Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 18

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесойы æрцахстой

1 Йесо куы бакуывта, уæд Йæ ахуыргæнинæгтимæ араст Кедроны тæрфы иннæ фарсмæ, æмæ уым бацыдысты дыргъдонмæ.

2 Ацы бынат зыдта Йæ уæйгæнæг Иудæ дæр — Йесо æмæ-иу Йæ ахуыргæнинæгтæ уым арæх æрæмбырд сты.

3 Иудæ йемæ ракодта æфсæддонты, алчертæ æмæ фарисейтæ кæй рарвыстой, Кувæндоны уыцы хъахъхъæнджыты, æмæ æрцыдысты уырдæм цырæгътимæ, рухсгæнæнтæ æмæ хæцæнгæрзтимæ.

4 Цыдæриддæр Ыл æрцæудзæн, уый Йесо зыдта, рацыд размæ æмæ сын загъта: «Кæй агурут?»

5 Дзуапп Ын радтой: «Назаретаг Йесойы». Йесо сын загъта: «Уый Æз дæн». Лæууыд семæ Йæ уæйгæнæг Иудæ дæр.

6 Æмæ сын куы загъта: «Уый Æз дæн», уæд алæууыдысты фæстæмæ æмæ адæргъ сты зæххыл.

7 Ноджы та сæ бафарста: «Кæй агурут?» Уыдон загътой: «Назаретаг Йесойы».

8 Йесо дзуапп радта: «Æз уын куы загътон, уый Æз дæн, зæгъгæ. Уæдæ кæд Мæн агурут, уæд иннæты ауадзут æмæ цæуой».

9 Йесо уый загъта, Йæ ныхас куыд æрцæуа, афтæ: «Ды Мын кæй радтай, уыдонæй Æз никæй фесазфтон».

10 Симон Петрмæ уыди кард, фелвæста йæ, ныццавта дзы алчеры цагъары æмæ йын йæ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарæн йæ ном уыди Малх.

11 Фæлæ Йесо загъта Петрæн: «Нывæр кард кæрддзæмы. Ау, Мæ Фыд Мын цы хъизæмæртты кæхц æрцæттæ кодта, уый хъуамæ ма баназон?»

Йесойы акодтой Аннамæ

12 Уæд æфсæддонтæ сæ хицауимæ æмæ иудейтæй æрвыст хъахъхъæнджытæ æрцахстой Йесойы æмæ Йæ сбастой.

13 Фыццаг уал Æй акодтой Аннамæ — Каиафæйы каисмæ. Каиафæ та уыцы аз алчер уыд.

14 Уый уыдис, иудейтæн афтæ чи бауынаффæ кодта, адæмы сæрвæлтау иу адæймаг куы амæла, уæд хуыздæр у, зæгъгæ, уыцы Каиафæ.

Петр йæхи атигъ кодта Йесойыл

15 Симон Петр æмæ ма ноджы иу ахуыргæнинаг цыдысты Йесойы фæдыл. Уыцы ахуыргæнинаг зонгæ уыд алчеримæ æмæ Йесоимæ бацыди алчеры кæртмæ.

16 Петр та лæууыд дуары æдде. Алчеримæ зонгæ чи уыди, уыцы ахуыргæнинаг рацыд, загъта дуаргæс сылгоймагæн æмæ Петры бакодта мидæмæ.

17 Дуаргæс сылгоймаг бафарста Петры: «Ды дæр уыцы Адæймаджы ахуыргæнинæгтæй нæ дæ?» Петр загъта: «Нæ дæн».

18 Уазал кæй уыд, уымæ гæсгæ цагъартæ æмæ хъахъхъæнджытæ скодтой арт, лæууыдысты æмæ сæхи тавтой. Петр дæр лæууыд семæ æмæ йæхи тавта.

Алчер фæрсы Йесойы

19 Ныр алчер та бафарста Йесойы Йæ ахуыргæнинæгтæй æмæ Йæ ахуырады тыххæй.

20 Йесо йын дзуапп радта: «Æз æргомæй дзырдтон дунейæн. Æз кæддæриддæр адæмы ахуыр кодтон синагогæты æмæ Кувæндоны, иудейтæ иууылдæр кæм æмбырд кæнынц, уым. Сусæгæй та ницы дзырдтон.

