Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 20

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо райгас

1 Къуырийæн йæ фыццаг бон, сæударæй, талынг ма уыди, афтæмæй, магдалæйаг Мариа æрцыди зæппадзмæ æмæ федта, бацæуæнæй дур кæй айстæуыд, уый.

2 Уæд азгъордта æмæ бацыд Симон Петрмæ, стæй Йесо кæй уарзта, уыцы ахуыргæнинагмæ æмæ сын загъта: «Хицауы ахастой зæппадзæй, æмæ Йæ кæм бавæрдтой, уый нæ зонæм».

3 Петр æмæ иннæ ахуыргæнинаг уайтæккæ араст сты зæппадзмæ.

4 Дыууæ дæр згъордтой, фæлæ иннæ ахуыргæнинаг Петрæй тагъддæр згъордта æмæ зæппадзмæ раздæр бахæццæ.

5 Уый æргуыбыр кодта æмæ федта мæрддзæгтæ, фæлæ зæппадзмæ нæ бацыд.

6 Йæ фæдыл æрбахæццæ Симон Петр дæр, бацыд зæппадзмæ æмæ дзы федта мæрддзæгтæ.

7 Йесойы сæр баст кæмæй уыди, уыцы хæцъил та мæрддзæгтимæ нæ разынди, фæлæ тыхтæй уыди хицæнæй.

8 Уæд раздæр чи æрбахæццæ, уыцы ахуыргæнинаг дæр мидæмæ бахызт. Æмæ йæхи цæстæй куы федта, уæд æй бауырныдта.

9 Уымæн æмæ уыдон Сыгъдæг Фыстæй нæма зыдтой, Йесо мæрдтæй кæй хъуамæ райгас уа, уый.

10 Ахуыргæнинæгтæ аздæхтысты сæхимæ,

11 Мариа та лæууыд зæппадзы цур æмæ куыдта. Куы куыдта, уæд ныггуыбыр кодта зæппадзмæ, æмæ,

12 Йесойы мард раздæр кæм æвæрд уыди, уым федта дыууæ зæды урс дарæсы бадгæ: иуы — Йæ нывæрзæнмæ, иннæйы — Йæ дæлфæдтæм.

13 Уыдон æй бафарстой: «Хорз ус, цæуыл кæуыс?» Мариа сын загъта: «Мæ Хицауы мын ахастой æмæ Йæ кæм бавæрдтой, уый нæ зонын».

14 Афтæ куы загъта, уæд фæстæмæ акаст æмæ федта Йесойы лæугæйæ. Фæлæ Йесо кæй у, уый нæ базыдта.

15 Йесо йын загъта: «Хорз ус, цæуыл кæуыс? Кæй агурыс?» Мариа æнхъæл уыди, Уый дыргъдонгæс у æмæ Йын загъта: «Ме ’лдар, кæд Æй ды рахастай, уæд Æй кæм бавæрдтай, уый мын зæгъ æмæ Йæ æз ахæссон».

16 Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йæм раздæхт æмæ Йын дзуттагау загъта: «Раввуни!» (ома, Ахуыргæнæг).

17 Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзæв, уымæн æмæ Æз Мæ Фыдмæ нæма ссыдтæн. Фæлæ цу Ме ’фсымæртæм æмæ сын зæгъ: „Цæуын Мæ Фыдмæ æмæ уæ Фыдмæ, Мæ Хуыцаумæ æмæ уæ Хуыцаумæ“».

18 Магдалæйаг Мариа ацыд æмæ ахуыргæнинæгтæн радзырдта, Хицауы кæй федта æмæ йын Уый цы загъта, уыдæтты тыххæй.

Фыццаг фембæлд райгасы фæстæ

19 Уыцы бон изæрæй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргæнинæгтæ уыдысты иумæ. Иудейтæй кæй тарстысты, уый тыххæй сæхгæдтой дуæрттæ. Уыцы рæстæг уатмæ бацыд Йесо, æрлæууыд сæ разы æмæ загъта: «Фæрнджын ут!»

20 Уый зæгъыны фæстæ сæм равдыста Йæ къухтæ, [Йæ къæхтæ] æмæ Йæ фарс. Ахуыргæнинæгтæ Хицауы куы федтой, уæд сцин кодтой.

21 Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фæрнджын ут! Мæн Мæ Фыд куыд рарвыста, афтæ уæ Æз дæр æрвитын».

22 Уыцы ныхæсты фæстæ сыл бафу кодта æмæ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдæг Удæй.

23 Кæмæн ныббарат йæ тæригъæдтæ, уымæн барст уыдзысты, кæмæн сæ нæ ныббарат, уымæн барст нæ уыдзысты».

Йесо æмæ Фома

24 Йесо куы æрцыд, уæд дыууадæсæй иу, Фома, фæсномыгæй Фаззон, семæ нæ уыд.

25 Иннæ ахуыргæнинæгтæ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фæлæ сын уый загъта: «Йæ къухтыл зæгæлтæй хъæдгæмттæ куы нæ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъæдгæмтты куы нæ бавæрон, мæ къух та Йæ фарсы хъæдгомы, уæд мæ нæ бауырндзæн».

26 Аст боны фæстæ та ахуыргæнинæгтæ уыдысты хæдзары, Фома дæр уыд семæ. Дуæрттæ уыдысты æхгæд, афтæмæй бацыд Йесо, æрлæууыд се ’хсæн æмæ загъта: «Фæрнджын ут!»

27 Стæй загъта Фомайæн: «Æрима де ’нгуылдз ардæм æмæ фен Мæ къухтæ. Æри дæ къух æмæ йæ бавæр Мæ фарсы хъæдгомы, æмæ æнæуырнæг ма у, фæлæ уырнæг».

28 Фома йын дзуапп радта: «Мæ Хицау æмæ Мæ Хуыцау!»

29 Йесо йын загъта: «Ды баууæндыдтæ, уымæн æмæ Мæ федтай. Тæхудиаг сты, Мæн чи нæ федта, афтæмæй чи баууæндыд, уыдон».

Цæй тыххæй фыст у ацы чиныг

30 Ацы чиныджы загъд кæй тыххæй нæй, бирæ ахæм диссæгтæ ма равдыста Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн.

31 Ацы диссæгты тыххæй та уымæ гæсгæ ныффыстæуыд, цæмæй баууæндат, Йесо Чырысти кæй у, Хуыцауы Фырт, ууыл. Æмæ Йыл куы æууæндат, уæд Йæ фæрцы хайджын уыдзыстут мыггагмæйы цардæй.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.