Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Иоанны Евангели. Сæр 17

Аудио (mp3, ~5 МБ)

Йесо кувы

1 Уыцы ныхæсты фæстæ Йесо скаст уæларвмæ æмæ загъта: «Мæ Фыд, æрхæццæ рæстæг. Намыс скæн Дæ Фыртæн, æмæ Фырт дæр снамыс кæна Дæуæн.

2 Уымæн æмæ алы адæймаджы дæр бакодтай Йæ бар, Уымæн кæй радтай, уыдонæй алкæмæн дæр мыггагмæйы цард куыд ратта.

3 Мыггагмæйы цард та уый у, æмæ Дæу, иунæг æцæг Хуыцауы, æмæ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной.

4 Ды Мын Мæ бæрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынæй Дæ Æз снамысджын кодтон зæххыл.

5 Æмæ Мæ ныр, Мæ Фыд, Ды дæр снамысджын кæн Дæ разы, дуне сфæлдисыны агъоммæ Демæ куы уыдтæн, уæд Мын цы намыс уыди, уымæй.

6 Ды Мын дунейæ цы адæм радтай, уыдонæн Æз раргом кодтон Дæ ном. Уыдон Дæу уыдысты, Ды сæ радтай Мæнæн, æмæ уыдон сæххæст кодтой Дæ ныхас.

7 Ныр уыдон бамбæрстой, Ды Мын цыдæриддæр радтай, уый Дæуæй лæвæрд кæй у.

8 Уымæн æмæ Мын Ды цы загътай, уый Æз радзырдтон уыдонæн, баууæндыдысты йыл æмæ æцæг бамбæрстой, Æз Дæуæй кæй æрцыдтæн, æмæ сæ бауырныдта, Ды Мæ кæй рарвыстай, уый.

9 Æз уыдоны тыххæй кувын. Дунейы тыххæй нæ, фæлæ Мын Ды кæй радтай, уыдоны тыххæй кувын, уымæн æмæ уыдон Дæу сты.

10 Мæнмæ цыдæриддæр ис, уый Дæу у, Дæумæ цыдæриддæр ис, уый та Мæн у. Æмæ Æз уыдоны фæрцы снамысджын дæн.

11 Æз ныр дунейы нал дæн, фæлæ уыдон дунейы сты, Æз та Дæумæ цæуын. Мæ Сыгъдæг Фыд! Бахъахъхъæн сæ, Ды Мын кæй радтай, Дæ уыцы номы хъаруйæ, Мах иу куыд стæм, афтæ уыдон дæр иу куыд уой.

12 Æз цалынмæ семæ уыдтæн, уæдмæ сæ хъахъхъæдтон, Ды Мын кæй радтай, Дæ уыцы номы хъаруйæ. Æз сæ бахъахъхъæдтон, æмæ дзы ничи фесæфт, мæлинаджы йеддæмæ, цæмæй сæххæст уа, Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый.

13 Ныр та Æз Дæумæ цæуын, æмæ цалынмæ дунейы дæн, уæдмæ йæ уый тыххæй зæгъын, Мæ цинæй хайджын куыд уой æмæ сæ цинæн кæрон куыд нæ уа.

14 Æз сын æрхастон Дæ ныхас, æмæ сæ дуне йе сæфт уыны, уымæн æмæ Æз дунейæ куыд нæ дæн, афтæ уыдон дæр дунейæ не сты.

15 Ды сæ дунейæ акæнай, уый Дæ нæ курын, фæлæ Дæ курын, цæмæй сæ бахизай хæйрæгæй.

16 Уыдон дунейæ не сты, Æз дунейæ куыд нæ дæн, афтæ.

17 Дæхи сæ бакæн æцæгады фæрцы — Дæ ныхас æцæгад у.

18 Ды Мæн дунемæ куыд рарвыстай, афтæ сæ Æз дæр арвыстон дунемæ.

19 Æмæ уыдоны сæраппонд Æз Мæхи Дæуæн дæттын нывондæн, уыдон дæр æцæгады фæрцы Дæу куыд бауой, афтæ.

20 Æрмæст уыдоны тыххæй нæ кувын, фæлæ ма сæ ныхасы фæрцы Мæныл чи баууæнда, уыдоны тыххæй дæр.

21 Уадз æмæ сеппæт дæр уой иу. Ды, Мæ Фыд, Мемæ иу куыд дæ, Æз та Демæ иу куыд дæн, афтæ уыдон дæр иу уæнт Немæ, æмæ дуне баууæнда, Ды Мæ кæй рарвыстай, ууыл.

22 Ды Мын цы намыс радтай, Æз уымæй бахай кодтон уыдонæн, Мах иу куыд стæм, афтæ иу куыд уой.

23 Æз уыдонимæ иу дæн, Ды та Мемæ иу дæ. Уадз æмæ уыдон дæр уой иумæ, æнæфæхицæн, цæмæй дуне базона, Ды Мæ кæй рарвыстай æмæ Мæн куыд бауарзтай, уыдоны дæр афтæ кæй бауарзтай, уый.

24 Мæ Фыд, Мæн фæнды, Ды Мын кæй радтай, уыдон Мемæ куыд уой, Æз кæм дæн, уым, æмæ куыд уыной, дуне сфæлдисыны размæ Ды Мæн кæй бауарзтай, уый тыххæй Мын кæй радтай, Мæ уыцы намыс.

25 Мæ раст Фыд! Дуне Дæ нæ базыдта, Æз та Дæ зонын, æмæ уыдон дæр базыдтой, Ды Мæ кæй рарвыстай, уый.

26 Æмæ сын Æз раргом кодтон Дæ ном, æмæ сын æй дарддæр дæр æргом кæндзынæн, цæмæй Мæ Ды цы уарзтæй бауарзтай, уыдон дæр уарзой ахæм уарзтæй, æмæ Æз уон семæ».

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.