Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Историко-этимологический словарь осетинского языка (ИЭСОЯ) теперь полностью доступен в формате DjVu: I том (1958 г.; буквы A-K'), II том (1973 г.; L-R), III том (1979 г.; S-T'), IV том (1989 г.; U-Z), указатель (1995 г.). В словаре несколько примеров употребления на каждое осетинское слово и замечательные комментарии составителя, легендарного Васо Абаева.

Гæздæнты Гайто. Роман «Изæр Клэрмæ». Мæскуы, 2024 аз.

Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Безаты Фаризæ.

ИЗÆР КЛЭРМÆ

СКЪУЫДДЗАГ

Обложка первого осетинского издания романа

Уый фæстæ-иу мæнæй дзæвгар рæстæгмæ ферох сты, æмæ та-иу ногæй бавнæлдтон ме ʼрвылбоны хъуыддæгтæм, сæрдыгон мæхи балцы цæуынмæ цæттæ кæнын, — уымæн æмæ алы аз дæр мæ каникултæ æрвыстон Кавказы, мæ фыды бирæ хæстæджытæ кæм цардысты, уым. Мæ фыдыфыды хæдзарæй-иу араст дæн хæхты ʼрдæм. Цыдтæн æд монтекристо хъыримаг æмæ дзы æхстон сырддонцъиуты æмæ гæдыты; мæ иувæрсты хъæргæнгæ калд Терк, йæ чъизи уылæнты сæрмæ иунæгæй æрбынат кодта сау куырой, уæлдæфы бæрзæндты тахтысты цæргæстæ. Дардæй, къæдзæхты сæрæй, æрттывдтытæ калдта мит — æмæ та ногæй мæ зæрдыл æрлæууыд, цалдæр азы размæ Минскы цур цы миты урс дагъ федтон, уый. Хъæдрæбын-иу æрхуыссыдтæн, фыццагдæр цы мæлдзыджыты губаккыл амбæлдаин, уый фарсмæ, æрцахстон-иу къуыдыргалм æмæ-иу æй хъавгæ æрæвæрдтон бæрзонд хуынчъытæ пирамидæмæ бацæуæнтæй иуы раз. Уырдыгæй-иу разгъордтой мæлдзыджытæ. Калм-иу фæцæйбырыд иуварс, йæ хъуынджын буар йæхимæ æрбалвасæрбалвасгæнгæ, мæлдзыджытæй йæ искæцы баййæфтаид; йæ къæдзилыл ын ныххæцыдаид, — цæмæй йæ баурома, фæлæ йæ уый æнцонæй йæ фæстæ ласта. Уалынмæ мæлдзыгæн æххуысгæнджытæ фæзынд: къуыдыргалмыл алырдыгæй нынныхæстысты, æмæ удæгас къуыбылой фæстæмæ атылд, цæмæй йæ хуынчъытæй иуы амбæхса. Ахæм хъысмæт æнхъæлмæ каст стыр цъæхбазыр бындзытæм, уаллæттæм æмæ хъæндилтæм дæр. Фæстæгтимæ мæлдзыджытæн зындæр хæцæн уыд, лæгъз æмæ хъæбæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ, фæлæ сыл уæддæр мæлдзыджытæ тых кодтой. Æппæты æгъатырдæр тох федтон, губакмæ стыр сау тарантулы куы бауагътон, уæд. Æз уымæй знæтдæр нæдæр сырдты, нæдæр æппæты æгъатырдæр саскъты астæу федтон, кæд сын уыцы æгъатырдзинад, бамбарæн цæмæн нæй, ахæм инстинкт схонæн ис, уæд. Æппæты мæстыгæрдæр гыццыл сырдтæй кæуыл сæмбæлдтæн — тæхсæл, гæлæу, мыстулæг, — уыдонмæ уыдис зындгонд аналитикон зæрдæргъæвд, æмæ тæссаг заман лыгъдысты, се знагыл сæхи цавтой, алидзыны мадзал сын куы нæ уыд, æрмæстдæр уæд. Зыбыты иунæг хатт федтон, мыстулæг, дурæй йæ цы бæхтæмзилæг фæцæф кодта, уымæн йæ цонгыл куыд ныххæцыд: æнæуи та мыстулджытæ кæлмытау тагъд алидзынц. Тарантул лидзгæ нæ кæны. Ныр æй æз хъавгæ рауагътон йæ авгæй ахæстонæй, æмæ комкоммæ ныххауд мæлдзыджыты гуппарæн йæ тæккæ астæумæ, уыдон дæр ыл æвиппайды сæхи ныццавтой. Тарантул зæххыл гæппытæ кæнгæ хъазуатæй тох кодта, æмæ уайтагъд, мæлдзыджытæй дыгай дихтæ кæй фæкодта, уыдон дзæвгарæй сæхи зæххыл хостой. Уый та, алидзыны гæнæнæй не спайда кæнгæйæ, удаистæй йæхи цавта, змæлгæ цыдæриддæр кодта, уыдоныл, йæ бынаты лæууыд, ног ныхмæлæуджытæм æнхъæлмæгæсæгау. Сæ тох сахатæй фылдæр ахаста, фæлæ æппынфæстагмæ тарантул дæр губакмæ ласт æрцыд. Æз уыцы тохмæ кастæн цыдæр сагъæсхуызæй æмæ, чи мæ ферох, уыцы дард мысинæгтæ фæзын-фæзын кодтой, мыггагмæ ныгæд цы зонындзинæдтæ æрцыдысты, уыдоны тарфы. Æвæстиатæй араст дæн дарддæр: гæккуыритæ ахсынмæ, хъулон уырыты хуынчъыты дон уадзынмæ. Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ-иу бахъуыд, цалынмæ донæй хуылыдз гыццыл сæр не сзындаид, уæдмæ; рæвдз-иу сгæпп кодта уырдыгæй, лидзынмæ-иу фæци æмæ-иу æндæр хуынчъы фæцыдæр. Фæлæ хъулон уырытæ, гæккуыритæ, мæлдзыджытæ æмæ суанг тарантулæтæ дæр ницы уыдысты, июлы, иу сæумæрайсом цы диссаг федтон, уый цур: федтон, иу ранæй иннæмæ чи лыгъд, уыцы уырыты. Уыдон цыдысты цыппаркъуымонæй, сæ къæдзилтæ зæххыл ласгæ. Æз бадтæн бæласыл æмæ уыдтон: зæхх уайтагъд сау адардта, уырытæ гыццыл æрхгондмæ бахæццæ сты, æрбайсæфтысты дзы, стæй та ногæй фæзындысты æмæ, сæ цыд фæтагъддæр кæнгæйæ, Теркмæ бахæццæ сты, сæ рæгъау уым иу уысм алæууыд, стæй доны иннæ фарсмæ аленк кодтой æмæ кæйдæр цæхæрадоны амбæхстысты. Бæласæй æрхызтæн æмæ хъæдрæбынмæ кæрдæгыл фæфынæй кæнынмæ араст дæн.