21 Мæн цы фæрсыс? Чи Мæм хъуыста, уыдоны бафæрс, Æз цы дзырдтон, уымæй. Уыдон зонынц, Æз цы дзырдтон, уый».

22 Йесо афтæ куы загъта, уæд Æй хъахъхъæнджытæй иу — хæстæг Æм чи лæууыд, уый — ныдздзæхст ласта æмæ загъта: «Алчерæн ахæм дзуапп дæттыс?»

23 Йесо йын дзуапп радта: «Кæд Æз æвзæрæй исты загътон, уæд æй сеппæтæн дæр зæгъ, æвзæрæй цы загътон, уый. Кæд раст загътон, уæд та Мæ цæмæн цæвыс?»

24 Анна Йесойы бастæй арвыста алчер Каиафæмæ.

Петр ногæй йæхи атигъ кодта Йесойыл

25 Ныр Симон Петр та лæууыд æмæ йæхи тавта артмæ. Загътой йын: «Ды дæр Йæ ахуыргæнинæгтæй нæ дæ?» Уый Йыл йæхи атигъ кодта æмæ загъта: «Нæ дæн».

26 Алчеры цагъартæй иу, — Петр кæй хъус ахауын кодта, уый хæстæг, — Петрæн загъта: «Дыргъдоны Йемæ дæу нæ федтон, æви?»

27 Петр та Йыл йæхи атигъ кодта. Æмæ уыйадыл уасæг ныууасыд.

Йесо æмæ Пилат

28 Каиафæйæ Йесойы сæумæйæ акодтой бæстæйы хицауы галуанмæ. Иудейтæ сæхæдæг нæ бацыдысты галуанмæ, цæмæй ма счъизи уой æмæ сын Куадзæн хæрын æмбæла.

29 Пилат сæм рацыд æмæ загъта: «Цæмæй азымджын кæнут ацы Адæймаджы?»

30 Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгæнæг куы нæ уаид, уæд дын Æй дæ къухтæм нæ раттаиккам».

31 Пилат сын загъта: «Акæнут Æй æмæ Йын уæхи æгъдаумæ гæсгæ уæхæдæг рахæссут тæрхон». Иудейтæ йын дзуапп радтой: «Искæмæн марыны тæрхон рахæссыны бар нæм нæй».

32 Уыдон уыцы ныхæстæ загътой, цы мæлæтæй амæлдзæн, уый тыххæй Йесо фæсномыгæй цы загъта, уый куыд æрцæуа, афтæ.

33 Уæд Пилат ногæй бацыди галуанмæ, басидт Йесомæ æмæ Йæ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дæ?»

34 Йесо дзуапп радта: «Дæхи хъуыды зæгъыс, æви дын иннæтæ загътой Мæн тыххæй?»

35 Пилат загъта: «Æмæ æз иудей дæн? Дæу Мæ къухмæ Дæ адæм æмæ алчертæ радтой. Цы ракодтай?»

36 Йесо дзуапп радта: «Мæ Паддзахад ацы дунейæ нæу. Мæ Паддзахад ацы дунейæ куы уаид, уæд Мæ фæсдзæуинтæ тох кодтаиккой, Æз иудейты къухтæм куыд нæ бахауон, ууыл. Фæлæ Мæ Паддзахад ацы дунейæ нæу».

37 Пилат Ын загъта: «Уæдæ Ды Паддзах дæ?» Йесо дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс, Æз Паддзах кæй дæн, уый. Æз уымæн райгуырдтæн æмæ уымæн æрцыдтæн дунемæ, цæмæй дзурон æцæгады тыххæй. Æцæгадæй чидæриддæр у, уый Мæм хъусы».

38 Пилат Æй бафарста: «Цы у æцæгад?» Уый зæгъыны фæстæ Пилат ногæй рацыд иудейтæм æмæ сын загъта: «Æз Æм ницы азым арын.

39 Сымахмæ ис æгъдау, цæмæй уын Куадзæны рауадзон иу ахст адæймаджы. Фæнды уæ, æмæ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»

40 Уæд уыдон ныхъхъæр кодтой: «Уый нæ, фæлæ Вараввæйы!» Вараввæ та абырæг уыд.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.