Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Ног Фæдзæхст

Апостол Павелы фыстæг дзуттæгтæм. 3-æм сæр

Аудио (mp3, ~2 МБ)

Йесо æмæ Моисей

1 Уæдæ, мæ сыгъдæг æфсымæртæ, уæларвмæ хуындтытæ, уæ зæрдæ саразут Хуыцауы Минæвармæ — æргомæй кæуыл хæцæм, нæ уыцы уырнындзинады Алчер Йесомæ.

2 Моисей Хуыцауы æппæт хæдзары куыд иузæрдион уыд, афтæ Йесо дæр иузæрдион у, Алчерæй Йæ Чи сæвæрдта, Ууыл.

3 Фæлæ хæдзар саразæг хæдзарæй куыд кадджындæр у, афтæ Йесо дæр Моисейæ стырдæр намысы аккаг у.

4 Уымæн æмæ алы хæдзарæн дæр ис аразæг, фæлæ æппæт дæр Хуыцау сарæзта.

5 Моисей иузæрдион уыди Хуыцауы æппæт хæдзары, фæлæ лæггадгæнæгау, цæмæй æвдисæн уа, фидæны цы загъд уыдзæн, уымæн.

6 Чырысти та Фыртау æнувыд у. Æвæрд æрцыд Хуыцауы æппæт хæдзары сæргъы, уыцы хæдзар та мах стæм, ныфсджын куы уæм æмæ цы зæрдæдарæнæй æппæлæм, ууыл æнувыд куы разынæм, уæд.


Æнцой Хуыцауы адæмæн

7 Сыгъдæг Уд афтæ зæгъы: «Абон Хуыцауы хъæлæс куы фехъусат,

8 Уæд уæ зæрдæтæ ма ныддур кæнут, уæ фыдæлтæ æдзæрæг бæстæйы Йæ ныхмæ куы сыстадысты æмæ Йæ куы фæлвæрдтой, уæдау.

9 Фæлвæрдтой Мæ уым, къахтой Мæ, æмæ дыууиссæдз азы дæргъы уыдтой Мæ хъуыддæгтæ.

10 Уымæ гæсгæ Æз смæсты дæн уыцы фæлтæрмæ æмæ загътон: сæ зæрдæтæ æдзух адзæгъæл вæййынц, нæ базыдтой Мæ фæндæгтæ.

11 Æмæ Æз мæстæлгъæдæй расомы кодтон: уыдон Мæ фæлладуадзæнмæ никуы бацæудзысты».

12 Уæдæ кæсут уæхимæ, æфсымæртæ, ахæм æвзæр æмæ хивæнд зæрдæ уæ макæмæн разынæд, æмæ Цардæгас Хуыцауы ныууадза.

13 Фæлæ ма цалынмæ «абон» дзурæн ис, уæдмæ æрвылбон ныфс дæттут кæрæдзийæн, цæмæй тæригъæд макæй асайа сымахæй æмæ йæ зæрдæ макæмæн ныддур уа.

14 Уымæн æмæ мах Чырыстиимæ æмхайджынтæ стæм, райдианы нæм цы уырнындзинад уыди, ууыл кæронмæ фидарæй куы хæцæм, уæд.

15 Сыгъдæг Фыст дæр афтæ зæгъы: «Абон Хуыцауы хъæлæс куы фехъусат, уæд уæ зæрдæтæ ма ныддур кæнут, уæ фыдæлтæ Йæ ныхмæ куы сыстадысты, уæдау».

16 Уымæн æмæ Моисей Мысырæй кæй ракодта, уыдон Хуыцауы хъæлæс куы фехъуыстой, уæд Йæ ныхмæ сыстадысты, æрмæст сеппæт нæ.

17 Дыууиссæдз азы дæргъы Хуыцауы маст кæмæ фыхти? Тæригъæды чи бафтыд æмæ се стджытæ æдзæрæг бæстæйы кæмæн баззадысты, уыдонмæ Йын нæ фыхти, æви?

18 Æгоммæгæстæй дарддæр кæмæн расомы кодта Хуыцау, Мæ фæлладуадзæнмæ никуы бацæудзысты, зæгъгæ?

19 Уæдæ мах уынæм: хивæнд кæй уыдысты, уый тыххæй сын нæ бантыст бацæуын.

Ног Фæдзæхст иронау »»»


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–22.