Говорите по-осетински: сайт для интересующихся осетинским языком

Осетинский форум | Осетинская Википедия | Осетинские словари


Поиск по словарю:

Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.

Сиукъаты Никъала

Дун-дуне нæ алфæмблай

§ 24. Цы у зодиак

Хур нæм стъалытæй æввахсдæр у. Эклиптикæйыл зилгæйæ, уый рацæуы стъалыты рæзты, слæууы махæй уыдон ’хсæн æмæ сæ йæ тыхджын рухсæй батар кæны. Эклиптикæйы алфæмблай цы стъалытæ ис, уыдон раджы заманы байуæрстой 12 стъалыбардзыл.

Уыцы стъалыбардзтæй сæ фылдæрыл сæвæрдтой алыхуызон цæрæгойты нæмттæ. Афтæ рауади, цыма эклиптикæйы зылдыл иу иннæйы фарсмæ лæууынц алыхуызон цæрæгойтæ. Уыцы цæрæгойты зылд грекъаг æвзагæй схуыдтой зодиак. Афæдзы дæргъы Хур иу мæй фæвæййы иу зодиакалон стъалыбардзы комкоммæ, стæй ахизы уыцы стъалыбардзы арæнтæй, бахизы иннæ зодиакалон стъалыбардзмæ, уым дæр та фæвæййы иу мæймæ ’ввахс æмæ афтæмæй афæдзмæ æрзилы æнæхъæн зодиакыл. Æркæсæм 31-æм нывмæ.

Астæуæй æвдыст у Хур. Æттаг зылд нын амоны эклиптикæ. Уый у дихгонд 12 хайыл, мæйтæм гæсгæ. Алы мæйæн дæр йæ цуры фыст ис зодиакалон стъалыбардзы ном.

31-æм нывмæ æркæсгæйæ, сымахæй алчидæр зæгъдзæн, Хур эклиптикæйыл кæй нæ зилы, фæлæ иу ран кæй лæууы, уый. Æмæ уый раст у, Хур эклиптикæйыл нæ зилы. Хуры эклиптикæйыл зилгæ кæй уынæм, уый у Зæххы афæдзон змæлды аххос. Дзырдæн зæгъæм, Зæхх стъæлф A-йы куы вæййы (февралы мæй), уæд, Хурмæ кæсгæйæ, мах уый фенæм Донуадзæджы стъалыбардзы (август кæм ис фыст, уым). Иу мæйы фæстæ Зæхх рацæуы йæ фæндагыл стъæлф В-мæ (мартъийы мæй). Фæлæ Зæхх Хуры алыварс куыд зилы, уый комкоммæ фенæн кæй нæй, уымæ гæсгæ нæм афтæ фæзыны, цыма Зæхх нæ, фæлæ Хур ацыди Донуадзæджы стъалыбардзæй Кæсæгты стъалыбардзмæ. Зæхх С — стъæлфмæ куы ’рцæуы (апрель), уæд махмæ та афтæ фæзыны, цыма Хур ацыди Фыры стъалыбардзмæ.

Гъе, уымæ гæсгæ-иу хаттæй-хатт фæдзурынц, зæгъгæ, Хур зилы эклиптикæйыл. Фæлæ уый у уынгæ змæлд, æцæгæй Зæхх зилы Хуры алыварс, йæ фæндаг та ис эклиптикæйы фæзойы. Уæдæ уалдзæг Хур вæййы Кæсæгты, Фыры æмæ Уæныджы стъалыбардзты. Сæрд Хуры уынæм Фаззæтты, Мыдзбыр æмæ Домбайы стъалыбардзты. Фæззæг нæм Хур зыны Чызг, Тæраз æмæ Скорпионы стъалыбардзты. Зымæг Хур рацæуы Фатæхсæг, Сæгъысы æмæ Донуадзæджы стъалыбардзты рæзты. Зымæгон арвыл уыцы стъалыбардзтæ нæ фæзынынц, уымæн æмæ Хур слæууы махæй уыдон ’хсæн æмæ хуры рухсы аныгъуылынц. Зымæгон арвыл дзæбæх зынынц, Хур сæрдыгон цы стъалыбардзты вæййы, уыдон: Фаззæттæ, Мыдзбыр æмæ Домбай.

««« Чиныджы сæргæндтæм


Главная страница ::: Форум ::: Учебный центр ::: Словари ::: Ссылки ::: В. Иванов et al., 2001–24.