Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 7

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо æмæ Йе ’фсымæртæ

1 Уый фæстæ Йесо зылди Галилейыл, Иудейæйыл цæуын та Йæ нæ фæндыд, уымæн æмæ Йæ иудейтæ агуырдтой амарынмæ.

2 Æрхæстæг иудейаг бæрæгбон Халагъудты бæрæгбон1.

3 Уæд Йесойæн Йе ’фсымæртæ загътой: «Араст у ардыгæй æмæ ацу Иудейæмæ; уадз æмæ Дæ ахуыргæнинæгтæ дæр феной, Ды цы хъуыддæгтæ кæныс, уый.

4 Зындгонд уæвын кæй фæнды, уый сусæгæй ницы аразы. Кæд Ды ахæм хъуыддæгтæ кæныс, уæд Дæхи равдис дунемæ».

5 Суанг Ыл Йе ’фсымæртæ дæр не ’ууæндыдысты.

6 Йесо сын загъта: «Мæ рæстæг нæма æрцыд, сымахæн та алы афон дæр бæззы.

7 Сымахæй йе сæфт уынын дунейы бон нæу, Мæнæй та йе сæфт уыны, уымæн æмæ Æз æвдисæн лæууын, йæ хъуыддæгтæ хæрам кæй сты, уымæн.

8 Сымах ацæут ацы бæрæгбонмæ, Æз та ацы бæрæгбонмæ нæ цæуын, уымæн æмæ Мæ рæстæг нæма ралæууыд».

9 Йесо сын загъта уыцы ныхæстæ æмæ баззад Галилейы.

Йесо æрбацыд Халагъудты бæрæгбонмæ

10 Фæлæ Йе ’фсымæртæ куы ацыдысты, уæд Уый дæр ацыд бæрæгбонмæ, æрмæст æргомæй нæ, фæлæ Йæ куыд ничи базыдтаид, афтæ.

11 Иудейтæ та Йæ агуырдтой бæрæгбоны æмæ фарстой: «Кæм ис уыцы Адæймаг?»

12 Йесойы тыххæй адæм сусæгæй кодтой алы ныхас. Иутæ дзырдтой: «Уый хорз адæймаг у». Иннæтæ та дзырдтой: «Нæ, Уый адæмыл сайдæй цæуы».

13 Æниу, иудейтæй кæй тарстысты, уымæ гæсгæ Йесойы тыххæй æргомæй ничи ницы дзырдта.

14 Бæрæгбон йе ’мбисыл куы уыд, уæд Йесо бацыди Кувæндонмæ æмæ амыдта.

15 Иудейтæ дисы азфтыдысты æмæ дзырдтой: «Куы никæм ахуыр кодта, уæд Сыгъдæг Фыст куыд зоны?»

16 Йесо сын дзуапп радта: «Мæ ахуырад Мæнæй нæу, фæлæ Мæ Рарвитæгæй у.

17 Хуыцауы фæндон æххæст кæнын кæй фæнды, уый базондзæн, ацы ахуырад Хуыцауæй у, æви Æз Мæхи номæй дзурын.

18 Йæхи номæй дзурæг йæхи кадмæ бæллы. Йæ Рарвитæджы кадмæ Чи бæллы, Ууыл ис æууæндæн мæнгдзинад Æм нæй.

19 Моисей уын Æгъдау нæ радта, æви? Æмæ уыцы Æгъдаумæ гæсгæ сымахæй ничи цæры. Цæй тыххæй Мæ хъавут амарынмæ?»

20 Адæм Ын уый фæдыл загътой: «Хæйрæджджын дæ? Чи Дæ хъавы амарынмæ?»

21 Йесо сын дзуапп радта: «Æз иу хъуыддаг бакодтон, æмæ сымах уеппæт дæр дисы бафтыдыстут.

22 Моисей уын радта сунæты æгъдау, æниу, уый Моисейæ нæ, фæлæ уæ рагфыдæлтæй баззад, æмæ сабаты сунæт кæнут адæймагæн.

23 Кæд Моисейы Æгъдау нæ фехалыны сæраппонд адæймагæн сабаты скæнынц сунæт, уæдÆз сабаты рынчыны къахæй-къухмæ кæй сдзæбæх кодтон, уый тыххæй Мæм смæсты стут?

24 Уæ тæрхон уæлæнгай ма уæд, фæлæ-иу скæнут æнæхæрам тæрхон».

Чи у Йесо ?

25 Уæд иерусалимæгтæй иуæйиутæ дзырдтой: «Марынмæ кæй агурынц, ай Уый нæу?

26 Мæнæ ныхас кæны æргомæй, æмæ Йын ничи ницы зæгъы. Кæд, мыййаг, хицæуттæ æцæгдæр базыдтой, Чырысти кæй у, уый?

27 Фæлæ кæцон у, уый мах зонæм. Чырысти та куы æрцæуа, уæд, кæцæй у, уый ничи зондзæн».

