Ног Фæдзæхст
Иоанны Евангели. Сæр 12
Йесойы байсæрстæуыди хæрздæфгæнæнæй
1 Куадзæнæй æхсæз боны раздæр Йесо æрцыд Вифанимæ, мæрдтæй кæй райгас кодта, уыцы Лазыр кæм царди, уырдæм.
2 Уым Ын æрæвæрдтой фынг. Марфæ кодта кæстæриуæг, Лазыр та уыд, Йесоимæ фынгыл чи бадти, уыдоны æхсæн.
3 Мариа та райста, нард цы зайæгой хонынц, уымæй ист сыгъдæг æмæ зынаргъ хæрздæфгæнæны джиранка1, байсæрстадзы Йесойы къæхтæ, ныссæрфта Йын сæ йæ дзыккутæй, æмæ хæдзар байдзаг хæрздæфæй.
4 Уæд Йæ ахуыргæнинæгтæй иу, фæстæдæр Ыл гадзрахатæй чи рацыди, уыцы Иудæ Искариот, загъта:
5 «Цæуылнæ уыд ацы хæрздæфгæнæнæн æртæсæдæ динарыл ауæйгæнæн æмæ æхцайæн мæгуыртыл байуарæн?»
6 Уый афтæ мæгуыртыл батыхсыны тыххæй нæ загъта, фæлæ давæг кæй уыд, уый тыххæй: æхцайы лагъз уымæ уыд, æмæ-иу дзы цы нывæрдтой, уымæй-иу систа йæхицæн.
7 Йесо загъта: «Ныууадз æй. Мариа Мын ацы хæрздæфгæнæн Мæ ныгæнæн бонмæ бавæрдта.
8 Мæгуыртæ æдзух уæ фарсмæ сты, Æз та æдзух уемæ нæ уыдзынæн».
Сусæгвæнд Лазыры ныхмæ
9 Йесо уым кæй ис, уый базыдтой иудейтæй бирæтæ æмæ æрцыдысты æрмæст Уый тыххæй нæ, фæлæ мæрдтæй кæй райгас кодта, уыцы Лазыры фенынмæ дæр.
10 Алчертæ та скодтой Лазыры дæр амарыны фæнд.
11 Уымæн æмæ-иу иудейтæй бирæтæ æрцыдысты Лазыры тыххæй æмæ-иу баууæвдыдысты Йесойыл.
Йесо æрцыд Иерусалиммæ
12 Бæрæгбонмæ цы бирæ адæм æрæмбырд, уыдон дыккаг бон фехъуыстой, Йесо æрбацæуы Иерусалиммæ, зæгъгæ,
13 Æмæ райстой палмæйы къалиутæ, рацыдысты Йæ размæ æмæ хъæр кодтой: «Осаннæ! Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг Израилы Паддзах!»
14 Йесо та бавдæлд æмæ сбадти къæлæуыл, Сыгъдæг Фыст куыд зæгъы, афтæ:
15 «Матæрс, Сионычызг! Мæнæ дæ Паддзах фæцæуы къæлæуыл бадгæйæ».
16 Йæ ахуыргæнинæгтæ уый фыццаг нæ бамбæрстой. Фæлæ Йесо куы снамысджын, уæд сæ зæрдыл æрлæууыд: Йесойы тыххæй Сыгъдæг Фысты афтæ загъд уыди æмæ Йын афтæ бакодтой.
17 Йесо Лазырмæ зæппадзмæ куы бадзырдта æмæ йæ куы райгас кодта, уæд Йемæ цы адæм уыди, уыдон ныр дзырдтой уыцы цауы тыххæй.
18 Æмæ адæм рацыдысты Йæ размæ, уымæн æмæ фехъуыстой, уыцы диссаг Йесо бакодта, зæгъгæ.
19 Фарисейтæ та кæрæдзийæн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы уын æнтысы! Æгас дуне Йæ фæдыл цæуы!»
Йесо зæгъы Йæ мæлæты тыххæй
20 Хуыцаумæ кувынмæ бæрæгбоны чи æрцыд, уыдонæй иуæйиутæ бердзентæ уыдысты.
21 Уыдон бацыдысты, галилейаг Вифсаидæйæ чи уыди, уыцы Филиппмæ æмæ дзы куырдтой: «Хорз лæг, мах Йесойы фенын фæнды».
22 Филипп ацыд æмæ уый тыххæй загъта Андрейæн. Стæй Филипп æмæ Андрей бацыдысты Йесомæ æмæ Йын загътой уый тыххæй.
23 Йесо сын дзуапп радта: «Адæймаджы Фыртæн ралæууыд Йæ намысы афон.
24 Æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: мæнæуы нæмыг зæххы куы нæ ныххауа æмæ куы нæ амæла, уæд баззайдзæн иу нæмыгæй. Фæлæ куы амæла, уæд ратдзæн бирæ хор.
25 Йæ уд чи уарзы, уый йæ фесафдзæн; ацы дунейы йæ уд æнæуынон кæмæн у, уый та йæ бахъахъхъæндзæн мыггагмæйы цардæн.
