Федта йæ, æмæ йæ зæрдæ барухс».

57 Уæд Ын иудейтæ загътой: «Дæуыл дæс æмæ дыууиссæдз азы дæр куы нæма цæуы, уæд Авраамы федтай?»

58 Йесо сын загъта: «Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: Авраамы райгуырды размæ дæр ÆЗ ДÆН».

59 Уæд систой дуртæ, куыд Ыл сæ ныццæвой, афтæ. Фæлæ Йесо фæаууон æмæ рацыд Кувæндонæй2.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.