Саге Газданов, дед Гайто Газданова, о котором идёт речь

Æнцойдзинад, хур, бæлæстæ... Хатгай райхъуысы, æрхы бынмæ цы сыджыт кæлы, уый уынæр æмæ гыццыл хус къалиуты къæрццытæ: уый фæцæйзгъордта хъæддаг хуы. Æз-иу кæрдæгыл фæфынæй кодтон изæрмæ, райхъал-иу дæн уымæл фæсонтимæ, мæ цæстыты размæ бур арт, афтæмæй. Стæй, ныгуылынмæ тулæг сырх хурмæ фæкæсфæкæсгæнгæ, тагъд кодтон дадайы хæдзары сатæг агъуыстытæм, цæмæй баййафон, рæгъау хизæнæй чи æртæры, уыцы урснымæтхудджын хъомгæсы; фенон, дадайы знæт æмæ æхсырдæттонæй зындгонд цæваг хъуццытæ мидæмæ уасгæ куыд цыдысты фосы кæрты кулдуарыл, уый. Æз зыдтон, ныртæккæ хъуццытыл сæхи ныццæвдзысты сæ рæуæдтæ, кусæг сылгоймæгтæ сын сæ сæртæ хъуццыты фæздæттæй иуварс акъуыр-акъуыр кæндзысты, стæй æхсыры хъæддых цыхцырджытæн къæртаты урс бынтыл сæ зæлланг ссæудзæн; дада сæм кæсдзæн тыргъæй, йæ лæдзæгæй зæхх æрхойæрхойгæнгæ; стæй цæуылдæр ныхъхъуыды кæндзæн, бæлвырд цыдæртæ йæ зæрдыл æрлæудзæн. Йæ зæрдыл цы ʼрлæууа, уый та йын уыд. Кæддæрты-иу, тынг раджы, уый æрбатардта, знæт кæимæ уыдысты, уыцы знæмты бæхрæгъæуттæ æмæ сæ уæй кодта. Уыцы заманты уый сæрæндзинадыл нымад уыд, æмæ ахæм адæймæгты сгуыхтытæ уыдысты æрмæст æппæлыны аккаг: уыдæттæ иууылдæр цыдысты нудæсæм æнусы, 30–40-æм азты. Æз мæ дадайы хорз хъуыды кæнын: цухъхъаджын гыццыл зæронд лæг æд сызгъæрин хъама. Мин фарастсæдæ дыууадæсæм азы йыл сæххæст сæдæ азы, фæлæ нырма хъæддых æмæ сæрæн уыд, йе зæры кар та йæ скодта хæларзæрдæ. Амард хæсты дыккаг аз, йæ фырты, мæ фыды хистæр æфсымæры æртæаздзыд англисаг æнæдомд бæхыл абадгæйæ: бирæ дæсгай азты хъуыстгонд цы бæхыл бадты курдиатæй уыд, уый йыл ацы хатт гадзрахатæй рацыд. Дада бæхæй рахауд, йæ сæр, кæрты цы аг уыд, уый цыргъмæ æрхаста æмæ цалдæр сахаты фæстæ амард.