28 Йесо Кувæндоны куы амыдта, уæд хъæлæсыдзагæй загъта: «Зонут Мæ, стæй кæцæй дæн, уый дæр зонут. Æз Мæхи номæй не ’рцыдтæн, фæлæ Мæ Рарвитæгыл ис æууæндæн. Сымах Æй нæ зонут,

29 Æз та Йæ зонын, уымæн æмæ Æз Уымæй дæн æмæ Мæ Уый рарвыста».

30 Уæд Æй хъавыдысты æрцахсынмæ, фæлæ Йæм никæй къух батасыд, уымæн æмæ Йæ рæстæг нæма æрцыд.

31 Адæмæй та Йыл бирæтæ баууæндыдысты æмæ дзырдтой: «Цымæ Чырысти куы æрцæуа, уæд, ацы Адæймаг цы диссæгтæ равдыста, уыдонæй фылдæр равдисдзæн?»

32 Адæм Йесойы тыххæй афтæ кæй сусу-бусу кæнынц, уый фехъуыстой фарисейтæ. Уæд алчертæ æмæ фарисейтæ арвыстой Кувæндон хъахъхъæнджыты Йе ’рцахсынмæ.

33 Йесо загъта: «Бирæ нал уыдзынæн уемæ — Мæ Рарвитæгмæ цæуын.

34 Агурдзыстут Мæ æмæ Мæ не ссардзыстут. Æз кæм уон, уырдæм æрцæуын уæ бон нæ бауыдзæн».

35 Иудейтæ сæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Мах Æй кæм не ссарæм, ахæм ранмæ кæдæм ацæудзæн? Бердзенты æхсæн дзуттæгтæ кæм цæрынц, уырдæм цæуыны æмæ бердзенты ахуыр кæныны фæнд Æм нæй, æви?

36 Цы ныхæстæ загъта, уыдон цы амонынц: „Агурдзыстут Мæ æмæ Мæ не ссардзыстут“, æмæ „Æз кæм уон, уырдæм æрцæуын уæ бон нæ бауыдзæн“?»

Йесо зæгъы Сыгъдæг Уды тыххæй

37 Бæрæгбоны фæстаг æмæ тæккæ ахсджиагдæр бон Йесо сыстад æмæ хъæлæсыдзагæй загъта: «Дойны кæмæн у, уый Мæм æрцæуæд æмæ баназæд.

38 Сыгъдæг Фыст куыд амоны, афтæ Мæныл æууæндæджы зæрдæйæ ныггуылф кæндзысты царддæттæг цæугæдæттæ».

39 Йесо афтæ загъта, Ууыл æууæндджытæ Кæмæй хъуамæ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдæг Уды тыххæй. Уæд Сыгъдæг Уды нæма рарвыстæуыд, уымæн æмæ Йесойы намыс нæма раргом.

40 Йесо цы загъта, уый адæм куы фехъуыстой, уæд дзы иутæ дзырдтой: «Уый æнæмæнг пехуымпар2 у».

41 Иннæтæ дзырдтой: «Уый Чырысти у». Аннæтæ та дзырдтой:

«Æмæ Чырысти Галилейæ æрцæудзæн?

42 Чырысти Давиды байзæддагæй кæй уыдзæн, Давид кæцæй уыди, Вифлеемы уыцы хъæуæй кæй æрцæудзæн, Сыгъдæг Фысты афтæ загъд нæу, æви?»

43 Æмæ Йесойы тыххæй адæммæ иу хъуыды нал уыд.

44 Уыдонæй Йæ чвдæртæ хъавыдысты æрцахсынмæ, фæлæ Йæм никæй къух батасыд.

Æнæуырнæг иудейаг хицæуттæ

45 Алчертæм æмæ фарисейтæм хъахъхъæнджытæ куы æрбаздæхтысты, уæд сæ бафарстой: «Цæуылнæ Йæ æркодтат?»

46 Хъахъхъæнджытæ дзуапп радтой: «Ацы Адæймаг куыд дзуры, афтæ никуыма ничи дзырдта».

47 Фарисейтæ сын загътой: «Ау, сымах дæр асайдта?

48 Хицæуттæй кæнæ Йыл фарисейтæй исчи баууæндыд?

49 Ацы æнæфенд адæм та Моисейы Æгъдауæн ницы зонынц, æлгъыст сты».

50 Фарисейтæй иу, кæддæр Йесомæ чи æрцыд, уыцы Никодим сын загъта:

51 «Раздæр уал æм куы нæ байхъуыстæуа, цы гæнæг у, уый куы нæ базындæуа, уæд афтæмæй мах Æгъдау тæрхон кæны адæймагæн?»

52 Уыдон ын загътой: «Ды дæр Галилейæ дæ? Раиртас Фыст æмæ фендзынæ, Галилейæ пехуымпар кæй нæ уыдзæн, уый».

53 [Æмæ сеппæт дæр ацыдысты сæ хæдзæрттæм.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.