Сиукъаты Никъала
С 45 Дун-дуне нæ алфæмблай
— Дзæуджыхъæу, Ир, 1993—469 ф.
Сиукъаты Никъала
Дун-дуне нæ алфæмблай
§15. Дунейы полюс
Æнæхъæн æхсæв стъалытæм куы фæкæсæм, уæд нæм афтæ фæзындзæни, цыма уыдон зилынц Зæххы алыварс. Ноджы сæ кæрæдзимæ гæсгæ севæрд кæй нæ фендæр вæййы, уый тыххæй мах æнхъæлæм, цыма арвы тымбылæг æнæхъæнæй зилы Зæххы сæмæны алыварс. Зæххæн æцæгæй сæмæн нæй, фæлæ-иу мах уæддæр афтæ дзурдзыстæм, уымæн æмæ нын уæд иуæй-иу фæзындтæ æнцондæр æмбарæн уыдзысты.
Арвыл стъалытæ æмхуызон арæх не сты: кæм иугай стъалытæ фенæм, кæм та стъалыты æнæхъæн къорд. Стъалыты къорд фæхонынц стъалыбардз.
Цæгаты арвы стъалыбардзтæй сегасæй рæсугъддæр æмæ æнцондæр ссарæн у Фисынмæдзæуджыты стъалыбардз. Уым ис, цæст дзæбæх кæуыл хæцы, ахæм стъалытæ авд. Латинаг адæмы фантази уыдта уыцы стъалыбардзы арсы ныв æмæ йæ уымæ гæсгæ схуыдтой Стыр Арс. Уыцы авд стъалыйыл нæхинымæр хахх куы ’руадзæм, уæд нæм рауайдзæн арс нæ, фæлæ куысийы ныв. Астæуккаг æнусты араппаг астрономтæ Фисынмæдзæуджыты авд стъалыйæн æрхъуыды кодтой сæрмагонд нæмттæ дæр: 1—Дубхе, 2 — Мерах, 3 — Фегда, 4 — Мегрец, 5 — Алиот, 6 — Мицар, 7 — Бенетнаш.
Мерах æмæ Дубхейы стъалыты раст хаххæй куы баиу кæнæм æмæ йæ Дубхейы ’рдæм иу фондз ахæмы куы адаргъдæр кæнæм, уæд сæмбæлдзыстæм Полярон, зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы стъалыйыл (20-æм ныв). Иронау уыцы стъалыйы хонынц Арвы Цæджындз, чи та йæ Ахсахътемыр хоны. Полярон стъалы у Чысыл Арс, зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы стъалыбардзы сæйраг (æрттивагдæр) стъалы.
Полярон стъалыйы сыхаг стъалыбардзтæ. Нывы æвдыст у Фисынмæдзæуджыты фæрцы Полярон стъалы куыд агургæ у, уый:
Зæххы сæмæн дыууæрдæм куы адаргъ кæнæм, уæд арвы тымбылæгимæ сæмбæлдзæн дыууæ стъæлфы. Уыцы стъæлфытæ сты дунейы полюстæ. Цы раст хахх сæ иу кæны, уый та хонынц дунейы сæмæн. Дунейы цæгаты полюс ис Полярон стъалыйы тæккæ фарсмæ. Æппæт стъалытæ зилынц дунейы сæмæны алыварс. Полярон стъалы уыцы сæмæнмæ тынг æввахс кæй у, уымæ гæсгæ суткæйы дæргъы уый æрфыссы дунейы сæмæны алыварс хæрз чысыл зылд.
Суткæйы дæргъы алы рухсдæттæг дæр иу зылд æркæны дунейы сæмæны алыварс. Æрвон рухсдæтджытæй Полярон стъалымæ чи куыд æввахсдæр у, афтæ къаннæгдæр рауайы, суткæйы дæргъы полюсы алыварс цы зылд æрфыссы, уый. Суткæйы дæргъы Полярон стъалыйы алыварс иу зылд æркæнынц Фисынмæдзæуджытæ дæр. Фисынмæдзæуджытæ æмæ Полярон стъалыйыл дзæбæх ахуыр чи у, уый æхсæв, æнæ сахаты æххуысæй дæр базондзæн, сбон кæнынмæ ма цас рæстæг ис, уый.
Дунейы цæгаты полюс махæн æдзухдæр вæййы нæ горизонты сæрмæ, уый никуы скæсы æмæ никуы аныгуылы, фæлæ уыйхыгъд мах никуы фенæм дунейы хуссары полюс, уый та æдзух вæййы нæ горизонты бын. Зæххы экваторæн хуссары ’рдыгæй чи цæры, уыдон та Полярон стъалы никуы фенынц, уыцы стъалы æдзухдæр вæййы уыдонæн сæ горизонты бын.