Дада бирæ цыдæртæ зыдта æмæ хъуыды кодта, фæлæ се ʼппæт нæ дзырдта, æрмæст иннæ зæрæдтæ, дадайы кæстæр æмбæлттæ, нудæсæм æнусы æмбисæй æнæхин рацæуджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй дада уыд калмау зондджын æмæ хинæйдзаг. Дадайы хиндзинад уыд, уырыс Кавказмæ куы ʼрцыдысты, уæд бæхтæ давын кæй ныууагъта æмæ, уыцы æнæнцой лæг, æнхъæл куыд ничи уыд, афтæ сабыр цард кæнын кæй райдыдта, уым. Йæ хæлæрттæ иууылдæр мастисты амæттæгтæ баисты, дадайы хæдзармæ дæр дыууæ хатты бабырстой, фæлæ дада хабар фыццаг хатт рагацау базыдта æмæ йæ бинонтимæ æдас ранмæ ацыд, дыккаг хатт та сæ цалдæр сахаты дæргъы хъыримагæй æхста æмæ йæм цалынмæ æххуыс хæццæ кодта, уæдмæ дзы æхсæзы амардта. Бырсджытæ уæддæр дадайæн фыдбылыз сарæзтой — йæ хуыздæр фæткъуы бæлас ын акалдтой.

Дада йæ дыргъдонæй тынг сæрыстыр уыд, мæн йеддæмæ йæм уадзгæ дæр никæй кодта. Задис дзы сæрдыгон урс фæткъуытæ, сызгъæринхуыз стыр чылауитæ æмæ æнахуыр егъау дæргъæццон кæрдотæ, дыргъдоны астæу та — стыр æрхы бын, кавказаг-уырыссаг æвзагыл æй «балкæ» хуыдтой, калдис балер кæсæгтимæ цæугæдон. Æз-иу цъæх дыргътæй дзæбæх ныххордтон æмæ-иу уый фæстæ фæлурсæй, мæ цæсгомыл хъизæмары нысæнттæ хæсгæ, рацу-бацу кодтон. Мæ фыдыхо-иу дадайæн уайдзæфгæнæгау дзырдта:

Лæппуйы дыргъдонмæ ауагътай æмæ йæм уæртæ ныр бакæс!

Хæдзары хъуыддæгтæ иууылдæр мæ фыдыхойы къухы уыдысты, æмæ дада куыд зæронддæр кодта, афтæ уый йæхи хицаудæрæй æнкъардта, фæлæ дадайы ныхмæ дзурын нæ уæндыд — æмæ ныр, «лæппуйы дыргъдонмæ ауагътай æмæ йæм уæртæ ныр бакæс», зæгъгæ, куы загъта, уæд дада фæмæсты æмæ йыл цъæхснаг хъæлæсæй ныхъхъæр кодта:

Банцай!

Фыртæссæй æрдæгмардау фæци мæ фыдыхо, йæ агъуыстмæ бацыд æмæ æнæхъæн сахат, диваны базты йæ цæсгом нытътъысгæйæ, хуыссыд.

Дадайæ афтæ тынг цæмæн фæтарстæ? — бафарстон æй æз.

Ды ницы зоныс, — дзуапп радта уый. — Дада мæ аргæвддзæн. Дада тынг тæссаг адæймаг у.

Ды та — хуымæтæджы тæппуд, — загътон ын æз. Дадайæ хуыздæр адæймаг нæй, уый дыл йе ʼнгуылдзæй дæр нæ бандзæвдзæн, дæхæдæг кæд чъынды æмæ хъ?хъхъаг дæ, уæддæр. Цæуылнæ дæ фæнды, дыргъдонмæ мæ уадза, уый? — смæсты дæн, афтæмæй дзырдтон æз, дада дæр мæ ферох. — Афтæ дæ фæнды, цæмæй фæткъуытæ иууылдæр дæуæн баззайой? Уæддæр сæ нæ бафæраздзынæ бахæрын.

Æз дын дæ мадмæ ныффысдзынæн, фæстæмæ мæм куыд дзурыс, уыдæттæ.

Фæлæ йе ʼртхъирæнтæй æз æппындæр нæ фæтарстæн, уымæн æмæ йемæ никуы хыл кодтон, æвдæлгæ дæр мæ нæ кодта сырддонцъиутыл æмæ гæдытыл цуан кæнынæй, стæй хъæдмæ балцытæй. Иу мæй æмæ æрдæджы бæрц дадамæ ацардтæн, стæй ацыдтæн Кисловодскмæ.

Этот же отрывок на русском языке.


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.