Осетинский язык он-лайн: учебные и справочные материалыОсетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари |
Поиск по словарю:
Малити Геуæрги КИЗГИ ЗАР
Ци мин фæцæнцæ
Неке гъæунцæ
Æстуггин æфсоргъ,
Уæд багоринæ
Ци мин фæцайтæ, 1922 |
Дигорон муггагтæГАГУАТÆГагуати муггаг куд фæззигдтæй Донифарси зилди, уой туххæй ес дууæ таурæхъи. Еу таурæхъмæ гæсгæ Гагуати фиццаг фидæ Гогæ раги кæддæр æрцардæй Урухи (Ирæфи) дони галеу фарс, Донифарси гъæу ке исхудтонцæ фæстагдæр адæн, уоми. Æ дасдæр цæмæй адтайдæ æзнæгтæй, уой туххæй ба æхецæн Донифарси гъæуи исаразта гъæуайгæнæн федар мæсуг дортæй. Уæдæй фæстæмæ уоми цæргæй Гога адтæй æхе барæ, неке ин адтæй хецау. Гога адтæй æхе цæуæти цæуæт ку фæффулдæр æнцæ, уæд уони фæрци сæ зæнхитæ дæр раурух æнцæ. Донифарси гъæумæ Гогай цæуæт æрбахудтонцæ цæрунмæ синхаг гъæутæй берæ адæн, кæцитæ сæ гъæуай дæр кодтонцæ, уæдта син финстонцæ хъалон дæр. Муггæгтæ: Кобегкатæ, Хъанухътæ, Хъабантæ, æма Найфонтæ равзурдæнцæ Гогай фурттæ Кобег, Хъанухъ, Хъабан æма Найфонæй, Етæ адтæнцæ ранимад муггæгтæн Донифарси гъæуи сæ фиццаг фидтæлтæ. Аци таурæхъ æй мухургонд ахургонд Гутнати Ф. Х. Киунуги: «Генеалогические предания осетин, как исторический источник», 12-аг æма 13-аг фарси. Орджоникидзе: «Ир», 1989. Гагуати муггаги равзурди туххæй ес æндæр таурæхъ дæр.Еци таурæхъ ба равзурдтонцæ раздæри Донифарси зилди гъаути цæрæг хестæртæн сæ фулдæртæ æндæр хузи. Еу рагон рæстæги, дан, Донифарси зилдмæ Ассийæй кæцæйдæр цауæнгæнгæ æрбафтудæнцæ дууæ æнсувæри, уонæй сæ еу адтæй Сата (хестæр), иннæ ба Гагуа. Уоми еу рауæн рамардтонцæ саг æма й дæлдæр æндзæр æрдозæмæ æрластонцæ, уоми й багъуд кодтонцæ æма си æхсæвæ байзадæнцæ. Сæумæ ба æнсувæртæ сæ алли фæрстæмæ фæккастæнцæ æма и бунат сæ зæрдæмæ бацудæй. Уоми æрцардæй хестæр æнсувæр Сата и æрдози ном ба исхудта Лезгорæ. Гагуа ба æхецæн цæрæн бунат равзурста Лезгорæн æ Хонсæр æрдиги 2,5 км идарддæр гъæуæй Мæсугони æндзæр, Донифарси гъæу уой фæсте ка иссæй, еци бунат. Сата æма Гагуа фиццаги дæр цæрæн хæдзæрттæ исаразтонцæ, алке æ гъæуи, уæдта уоститæ æрхудтонцæ, зæнæг дæр син фæззиндтæй. Сатайæн Лезгори гъæуи ка исæнтæстæй, етæ адтæнцæ Лезгори гъæуи фулдæр муггæгтæн сæ фиццаг фидтæлт, Донифарси гъæуи ба Гагуай цæуæтæй ка равзурдæй, уæхæн муггæгтæ. Уонæй уæлдай ма гъæути æрцардæй æндæр муггæгтæ дæр, уони ба æрбахудтонцæ цæрунмæ æндæр (синхаг) гъæутæй. Етæ сæ гъæуай кодтонцæ æзнæгтæй, Гагуай цæуæтæн ба ма донифарсæгтæфистонцæ хъалон дæр. Уотемæй фæстагмæ Гагуай цæуæт исгъæздуг æнцæ, иссæнцæ æлдæрттæ. Гагуай фурттæ: Гагу, Алий, Кобек, Найфон, Хоран æма Хъабан, уонæй ба Донифарси гъæуи равзурдæй муггæгтæ: Гагуатæ, Алийтæ, Кобегкатæ, Найфонтæ, Хорантæ æма Хъабантæ. Аци муггæгтæн Донифарси гъæуи сæ фиццаг цæуæт катæ адтæнцæ, уæдта сæ нæмттæкуд хундтæнцæ, уони некабал гъуди кæнуй, е раги адтæй, æрсæбæл цудæй берæ цаутæ. Адтæй халери нез дæр, еци незæй дæр сæбæл æрцудæй. Халери нези фæсте ма Донифарси гъæуи цæргæ ка байзадæй, уони цæуæт, кенæ ба цæуæти цæуæт ба адтайуонцæ нæ республики сæйраг архиви 1886-аг анзи æрфинстмæ ка бахаудтæй, еци адæн. Нур ба Гагуата, Кобегкатæ, Найфонтæ, Хорантæ æма Хъабанти муггæгти туххæй лæмбунæгдæрæй:
Гагуати муггагæй Донифарси гъæуи кæци муггæгтæ равзурдæй, етæ адтæнцæ: Гагуатæ, Алийтæ, Кобегкатæ, Найфонтæ, Хорантæ, Хъабантæ æма Хъанухътæ, уæдта онæй ка равзурдæй, уони туххæй (Найфонтæй — Асетæ, Кобегкатæй — Елбийтæ, Елбийтæй — Хуадонтæ, Хорантæй — Шехинатæ æма Ганайтæ). |
|
Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари |
|