26 Мæнæн чи кусы, уый Мæ фæдыл хъуамæ цæуа, æмæ Æз кæм дæн, уым уыдзæн Мæ кусæг дæр. Мæнæн чи кусы, уыцы адæймагæн скад кæндзæн Мæ Фыд.
27 Ныр Мæ уд фæтыхст. Æмæ Æз афтæ зæгъон: „Мæ Фыд! Фервæзын Мæ кæн ацы тухæнæй“? Æмæ Æз ацы тухæны тыххæй куы æрцыдтæн.
28 Мæ Фыд, скадджын кæн Дæ ном!» Уæд уæларвæй æрыхъуысти хъæлæс: «Скадджын æй кодтон æмæ йæ ноджыдæр скадджын кæндзынæн».
29 Уым цы адæм лæууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уæд иутæ дзырдтой: «Уый æрвнæрд у». Иннæтæ та дзырдтой: «Зæд ныхас кодта Йемæ».
30 Уæд сын Йесо загъта: «Ацы хъæлæс Мæн тыххæй нæ уыд, фæлæ сымах тыххæй.
31 Ныр ацы дунейæн ралæууыд йæ тæрхоны бон, æмæ фæтардæуыдзæн ацы дунейы æлдары2.
32 Æмæ Æз зæххæй уæлæмæ ист куы æрцæуон, уæд сеппæты дæр æркæндзынæн Мæхимæ».
33 Ацы ныхæстæй Йесо фæсномыгæй загъта, цавæр мæлæтæй амæлдзæн, уый тыххæй.
34 Адæм Ын дзуапп радтой: «Æгъдауæй зонæм мах, Чырысти мыггагмæ кæй цæрдзæн, уый. Уæд Ды куыд зæгъыс, Адæймаджы Фырты уæлæмæ хъуамæ систæуа, зæгъгæ? Чи у Адæймаджы уыцы Фырт?»
35 Уæд сын Йесо загъта: «Иуцасдæр рæстæг ма уыдзæн рухс уемæ. Цалынмæ рухс ис, уæдмæ цæут, талынг уæ куыд нæ фæбынæй кæна, уымæн æмæ талынджы цæуæг нæ зоны, кæдæм цæуы, уый.
36 Цалынмæ рухс уемæ ис, уæдмæ æууæндут рухсыл, цæмæй суат рухсы хъæбултæ». Уый зæгъыны фæстæ Йесо ацыд æмæ фæаууон уыдонæй.
Иудейтæ не ’ууæндынц
37 Бирæ диссæгтæ æвдисгæ федтой Йесойы, фæлæ Йыл уæддæр не ’ууæндыдысты,
38 Исай-пехуымпар цы загъта, уый куыд сæххæст уа: «Хицау, махæй цы фехъуыстой, ууыл чи баууæндыд, æмæ кæмæн раргом Хицауы хъару?»
39 Исай загъта, сæ бон цæй тыххæй баууæндын нæ уыд, уый дæр:
40 «Хуыцау сын бакуырм кодта сæ цæстытæ, сæхгæдта сын сæ зæрдæтæ, цæмæй цæстæй ма феной, зæрдæйæ ма бамбарой, ма раздæхой Мæнмæ æмæ сæ Æз ма сдзæбæх кæнон, зæгъы Хуыцау».
41 Ацы ныхæстæ Исай загъта, Йесойы намыс кæй федта æмæ Уый тыххæй кæй дзырдта, уымæ гæсгæ.
42 Æниу, Йесойыл суанг хицæуттæй дæр бирæтæ баууæндыдысты, фæлæ йæ фарисейты тыххæй æмбæхстой, синагогæйæ сæ куы ацух кæной, зæгъгæ.
43 Уымæн æмæ Хуыцау цы намыс дæтты, уый бæсты равзæрстой зæххон кад.
Уырнджытæ æмæ æнæуырнджытæ
44 Йесо хъæлæсыдзагæй загъта: «Мæныл чи æууæнды, уый, Мæныл æууæндгæйæ, Мæ Рарвитæгыл æууæнды.
45 Æмæ Мæн чи уыны, уый Мæ Рарвитæджы уыны.
46 Æз рухс дæн, æмæ æрцыдтæн дунемæ, чвдæриддæр Мыл æууæнды, уый талынджы куыд нал уа, афтæ.
47 Мæ ныхæстæ чи фехъуса æмæ сæ чи не ’ххæст кæна, уымæн Æз тæрхон нæ кæнын. Æз дунейæн тæрхон кæнынмæ не ’рцыдтæн, фæлæ йæ фервæзын кæнынмæ.
48 Мæныл йæхи чи тигъ кæны æмæ Мæ ныхæстæ кæмæ нæ хъарынц, уымæн ис тæрхонгæнæг: Мæ ныхас ын тæрхон кæндзæн фæстаг бон.
49 Уымæн æмæ Æз Мæхи номæй нæ дзырдтон, фæлæ цы зæгъон æмæ куыд зæгъон, уый Мын Мæ рарвитæг Фыд бафæдзæхста.
50 Æмæ Æз зонын, Йæ фæдзæхст мыггагмæйы цардмæ кæй кæны, уый. Уæдæ Æз дзурын, Мæ Фыд Мын цы загъта, уый».